Ирон авдæны зарджыты хъæздыгдзинæдтæ

2
2
Материал опубликован 28 August 2023 в группе

Автор публикации: Х. Ужегов, ученик 8 класса

Региональный конкурс молодых исследователей «Ступень в науку»




Секция: Осетинский язык и литература



Темæ: Ирон авдæны зарджыты хъæздыгдзинæдтæ




Разныхас…………………………………………………………………………..2

I сӕр. Ирон авдæны зарджыты истори…………………………………………..3

Авдæны зарджыты нысаниуæг………………………………………………3

Авдæны зарджыты мидис…………………………………………………....4

1.3.Авдæны зарджыты персонажтæ……………………………………………..5

II сӕр. Практикон хай……………………………………………………………. 6

2.1.Ирон авдæны зарджыты ахадындзинад сывæллæты хъомылады………...6

Хатдзæгтæ………………………………………………………………………....7

Библиографи…………………………………………….………………………...8
















Разныхас



Скъолайы кæсыны урочы ирон адæмон сфæлдыстад ахуыргæнгæйæ мах базонгæ стæм авдæны зарджытимæ.

Мæнмæ тынг цымыдисаг фæкаст ацы темæ. Бафæндыдис мæ бæстондæр базонын, цы сты авдæны зарджытæ, цавæр авдæны зарджытæ зарыдысты æмæ зарынц нæ ныййарджытæ сæ сабитæн, чи сæ æрхъуыды кæны, цæмæн сæ зарынц.

Ныры наукон-техникон дуджы нæ царды компьютер, телефон ахсы сæйраг бынат, æмæ адæймаг аззад йæ аууон. Хъыгагæн, ныййарджытæй бирæтæ не мбарынц авдæны зарджыты ахадындзинад сабийы миддуне хъæздыгдæр кæнынæн, искуы иу ныййарæг зары йæ сабийæн авдæны зарæг. Уымæ гæсгæ, нæ иртасæн куысты темæ «Ирон авдæны зарджыты хъæздыгдзинæдтæ» у актуалон.

Иртасæн куысты нысан: ирон авдæны зарджытæн скæнын анализ, сæ ахадындзинад сын сывæллæтты царды раиртасыны тыххæй.

Иртасæн куысты объект: авдæны зарджытæ.

Иртасæн куысты предмет: авдæны зарджыты ахадындзинад сывæллæтты царды.

Гипотезæ: авдæны зарджытæ сты хъæугæ сабиийы царды, рох гæнæн сын нæй, уымæн æмæ уыдон æххуыс сты сабийæн йæ миддунейы райрæзты.

Куысты хæстæ:


1.Авдæны зарджыты тыххæй æрмæг æрæмбырд кæнын.

2. Сбæлвырд кæнын, цы ахадындзинад ис авдæны зарджытæн сабийы царды

3. Сбæрæг кæнын, цы зонынц ме мкъласонтæ авдæны зарджыты тыххæй, скæнын хатдзæгтæ

5.Базонгæ кæнын ме мкъласонты авдæны зарджытимæ

Иртасæн куысты структурæ. Куыст арæзд у разныхас, дыууæ хайæ, библиографи æмæ уæлæмхасæн æрмæгæй.

I. Ирон авдæны зарджыты истори



1.1.Авдæны зарджыты нысаниуæг



Ирон адӕмон сфӕлдыстады сӕрмагонд жанр ара­зынц авдӕны зарджытӕ.

Авдӕны зарӕгӕн йӕ сӕйрагдӕр нысаниуӕг у хуымӕтӕг — сывӕллоны бафынӕй кӕнын.

Авдæн…Цымæ чи æрхъуыды кодта уыцы дзырд? Авдæн ома авд сывæллонæн хуыссæн,хъазæн узæн бынат.

Авды нымадтой нымæцты хуыздæрыл, амондджындæрыл. Авд сывæллоны иу кæмæн уыд нæ фыдæлтæй, уыдон нымад уыдысты æххæст бинонтыл.

Уымæн баззад авд лæппуйы æмæ иу цъæх чызджы, авд дзуары, авд зæды, авд- авд бæркæдтæ. Стæй æлгъыст дæр «Авд дæлзæххы фæу!» «Авд дуары»

Авдæн - сывæллоны хъæдын сынтæг,узæн дæр кæмæн ис. Нæ фыдæлтæ ноггуырды бастой авдæны. Дзырд «авдæн» арæзт у нымæцонæй, ома авд сывæллонæн.

