12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Болотаева Бэлла Федоровна74
Россия, Северная Осетия-Алания респ., Бирагзанг

МӔГУЫРТӔ. Виктор Гюго

НЫСАН: Скъоладзауты базонгæ кæнын Виктор Гюгойы радзырд

«Мæгуырты» -йы ирон варианты фæзынды историимæ. Радзырдæн

цыбыр анализ скæнын, радзырд аивгæнæн мадзæлттæм хъус

æрдарын.

ХЪОМЫЛАДОН ХÆС: Адæймаджы хуыздæр миниуджытæй иу – бахъуаджы

рæстæг баххуыс кæнынмæ цæттæдзинадмæ скъоладзауты

æргом здахын.

УРОЧЫ ÆРМÆГ: Литературæйы чиныг, презентаци.

ДЗЫРДУАТОН – ФРАЗЕОЛОГИОН КУЫСТ: хъæз, идæдз ус, хыз, æмпъузын,

сыфцæй ласын.

«Баххуыс кæнын удыбæстæ у»

Æмбисонд



I. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

Хатдзӕгтӕ рацыд ӕрмӕгӕй.

И. Ног ӕрмӕг.

1. Ахуыргӕнӕджы разныхас.

Ахуыргӕнӕг ахуырдзауты зонгӕ кӕны Виктор Гюгойы ра­дзырд «Мӕгуырты» ныффыссыны историимӕ, пайда кӕны чи­ныджы ӕрмӕгӕй радзырдмӕ фӕсныхасӕй: радзырд фыст у стыр францаг фыссӕг Виктор Гюгойы ӕмдзӕвгӕйы бындурыл. Уырыссаг ӕвзагмӕ йӕ прозӕйӕ раивта Лев Толстой ӕмӕ йӕ бахаста йе 'рвылбоны кӕсыны чиныгмӕ («Круг чтения»). Толстойы чиныгӕй йӕ бархи тӕлмац ирон ӕвзагмӕ ракодта ирон фыссӕг Барахъты Гино. Ам ахуыргӕнӕг ӕмбарын кӕны, цӕмӕн схуыдта Гино радзырды архайджыты ирон нӕмттӕй: Женя (Жаннӕ), Сӕлимӕт (Симон), ома сӕ цард иухуызон уыд фӕсарӕйнаг ӕмӕ ирон сидзӕргӕстӕн, ӕппӕт мӕгуыртӕн се 'ппӕтӕн дӕр. .

2. Дзырдуатон-фразеологион куыст саразын зынӕмбараен

дзырдты нысаниуӕг раиртасынӕн.

Хъӕз (тростник) - хъамылы зайӕгой. Идӕдз ус йӕ мой кӕмӕн амарди, ахӕм ус. Хыз — радзырды: кӕсагахсӕн хыз, уырыссагау — рыболов­ная сеть, невод.

Ӕмпъузын (чинить, штопать, латать) — истӕуыл гӕппӕлтӕ ӕвӕрын, ӕмпъузын; исты хъуымацы лӕбырд бынат ӕндӕхтӕй уӕлӕнгай, арӕхстгай хуыд ӕрбакӕнын.

Сыфцӕй ласын (тащить волоком) — хи хъаруйӕ исты фӕдыл ласын.

3. Уацмыс аив каст кӕнын, фӕрстытӕм гӕсгӕ йын йӕ мидис равзарын:

Цавӕр рӕстӕг ӕвдисы Гюго йӕ уацмысы?

Цы уавӕрты цардысты мӕгуыр адӕм?

Текстӕй пайда кӕнгӕйӕ, радзурут кӕсагахсджыты царды уавӕрты тыххӕй.

Кӕм уыд Женяйы лӕг ӕмӕ цӕуыл катай кодта сылгой- маг?

(Ахӕм фыдрӕстӕг бинонты дарӕг ацыд уыцы знӕт денджызы кӕсаг ахсынмӕ. Женя тарст, йӕ лӕг, денджызы удхаргӕнгӕйӕ, куы фӕдӕлдон уа, уымӕй, уымӕн ӕмӕ: «Дымгӕ ӕхситт кӕны. Къӕвдайы ӕртӕхтӕ фӕрссӕгтыл ӕмдзӕгъд кӕнынц... Ӕдде ӕвзӕр рӕстӕг, талынг, ихӕн... Женямӕ хъуысы денджызы хъӕр, дымгӕйы ӕрдиаг...»)

Цавӕр нывтӕ ауайы Женяйы цӕстытыл?

