12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Болотаева Бэлла Федоровна74
Россия, Северная Осетия-Алания респ., Бирагзанг

ФЫДЫБӔСТӔ. Кочысаты Мухарбег
PPTX / 12.89 Мб

/data/files/q1646167875.pptx (ФЫДЫБӔСТӔ. Кочысаты Мухарбег)ФЫДЫБӔСТӔ. Кочысаты Мухарбег

Урочы эпиграф:

Зæххыл расугъд цæрынæн фидар

Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

Фыдыбæстæ æмæ сæрибар,

Циу цард æнæ сымах?

- Ингæн. (Плиты Грис)

Урочы нысантæ:

1) Равзарын Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ».

2) Скъоладзауты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ раст дзурыныл, хатдзæгтæ кæныныл, аив дзурын æмæ кæсыныл.

3) Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Дзырдуатон куыст: ныфс, æдас, цардамонд, æвдадзы хос, сæрвæлтау.

Универсалон ахуырадон архæйдтытæ урочы: коммуникативон, миддуне хъæздыг кæнын, регулятивон.

-Цавæр хъуыдытæ, цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд, ацы нывтæм кæсгæйæ?

- Куыд уæм кæсы, нæ урочы темæ цавæр уыдзæн? Куыд æмбарут дзырд «Фыдыбæстæ» ?

- Ссарут дзырд «Фыдыбæстæ»- мæ синонимтæ.

- Уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнут ацы дзырд. Уырыссагау та йын цавæр синонимтæ ис?

- Уæ цæстытæ бацъынд кæнут. Цавæр нывтæ уайы уæ цæстытыл, Фыдыбæстæйыл хъуыды кæнгæйæ?

Эпиграфыл куыст. Уæ зæрдыл бадарут ацы эпиграф, цымæ йæ хъуыдыимæ урочы кæрон сразы уыдзыстут.

- Чи уæ зоны æмбисæндтæ кæнæ æмдзæвгæтæ Фыдыбæстæйы тыххæй?

- Урочы райдайæны цы æрдзы рæсугъддзинæдтæ федтат, уыцы æрдзы хъæбысы цавæр адæймаг хъуамæ схъомыл уа? Цавæр миниуджытæй хайджын хъуамæ уа уыцы адæймаг?


Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

Ахуыргӕнӕджы хатдзӕгтӕ рацыд ӕрмӕгӕй.

Ног ӕрмӕг.

Программӕмӕ гӕсгӕ Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты темӕйыл фыст уацмыстӕй ахуырдзаутӕ базонгӕ уыдзысты. цалдӕримӕ, уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕнӕг йӕ урок райдайдзӕн хӕсты тыххӕй 6еседӕйӕ.

1. Ахуыргӕнӕджы беседӕ: «Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст ӕмӕ йӕ фӕстиуджытӕ».

1941 азы 22 июны немыцаг фашисттӕ ӕрбалӕбурдтой Советон Цӕдисмӕ, ӕмӕ райдыдта, ӕппӕт дзыллӕты историйы дӕр чи нӕма уыд, ахӕм ӕвирхъау хӕст Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст. Фыдыбӕстӕ, Райгуырӕн зӕхх, фыды уӕзӕг, райгуырӕн къона... Ацы дзырдтӕ алы адӕймагӕн дӕр сты тынг зынаргъ, уымӕн ӕмӕ уыдон сты йӕ абоны цард, йӕ ивгъуыд ӕмӕ йӕ фидӕн. Знаджы та бафӕндыд нӕ зӕрдӕтӕй уыцы дзырдтӕ скъахын ӕмӕ ныл ца- гьайраджы къӕлӕт бафтауын. Адӕм сыстадысты знаджы ныхмӕ ӕмӕ хъӕбатырӕй тох кодтой хӕсты быдыры. Цӕгат Ирыстоны чызджытӕй ӕмӕ фырттӕй Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайдта 89 минӕй фылдӕр, уыдонӕй 60 минӕй фылдӕрӕн лӕвӕрд ӕрцыд ордентӕ ӕмӕ майдантӕ, 79 райстой Советон Цӕдисы Хъӕбатыры ном, уыдонӕй ирӕттӕ — 35. Ӕфсады инӕлар Плиты Иссӕ ӕмӕ инӕлар-майор Иван Фесин райстой Советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъӕбатыры ном. Фӕлӕ милуангай адӕймӕгтӕ нал федтой Уӕлахизы бон, уыдонимӕ хӕсты быдырӕй сӕ уарзон Ирыстонмӕ нал ссыд 45 мин адӕймагӕй фылдӕр.

