12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Елизарова Натела Доментьевна84

2кълас

Темӕ: «Антонимтæ»



t1646125071aa.png

Беслæны 7 скъолайы ирон

æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Елдзарты Нателæ




Предмет: ирон ӕвзаг

Ахуыргӕнӕг: Елдзарты Нателӕ



Кълас: 2

Урочы тип: ног зонындзинӕдтӕ базонын.

Тема: «Антонимтӕ».

Урочы нысан: антонимы тыххӕй зонындзинӕдтӕ базонын, практикон ӕгъдауӕй сӕ пайда кӕнын, тексты ӕмӕ хъуыдыйӕдты мидӕг антонимтӕ арын.


Урочы хӕстӕ:

удгоймагон:

цымыдис ӕвзӕрын кӕнын ирон ӕвзаджы , уроктӕм;


регулятивон:

ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй урочы архайдтыты нысан сбӕрӕг кӕнын, архайын пъланмӕ гӕсгӕ, раст аргъ кӕнын хи архайдтытӕн, бамбарын зындзинӕдтӕ кӕм ӕййафы скъоладзау ӕмӕ уыдон аиуварс кӕнын;

ӕмбарынадон::

антонимӕ арын сӕрибарӕй тексты , хъуыдыйӕдты мидӕг;

дзырдуат хъӕздыгдӕр кӕнын, рӕдыдтытӕ иртасын тексты , хъуыдыйӕдты;

текст кӕсгӕйӕ хъуыды кӕнын , анализ кӕнын, абарын ӕмӕ хи хъуыды дзурын фидарӕй;


Коммуникативон:

ахуыргӕнӕг ӕмӕ ӕмкъласонтимӕ иумӕ кусын, хи хъуыдытӕ дзурын, зонын къорды кусын,

Сколадзаутӕ базондзысты: скъоладзаутӕ базондзысты антонимты агурын тексты, хъуыдыйӕдты

Урочы ӕрмӕг: презентаци урокмӕ, компьютер, проектор, экран, цӕстуынгӕ ӕрмӕг.



Урочы цыд

Урочы этаптӕ

Ахуыргӕнӕджы куыст

Скъоладзауты куыст

I. Урочы райдайӕн.

Скъоладзауты сразӕнгард кӕнын урокмӕ




-Кӕрӕдзимӕ зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй бакӕсӕм!

Урокмӕ цӕттӕ кӕнынц сӕхи.

Нымӕц ӕмӕ къласы куыст фыссынц.

II. Зонындзинӕдты актуализаци.

1.Дзырдуатон куыст.

-Базон уыци -уыци:

лӕппу– чызг (слайд 2,3)

-Дзырдтӕ цӕмӕй сты ӕнгӕс?

-Цӕмӕй хицӕн кӕнынц?


- Адарддӕр кӕнут ӕмкъай дзырдтӕ раиртӕстмӕ гӕсгӕ.

(слайд 4 ,5,6)


Сӕ тетрӕдты фыссынц.

Дзырдтӕ. Цал дамгъӕ , мыр ис дзырдты; цавд кӕцы уӕнгыл хауы.

Дзурынц предметтӕ, дзуапп дӕттынц чи?,цы?

Нымӕц.

Ныхмӕвӕрд дзырдтӕ.

О-нӕ, стыр -гыццыл,бон -ӕхсӕв, рӕсугъд-фыдуынд, урс-сау,, адджын-туаг ӕмӕ аф.д..

III. Урочы нысан.

-Нӕ урочы темӕ цавӕр уыдзӕнис?

-Нӕ разы ӕрӕвӕрӕм хӕстӕ .



-Цавӕр архӕйдтытӕ , зонындзинӕдтӕ нӕ бахъӕудзӕнис урочы?


Ныхӕйныхмӕ ӕвӕрд дзырдтӕ

Базонын , куыд хуыйнынц ахӕм дзырдтӕ.

Кӕм ӕмбӕлынц ахӕм дзырдтӕ.

Цӕмӕн хъӕуынц ахӕм дзырдтӕ

Фыссын ӕмӕ кӕсын зонын , къордты кусын арӕхсын


IV. Ног зонындзинӕдтӕ базонын.

1. Раиртӕст бакӕсын.





2. Ахуыргӕнӕджы ныхас.


3. Чиныгимӕ куыст (фӕлт. 224 , 117 фарсыл)










4. Проблемнон фарст ӕрӕвӕрын








VI. Физминуткӕ.





-Рафӕлдахут уӕ чингуытӕ , бакӕсут раиртӕст чиныджы.

-Куыд хуыйнынц ахӕм дзырдтӕ?


