Конспект образовательной деятельности по обучению осетинскому языку на тему «Зымæгон хъæзтытæ»
МБДОУ Детский сад №1 г.Беслан
Конспект образовательной деятельности по обучению осетинскому языку
Темæ: «Зымæгон хъæзтытæ»
подготовила и провела воспитатель
(по обучению детей осетинскому языку)
Дзестелова З.И.
Нысан:
– Зымæгон мæйтæ, æрдзы фæзындтæ, зымæгон хъæзтытæ æмæ спорты зымæгон хуызты тыххæй зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын.
– Сабиты цæстуынгæ-фæлгонцадон æмæ логикон хъуыдыкæнынады рæзт.
– Дунемæ сын æввæрццæг ахаст куыд уа, сабиты афтæ хъомыл кæнын.
Архайæн æрмæг æмæ фæрæзтæ
Цæстуынгæ: рудзынджы авгыл – къаннæг æмæ хуымæтæг «хъызты нывæфтыд» гæххæттæй лыггонд кæнæ та гуашæй нывгонд; спорты алы хуызты темæйыл нывтæ.
Райуаринаг: фломастертæ, А-4 гæххæтты сыфы æрдæг – алы сабийæн; карточкæтæ спорты зымæгон хуызтæн хъæугæ инвентары нывтимæ.
Рагагъоммæ куыст: зæрдывæрдæй дзурын сахуыр кæнын æмдзæвгæ зымæгон темæйыл. («Снеговик».)
Ахуыры цыд
Хъ. Сывæллæттæ! Ныртæккæ æз хъуамæ сбæрæг кæнон, кæддæра лæмбынæг хъусын зонут æви нæ. Æз дзурдзынæн дзырдтæ, сымах та сæ фæлхат кæнут æнæ рæдыдæй.
Хъазт «Фæлхат кæн, ма фæрæди»: декабрь-январь-февраль; январь-декабрь-февраль; февраль-январь-декабрь; декабрь-январь-февраль.
Хъ. Цавæр дзырдтæ фæлхат кодтат?
С. Зымæджы мæйты нæмттæ.
Хъ. Цал мæйы вæййы зымæг?
С. Æртæ.
Хъ. Фæд-фæдыл сæ ранымайут.
С. Декабрь, январь, февраль
Хъ. Фыццаг зымæгон мæй кæцы у?
С. Декабрь.
Хъ. Цы дзы зæгъæн ис?
С. Декабры ахицæн вæййы аз.
Хъ. Цавæр __________мæй лæууы февралы размæ?
С. Январь.
Хъ. Цы дзы зæгъæн ис?
С. Январы ног аз райдайы.
Хъ. Фæстаг зымæгон мæй куыд хуыйны?
С. Февраль.
Хъ. Зымæг – уый «хорз» у æви «æвзæр»? Цы у «æвзæр»
зымæг? Цы у «хорз» зымæг?
(Сабиты дзуаппытæ.)
Хъ. Сывæллæттæ, бакæсут-ма, нæ рудзгуытæй иуыл диссаджы нывæфтыд фæзынди. Цымæ, куыд æгъдауæй?(Сабитæ сæ хъуыдытæ дзурынц.)
Хъ. Сывæллæттæ, цæй æмæ махæй дæр алчи гæххæттыл йæхицæн къаннæг нывæфтыд скæнæд. Хъызт куыд тагъд «сныв кæны», мах дæр æй афтæ тагъд акæнæм. (Сабитæ ныв кæнынц.)
Хъ. Тынг хорз. Уынджы та зымæгон цæуыл æмæ цæмæй ис ныв кæнæн?
С. Хъилæй, æрмкъухæй, къахæй æмæ а. д. Ихыл дæр ис ныв кæнæн – хъилæй, зæгæлæй, дæгъæлæй æмæ а. д.
Хъ. Къулыл æмæ бандоныл та ис нывтæ кæнæн? (Сабиты дзуаппытæ. Хъуамæ бамбарой æмæ сæ зæрдыл бадарой: нæй.)
Хъазт «Базондзынæн».
Хъ. Сывæллæттæ, зымæгон цæмæй хъазын уарзут, уый мын сымах уе змæлдтытæй æвдисут, æз та йæ базондзынæн. (Сабитæ змæлынц, хъомылгæнæг дзуапп дæтты.)
Хъ. (дыууæ нывы æвдисы: къахдзоныгътæ æмæ къахкъæлæттæ). Сывæллæттæ, цы уынут нывты? Иумæйагæй сæм цы ис? Хицæн та цæмæй кæнынц? (Сабиты дзуаппытæ.)
Хъ. Куыд уæм кæсы, дзоныгъыл фæзы бырын æнцондæр у æви къуыбырæй? (Сабиты дзуаппытæ.)
Хъ. Ныр та уыци-уыцитæ базонут. Лæмбынæг хъусут.
Ууыл ды тæхыс бæрзондæй,
Стæй йæ хохмæ ласыс ногæй. (Дзоныгъ.)
Мит зымæг дзæбæх куы ’руары,
Уæд дыууæ цæрдæг хæлары
Митыл фезгъорынц æмзондæй,
Сты æмхуызон асæй, кондæй.
Сты сæ фæдтæ дæр æнгæс –
Нарæг къахвæндæгтау, кæс! (Къахкъæлæттæ.)
Дон куы кæла, мах – æнцад,
Дон ныйих и – уайæм тагъд. (Къахдзоныгътæ.)
Хуыздæр фæут – базыдтат уыци-уыцитæ! Ноджы ма цы
хуызы фæирхæфсут уæхи зымæгон?
С. Митын лæг саразæм, миткъуыбæрттæй фæхъазæм.
Хъ. Цæй æмæ саразæм митын лæг.
(Сабитæ, цыма митын лæг аразынц, сæ къухтæй ахæм змæлдтытæ кæнынц).
Хъ. Сывæллæттæ, цæмæй митын лæг бирæ рæстæг ма батайа, уый тыххæй цы ’рхъуыды кæнæн ис? (Сабиты дзуаппытæ.)
Хъ. Ныр та, «3-аг уæлдай у», зæгъгæ, уыцы хъазтæй ахъазæм. Алчидæр уæ фæйнæ карточкæйы райсæд æмæ йыл уæлдай предмет ссарæд. Уæ хъуыды банысан кæндзыстут,
зæгъæм, афтæ: «Æз дæн футболист. Мæн хъæуы пурти æмæ бутсæтæ, ракеткæ та мæ нæ хъæуы. Уый хъæуы теннисæй хъазгæйæ». (Сабитæ хæслæвæрд æххæст кæнынц.)
Хъ. Хуыздæр фæут, сывæллæттæ. Хорз ахъазыдыстут абон.
Нæ ныхас цæуыл уыди?
Уæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр цы фæцыд?
Ныр та бавдæлæм æмæ уынгмæ ацæуæм, атезгъо кæнæм æмæ ноджыдæр ахъазæм.