Ахуыргӕнӕг йӕ цыбыр беседӕйы фӕстӕ ӕвдисы ирыстойнаг хъӕбатырты къамтӕ, сӕ хъӕбатырдзинадыл фыст чингуытӕ, аразы цыбыр фӕсаууонмӕ экскурси: «Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты зӕрдылдарӕн бынӕттӕ Ирыстоны». Ахуырдзаутӕ дзурынц, цавӕр цыртдзӕвӕнтӕ ӕвӕрд ис хъӕбатыр хӕстонтӕн Ирыстоны: Плиты Иссӕйӕн - Терчы был, Петр Барбашовӕн - Джызӕлы фӕндаджы был, Майрӕмададжы денджызон флоты хъӕбатыртӕн ӕмӕ а. д. Радзурдзысты, цы зонынц хӕстонты хъӕбатырдзинады тыххӕй, уый. Ахуыргӕнӕг баххӕст кӕндзӕн ахуырдзауты дзуӕппытӕ, радзурдзӕн цыбырӕй Плиты Иссӕйы хӕстон фӕндӕгтӕ ӕмӕ хорзӕхты тыххӕй: Советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъӕбатыр, Монголы Адӕмон Республикӕйы Хъӕбатыр. 1945 азы Мӕскуыйы Уӕлахизы фынгыл йӕ номыл рауагьтой сӕрмагонд сидт. Иссӕ уыд Ӕфсады инӕлар. Дарддӕр бафӕрсдзӕн, чи уыд Мамсыраты Хаджумар, уымӕй: зындгонд сгарӕг, Советон Цӕдисы Хъӕбатыр, инӕлар. Америкаг зындгонд фыссӕг Э. Хе­мингуэй йӕ роман «По ком звонит колокол»-ы равдыста булкъон Ксантийы фӕлгонц — ацы номӕй зонынц Испанийы Мамсыраты Хаджумары. Цыбыр зонинӕгтӕ зӕгъдзӕнис ахуыргӕнӕг иннӕ зындгонд хӕстонты тыххӕй дӕр. Йӕ беседӕйы кӕрон бафӕрсдзӕн ахуырдзауты, сӕ хӕдзарвӕндагӕй хӕстмӕ чи ацыд, цавӕр

тохы фӕндӕгтыл фӕцыдысты, чи сӕ нал ӕрыздӕхт йӕ райгуырӕн къонамӕ.

2. Хъодзаты Ӕхсары арӕзт чиныг «Хорзӕи баззай, Ир»-ыл афӕлгӕст.

Кӕсы хицӕн рӕнхъытӕ чиныджы разныхасӕй ӕмӕ зӕгъы, чиныг кӕй у ӕрыгон зынгхуыст поэттӕ ӕмæ фысджыты уацмыстӕй арӕзт. Сӕ хистӕр Дзӕхаты Темырхъаныл цыд 37 азы, сӕ кӕстӕртӕ - Елехъоты Мурат ӕмӕ Хайманты Георгийыл та - ӕвддӕсгай азтӕ. «Уыдон нӕ зыдтой ӕфспс уалдзӕджы цъӕхӕй, Ирыстоны митсӕр хӕхты райдзаст ӕнгасӕй, фыййауы уадындзы хъӕлӕсӕй... Ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр зӕрдӕйы зарӕгӕй ӕвдыстой сӕ цин. Сӕ зонд, сӕ хъару ӕвгъау нӕ кодтой дзыллӕйы амондӕн...

