Конспект урока «Хетæгкаты Къоста "Фæззæг"»
Урочы темæ: Хетæгкаты Къоста «Фæззæг»
Урочы нысан:
Базонгæ кæнын скъоладзауты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæимæ «Фæззæг»;
Бакусын скъоладзауты ныхасы рæзтыл;
Сабитæн бауарзын кæнын Къостайы æмдзæвгæтæ кæсын.
УАА: коммуникативон, удгоймагон, регулятивон.
Урочы фӕлгонц: чиныг «Ирон фæндыр», «Мах дуг», скъоладзауты уагъд газет, нывтæ, интерактивон фӕйнӕг, карточкатӕ, призентацион ӕрмӕджытӕ
Урочы цыд:
Организацион хай.
А) Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
- Сывæллæттæ, цы уын уыд лæвæрд абоны урокмæ? (скъоладзаутæ дзурынц сæ биографи нымæцонтæй пайдагæнгæйæ).
Æ) Беседæ
- Сывæллæттæ,зæгъут-ма афæдзы мидæг цал афоны ис? Ранымайут сæ?
- Ныр афæдзæн йæ кæцы афон у?
- Ранымайут фæззæджы мæйтæ.
- Зæгъут-ма цы ивддзинæдтæ æрцæуы фæззæджы æрдзы мидæг?
Б) Физминуткæ.
Мотиваци
Презентаци. (Æвдыст цæуынц Къостайы нывтæ æмæ фæззæджы нывтæ.)
- Уæдæ нæ урочы цавæр афæдзы афоны тыххæй дзурдзыстæм?
- Кæй кой кæндзыстæм?
Къостайы тыххæй тынг бирæ дзурын æмбæлы. Къостайы ном рох нæу.
Фонетикон куыст
А) Раст дзур (чиныгæй æвзарын)
Фарс 62, 2 фæлтæрæн
Ног æрмæг.
- Алы аз дæр иу фæззыгон мæйы, ома Кæфты мæйы 15-æм боны, уæлдай циндзинад æрхæсы ирон адæмæн. Уымæн æмæ уыцы бон райгуырд Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста.
- Чи уыдис Къоста?
- Радзурут ма йæ царды хабæрттæй исты.
- Цавæр чиныджы æрцыдысты æмбырдгонд Къостайы æмдзæвгæтæ?(«Ирон фæндыр» равдисын)
- Чи уæ радзурдзæн Къостайы æмдзæвгæтæ?
а). Лексикон-дзырдуатон куыст.
- Абон мах базонгæ уыдзыстæм Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæимæ «Фæззæг». Уымæ гæсгæ нæ бахъæудзысты ног дзырдтæ æмæ ма сæм фæйнæгмæ æрбакæсут.
Тæлмац кæнын - переводить Мигъ - туча,туман Цæгат – север Æхсæлы – можжевельник
|
Лæджирттæг- птичья гречиха Хор – хлеб (зерновой) Мус – гумно (сарай для сжатого хлебо) |
æ). Æмдзæвгæимæ куыст
Ахуыргæнæг аив кæсы æмдзæвгæ.
Æмдзæвгæйы анализ
- Цæй тыххæй цæуы ныхас æмдзæвгæйы?
- Цы зæгъы Къоста æхсæлы æмæ лæджирттæджы тыххæй?
- Цæуыннæ уал тавы хур цæгат?
3.Скъоладзаутæ радыгай кæсынц æмдзæвгæ
4. Æмдзæвгæйы алы дзырд дæр адих кæнын уæнгтыл.
5. Хæдзармæ куыст.
1) æмдзæвгæ сахуыр кæнын.
2) скæнын ныв æмдзæвгæмæ.
6. Рефлекси
Урочы темæ….
Æз абон базыдтон ….
Зын мын уыдис…
Мæ зæрдæмæ фæцыд….