Ирон бинонты сывæллон райгуырд - уый кæддæриддæр æхсызгон æмæ стыр цины хабар вæййы. Раздæр иу сывæллоныл 3 боны куы цыд, уæд æй авдæны бастой. Цæмæй сывæллон тагъддæр бафынæй уа, уый тыххæй йын кодтой зарджытæ, схуыдтой сæ авдæны зарджытæ.

Ис ахæм ирон æмбисонд «Цӕуы, цӕуы ӕмӕ никуыдӕм хӕццӕ кӕны». Ахӕм миниуӕгӕй хайджын у зарӕджы сюжет дӕр. Уавӕрмӕ гӕсгӕ (сывӕллоп тагъд бафынӕй уа ӕви ӕрӕгмӕ) уымӕн ис фӕцыбыр гӕнӕн, ӕрдӕгыл аскъуынӕн; нс ын аивазӕн дӕр, ног ӕмӕ ног эпизодтӕ йыл ӕфтауы, афтӕмӕи.



1.2.Авдæны зарджыты мидис


Авдæны зарджыты фылдæр хайы мидис вæййынц мады бæллицтæ, йæ хъæбул йæхи фæндиаг куыд суа:

О мæ хъæбул, ахусс цæй, 
Акæн акæн уал фынæй,
Фыны ды фæкæныс худгæ, 
Стъалытимæ дзургæ-дзургæ.

Тæрхъусты фæуыныс ды, 
Уæртæ хинæй дзаг гæды.
Мæнæ фесхъиуттай дæ фыны, 
Чи зоны дæ маст фæбыры.

Тарст хуызæй кæдæм кæсыс, 
Уе та бирæгъæй тæрсысæ
Уæд мæ гæбомæ тæхгæ, 
Ма кæ алцæмæй тæрсгæ.

Акæн, акæн уал фынæй.
Уæлæ арвыл ратылд мæй,
Уый дæм ныр йæ дзæц ныкъулы,
Демæ цыма исты дзуры.

О мæ хъæбул ахуыс цæй
Акæн райсоммæ фынæй.

Бирæ авдæны зарджыты ирдæй æвдыст фæцæуынц: цæрæгойтыл аудын (саби уæрццæн баппа дæнтдзæни, гæбыстæ йын кæндзæни, адæм æфсымæрты уарзы) мæ хæлæртты æрхонон.

Авдæны зарджыты сæйрагдæр темæтæй иу у фæллойы темæ. Уыимæ баст сты зæзкусджыты идеалтæ, йæ хъуыдыты амонды тыххæй, адæймаджы намысы тыххæй.

Авдæны зарджытæй иуæй-иуты вæййы куысты хуызты дæргъвæтин ранымад:

Нана гукку ракæна,

Гукку фыййау ахæра,

Фыййау фос рахиза,

Фос бирæ æхсыр æркæна

Нана фос радуца,

Æхсыр гыгы аназа,

Уый фæстæ дзæбæх афынæй уа.



1.3.Авдæны зарджыты персонажтæ


Иннæ фарст кæцы сæвæрдтам нæ размæ: цæмæн хъæуынц авдæны зарджыты цæрæгоййты фæлгонцтæ.

Авдæны зарджыты арæхдæр æмбæлæм Гинойы фæлгонцимæ.

Æцитт, Гино ма та уас,

Йæ баппа йын ма алас.

Уый афтæ у уымæн æмæ гæды уыдис алы зæхкусæджы хæдзары дæр, гæды фыццаг кæй федтаид, уыцы цæрæгой, стæй гæды бон дæр кæны зæрдиаг фынæй, æмæ йæ бон у, адæмы хъуыдымæ гæсгæ сабийы бафынæй кæнын.

Гæдыйæ уæлдай авдæны зарджыты арæх æмбæлы Хъæндил. Кæд æмæ гæды фынæйы дзæкъул у, æмæ уый тыххæй сгерой ис, уæд хъæндид та, чи зоны уæзбынæй кæй хилы («йæ къахдзæфтæ нымайы»), йе змæлд авдæны узтау кæй у, уый тыххæй ссис авдæны зарджыты герой. Ноджы ма цæуы «дард фæндагыл», æмæ йæ хабæрттæ ныддаргъ сты-уый у фынæйы хос:

Йæ базыртæ æрттиваг,

Йæ астæуыл цыргъ хъама,

Йæ уæлæ цъæх цухъхъа.