Райдыдта карз хӕст. Ныууарыди туджы къӕвда. Ӕмӕ ацы лӕппутӕ хӕрзӕбон загьтой сӕ бинонтӕн, сӕ уарзон чызджытӕн, Ирыстонӕн, рӕстӕгмӕ фӕуагътой сӕ фӕндыртӕ ӕмӕ ацыдысты лӕгӕвзарӕн хӕстмӕ. Рӕстдзинады сӕрвӕлтау. Залиаг калмы хъӕлӕсӕй дзыллӕйы сӕрибар байсынмӕ. Ӕмӕ сӕ ну дӕр нал сӕмбӕлд йӕ хӕдзарыл. Ӕнусмӕ бафынӕй сты Уӕрӕсейы ӕмӕ Европӕйы быдырты», — фыссы Хъодзаты Ӕхсар чиныджы разныхасы.

Ахуыргӕнӕг зӕгъы, уыцы ӕрыгон поэтты ӕхсӕн кӕй уыдыс­ты Кочысаты Мухарбег, Баситы Дзамболат, Елехъоты Мурат ӕмӕ сын сӕ уацмыстӕ кӕй ахуыр кӕндзысты ацы урокты.

3. Ахуыргӕнӕджы разныхас

Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег райгуырдис 1920 азы Ольгинскӕйы хъӕуы. Сӕ хъӕуы авдазон скъола каст фӕуыны фӕстӕ ахуыр кӕнынмӕ бацыд Дзӕуджыхъӕуы педагогон техникуммӕ. Ам ныффыста йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр. Тех­никум каст фӕуыны фӕстӕ 1938 азы бацыд Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ха- йадмӕ. Мухарбег институты иста Къостайы стипенди йӕ хорз ахуыры тыххӕй. Уымӕй уӕлдай архайдта институты литера­турой къорды куысты. Газеттӕ ӕмӕ журналты фӕзындысты

мыхуыры йе 'мдзӕвгӕтӕ. 1939 азы сиды йӕ фӕндырмӕ:

Зар ды дӕр, мӕ хъисфӕндыр, зӕллангӕй!

Цардӕн мах дӕр бафидӕм йӕ хӕс.

Зон, дӕуӕн мӕ зӕрдӕйӕн йӕ тӕгтӕй

Хъистӕ скодтон, фидар хъистӕ, ӕз.

Ӕрыгон поэт тырны царды бӕрзӕндмӕ, фӕнды йӕ хӕххон цӕргӕсау ныфсджын ӕмӕ ӕхсарджын уӕвын:

Ды хохы айнӕгыл цӕрыс, Ды арвы бӕрзӕндты тӕхыс. Ды арвы хӕтӕнты хӕтыс. Ды дуне, дард рӕттӕ уыныс.

Ды 'хсар дӕ базыртыл хӕссыс. Ды мигътӕй арвы 'хсӕн вӕййыс. Бӕллын дӕ сахъдзинадмӕ ӕз, Хӕххон ӕндонзӕрдӕ цӕргӕс.

Цӕргӕс»)

Мухарбег институт каст нӕма фӕцис, афтӕ райдыдта Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст, ӕмӕ 1941 азы сентябрь! барвӕндонӕй ацыди тохы быдырмӕ. Уырдыгӕй 1942 азы фӕдзӕхсы:

Фыдыбӕсты сӕраппонд тохы, Мыййаг, куы фӕмард уон рӕстӕй, Уӕд-иу мӕ мард фӕласут хохмӕ, Мӕ Ир, мӕ фыдӕлты бӕстӕм.

Мӕ фӕдзӕхст»)

Афицер Кочысаты Мухарбег йӕ хӕстон хъӕбатырдзинады тыххӕй хорзӕхгонд ӕрцыд Сырх Стъалыйы орденӕй ӕмӕ май­данами «Хъӕбатырдзинады тыххӕй». Мухарбег нал федта Уӕла- хпзы рухс бонтӕ. 1944 азы, украйнаг горӕт Ямполы знӕгтӕй хъахъхъӕнгӕйӕ, мӕлӕтдзаг цӕф фӕци. Хӕстон рынчындонмӕ ма пӕ бӕргӕ бахӕццӕ кодтой, фӕлӕ йын дохтырты бон ницыуал бацис: 17 апрелы амардис. Ӕрмӕст нӕ бамыр хӕстон поэты хъӕлӕс. Йе ' мдзӕвгӕтӕй бирӕтӕ систы адӕмӕн уарзон зарджытӕ, ӕмӕ сӕ абон дӕр зарынц: «Сау цӕстытӕ», «Лӕууы ма мӕ зӕрдыл», «Ныббар мын», «Бахсӕв и. Бӕстӕ ныссабыр», «Хъӕмӕ», «Фыстӕг мӕ мадмӕ». Ацы ран байхъусын ӕмбӕлы Мухарбеджы ӕмдзӕвгӕтыл конд зарджытӕм.

