12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Марина17

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ (7-æм кълас)

Грамматикон темæ: Мивдисæг фæлхат кæнын.

Урочы темӕ: «Бӕлас йӕ уидӕгтӕй фидар у ,адӕймаг та- йӕ хӕлӕрттӕй»

Ахуыргæнæджы куысты нысантæ

 Мивдисёгёй рацыд ёрмёг ныффидар кёнын.

Бакусын дзургё ёмё фысгё ныхасы рёзтыл.

Ахуыр кёнын сывёллётты ёмбалён аргъ кёнын, нымайын ёй, тыхст сахат йё фарсмё ёрбалёууыныл.

Фæлтæрын скъоладзауты арæхстдзинад æрмæджы бындурыл хатдзæгтæ кæнын.



4.     

Урочы тип

Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.

Пъланы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: зонын мивдисæджы сæйраг æмбарынад куыд ныхасы хай,зонын мивдисæджы æвзæрст, зонын мивдисджытæй пайда кæнын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы мидæг.

Метæпредметон:урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.

Удгоймагæн: ӕмбалдзинадыл ӕрдзурын , æмбарын мадæлон æвзаджы стыр ахадындзинад интеллектуалон æмæ сфæлдыстадон миниуджытæ рæзын кæныны мидæг, йæ нысаниуæг иумæйаг ахуырадон процессы, ныхасы аивдзинадыл кусын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Индивидуалон, фронталон, къæйттæй куыст

Техникон фæрæзтæ

Компьютер, интерактивон фӕйнӕг, «Генератор тестов»

Цæстуынгæ æрмæг

Презентаци урокмæ, тест

 

                                                           Урочы организацион структурæ.

Урочы сæйраг этаптæ æмæ нысантæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауты архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

1.Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Разныхас: Сывæллæтæ, уæ бон хорз! Мӕн уырны, ацы урочы зӕрдиагӕй кӕй бацархайдзыстут уӕ зонындзинӕдтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕныныл, уый . Табуафси, райдайæм.

Урокмæ цæттæдзинад æвдисынц.

Нысан: зæрдæхæлар ахаст кæрæдзимæ

2. Зонындзинæдты актуализаци
































































-Скъоладзаутё, цёмёй абоны урочы цавёр ныхасы хай фёлхат кёндзыстём, уый базонём, уый тыххёй дзуапп раттём уыци-уыцийён.



Архайд ёмё ми ёвдисын

У мёнён мё хёс,

Номдартём мёхи фёисын,

Дён сын алкёд коммёгёс.

- Цавёр ныхасы хайыл дзурдзыстём нё урочы?


-Уæдæ мах абон нæ урочы цавæр ныхасы хайыл дзурдзыстæм?

-Цы зонæм мивдисæджы тыххæй, уый ма  мын зæгъут.

 

 Эпигрёф:

«Дунейы хёлардзинадёй хуыздёр ёмё ёхсызгондёр ницы ис : цардёй хёлардзинад аппар,уёд уый уаид дуне хуры рухсёй фёцух кёнынау»


 

 

 - Лёмбынёг ёркёсём нё урочы эпигрёфмё ёмё зёгъём, кёй кой кёндзыстём ацы урочы?

-Раст .Ацы урочы йё райдайёнёй йё кёронмё дзурдзыстём нё хёлёртты тыххёй.Фёнды мё базонын, ис уын хёлёрттё ёви нё, куыд цёрут сёмё, уё кёрёдзийён куыд аргъ кёнут… Ёппёт уыдон мё къухы куыдёй хъуамё бафтой?


 Зёгъём –ма уёдё, нё абоны урочы тёмё куыд ис схонён? Цавёр нысантё ёвёрём нё разёй?

Интерактивон фёйнёгыл фыст сты фёрстытё рацыд ёрмёгёй. Уё хорзёхёй, бацархайём раттын раст дзуёппытё

1.Цы хонём мивдисёг?

2. Йё арёзтмё гёсгё мивдисёг вёййы…

3. Цал хуызы ис мивдисёгён?

