12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Болотаева Бэлла Федоровна74
Россия, Северная Осетия-Алания респ., Бирагзанг

Урочы темӕ:

АХӔСТОНЫ. Датиты Ислам

Урочы нысантӕ:

1) Датиты Исламы царды хабӕрттимӕ базонгӕ кӕнын.

2) Ныхасы разтыл куыст.

3) а) Адӕймаджы аккаг цы у, ахӕм миниуджытӕ рӕзын кӕнын

сывӕллӕтты удыхъӕды.

ӕ) Мадӕлон ӕвзаджы фӕрцы рӕзын кӕнын скъоладзаутӕм

уӕздандзинадмӕ, лӕгдзинадмӕ тырнындзинад.

Урочы цыд:

Организацион хай

Х/к сбӕрӕг кӕнын.

Хӕдзармӕ лӕвӕрд хӕслӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст кодтои ахуырдзаутӕ, уый сбӕрӕг кӕнын.

Къласы бакӕсын ӕмӕ хи ныхӕстӕй радзурын чиныджы текст «Уацмысы темӕ» (дзырд дзы цӕуы Коцойты Арсены ра­дзырд «Гигойы куадзӕн»-ы тыххӕй).

Ахуыргӕнӕджы хатдзӕгтӕ рацыд ӕрмӕгӕй.

II. Ног ӕрмӕг. ;

1. Ахуыргӕнӕджы цыбыр разныхас.

Чи уыд Датиты Ислам, уый тыххӕй цыбырӕй дзуры ахуыргӕнӕг. Датиты Ислам уыд дӕсны адвокат. Ирон интеллигенцийы раззагдӕртӕй иу. Йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг айста 1905 азы фыццаг уырыссаг буржуазон революцийы цаутӕ. Революцийы фӕстӕ сӕ сау тухӕны бонтӕ райдыдтой, чи дзы архайдта ӕмӕ састы бына­ты чи баззад, уыцы революционертӕн, интеллигенцийы хуыздӕр минӕвӕрттӕн: сӕ бонтӕ ӕрвыстой ахӕстӕтты, чи та фӕцис Сыбыры бинаг къӕй.

Датиты Ислам уыцы реакцион сау бонтӕй иу эпизод равды- ста йӕ радзырд «Ахӕстон»-ы. Ахуыргӕнӕг зӕгъы, Чырыстийы рӕстӕгӕй абонмӕ адӕмты хуыздӕртӕ кӕй тох кӕнынц ууыл, цӕмӕй нӕ гыццыл Зӕххы къорийы адӕмты ӕхсӕн райрӕзой уарзондзинад, ӕмбардзинад ӕмӕ ӕфсымӕрдзинад, фӕлӕ абон дӕр царды ацы идеалтӕ ӕххӕстӕй нӕма рапарахат сты. Уымӕн мах иууылдӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ: бирӕ рӕтты цӕуы хӕстытӕ, африкӕйаг адӕмты ӕхсӕн ис, ӕххормаг бонтӕ чи ӕрвиты, ахӕмтӕ ӕмӕ а. д. Уарзондзинад, ӕмбардзинад ӕмӕ ӕфсымӕрдзинады идеалты сӕраппонд йӕ цард радта Датиты Исламы радзырды сӕйраг хъайтар дӕр.

Ахуыргӕнӕджы раныхас Библи ӕмӕ Чырыстийы ахуырады тыххӕй.

