12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Болотаева Бэлла Федоровна74
Россия, Северная Осетия-Алания респ., Бирагзанг


ӕвзаджы тема: Вазыгджын хъуыдыйад

Ныхасы темӕ: Адӕмон сфӕлдыстад. Нарты кадджытӕ.

Урочы сӕйрагдӕр практикон хӕстӕ:

Скъоладазуты зонындзинӕдтӕ вазыгджын хъуыдыйады тыххӕй уӕрӕхдӕр кӕнын.

Хъомыл сæм кæнын уарзондзинад адӕмон сфӕлдыстадмӕ.

Скъоладзауты ныхасы рæзтыл кусын.


Урочы цыд

Орг.хай

хӕдзармӕ куыст сбæрæг кæнын, хъусын кӕны урочы темӕ ӕмӕ хӕстӕ.


Эпиграф: ᴁз зонын,куыд дзæбæх,куыд диссаг у уалдзæг

Нæ хæхты къуылдымты,нæ рæсугъд кæмтты.

ᴁз зонын,куыд хъазы ныр уалдзыгон дымгæ,

Куыд зарынц ныр дæттæ нæ арф æрхыты.

Гæд.Ц.

Зынæмбарæн дзырдтæ

Тæркккъæвда-карз уарын

арвæрдын-радуга

уддзæф- рог дымгæ

Ахуырг.

Фæйнæгыл бакæсын эпигрæф.Цавæр афæдзы афоны кой цæуы рæнхъыты æмæ куыд æвдыст цæуы?

Хæс

Хъ. Синтаксисон æвзæрст скæнын

Ахуырг.Уæдæ абон нæ урочы грамматикон темæ цы у?Цæуыл уыдзæн нæ ныхас?

Дзуапп.Абон нæ урочы темæ у вазыгджын хъуыдыйад æмæ йæ хуызтæ.

Дзырдуатон-орфографион куыст

Скъоладзаутæ кæрæдзи куыстытæ бæрæг кæнынц.

Тæрккъæвда,арвæрдын, цæугæдæттæ, уддзæф ,кæмттæ ,аууон,рæсугъддæррттывта,ныццагъта,алыхуызон.


Чиныгимæ куыст. Баххæст кæнын амынд фӕлтӕрӕнтӕ. Скъоладазутӕ сбӕрӕг кӕндзысты хъуыдыйады грамматикон бындуртӕ, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзысты иу бындур кӕм уа, уый хуымӕтӕг хъуыдыйад кӕй у, дыууӕ бындуримӕ та - вазыгджын.

Урочы теоретикон ӕрмӕг ӕвзаргӕйӕ А. скъоладзауты зонындзинӕдтӕ вазыгджын хъуыдыйады тыххӕй кӕны арфдӕр.

Дыккаг хӕс домы, цӕмӕй А. цыбыртӕй радзура Нарты кадджыты тыххӕй: чи сӕ ӕрхъуыды кодта, кӕй цард дзы ӕвдыст цӕуы; хъуамӕ зӕгъа Нарты кадджытӕн цы стыр кад ис дунеон эпосты астӕу уый тыххӕй дӕр.

Физминуткæ

Пунктуацион диктант.Бакæсын хъуыдыйæдтæ,скъоладзаутæ æвæрынц хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ.(Кæрæдзи куыстытæ бæрæг кæнынц,æвæрынц бæрæггæнæнтæ)


1)Цуаноны сæры бацыд хинæйдзаг хъуыды:сфæнд кодта иу æхстæн раппарын дыууæ дзæбидыры дæр.(Х.Къ. «Дзæбидырдзуаны»)

2)Цъæх-цъæхид адардтой нæ фæзтæ,æрттывта дидинæг дзæбæх,æфтыдтой ног сыфтæр бæлæстæ,парахат улæфыди зæхх.


3)Дымгæ сдымдта-мигътæ фæпырх сты.



Урочы ӕртыккаг хӕс баст у урочы куыстимӕӕмткӕй райсгӕйӕ. А. хъуамӕ архайа, цӕмӕй скъоладазутӕн сӕ бон уа иронау раст ӕмӕ аив дзурын, сӕ хъуыдытӕ раст фыссын.


Рефлекси

1.Цæуыл уыд ныхас урочы?

2.Цавæр куысты хуызтæ уыдысты ахадгæдæр?

3.Цы уæм фæкаст цымыдисагдæр?

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Скӕнын хатдзӕгтӕ, сӕвӕрын бӕрггӕнӕнтӕ


Хӕдзармӕ куыст ирон литературæйы чиныгæй рафыссын 3-4 вазыгджын хъ., æмæ сын синтаксисон æвзæрст скæнын .


Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.