Авдæны зарджыты иинæ персонаж – Реуа. Уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй Реуа у «бес». У фыдбылыз хæссæг, нæу адæмæн уарзон. Реуайы нысаниуæг авдæны зарджыты у: сывæллоны фыдбылызæй бахизын, æмæ уыцы иу рæстæг фæндон сæххæст кæнын: сывæллоны бафынæй кæнын.

II сӕр. Практикон хай

Ирон авдæны зарджыты ахадындзинад сывæллæты хъомылады


Авдæны зарджыты миниуджытæ куы раиртæстам, уæд къласы скодтам æрфарст. Æрфарсты архайдтой 12 адæймаджы. Фарстатæ уыдысты ахæмтæ:

Дæ ныййарджытæ дын зарыдысты хæрз гыццылæй авдæны зарджытæ?

Зоныс, цæмæн хъæуынц авдæны зарджытæ?

Зоныс, цæуыл нæ ахуыр кæнынц авдæны зарджытæ?

Хъыгагæн, чидæртæ нæ хъуыды кодтой, сæ ныййарджытæ сын авдæны зарджытæ зарыдысты, æви нæ. Фарст, цæмæн хъæуынц авдæны зарджытæ æрмæстдæр авд адæймаджы радтой дзуапп (сывæллоны басабыр кæнын æмæ бафынæй кæнын).

Фарст, цæуыл нæ ахуыр кæнынц авдæны зарджытæйæн дæр дзуапп радтой авд адæймаджы (ахуыр кæнынц хорз хъуыддæгтыл, дзурыныл нæ ахуыр кæнын).

Ме мкъласонты дзуæппытæ нæ сразæнгард кодтой дарддæр бакусын авдæны зарджыты хъæздыгдзинæдтыл. Бафæндыдис нæ радзурын авдæны зарджыты хъомыладон нысаниуæджы тыххæй.

Ахуырдзауты авдæны зарджытимæ куы базонгæ кодтам, уæд сын бабар кодтам, цæмæй сæ алчидæр иу зарæг радзура. Уыцы хæслæвæрдмæ ме-мкъласонтæ тынг бæрнонæй бацыдысты. Æрмæстдæр æртæ адæймаджы нæ радзырдтой зарджытæ.

Ме мкъласонтæ цы авдæны зарджытæ радзырдтой, уыдонæй мах сарæзтам гыццыл æмбырдгонд ппæтæн дæр. Тынг райгонд уыдтæн, фыццаджыдæр, æз мæхæдæг , стæй ме мкъласонтæ нæ куыстæй.







Хатдзæгтæ

Афтæмæй ацы темæйыл бакусгæйæ, базыдтон авдæны зарджыты тыххæй бирæ ногдзинæдтæ, базонгæ кодтон ме мкъласонты. Нæ куысты райдиан ахуырдзауты æрфарсты хатдзæгтæм гæсгæ, æрмæстдæр 7 адæймаджы æрхъуыды кодтой, сæ ныййарджытæ сын цавæр зарджытæ зарыдысты, уый. Куы сæ базонгæ кодтам авдæны зарджытимæ, уæд нæ бæрæггæнæнтæ дзæвгар аивтой. Ныр алы ахуырдзауæндæр йæ бон у радзурын фæйнæ иу зарæджы радзурын, чидæртæ та дыгæйттæ дæр. Макъоты Иринæ та йæхицæй раппæлыд , зæгъгæ азарыд авдæны зарæг йæ гыццыл æфсымæрæн.

Уыимæ нæ гипотезæ, ома авдæны зарджытæ сты хъæугæ сабиийы царды, рох гæнæн сын нæй, уымæн æмæ уыдон æххуыс сты сабийæн йæ миддунейы райрæзтыы.































Библиографи

Борукаева А., Туаева Л.А. Эстетика осетинского детского фольклора (материнская поэзия) //Молодежь и наука. Владикавказ, 2014. С. 69-74.

Туаева Л.А., Гадиева М.С. Детский фольклор и классификация его жанров // Гуманитарные научные исследования. 2016. № 5 [Электронный ресурс]. URL: http://human.snauka.ru/2016/05/14966 (дата обращения: 28.03.2019).

Дзлиева Д.М. К вопросу о семантике припевных слов в осетинских колыбельных песнях.














































в формате Microsoft Word (.doc / .docx)
Комментарии

Презентация к исследовательской работе Ирон авдæны зарджыты хъæздыгдзинæдтæ

28 August 2023

Презентация к исследовательской работе Ирон авдæны зарджыты хъæздыгдзинæдтæ

28 August 2023

Похожие публикации