«Библи» у бердзенаг дзырд, амоны «чингуытӕ». Библи арӕзт у дзуттаг адӕмы дины уырнынады рагон таурӕгьты бындурыл. Ис дзы дыууӕ хайы: Зӕронд Фӕдзӕхст («Ветхий Завет») ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст («Новый Завет»). Ног Фӕдзӕхст у Хуыцауы пехуымпар-фырт Чырыстийы номимӕ бает. Чырысти сидтис адӕмты уарзон ӕмӕ ӕмхуызон цардмӕ, ӕфсымӕрдзинадмӕ. Дыууӕ мин азы размӕ йӕ уый тыххӕй хъӕздыг фарисейтӕ дзуарыл байтыгътой Куадзӕны майрӕмбоны. Ӕртӕ боны фӕстӕ, Куадзӕны хуыцаубоны, Чырысти райгас, уымӕ гӕсгӕ алы аз дӕр адӕм Куадзӕны кӕрӕдзийӕн арфӕтӕ фӕкӕнынц, фӕцин кӕнынц, Чырысти райгас, зӕгъгӕ. Фӕуырны сӕ, уыцы бон зӕххыл кӕй фесӕфынц хӕлӕг ӕмӕ мӕнгарддзинад, адӕмтӕ — мӕгуырӕй, хъӕздыгӕй — ӕфсымӕртау кӕрӕдзийы кӕй фӕуарзынц. Фӕлӕ уый вӕййы ӕрмӕстдӕр иунӕг бон!.. Гъе, ахӕм бӕрӕгбоны нывтӕй райдайы Датиты Ислам йӕ радзырд «Ахӕстоны».

Радзырды мидис дзурын.

Ахуыргӕнӕг цыбырӕй дзуры радзырды мидис. Йӕ ныхас райдайы Куадзӕны бӕрӕгбоны нывтӕй. Фыссӕг нын ирдӕй равдыста адӕмы цин Чырыстийы райгасыл: райсомӕй раджы адӕм цӕуынц цырӕгътимӕ, хъуысы аргьуаны дзӕнгӕрджыты зӕлланг, алырдыгӕй зӕлынц арфӕтӕ. Адӕм кӕрӕдзимӕ хъазгӕ-худгӕйӕ дзурынц, сӕхимӕ кӕсынц стыр амондджын. Сӕ маст сӕ ферох. Ӕвзӕрдзинадӕн дӕр бынат нал уыд уыцы бон.Ахуыргӕнӕг фӕрсы ахуырдзауты, Куадзӕны бонмӕ сӕ ныййарджытӕ сӕхи куыд фӕцӕттӕ кӕнынц, цы хуызы арвитынц сае бӕрӕгбон. Ацы ран ма ахуыргӕнӕг иу хатт ахуырдзауты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, цы амоны дзырд «куадзӕн».

Аулæфт(физминуткæ)

Дзырдуатон-фразеологион куыст.

Ахуыргӕнӕг зынӕмбарӕн дзырдты нысаниуӕг ӕвзары.

Сынт. Ис ын дыууӕ нысаниуӕджы: 1. сау халон; 2. хӕссӕн (носилки).

Радзырды ис сау халӕтты кой. Сынт у стыр сау халон ӕрт- тивгӕ пакъуытимӕ, у алцыхӕраг. Датиты Ислам йӕ радзырды сынтытӕ ӕмӕ халӕтты фӕлгонцты фӕсномыгӕй ӕвдисы сӕрибары удхорты: «Акӕсут-ма, хуысгӕ чи кӕны, уыцы сӕрибарыл сынтытӕ ӕмӕ халӕттӕ куыд уасынц, уымӕ».

Дзӕнгӕрӕг (колокол, звонок). Радзырды фыссӕг дзуры ар­гъуаны дзӕнгӕрджыты тыххӕй. Ахуыргӕнӕг ӕмбарын кӕны, дзӕнгӕрӕг ӕфсӕйнагӕй (ӕрхуы кӕнӕ ӕрхуыимӕ бахсыстӕй конд) арӕзт кӕй вӕййы, цӕмӕй тынгдӕр зӕлланг кӕна.

Радзырды аив каст. Фӕрстыты руаджы йын йӕ мидис равзарын.

Цавӕр рӕстӕг ӕвдыст цӕуы радзырды?

Цавӕр бӕрӕгбоныл цин кодтой адӕм? Тексты ссарут уыцы бынӕттӕ.

