12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Дзалаева Людмила Георгиевна49
Материал размещён в группе «О малой РОДИНЕ с любовью...»

Урочы темӕ: Ӕрцыд, ныллӕууыд уалдзӕг.

Грамматикон темӕ:Мивдисӕг.

Урочы нысан:

Мивдисӕджы тыххӕй ӕрмӕг ныффидар кӕнын.


2.Ахуыр кӕнын хъуыдытӕ раст дзурын,хатдзӕгтӕ кӕнын,дзырдуат хъӕздыгдӕр кӕнын .



Урочы фӕлгонц:проектор,презентаци,музыкӕ,райуаргӕ ӕрмӕг..



Урочы цыд.

I Бацæттæгæнæн хай.

1. Салам раттын скъоладзаутӕн.Уазджытӕн “Ӕгас цӕуай зӕгъын”.


Ахуыргӕнӕджы разныхас.


Сывӕллӕттӕ, абон у рӕсугъд уалдзыгон бон,ӕмӕ цӕмӕй нӕ урок дӕр афтӕ рӕсугъд ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй ацӕуа,уый тыххæй кæрæдзимæ цæстуарзонæй мидбылты бахудæм.


2.Слайд1. Хъуысы уалдзыгон мӕргъты зарын,музыкæ.Фӕйнӕгыл ӕвдыст цӕуынц уалдзыгон нывтӕ. Ахуыргӕнӕджы къухы уалдзыгон дидинджытӕ.


Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, зӕгъут ма, цӕмӕн ис мæ къухы ацы рӕсугъд уалдзыгон дидинджытӕ?


Скъъоладзаутӕ: Уалдзӕг ӕрлӕууыд, ӕмӕ уымӕн.


Слайд 2. Фӕйнӕгыл фыст Уырымты Петяйы фыст ӕмдзӕвгӕ “Уалдзӕг”.


Хуссӕртты миттӕ ӕртадысты,

Быдыр гӕзӕмӕ фӕцъӕх.

Хъарм бӕстӕй мӕргътӕ ӕртахтысты,

Ногӕй та сулӕфыд зӕхх.


Бӕлас фӕхъал и йӕ къуыбӕрттӕй

Хъуысы нӕ дӕтты сӕр-сӕр.

Дымгӕ ыскъӕфы нӕ быдыртӕй

Тракторы араугӕ хъӕр.


Скъоладзау кӕсы ӕмдзӕвгӕ.

Ахуыргӕнӕг: Зӕгъут ма цавӕр афӕдзы афоныл цӕуы дзырд ацы ӕмдзӕвгӕйы?

Скъоладзаутӕ: Уалдзӕджы тыххӕй.


Ахуыргӕнӕг:Цӕмӕй райдайы уалдзӕг? Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм уалдзӕджы фыццаг нывтӕ.Бравков Владимиры нывмæ гæсгæ «Весна на реке Тамзловке».


Скъоладзаутӕ дзуапп дӕттынц:


-бон фӕдаргъдӕр ис

-Хур хъарм кӕны зӕхх.

-Фӕзынд ног цъӕх кӕрдӕг,фыццаг дидинджытӕ.

-Мӕргътӕ ӕртахтысты фӕстӕмӕ хъарм бӕстӕй.


Слайд 3

Фыццаг уалдзыгон дидинджыты нывтӕ.

Ахуыргӕнӕг: Цавӕр уалдзыгон дидинджытӕ зонут?


Скъоладзаутӕ: джыджына,малусӕг,къоппасæр.


Слайд 4. Мæргъты нывтæ.

Ахуыргӕнӕг: Цавӕр мӕргътӕ ӕрбахӕссынц семӕ уалдзӕг?


Скъоладзаутӕ:Дзывылдар,зӕрватыкк,сауцъиу.


Дзырдуат:Джыджына,малусӕг,къоппасæр,сауцъиу,дзывылдар.


Ӕрбайхъуыст зӕрватыччы зарын.

Фӕйнӕджы кӕрон ауыгъд зӕрватыччы ахстон,зӕрватыкк йӕ дзыхы къонверт.


Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, ӕрбакӕсут ма!Цалынмӕ мах ныхас кодтам,уӕдмӕ нӕм ӕрбатахт зӕрватыкк,йемӕ нын ӕрбахаста фыстæг.Цымæ нæм æй чи æрбарвыста?


Салам 38-æм скъолайæ.


Баххӕст кӕнын дзырдбыд.


Рауадис нын дзы дзырд мивдисӕг.


Ахуыргӕнӕг:Куыд бамбӕрстат, афтӕмӕй дзурдзыстӕм мивдисӕджы тыххӕй.

Цымӕ цы нысан кӕны ацы дзырд йӕхӕдӕг? Равзарӕм ма йын йæ мидис.


Ахуыргӕнӕг: -Мивдисæг нын нæ алыварс дуне кæны рæсугъддæр,ныззарын æй кæны диссаджы алыхуызон зæлтæй,бæстæ базмæлын кæны.Цымæ цы зæгъдзæн мивдисæг йæхи тыххæй та?Цы хонæм мивдисæг?


Скъоладзаутӕ:Мивдисæг у ахæм ныхасы хай, кæцы æвдисы предметы архайд,Дзуапп дæтты фæрстытæн цы ми кæны?цы кæны?

Мивдисджытæ вæййынц хуымæтæг æмæ вазыгджын.


Слайд 2

Раздӕхӕм ма фӕстӕмӕ нӕ ӕмдзӕвгӕмӕ,ссарӕм ма дзы мивдисджытӕ:

ӕртадысты,фӕцъӕх,ӕртахтысты,сулӕфыд,фӕхъал,хъуысы, ыскъӕфы.