(Йӕ мӕгуыр царды нывтӕ. Усӕй-лӕгӕй бон-сауизӕрмӕ ку- сынц, фӕлӕ уӕддӕр мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр кӕнынц: «Сывӕл- лӕттӕ бӕгьнӕг, бӕгъӕввад сӕрдӕй, зымӕгӕй».)

Кӕмӕ бацыд Женя рынчынфӕрсӕг? Тексты ссарут Сӕли- мӕты уӕззау царды уавӕртӕ ӕвдисӕг бынӕттӕ ӕмӕ сӕ бакӕ- сут.

Куыдӕй баййӕфта Женя Сӕлимӕты ӕмӕ йӕ сывӕллӕт-

ты?

Цӕуыл катайгӕнгӕ амард идӕдз ус?

(Сӕлимӕты цӕсгомыл ма бӕрӕг уыдысты йӕ хъизӕмӕрт- тӕ, фӕлӕ уӕддӕр ныййарӕг мад катай кодта йӕ сидзӕр сабиты хъысмӕтыл. Царӕй йыл цы къӕвдайы ӕртах ӕрхауд, уый дӕр йӕ иӕсгомыл цӕссыгау ӕруад.)

Цавӕр тыхтон рахаста Женя мӕрдджыны хӕдзарӕй ӕмӕ цӕмӕн тарст йӕ лӕгӕй? Ссарут уыцы бынӕттӕ тексты.

(Иӕ лӕгӕи тарст: сӕхицӕн фондз сывӕллоны хӕссинаг, мӕ- гуыр, хъизӕмар цард кӕнынц, уӕд ма ацы дыууӕ сывӕллоны та чи схӕсдзӕн... Мыййаг ын сӕ йӕ мой куы рарвита, куы нӕ барӕвдауа сидзӕр сывӕллӕтты, уӕд цы фӕуыдзысты...)

Цавӕр хъизӕмӕрттӕ ӕрвыста денджызы Женяйы лӕг? Йӕ ныхӕстӕ йын ссарут тексты.

Куыд райдыдта йӕ ныхас Женя идӕдз усы мӕлӕты тых- хӕй?

(Хъавгӕ, йӕ ныхасыл хъуыдыгӕнгӕйӕ: фыццаг йӕ мойы зӕр- дыл ӕрлӕууын кодта Сӕлимӕты хъизӕмӕрттӕ, стӕй, тӕригъӕдгӕн- гӕ, радзырдта Сӕлимӕты ӕнахъом сабиты уавӕры тыххӕй. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй лӕг дӕр сывӕллӕтгӕн фӕтӕригъӕд кодтаид.)

Цы бауынаффӕ кодта лӕг? Цӕуылнӕ йыл ӕууӕндыд Женя?

Куыд рауадис сабиты хъысмӕт?

(Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы бамбӕрстой ӕмӕ сабиты сӕхи сы- вӕллӕтты хуызӕн схӕсдзысты.)

4. Уацмысы цыбыр анализ.

Женя ӕмӕ йӕ мойы удыхъӕды миниуджытӕ.

Лӕг ӕмӕ ус кӕд цыфӕнды мӕгуыр уыдысты, уӕддӕр адӕймагуарзон, парахатзӕрдӕ, сӕ мӕгуыр цӕхх ӕмӕ кӕр- дзын нӕ бавгъау кодтой ӕнахъом сидзӕртӕн. Ахӕмтӕй-иу адӕм дзырдтой: «Баххуыс кӕнын удыбӕстӕ у», «Кӕрдзындӕттон лӕг дзӕнӕтмӕ цӕуы».

Радзырд у хъӕздыг, аив ӕвзагӕй фыст:

1) Ӕрфыстытӕ. Женя ӕмӕ Сӕлимӕты мӕгуыр хӕдзӕртты ӕрфыстытӕ: «Мӕгуыр хӕдзары къуымы та уӕддӕр хъарм, зӕрдӕйӕн ӕнцон. Зӕхбын сыгьдӕг марзт; арт дзынгалӕйттӕ калы, пецы сугтӕ къӕр-къӕр кӕнынц. Тӕрхӕгӕй сыгъдӕг ӕхса- дӕй ӕрттивынц хӕрӕндзаума. Уӕлӕрдыгӕй зӕрондгомау сын- таг, урсӕй ӕмбӕрзт. Зӕххыл иу стыр гобаныл хуыссынц ӕна- хъом сывӕллӕттӕ фондзӕй» (Женяйы хӕдзар).