Цӕуыл ӕууӕндыдысты адӕм уыцы бон?

(Чырысти кӕй райгас ӕмӕ йемӕ адӕмӕн кӕй хӕссы цин, уарзондзинад, ӕфсымӕрад, маст ӕмӕ ӕвзӕрдзинад та уыцы бон фесӕфынц, бамбӕхсынц «зӕрдӕйы къуымы».)

Чи уыд, адӕмы циныл цин чи нӕ кодта, уый?

(Ахӕстоны ӕртыккаг уӕладзыджы рудзынгӕй горӕтмӕ,йӕ къухтӕ ӕмӕ къӕхтыл рӕхыстӕ, афтӕмӕй чи каст, уыцы ахӕст.)

Раргом кӕнут ахӕсты зӕрдӕйы уаг бӕрӕгбоны рӕстӕг.(«Стыр маст дзы бацыд», «йӕ сау цӕстытӕ ферттывтой,фӕсырх ӕмӕ фӕсонт», «ныхъхъӕр кодта йӕ тыхджын хъӕлӕсӕй».)

Цӕуыл рыст ахӕсты зӕрдӕ?

(Йӕ монологӕй бӕрӕг у, йӕ зӕрдӕ кӕй риссы адӕмы уӕззау цардыл, сӕ сомбоныл, адӕм иу боны тыххӕй кӕй ферох кодтой сӕ мӕгуырдзинад ӕмӕ сӕ хъыг. Мӕсты кӕны, кӕй нӕй рӕстдзинад, сӕрибар та кӕй у хъадамантӕ ӕмӕ рӕхыстӕй баст.)

Текстмӕ хӕстӕг радзурут, ахӕст цы дзырдта мӕгуыр адӕмы иу цины боны цард ӕмӕ се 'цӕг уавӕры тыххӕй.

(«Мӕгуыр адӕмӕн абон йӕ цӕсты сыг басур уыдзӕн... сӕ хъӕр суанг уӕларвмӕ хӕццӕ кӕны... Хъусын кӕнынц, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ абон кӕй амардысты, сӕ бӕсты райгуырд уарзондзинад, ӕмхуызонад ӕмӕ ӕфсымӕрад». Адӕмы ӕцӕг уавӕртӕ: «Байхъусут-ма дзӕбӕхдӕр уӕ хӕстӕджыты кӕуынмӕ! ...Фӕлӕ ды та, мӕгуыр адӕймаг... байхъус-ма дзӕбӕхдӕр, стонг дыл куыд худы, уымӕ! Байхъусут дзӕбӕхдӕр уӕ рӕхысты дзыгьал- мыгъулмӕ!»)

Цы зӕгьы ахӕст хъӕздгуыты цардӕй та?

(Чырысти кӕд адӕмы ӕфсымӕрдзинадмӕ сидтис, уӕд «ныр та хъӕздгуытӕн сӕ мулк, сӕ тых, сӕ фӕллой сӕхи бар», ома сын мӕгуыртимӕ иумӕйагӕй ницы pic. Мӕгуырӕн йӕ фӕнд дӕр, йӕ тых дӕр рӕхыстӕй баст сты.)

Чи ма бадтис уыцы ахӕстоны?

(Уый сбӕрӕг ахӕсты ныхӕстӕй: «Акӕсут-ма, сӕрибар ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй цас бады ахӕстӕтты!»)

Цӕмӕй хызта ахӕст адӕмы?

(Цӕмӕй ма ӕууӕндой уыцы бон аргъуаны дзӕнгӕрджытыл, ма сӕ рох кӕна се 'цӕг уавӕр.)

Ахӕстӕн йӕ бон уыд, цӕмӕй ӕгасӕй баззайа?

(Уыд, куы ницы дзырдтаид, уӕд. Фӕлӕ уӕд ахӕстоны дӕр нӕ бадтаид: цагьайраджы къӕлӕт хӕссын уый йӕ сӕрмӕ не 'рхаста.)