-Фӕстӕмӕ дзырдуатон куыстмӕ аздӕхут , цы дзырдтӕ ныффыстат уыдон зӕгъут наукон ӕвзагӕй, ног дзырдӕй.

- Дзуапп раттам фыццаг ӕвӕрд фарстӕн?


Дзырд антоним рацыд бердзенаг дзырд анти – «ныхмӕ» ӕмӕ онима – «ном»-ӕй. (слайд 7)


-Бакӕсут текст, ставддӕрӕй фыст дзырдтӕн ссарут сӕ антонимтӕ. Ныффыссут сӕ уӕ тетрӕдты.

-Цы амонынц ацы дзырдтӕ?

-Цавӕр цӕрӕгой у коала?

-Куыд архайы ацы цӕрӕгой?

-Куыд уӕм кӕсы зианхӕссӕг у ӕви?

-Цавӕр предметы ӕууӕлтӕ ранымадтам?

-Зӕгъут ноджыдӕр уӕхи ныхӕй ныхмӕ дзырдтӕ





хӕларзӕрдӕ- фыдбылыз

(слайд 8)

-Ацы дзырдтӕн схонӕн ис антонимтӕ?


-Баивут дзырдтӕ, цӕмӕй суой антонимтӕ. Сбӕрӕг кӕнын (слайд 9)





Ахъазӕм хъазт «Иннæрдæм»-ӕй.
Дзырд «бӕрзонд»зӕгъдзынӕн ӕз.

Дзырд («ныллӕг»)зӕгъдзынӕ ды.
Дзырд «дард»ӕз зӕгъдзынӕн .

Дзуапп ды ратдзынӕ( «æввахс»(.
Зӕгъдзынӕн «цар».

Ды зӕгъдзынӕ («пъол»).

Ӕз зӕгъдзынӕн дзырд»фесӕфтон».

Ды та мын зӕгъ( «ссардтон»).

Дӕуӕн зӕгъдзынӕн дзырд «тӕппуд».

Ды зӕгъдзынӕ(хъӕбатыр»).
Ныр та ӕз «райдиан» зӕгъон.

Ды та уӕд зӕгъ( «кӕрон»)!


Кӕсынц раиртӕст:

Ирон ӕвзаджы ис сӕ нысаниуӕг ныхмӕвӕрд кӕмӕн у ,ахӕм дзырдтӕ - антонимтӕ..

Антонимтӕ.


Антонимтӕ.


О.




Тӕвд-уазал.

Талынг- рухс.

Фынӕй -хъал

Ныхмӕвӕрд нысаниуӕг.

Хӕларзӕрдӕ .

Сабыр

Пайдахӕссӕг– зианхӕссӕг


Предметы ӕуӕлтӕ.

Сабыр, хӕларзӕрдӕ, пайдахӕссӕг


Стыр ӕмӕ гыццыл, ӕнӕниз ӕмӕ рынчын,бӕрзонд ӕмӕ ныллӕг, хъӕрӕй ӕмӕ сабырӕй ӕмӕ ф.д.


Нӕ, уыдон домынц ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр фӕрстытӕ.

Хӕларзӕрдӕ-фыдзӕрдӕ, ӕвзӕр -хорз


Цӕрӕгойты уарзын , хъахъхъӕнын ӕмӕ сыл ауӕрдын.Хӕларзӕрдӕ уӕвын. Фыдбылыз митӕ нӕкӕнын.





Къухтыл хӕрдмӕ схӕцынц.
Къухтӕ бынмӕ ӕруадзынц.

Размӕ адаргъ кӕнынц къухтӕ

Армы тъӕпӕнтӕй ӕхгӕнынц цӕстытӕ

Къахы цъуппытыл слӕууынц. ,къухтӕ хӕрдмӕ ивазгӕйӕ.

Сывӕллӕттӕ ӕрбадынц.

Къухтӕ тилынц.

Къухтӕй ӕмдзӕгъд кӕнынц.

Цӕстытӕ бацъынд кӕнынц.


Къухтӕ синты сӕр авӕрынц.

Къухтӕй ӕмдзӕгъд кӕнынц.


VII. Зонындзинӕдтӕ бафидар кӕнын..

1. Хибарӕй куыст.. (фӕлт.№223)














2. Къордты куыст











3.Беседӕ


Бакӕс.Ссар ныхмӕвӕрд архайд ӕмӕ миниуӕг ӕвдисӕг дзырдтӕ.Хуызӕгмӕ гӕсгӕ сӕ рафыссут.
















- Баххӕст кӕн хъуыдыйад. Антонимтӕ бахахх кӕн.