4. Куыд ивы мивдисёг?

5. Цал здёхёны ис мивдисёгён?

6. Цавёр къордтыл дих кёнынц мивдисджытё?





 Сывӕллӕттӕ райхӕлдтой уыци- уыцийы ӕмбӕхст хъуыды.

 

 

 

 

 

 




Урочы темæ дзурынц (мивдисæг), слайдмæ гæсгæ бæрæг кæнынц дзырдты растфысынад.

 

 -Мивдисæг


 

Дурынц раиртӕсттӕ






















Нё хёслёвёрдтё иууылдёр баст уыдзысты хёлардзинады темёимё

Сывёллёттё дзурынц сё хъуыдытё










Сывӕллӕттӕ архайынц раттын раст дзуӕппытӕ



Зонынадон:æмбарынц ахуырадон-зонынадон хæс,архайдмæ цæтæдзинад, зонындзинæдтæ/нæ

зонындзинæдтæ бæрæг кæнын.

 

Регулятивон:пълан кæнынц хъæугæ архайдтытæн, хæдбарæй урочы темæ сбæрæг кæнын.

 

Коммуникативон: диалоджы мидæг архайыд, къордты, парæты æмæ хæдбар куысты архайд æвдисын

3. Урочы æрмæгыл бакусын.

Лёвёрд цёуынц дыууё тексты.

- Скъоладзаутё, ёртёккё уын бакёсдзынён дыууё тёксты, сымах лёмбынёг байхъусут. Каст куы фёуон, уёд уём ратдзынён цалдёр фарсты.

1-аг текст

Арс, бирёгъ ёмё рувас лымёнтё скодтой ёмё бадзырдтой: ардыгёй фёстёмё цыдёриддёр ссарём, уый иумё куыд хёрём, афтё. Иубон хъазы мард ссардтой ёмё загътой:

- Цёй не’ ртёйы фаг нёу ёмё йё нё иу бахёрёд.

- Хорз,-сразы сты се’ ппёт дёр,- ёмё йё чи хъуамё бахёра?

-Гуырдёй хистёр чи уа, уый йё бахёрёд.

- Ёмё нё хистёр чи у?

Уёд бирёгъ загъта:

- Хуыцау сырдты Фёлвёрайы ёвджид куы бакодта,ёз уёд райгуырдтён.

Уыцы ныхасмё рувас кёуын байдыдта.

- Цы кодтай, цы дыл ёрбамбёлд?- фёрсынц ёй йе’ мбёлттё.

- Раст уыцы рёстёджы мах хистёр зёрдиаг ёрбамарди, ёмё мё зёрдё суынгёг.

- Уёдё кёд знон райгуырдтён , -загъта арс,- уёддёр ёй ёз хёрын, ёмё лёг чи у, уый ёрбацёуёд,- ёмё хъазы мард смарзта.

- Ёрхъуыды кёнём сёргонд ацы текстён.

- Куыд уём фёкаст, се’хсён ёцёг хёлардзинад уыдис?

-Цёмён уём афтё фёкаст?

- Цавёр ёмбисонд кёнё ёлвёст хъуыды ёрлёууыд уё зёрдыл текст бакёсгёйё

- Байхъусут иннё текстмё.

Иу рёстёджы скифты иу хай цёугёдон Доны фёйнёфарс ёрбынат кодтой. Уёд ёнёнхъёлёджы галиуварсы цёрджытём ныббырста ныхгёнёг.Ныббырст уыд ёнёнхъёлёджы ёмё иутё мард фесты, иннётё уацары бахаудысты, чи та Доны иннё фарсмё лидзёг фёци.

