12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Кабулова Гаяна Согратовна100
Россия, Северная Осетия-Алания респ., Владикавказ
2

Сценарий интеллектуальной игры "По страницам осетинской литературы"

Сценарий интеллектуальной игры

«По страницам осетинской литературы»

Сл.1 1-аг амонæг: Ирыстоны фӕзӕгъынц, Уазӕг, Хуыцауы Уазӕг у! Уӕ бон хорз ӕмӕ нӕм ӕгас цӕут абон нӕ бӕрӕгбонмӕ уе ппӕт дӕр.

2-аг амонæг: Нæ цины боныл ма бафтыди иу бон-ИРОН ÆВЗАДЖЫ БÆРÆГБОН.

Сл.2,3 1 –аг амонæг: Ирон адǽмǽн хуры скастау уыд 2003-ǽм азы

Ирон ǽвзаджы бон фǽфǽтк кǽныны охыл республикǽйы Президент Дзасохты Алыксандыры сǽрмагонд Указы фǽзынд мыхуыры. Уǽлдайдǽр та уымǽн, ǽмǽ уый, символикон ǽгъдауǽй, баст ǽрцыд, Къостайы «Ирон фǽндыр» джиппы уагъд куы рцыд, уыцы бонимǽ – фынддǽсǽм майимǽ.

   Сл.4 2-аг амонæг: Фыдыбӕстӕ, ныййарӕг зӕхх, райгуырӕн уӕзӕг,ныййарджытæ, мадӕлон ӕвзаг… Цы у ӕнӕ уыдонӕй адӕймаджы цард? Алы адæймагдæр хъуамæ зона йæ райгуырæн бæстæйимæ баст цаутæ.

Сл.5 1 –аг амонæг: Куыд зонæм не ’взаг, культурæ æмæ литературæ, уый абон мах сбæрæг кæндзыстæм зондæвзарæн хъазты руаджы.

Сл.6 2 –аг амонæг. Зондæвзарæн хъазты архайджытæ сты дыууæ командæйы: «Фидæн» æмæ «Хурзæрин»

Нæ жюрийы уæнгтæ:

1-аг амонæг: куыст цæудзæн ахæм фæткыл:

-амонæг фарст кæсы, æмæ командæтæн лæвæрд цæуы рæстæг ахъуыды кæнынæн 1 минуты бæрц.

- фарст лæвæрд цæуы иумæйаг, дзуапп радтыны бар хауы, фыццаг цæттæ чи уа, уыцы командæйæн;

- раст дзуаппæн командæ бакусдзæн 1 балл, искæй дзуапп баххæст кæнынæн – 0,5;

- дзуапп раст куы нæ уа, уæд уæд иннæ командæтæн дзуаппы бар.

-кæд командæтæй иу дæр раст дзуапп нæ радта, уæд залы бадджытæн сæ бон у дзапп раттын.

2-аг амонæг. Нæ зондæвзарæн хъазт арæзт у 3 турæй.

1тур – ирон литературæйы историйæ фарстатæ

2тур- Капитанты ерыс. Ерыс арæзт цæуы дзырд «фыццаг»-ы хронологон бындурыл (зæгъæм, кæд æмæ кæм рацыд мыхуыры фыццаг ирон чиныг).

3тур - ам алы командæ дæр цæттæ кæны фарст – Иу литературон хъайтарæн саразын дзургæ æрфыст, æнæ йæ ном зæгъгæйæ (иннæ командæ хъуамæ базона ном, уацмысы сæргонд, авторы)

1-амонæг. Уæдæ раххизæм нæ хъазтмæ. 1-аг тур. Хъусæм лæмбынæг.

Ирон æвзаг махæн не ’ппæтæн дæр у сæйраг æвдисæндар нæ царды. Уыцы нæртон æвзаг махæн æнусты дæргъы дæтты царды тых; уый махæн у номгæнæн, ныфс, фидардзинад.

Сл.7 Йæ мадæлон æвзагæн уæлдай аргъ чи кодта, мæгуыр хæххон адæмты сæрхъуызой, сæ бартыл, сæ фидæныл карз тохы чи бацыд, йæ цард æгасæй дæр дзыллæты сæраппонд чи æрхаста, уый уыдис Хетæгкаты Къоста.


Фарст .Къостайы хонæм: драматург,публицист,æхсæнадон архайæг æмæ ма ноджыдæр …..?

Дзуапп. Ирон литературатурон æвзаджы æмæ аив литературæйы бындурæвæрæг .

СЛ. 8. Фарст. 1899 азы мыхуыры рацыдис Хетæгкаты Къостайы уацмысты æмбырдгонд «Ирон фæндыр».

Йæ сæргонд æххæстæй?

Дзуапп. «Зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ,кадджытæ æмæ æмбисæндтæ»

2-аг амонæг. Хъыгагæн нæ ирон адæмæй бирæ ис ахæмтæ, кæцытæ уæлæнгай аргъ кæнынц сæ мадæлон æвзагæн. Ацы фарстыл ирон фысджытæй бирæтæ ныффыстой сæ хуыздæр уацмыстæ:

Сл.9 «Дзурут истытæ, базалыстæн. Æз ирон законæн ницыуал æмбарын». Æниу æй йæ хъуыдымæ гæсгæ хъæугæ дæр ницæмæн кæнынц: «Наплеват на васи æгъдау…»

Фарст. Цавæр уацмысæй ист сты ацы рæнхъытæ. Чи у йæ автор?

Дзуапп. Комеди «Уæрæседзау». Брытьиаты Елбыздыхъо. Худы дзы йæ мадæлон æвзагæн уæлæнгай аргъ чи кæны.