1. Зон фылдӕр, дзургӕ та …(къаддӕр).

2. Ахуырад - рухс, нӕ ахуыр та -…( талынгдзинад,).

3. Сабырдзинад аразы, хӕст та…. (халы).

4. Мурӕт сахуырста халон сауӕй, бӕлон та -….

(урсӕй)

5. Нана у фӕлмӕнзӕрдӕ , Сӕниат та — …(фыдзӕрдӕ).

6. Дыргътӕ куы хӕрай ,уӕд уыдзынӕ … .(‘нӕниз).


Сбӕрӕг кӕнын слайдтӕ (10-15)


-Кӕм ӕмбӕлынц антонимтӕ?

-Кӕцы ран ма ӕмбӕлынц антонимтӕ?

-Дзуапп раттæм фарстӕн , кӕцы урочы райдайӕны ӕрӕвӕрдтам?

-Цӕмӕн хъӕуы нӕ ныхасы антонимтӕ, пайда сӕ кӕнӕм?

-Дзуапп раттам нӕ фӕстаг фарстӕн?


Урс-сау

Зары- кӕуы

ӕмӕ аф.д.

.















Къордты куыст














Ӕмбисӕндты, ӕмдзӕвгӕты, хъазты.

Ӕмбӕлӕм сыл математикӕйы урочыты:баппарын-раппарын,фарст-дзуапп,фылдӕр-къаддӕр.

О.

Антонимтӕ нын нӕ ныхас хъӕздыгдӕр кӕнынц.

О.


4.Къӕйттӕй куыст

-Саразӕм дзырдуат антонимтӕй.Уӕ разы цы карточкӕтӕ ис, уыдонӕй саразут къай антонимтӕ.

. (Партӕйыл ӕвӕрд цӕуы ӕртыгай карточкӕтӕ.Сывӕллӕттӕ дзы равзардзысты дыууӕ.Зӕгъӕм дзырдтӕй сырх, урс, сау-ӕй ныууадздзысты сау-урс)

-Куыд хъуамӕ ӕрцӕуой ӕвӕрд дзырдтӕ уӕ антонимты дзырдуаты?

-Цавӕр дамгъӕтыл нӕ уыдзӕнис уӕ дзырдуаты дзырдтӕ?

-Антонимтӕ иууылдӕр бацыдысты уӕ дзырдуатмӕ?

-Цы дзырдтӕ уӕм баззад. Уыдонӕй алкӕцыйӕн дӕр ис ссарын антоним?

-Кӕмӕн рабӕздзӕн цымӕ ахӕм дзырдуат?

-Кӕй бахъӕудзӕнис,цымӕ, ахӕм дзырдуат







Алфавитмӕ гӕсгӕ


ъ, ы, ь


Нӕ.


Нӕ алкӕцы дзырдмӕ нӕй ссарӕн.

Мах, фыццӕгӕм къласы чи ахуыр кӕны, адӕмтӕ, кӕцыты фӕнды ирон ӕвзаг сахуыр кӕнын.

VIII. Уроы кӕрон. Рефлекси.

-Цавӕр хӕстӕ ӕрӕвӕрдтам урочы райдайӕны нӕ разы?

-Базыдтат цы уӕ фӕндыд,уый?

-Цавӕр дзырдтӕ хонӕм антонимтӕ?

- Кӕм сыл ӕмбӕлӕм?

-Цӕмӕн нӕ хъӕуынц?

-Алцыдӕр базыдтам антонимты тыххӕй?

-Баххӕст кӕнут фразӕтӕ.

-Пайда кӕнут антонимтӕ: хорз, ӕвзӕр.

Ӕз…зонын, цы у антоним.

Ӕз…зонын дзырдтӕн сӕ антонимтӕ ссарын

Ӕз…зонын арын антонимтӕ тексты.


(слайд 16)


-Ӕрмӕст антонимтӕй пайда кӕнын у фаг?

Скъоладзауты куыстӕн аргъ кӕнын.


Антонимтӕ-сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ ныхӕй ныхмӕ дзырдтӕ.. Ӕмбӕлӕм сыл

ӕмбисӕндты, ӕмдзӕвгӕты.

Нӕ ныхас нын хъӕздыгдӕр кӕнынц.

Нӕ ныхас нын аивдӕр кӕнынц

Адӕймаджы нӕмттӕм, нымӕцтӕм нӕй ссарӕн антонимтӕ..











Нӕ

IX. Хӕдзармӕ хӕслӕвӕрд.

Ссарут ӕртӕ ӕмбисонды , кӕцыты уыдзӕнис антонимтӕ.

(слайд 17)







Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.