Уацайрёгтимё уыд Амизок дёр. Цыппар боны йеддёмё нёма цыд,Дандамидимё сё тугёй ард куы бахордтой,кёрёдзийё ёрдхёрдтё куы загътой, уёдёй.Амизочы куы фёцёйластой, уёд йё тыхсты ёххуысмё сидт йе’ рдхорд Дандамидмё. Уый йё ном айхъусгёйё, базыдта Амизочы хъёлёс ёмё атындзыдта йе рдхордён истёмёй баххуыс кёнынмё. Доны фаллаг фарсмё баленк кодта. Уым ёй фыдгёнджытё ёрцахстой. Сё балхонмё йё куы бакодтой, уёд дзы куырдта йе’ рдхорд Амизочы уацарёй суёгъд кёнын.Цы ратдзынё йё сёрмё, уый бёрц егъау хъёздыгдзинад дём цы ис, зёгъгё, йё куы бафарста, уёд ын дзуапп ратта: « Цыдёриддёр мём хъёздыгдзинад уыд,уыдон сымах байстат.Кёд дё фёнды, уёд мён йё бёсты бауром ёмё дё цы фёнды,уый мын кён» Уёд ын уый афтё: «Мё бон дёу бауромын нёу, тыхгёнёг нё дё, курынмё ёрбацыдтё. Цы дём ис, уыдонёй исты ныууадз ёмё де рдхорды акён»

Дандамид ёй бафарста, цы дзы куры, уымёй. Уый дзы ёркуырдта йё цёстытё.

Дандамид дызёрдыгдёр нё акодта, разыйы дзуапп радта. Йё цёстытё йын куы скъахтой, уёд ын радтой йе’ рдхорд Амизочы. Дандамид Амизокыл ёнцой кёнгёйё, иумё бацыдысты Доны былмё, стёй кёрёдзийы фёдыл- разёй Амизок, афтёмёй фаллаг фарсмё баленк кодтой.



- Ацы текстён дёр ёрхъуыды кёнём сёргонд.

-Текст уё зёрдёмё фёцыд? Цёмёй?

-Цёуыл нё ахуыр кёны? Ёцёг ёрдхёрдтё сты ёви нё?

- Тынгдёр кёцы текст фёцыд уё зёрдёмё , уый бындурыл саразём нё куыст.

- Цавёр ёмбисёндтё ёрлёууыд уё зёрдыл текст бакёсгёйё.

- Рафыссын вазыгджын мивдисджытё.

- Бёрёггонд дзырдтё баивут синонимтёй.



- Хицён къордтёй рафыссут ёргомон , бёллиццаг, бадзырдон ёмё фёдзёхстон здёхёны мивдисджытё . Сё иу аифтындзёг кёнут.

- Дыууё къордёй рафыссут цёугё ёмё ёдзёугё мивдисджытё.Фёхицён кёнут сё бындуртё.

- Фыццаг хъуыдыйадён синтаксисон ёвзёрст скёнут .






 

 

Скъоладзаутæ лӕмбынӕг хъусынц







































Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ




( Ёвзёр ёмбал у аууоны хуызён: хурбон дзы нё алидздзынё, асёст бон та йё аргё не скёндзынё. …)



















































Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ






Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ






Ӕцӕг хӕлӕрттӕ зын сахат сбӕрӕг вӕййынц

Нӕй дын хӕллар-ссар, ссардтай йӕ- хъахъхъӕн ӕй

Ӕнӕхӕлар адӕймаг- ӕнӕуидаг бӕлас








Зонынадон:æмбарынц ахуырадон-зонынадон хæс,архайдмæ цæтæдзинад, зонындзинæдтæ/нæ

зонындзинæдтæ бæрæг кæнын.

 

Регулятивон:пълан кæнынц хъæугæ архайдтытæн, хæдбарæй урочы темæ сбæрæг кæнын.

 

Коммуникативон: диалоджы мидæг архайыд, къордты, парæты æмæ хæдбар куысты архайд æвдисын

4.Улæфты рæстæг.

 

 

 

5.Урочы æрмæгыл дарддæр куыст.

Хёс.( интерактивон фёйнёг)Ёмбисёндтён сё хёйттё баиу кён.

Адёмы хёлардзинад зынаргъ кёмён у…

Ёрдхорд ёмбёлттё …

Адёмты хёлардзинад-…

Уарзт ёмё хёлардзинад …

Хёзнатё ёмбырд кёнынёй …

(уый знаджы цёвы.