СЛ. 10,11 2-аг амонæг. Мин фарастсæдæ цыппор фыццæгæм азы дыууын дуккæгæм июны немыцаг фашисттæ æрбабырстой нæ бæстæмæ. Тугкалæн хæстыты стыр сгуыхтдзинæдтæ равдисын бантыст бирæ ирыстойнæгтæн. Ирон адæм кады зарджытæ скодтой Фыдыбæстæйы хæсты хъæбатыртыл: Плиты Иссæйыл, Æхсараты Энверыл, Сæлбиты Верæйыл, Дзусаты Ибрагимыл æмæ æндæр номдзыд гуырдтыл. Фысджытæ сын сæ хъæбатырдзинады хабæрттæ æвдыстой сæ уацмысты.


СЛ.12 Фарст . Æрыгон нæу, нæма дæр у зæронд
Ирон инæлар, йе стъолы цур бады,
Йæ разы та — бæхы сæфтæгæй конд
Хуымæтæджы æртхутæгдон цæфхадыл.

1.Цавæр уацмысæй ист сты ацы рæнхъытæ.

2.Чи у йæ автор?

3. Кæуыл фыст у?

Лæвæрд цæуы æртæ баллы.

Дзуапп:

Æмдзæвгæ «Æртхутæгдон»

Ныффыста йæ Плиты Грис

Фыст у инæлар Плиты Иссæйыл

1-аг амонæг. Фарст. Цавæртæ сты ацы уацмыстæ сæ жанртæм гæсгæ? Чи сты сæ автортæ?

СЛ.13. «Авд цухъхъайы», «Уый», «Æнхъæл нæ уыдысты», «Ос-Бæгъатыр», «Саст рæхыс», «Мæсгуыты бæстæ»?

СЛ.14 «Авд цухъхъайы» - балладæ, Плиты Грис

«Уый» - октавæ, Барахъты Гино

«Æнхъæл нæ уыдысты» - радзырд, Коцойты Арсен

«Ос-Бæгъатыр» - историон трагеди, Гæдиаты Цомахъ

«Саст рæхыс» - роман, Боциты Барон

«Мæсгуыты бæстæ» - новеллæты цикл, Беджызаты Чермен


СЛ.15 2-аг амонæг Ирон адæм бирæ æнусты дæргъы цы культурон æмæ аивадон хæзнатæ скодтой, уыдоны ‘хсæн, цыкурайы фæрдыгау, æрттивынц дзыхæй дзургæ адæмон уыцмысты. Хъæздыг у фольклор символон фæлгонцтæй. Уымæн иууыл ирддæр æвдисæнтæ сты: цыкурайы фæндыр, æрдуйы хид, Нарты уацамонгæ, Нарты фæткъуы, дыууадæстæнон фæндыр. Уыдон барджынæй систы литературæйы аивадон фæрæзтæ дæр.

Фарст:

СЛ.16 Сбæрæг кæнын уацмыс æмæ фыссæджы ахастдзинад

Токаты Алихан «Нарты фæткъуы»

Хъодзаты Æхсар «Нарты Уацамонгæ»

Нигер «Цæкурайы фæрдыг»

Дзаболаты Хазби «Хидыл»


СЛ.17 1-аг амонæг Хорз ныртæккæ нын æмдзæвгæ бакæсдзæн_____________________!


2-аг амонæг Рахизæм нæ хъазты дыккаг турмæ.

Ныр та сбарæг кæнæм капитанты цæттæдзинад.

СЛ. 18,19 1.Фыццаг литературон уацмыс? «Мах уыдыстӕм фараст ӕфсымӕры»

СЛ. 20,21 2. Кæд æмæ кæм фæзынд фыццаг ирон чиныг?Куыд хуынд? (Мæскуыйы типографийы, 1798 азы, «Начальное учение человеком, хотящему учитися книг божественного писания»)

СЛ. 22,23 3.Кæд æмæ кæм фæзынд фыццаг ирон скъола? (1764 азы Мæздæджы)

СЛ. 24.25 4.Чи уыд фыццаг ирон профессионалон поэт? (Мамсыраты Темырболат,)

СЛ.26,27 5.Чи уыд фыццаг ирон сылгоймаг-драматург? (Кочысаты Розæ)

СЛ.28,29 Чи ныффыста фыццаг ирон сонет? (Токаты Алихан)

1-аг амонæг Хорз! Бузныг

Сл.30 Ныртæккæ та байхъусæм фæндыры зæлтæм. Фæндырæй цæгъды 3-аг курсы студенткæ Биченаты Фатимæ.

2-аг амонæг Дарддæр та нæ хъазты æртыккаг тур.

СЛ.31 Ам алы командæ дæр цæттæ кæны фарст - Иу литературон хъайтарæн саразын дзургæ æрфыст, æнæ йæ ном зæгъгæйæ (иннæ командæ хъуамæ базона ном, уацмысы сæргонд, авторы)

1-аг амонæг Бузныг уе ппæтæн дæр . Ныртæккæ та нæ жюрийы уæнгтæн рæстæг хатдзæгтæ скæнынæн.

2-аг амонæг Ууыл абон нӕ бӕрӕгбон фӕци. Стыр бузныг. Уарзут уӕ мадӕлон ӕвзаг!

СЛ.32 Ирон ӕвзаг! Мӕ зынджы хай, мӕ арт!

Ӕрттив. Ӕхсид ӕнусбонтӕм ӕдасӕй.


СЛ.33





Опубликовано


Комментарии (2)

Кабулова Гаяна Согратовна, 22.08.23 в 12:45 0Ответить Пожаловаться
Презентация к материалу
Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.