«...Кӕсы, йӕ алы сисбынӕй къӕвдадон хъары, ӕдде куыд у, афтӕ мидӕгӕй дӕр уазал, уымӕл. Дуары бакомкоммӕ иу дзӕвгар хъӕмпы ӕмбырдыл лӕууы идӕдз у с мардӕй... Мардӕй чысыл ӕддӕдӕр иу мӕгуырау сынтӕггондыл хуыссынц дыууӕ сывӕллоны...» (Сӕлымӕты хӕдзар). Ахуыргӕнӕг зӕгъы, Сӕли- мӕты хӕдзар ахӕм уавӕрмӕ ӕрцыд уымӕн, ӕмӕ сылгоймаг уыд рынчын, идӕдз.

Рӕстӕджы ӕрфыст: «...дымгӕ ӕхситт кӕны. Къӕвдайы ӕртӕхтӕ фӕрссӕгтыл ӕмдзӕгъд кӕнынц. Фӕйлауӕнтӕ сӕхи былтыл хойынц... Ӕдде ӕвзӕр рӕстӕг, талынг, ихӕн». «Рӕс- тӕг та!.. Ахӕм заман мыл никуы скодта. Дымгӕ - хӕйрӕг, мӕ бӕлӕгъ мын пуртийау раппар-баппар кодта». (Дзуры Женяйы лее?..)

Монологтӕ (Женя йӕхиимӕ ныхас кӕны):

«— Оуу-уа, куы мӕ ферох и! Цон ӕмӕ йӕ фенон, мӕгуыр, Сӕлимӕт, рынчын куы у. Знон ӕй нӕ лӕг уӕззаудӕр куы хуыд- та. Стӕй ӕвӕгӕсӕг, зыбыты иунӕг»:

<<— Ныр мын цы зӕгъдзӕни? Тӕхуды, цы бакодтон!.. Нӕхи- онтӕ фондзӕй, цыма йын ӕгъгъӕд нӕ уыд уыдоны хъмзӕмар... Ӕнхъӕлдӕн, ӕрбацӕуы! Нӕ, уый нӕу! Ныр сӕ цӕмӕн мстон? Ныр мӕ куы ныххоид, уӕд мын нӕ хъӕуы?.. Дӕлӕ ис! Уый та хуыздӕр»;

Диалогтӕ (Женя ӕмӕ йӕ мойы ныхас):

«— Оууа, ды дӕ? дзуры Женя, фӕлӕ бакӕсын къӕмдзӕ- стыг кӕны.

Гъе уый дын ӕхсӕв, гъе! Хъаймӕт!

О, тынг фыдрӕстӕг скодта! Ахсгӕ та цы 'ркодтай?

Ницы! Ӕппындӕр ницы!..»

Эпитеттӕ:

«Уазал ӕхсӕв», «денджызы астӕу талынг, уазал, дымгӕ», «фӕлурс уазал къух»; «дыууӕ сывӕллоны бурхил, фӕлурс»; «хӕмпус чысыл къух», «бӕрзонд сауцъар лӕг».

Олицетворенитӕ, фразеологион дзырдбӕстытӕ:

«Дымгӕйы ӕрдиаг», «дымгӕ ӕхситт кӕны», «сугтӕ къӕр-

къӕр кӕнынц», «арт дзынгалӕйттӕ кӕны», «ӕрдиаг кӕны ден- джыз», «дуары ӕрдиаг», «зӕрдӕ тынг цӕвы».

Авторы цӕстӕнгас йӕ хъайтартӕм.

Ахуырдзаутӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ, ахуыргӕнӕг сын ӕх- хуыс кӕны дзуӕппытӕ раттын:

а) мӕгуырты цард ӕм арф хъары, сӕ рис, сӕ хъизӕмар сын ӕмбары, тӕригъӕд сын кӕны;

ӕ) автор йӕ радзырды зӕгъынмӕ хъавы: адӕймаг цыфӕнды зын уавӕрты дӕр хъуамӕ баззайа адӕймагӕй, бахъуаджы сахат ӕмбара иннӕйы тыхст ӕмӕ йын баххуыс кӕна;

фӕнды йӕ, цӕмӕй зӕххыл мауал уа мӕгуырдзинад;

в) бацархайдта раздахын хъӕздгуыты цӕстӕнгас мӕгуыр адӕмы хъизӕмар цардмӕ, кӕд иугыццыл сӕхиуыл ӕрхудиккой ӕмӕ мӕгуыртӕн баххуыс кӕниккой.

Байхъусын ахуырдзауты хатдзӕгтӕм радзырды темӕ ӕмӕ мидисы фӕдыл.

III. Хӕдзармӕ куыст.

Радзырд аив каст кӕнын зонын, йӕ мидис ын текстмӕ хӕстӕг хи ныхӕс- тӕй дзурын.

Раттын характеристикам радзырды архайджытӕн.

Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.