ёфсад сты.

адёмы хъёздыгдзинад у.

амонд хёссынц… хёлардзинад хъахъхъёнын хуыздёр у)






Лёвёрд ёмбисёндтёй рафыссут мивдисджытё.

- Мивдисджытё цёвы, хёссы,ёмбырд кёнын сёвёрут 1-аг ц. с. аф, б. н.





Къордтæй куыст.


Цы тексты бындурыл куыстам ацы урочы, уымён ма ёндёр кёрон ёрхъуыды кёнём ,лёвёрд дзырдтёй пайда кёнгёйё).

1 къорды ёнцойгёнён дзырдтё: ёмбал, сфёнд кодта, знон, , ёвиппайды зёрдё ёхсайы.

2 къорды ёнцойгёнён дзырдтё: арёхсы, хъуыды кодта,знёгтё , , ёнёнхъёлёджы, цирхъ.

3 къорды ёнцойгёнён дзырдтё: Ахъуыды кодта, хёдзармё, дыууё, хидвёллойё, ёрдхорд.




 Скъоладзаутæ кусынц къордты, стæй сæ куыст  фæйнæгмæ гæсгæ бæрæг кæнынц.

 

 

 Адёмы хёлардзинад зынаргъ кёмён у, уый знаджы цёвы.

Ёрдхорд ёмбёлттё ёфсад сты.

Адёмты хёлардзинад- адёмы хъёздыгдзинад у.

Уарзт ёмё хёлардзинад амонд хёссынц…

Хёзнатё ёмбырд кёнынёй хёлардзинад хъахъхъёнын хуыздёр у.



Цёвы, хёссы,ёмбырд кёнын…

Цӕвдзыстӕм,хӕсдзыстӕм,ӕмбырд кӕндзыстӕм

Алы къорд дёр кёсы йё хъуыдыйёдтё

Зонынадон:æмбарынц ахуырадон-зонынадон хæс,архайдмæ цæтæдзинад, зонындзинæдтæ/нæ

зонындзинæдтæ бæрæг кæнын.

 

Регулятивон:пълан кæнынц хъæугæ архайдтытæн, хæдбарæй урочы темæ сбæрæг кæнын.

 

Коммуникативон: диалоджы мидæг архайыд, къордты, парæты æмæ хæдбар куысты архайд æвдисын

5.     Чиныгимӕ куыст

- Цæмæй  уæ зонындзинæдтæ мивдисæджы тыххæй фæфидардæр уæй, уый тыххæй ма баххæст кæндзыстæм фӕлтӕрӕн. Алчидæр кусы хибарæй.

 

 

6.     Урочы хатдзæгтæ.





Рефлекси


- Нæ урочы эпигрæф – ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.(æрдзурын ыл)

- Нæ урочы нысан цавæр уыди?

-Сæххæст æй кодтам?

- Урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

- Цавæр хатдзæгтæ скодтат уæхицæн ацы урочы ?

Урочы кӕрон сывӕллӕттӕ сӕхицӕн ӕвӕрынц бӕрӕггӕнӕнтӕ.




Сывæллæттæ хатдзæгтæ кæнынц:

-ахуырадон хæс куыд сæххæст кодтой;

-зындзинæдтæ цæй мидæг бафиппайдтой;

-къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæнынæн цы куыст бакодтой, стæй ма бакæнын хъæуы.

Регулятивон: скъоладзаутæ æрцæуынц хатдзæгмæ цы бамбæрстой æмæ сæ цæуыл хъæуы фылдæр бакусын.

Сæ зонындзинæдтæн сæхæдæг аргъ кæнынц.

7.     Хæдзармæ куыст

 1.Рацыд ёрмёг зёрдыл ёрлёууын кёнын

2. Сочинени- миниатюрё «Мё хуыздёр хёлар»

Хæдзармæ куыст фыссынц боныджы.

 

 

 



Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.