Ахуыргӕнӕг: Тынг рӕсугъд мивдисджыты руаджы равдыста поэт уалдзӕджы ӕрцыд.

Куыд загътам, афтӕмӕй мивдисӕг баст вӕййы номдаримӕ.


Хъазты хуызы куыст.


Сывӕллӕттӕ дидинӕджы сыфты руаджы фыссынц, иу цӕджындзы номдартӕ ,иннӕ цӕджындзы мивдисджытӕ.


Байгом ма кӕнут уӕ тетрӕдтӕ ӕмӕ ныффысут абоны нымӕц,къласы куыст.


Дзырдуатон куыст : тауын,садзын,хуым кӕнын,фæллой кæнын,похци кӕнын,къахын.


Ахуыргӕнӕг. Куыд загътам,афтæмæй мивдисджытæ вӕййынц хуымӕтӕг ӕмӕ вазыгджын.


Къордтæй куыст.I къорд агуры хуымӕтӕг мивдисджытӕ, II къорд та вазыгджын мивдисджытӕ.


Слайд 4. Фӕйнӕгыл фыст ӕмбисӕндтӕ фӕллойы тыххӕй.Стьӕлфыты бӕсты сӕвӕрут хъӕугӕ мивдисджытӕ.


Чи нӕ кусы,уый нӕ …..

Уалдзӕджы цы ныссадзай, уый фӕззӕджы ……


Къордтæй куыст.Синонимтимæ куыст.


I-аг къорд. Мивдисæг ралæууыд-æн агурынц йæ синонимтæ.

II-аг къорд. Мивдисæг зарынц-æн агурынц йæ синонимтæ.

III-аг къорд.Мивдисæг калынц-æн агурынц йæ синонимтæ.


Улӕфты рӕстӕг. Саразын нывты хæйтты руаджы уалдзыгон ныв.


Ахуыргӕнӕг. Ахӕццӕ ма кӕнӕм кӕронмӕ иннӕ хъуыдыйӕдтӕ. (фӕйнӕгыл фӕзындысты рӕнхъытӕ)

Слайд5

Мивдисӕгӕн ис дыууӕ …. (нымæцы)

Мивдисӕгӕн ис ӕртӕ ….(цæсгомы)

Мивдисӕгӕн ис ӕртӕ ….(афоны)


Хӕслӕвӕрд. Мивдисджытӕ сӕвӕрын хъӕугӕ бынæтты. Таблицӕмӕ гӕсгӕ куыст. Тӕхы,ӕртӕхдзӕн,ӕртахтис.Тайы,атади,атайдзӕн.Слайд 6


Къордтæй куыст.


Слайд 7

I-аг къорд.Агурынц нырыккон афоны мивдисджытӕ.


Уалдзæг йæ мидбылты худы.Æрдз йæ минмырон хъæлæсæй зары йæ тæккæ амондджындæр зарджытæй иу.Бæстæ йæм хъусыныл фæци.


Слайд8


II-аг къорд.Агурынц ивгъуыд афоны мивдисджытæ.


Рагуалдзæг райгæ æрцыди,

Ногæй та сулæфыд зæхх.

Малусæг фæзты фæзынди,

Кæрдæгæй къуылдым фæцъæх.


Слайд9

III-аг къорд.Агурынц суинаг афоны мивдисджытæ.


Уалдзæг та ныл æрлæууыд.Йемæ та нын æрбахæсдзæн зæххыл цыдæриддæр хорздзинадæй ис, уый.Мæргътæ та нæм æртæхдзысты хъарм бæстæй.


Ахуыргӕнӕг. Аифтындзӕг ма кӕнӕм иу мивдисӕг.(фӕйнӕгыл фӕзынд дзырд Уарзын.)

Скъоладзаутӕ сӕ тетрӕдты ифтындзӕг кӕнынц.

Уарзын

ӕз мах

ды сымах

уый уыдон



Ахуыргӕнӕг. Ныр та сбӕлвырд кӕнӕм,раст ӕй аифтындзӕг кодтам,ӕви нӕ.

Слайд10

Ӕз уарзын Мах уарзӕм

Ды уарзыс Сымах уарзут

Уый уарзы Уыдон уарзынц




Хатдзӕгтӕ скӕнын нывы руаджы.


t1703261100aa.jpg




Ахуыргӕнӕг. Сывӕллӕттӕ,мах абон дзырдтам мивдисӕджы

тыххӕй,сфӕлхат кодтам рацыд ӕрмӕг. Уалдзӕг та нын кодта нӕ урок рӕсугъд,аив хъӕздыг.Мӕн фӕнды, цӕмӕй уӕ царды пайда кӕнат ӕрмӕст рӕсугъд мивдисджытӕй.


Ахуыргӕнӕг. Сывӕллӕттӕ, цалынмӕ мах архайттам нӕ урочы,уӕдмӕ нӕм ӕрзад диссаджы бӕлас,фӕлӕ йыл цыдӕр нæ фаг кæны .Кӕд уӕ куыст уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд,уӕд ыл бакӕнӕм цъӕх сыфтӕ,кӕд иттӕг хорз бакуыстат, уӕд та- дидинджытӕ.


Рефлекси:

Урок уыд…

Урочы мæхи æнкъардтон…

Æз разы дæн мæ куыстæй…


Хӕдзармӕ куыст.Ныффысын цыбыр нывæцæн уалдзӕджы тыххӕй.


Ахуыргæнæджы ныхас: Cывæллæттæм бузныг зæгъын,арфæ ракæнын.



Опубликовано в группе «О малой РОДИНЕ с любовью...»


Комментарии (1)

Потамошнева Наталья Алексеевна, 23.12.23 в 08:10 0Ответить Пожаловаться
Нет заявленных слайдов, да и перевода на русский тоже нет.
Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.