Адӕймаг рӕстдзинады сӕрыл куы дзура, уӕд ӕй марын хъӕуы?

(Байхъусын ахуырдзауты хъуыдытӕм, абарын сӕ абоны цардимӕ.)

Цы дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ каст ахӕст мӕрдты бӕсты?

(«...дзӕнгӕрджытӕ сайынц ӕви нӕ». Ӕмӕ кӕд мӕрдты бӕсты

исты ис, уӕд сыгъдӕг удтимӕ баддзӕн Чырыстийы фарсмӕ.)

Цавӕр ӕмбисӕндтӕ зонут цагъарады, хъӕздгуыты ӕмӕ мӕгуырты царды тыххӕй?

(«Цагъайраджы цардӕй мӕгуыр цард хуыздӕр у», «Цагъайраджы бӕсты мӕлӕт хуыздӕр у», «Бонджын мӕгуырӕй тона кӕны», «Ӕлдар — ӕнӕфсис», «Мӕгуыры зӕрдӕ — фынтӕй хъал», «Мӕгуыр зондмӕ хӕстӕгдӕр у» ӕмӕ ӕнд.)

6. Радзырды цыбыр анализ.

Раттын характеристикӕ ахӕстӕн. Тексты ссарын хъӕугӕ бынӕттӕ:

а) ахӕсты портрет: «...йӕ сау цӕстытӕ ферттывтой... стӕй ныхъхъӕр кодта йӕ тыхджын хъӕлӕсӕй»;

ӕ) йӕ миддуне: ахӕст у рӕстуд, ныфсджын, адӕмы бартыл ӕмӕ сӕрибарыл тохгӕнӕг. (Тексты уыцы бынӕттӕ ссарын ӕмӕ сӕ бакӕсын.)

Сбӕрӕг кӕнын радзырды ӕвзаджы арӕзт.

Ахуыргӕнӕг бахӕс кӕны ахуырдзаутӕн, цӕмӕй тексты ссарой аив фыст бынӕттӕ ӕмӕ сӕ бакӕсой. Зӕгъӕм, ахӕмтӕ: «амондыл базыртӕ баззад», «зӕхх дӕр йӕхиуыл схӕцыд», «уыцы хорз, хъӕлдзӕг сахатыл ма стъалыты фӕндыд, адӕммӕ гӕсгӕ, хъазын». А дон иууылдӕр сты олицетворенитӕ. Радзырды ис адӕмон арфӕтӕ: «Чырысти мӕрдтӕй райгас и», «Ӕцӕг райгас!», «Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд», «Ахъаз дын бакӕнӕд, кӕй тыххӕй у, уый». Ахуырдзаутӕ радзырды агурынц фразеологион дзырдбӕстытӕ, зӕгъынц сӕм синонимтӕ: «Маст ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ... бамбӕхстысты зӕрдӕйы къуымы» — адӕм рӕстӕгмӕ байрох кодтой сӕ зындзинӕдтӕ, ӕддӕмӕ не 'вдисынц сӕ рыст зӕрдӕйы уаг; «Адӕмы зӕрдӕ тынг хъӕлдзӕг уыдис...» — адӕм тынг цин кодтой ӕмӕ а. д.

7. Ахуыргӕнӕг ӕмӕ ахуырдзауты хатдзӕгтӕ рацыд ӕрмӕгӕй.

Рефлекси

III. Хӕдзармӕ куыст.

Радзырд аив каст кӕнын зонын ӕмӕ йын йӕ мидис хи ныхӕстӕй дзурын.

Чиныджы фӕрстытӕн дзуӕппытӕ бацӕттӕ кӕнын.

Хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуырты тыххӕй радзырды ды ӕмбпсӕндтӕ ис, уыдон рафыссын литературой тетрӕдтӕм.





Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.