12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Дзобелова Венера Дзигоевна63
Учитель осетинского языка и осетинской литературы
Россия, Северная Осетия-Алания респ.


 

Республикон физикон- математикон лицей-интернат

16.10.2017 аз.


 

Гом урочы пълан ирон ӕвзагӕй 6 «Д» къласы

Темӕ «Дзырдарӕзт. Ирыстон»


 

 

Ахуыргӕнӕг Дзобелаты В.Дз.


 

Темæ: «Дзырдарӕзт. Ирыстон»

Нысантæ:

1) ахуырадон: дзырдарӕзты тыххӕй зонындзинӕдтӕ ныффидар кӕнын, системӕмӕ ӕркӕнын; дзырдты арӕзты фӕткмӕ гӕсгӕ дзырдтӕ ӕвзарыныл бакусын; хибарӕй куыстыл ахуыр кӕнын; раздӕр урокты райст зонындзинӕдтӕй пайда кӕнын практикон куыстытӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ.

2) райрæзтон: ахуыргӕнинӕгты орфографион зонындзинӕдтӕ фидар кӕнын; ныхасы рӕзт ӕмӕ хъуыдыкӕнынад рӕзын кӕнын, дзырдуат хъӕздыг кӕнын, къайгай куыстыл сӕ цалх кӕнын.

3) хъомыладон: ахуыргӕнинӕгты зæрдæты гуырын кæнын мадӕлон ӕвзагмӕ, Ирыстонмӕ уарзондзинад, сӕрыстырдзинад.

Универсалон ахуырадон архæйдтытæ:

Коммуникативон: искæй ныхасмæ хъусын, аргъ ын кæнын; хи хъуыдытæ æргом кæнын ныхасы нысан æмæ уавæрмæ гæсгæ.

 Регулятивон: хи архæйдтытæм хъус дарын.

Базонæн: хицæн бындуртæй ног дзырдтæ аразын.

Урочы хуыз: ӕрмӕг фидар кӕныны урок.

Урочы методтӕ: монологон, диалогон, цӕстуынгӕ, интерактивон.

Предметты бастдзинад: географи.

Урочы ифтонг: презентаци, интерактивон фӕйнӕг.

Урочы цыд

I. Организацион хай.

Абон мӕйы бонтӕй кӕцы у? Куырийы бонтӕй та?

II. Урокмӕ разӕнгард кӕнын. Мотиваци.

Абон иууылдӕр кусыныл разы стут? Зивӕг исчи кӕндзӕн? Лӕмбынӕг хъусдзыстӕм? Уӕдӕ райдайӕм нӕ куыст.

III. Урочы темӕ, нысантӕ фехъусын кӕнын.

1. – Абоны урок райдайдзыстӕм эпиграфӕй.

Ис хӕхты фарн.

Кокайты Тотырадз.

Куыд ын ӕмбарут йӕ хъуыды?

Фарн – ирон адӕймаджы царды цыдӕриддӕр хорздзинадӕй уыд ӕмӕ бӕллыд, уыцы ӕмбарынӕдтӕ: амонд, ӕнӕниздзинад, бӕркад, сыгъдӕгзӕрдӕ уӕвын, сабырдзинад, сӕрибардзинад…

Арфӕтӕ: Фӕрнӕйдзаг ут!

Фарн уӕм бадзурӕд!

Фарн уӕ бадты!

Фарны къах бавӕр!

(Ам цардысты нӕ фыдӕлтӕ, цалынмӕ быдырмӕ нӕ ралыгъдысты, ам сты сӕ уӕлмӕрдтӕ-зӕппӕдзтӕ, ам сты мыггӕгты мӕсгуытӕ, ам райгуырд Хетӕгкаты Къоста, Тлаттаты Чермен).

Цавӕр хӕхтӕ зонут Ирыстоны?

Кӕд искуы уыдыстут хӕхбӕсты, уӕд уӕм дзы цы фӕкаст цымыдисаг?

2. Текстыл куыст:

1) текст абзацтыл адих кӕнын. Хи ныхӕстӕй дзурын.

2) Хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕныны размӕ ранымайын дзырдарӕзты сӕйраг мадзӕлттӕ:

морфемон, дзырдты бындуртӕ кӕрӕдзимӕ ӕфтауыны руаджы, дзырд иу ныхасы хайы ӕндӕр ныхасы хаймӕ куы рахизы.

Хӕс. Тексты вазыгджын дзырдтӕ ссарын, сӕ арӕзт сбӕрӕг кӕнын, семӕ хъуыдыйӕдтӕ ӕрхъуыды кӕнын.

Текстӕй рафыссын дзырдтӕ лӕвӕрд схемӕтӕм гӕсгӕ.

3) Ссарын ӕрбайсгӕ дзырдтӕ. Сӕ растфыссынад сын бацамонын.

IV. Зонындзинӕдты актуализаци.

1) Къайгай куыст карточкӕтӕм гӕсгӕ.

Хӕс: лӕвӕрд дзырдтӕ равзарын сӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ, сбӕрӕг кӕнын сӕ арӕзты мадзал.

1 карточкӕ

Ӕгад, фӕласын, ныккӕсын.

2 карточкӕ

Ирыстон, фӕрнджын, хӕлардзинад

3 карточкӕ

Рацӕуӕг, ӕмбӕлццон, бакусинаг.

4 карточкӕ

Фӕрнӕйдзаг, фарнтауӕг, фарнхӕссӕг.

5 карточкӕ

Нывгӕнӕг сныв кодта хӕххон ӕрдз.

Нывгӕнӕг чызг ахуыр кӕны аивӕдты лицейы.

V. Релаксаци. Музыкӕйы зӕлтӕм хъусгӕйӕ уӕ цӕстытӕ бахгӕнут, байхъусут. Зӕгъут, уӕцӕстытыл цавӕр нывтӕ ауад.

VI. Рацыд æрмæг фидар кæныныл куыст.

1) дзырды морфемон ӕвзӕрст

2) 89 фӕлтӕрӕн

3) Дзырдуатимæ куыст: Фӕрнӕйдзаг, фарнтауӕг, фарнхӕссӕг, фӕрныг, фарндзурӕг, фарндӕттӕг

3) 90 фӕлтӕрӕн. Диктант. Рафыссын дзырдтӕ, цухгонд дамгъӕтӕ ӕвӕргӕйӕ.

VII. Хӕдзармӕ куыст: 92 фӕлтӕрӕн. Лӕвӕрд схемӕтӕм гӕсгӕ саразут дзырдтӕ, семӕ хъуыдыйӕдтӕ ӕрхъуыды кӕнут.

VIII. Рефлекси. Хатдзæгтæ скæнын.

Кӕд урок дӕумӕ гӕсгӕ цымыдисаг уыд, уӕд фӕткъуы бӕласыл баныхас сырх фӕткъуы.

Кӕд урок хорз рауад, фӕлӕ ма ноджы хуыздӕр йӕ бон уӕвын уыд, уӕд – бур фӕткъуы.

Кӕд урок иннӕ уроктӕй ницӕмӕй хицӕн кодта, уӕд – цъӕх фӕткъуы.

IX. Хæдзармæ куыст: дзырдарæзты алы хуызæн дæр ныффыссын 3 дæнцæджы.


 


 


 


 

Тагъд дзуӕппытӕ

1. Дзырдарӕзт ахуыр кӕны:

2. Дзырдтӕн иумӕйаг цы хай вӕййы, уый хуыйны…

3. Уидаджы размӕ лӕууӕг дзырды хай хуыйны…

4. Уидагмӕ цы дзырды хай ӕфтыд фӕстейӕ, уый хуыйны…

5. Дзырды ивгӕ цы хай кӕны, уый у…

6. Дзырдӕн йӕ кӕрон куы аппарӕм, уӕд ма дзы цы хай баззайы, уый у…

7. Разӕфтуаны руаджы арӕзт дзырд у:

Кусын, хорздзинад, ӕмбал, хохаг.

8. Фӕсӕфтуаны руаджы арӕзт дзырд у:

Бӕркад, фӕрнджын, куыстхъом, фӕззӕг.

9. Разӕфтуан ӕмӕ фӕсӕфтуаны арӕзт дзырд у:

Бӕллиц, ӕмцӕдисон, фӕрнӕйдзаг, ӕвадат

Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.