Мухарбеджы ӕмдзӕвгӕ «Фыдыбӕстӕ» дӕр ссис зарӕг, зары йӕ Медойты Светланӕ, мелоди йын ныффыста Сланты Эллӕ, зӕгъы ахуыргӕнӕг, фӕлӕ уал ӕй фыццаг аив бакӕсӕм.

4. Ӕмдзӕвгӕйы аив каст.

Ӕмдзӕвгӕ фыццаг кӕсы ахуыргӕнӕг. Йӕ кастӕй ӕвдисы ӕмдзӕвгӕйы патриотон пафос, цӕмӕй ахуырдзауты зӕрдӕйы ӕвзӕра уарзондзинад фыдыбӕстӕмӕ, райгуырӕн уӕзӕгмӕ.

Дарддӕр ахуырдзаутӕ аив каст кӕнынц ӕмдзӕвгӕ 2-3 хатты ӕмӕ йын йӕ мидис ӕвзарынц фӕрстытӕм гӕсгӕ:

Куыд ӕмбарут дзырд «Фыдыбӕстӕ»? Зӕгъут ын йӕ синонимтӕ.

(Райгуырӕн бӕстӕ, фыдӕлты къона, фыдӕлты зӕхх, фыдæлты уӕзӕг ӕмӕ ӕнд.)

Поэтӕн райгуырӕн зӕхх цӕмӕн у ӕппӕтӕй зынаргъдӕр?

Цы у Мухарбегмӕ гӕсгӕ Фыдыбӕстӕ? Бакӕсут уьцщ рӕнхъытӕ.

Сымахмӕ гӕсгӕ та цы у фыдыбӕстӕ? Цы дзы ис зынаргъ- дӕр, адджындӕр уӕ зӕрдӕтӕн?

Цавӕр ныхӕстӕ ссардта поэт йӕ фыдыбӕстӕмӕ уарзон- дзинад равдисынӕн («ныййарӕг зӕхх», «мӕ зӕхх», «мӕ цин» «мӕ цардамонд»).

Цавӕр ард бахордта поэт? Цӕмӕн?

(Йӕ Фыдыбӕстӕ знагӕн никуы ратдзӕн, фӕлтау мӕлӕт ссардзӕн йӕ сӕрвӕлтау хӕсты быдыры, уымӕн ӕмӕ у стыр пат­риот, йӕ райгуырӕн зӕхх, йӕ фыдӕлты уӕзӕг сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи уарзы ӕмӕ йын аргъ чи кӕны, ахӕм адӕймаг.)

Дарддӕр ахуырдзаутӕ хъусынц ӕмдзӕвгӕйы ныхӕстыл конд зарӕгмӕ, архайынц сӕхӕдӕг дӕр базарыныл.

Урочы кӕрон ахуырдзаутӕ ӕрхӕсдзысты ӕмбисӕндтӕ Фыдыбӕстӕмӕ уарзондзинады тыххӕй: «Райгуырӕн бӕстӕ адджын у», «Фыдыбӕстӕ ныййарӕг мадау — адджын», «Йӕ райгуырӕн бӕстӕйы чи нӕ цӕры, уый царды ад нӕ зоны».

5. Ахуыргӕнӕджы хатдзӕгтӕ рацыд ӕрмӕгӕй.

III. Хӕдзармӕ куыст.

Чиныджы фӕрстытӕн дзуӕппытӕ бацӕттӕ кӕнын.

Ӕмдзӕвгӕ зӕрдывӕрдӕй дзурын сахуыр кӕнын.

Мыггаджы хӕстонты тыххӕй цыбыр докладтӕ бацӕттӕ кӕнын.



Тæргæйтты мæйы 2 бон

Къласы куыст

Опубликовано


Комментарии (1)

Потамошнева Наталья Алексеевна, 02.03.22 в 06:01 1Ответить Пожаловаться
По правилам сайта должен быть и на русском языке данный материал.
Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.