Тесты по дисциплине «Осетинская детская литература»

3
0
Материал опубликован 22 August 2023

Тесты по дисциплине «Осетинская детская литература»

Вариант 1


1.Ног царды уылæнтæ 20-æм æнусы райдайæны Ирыстоны куыд анхъæвзтой, уый Гæдиаты Цомахъ фæсномыг æвзагæй равдыста æмдзæвгæйы:

а) «Æрцыд, ныллæууыд уалдзæг»

æ) «Райсом»

б) «Балон»

2.Фæнысан кæн, Барахъты Гино сабитæн цы уацмыс ныффыста, уый:

а) «Бæстырæсугъд»

æ) «Æмбæлттæ»

б) «Аххос»

3.Бимбол йæ бæхы трагикон уавæрмæ куыд æркодта,уыцы аивадон уацмыс саразта Барахъты Гино æмæ хуыйны:

а) «Азджериты Куыцыкк»

æ) «Уæлладжыры кадæг»

б) «Зæлимхан»

4.Барахъты Гинойы аивадон уацмыс «Зæлимхан» йæ жанрмæ гæсгæ у:

а) æмдзæвгæ

æ) радзырд

б) поэмæ

5.Аргъау «Дзеджы фырт-Дзег» сарæзта фыссæг:

а) Коцойты Арсен

æ) Гæдиаты Секъа

б) Брытъиаты Созырыхъо

6.«Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» сарæзта фыссæг:

а) Нигер

æ) Гæдиаты Ц.

б) Багъæты С.

7.Нигеры уацмыс «Уæхатæджы фырт чысыл Гуыйман» йæ жанрмæ гæсгæ у:

а) радзырд

æ) æмдзæвгæ

б) поэмæ

8.Фыдзæрдæ æмæ хæларзæрдæ дыууæ ныхмæвæрд фæлгонцы сарæзта Нигер уацмысы, кæцы хуыйны:

а) «Бадилон симд»

æ) «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»

б) «Хидыл»

9.Радзырд «Хинæйдзаг къæбыла» ныффыста сабитæн фыссæг:

а) Дзесты Куыдзæг

æ) Мамсыраты Дæбе

б) Коцойты Арсен

10.Дзесты Куыдзæджы радзырд «Хинæйдзаг къæбыла» -йы фæлгонцтæй æцæг æмбал разынди:

а) Зозыкк

æ)Хаби

б) Битту

11. Æмдзæвгæ «Гæды æмæ йæ лæппынтæ» ныффыста поэт:

а) Плиты Хадо

æ) Хъайтмазты Аслæмырзæ

б) Баситы Мысост

12. «Уарзын мæ чингуытæ,

Уарзын мæ хъæу,

Уарзын Фыдыбæстæ,

Уарзын æз дæу». – Ацы скъуыддзаг ист у Плиты Хадойы æмдзæвгæйæ, кæцы хуыйы:

а) «Найынмæ»

æ) «Хъæды»

б) «Гыцци»

13.Радзырд «Хърихъупп Бипп-Бипп» ныффыста зындгонд ирон фыссæг:

а) Коцойты Арсен

æ) Мамсыраты Дæбе

б) Дзесты Куыдзæг

14.Мамсыраты Дæбе магусайы ирд фæлгонц цы уацмысы сарæзта, уый хуыйны:

а) «Хъæндил»

æ) «Пакет»

б) «Фæсмон»

15. Æмдзавгæ «Иласы бæлас» ныффыста зындгонд поэт

а) Плиты Хадо

æ) Баситы Мысост

б) Хозиты Яков

16.Æмдзæвгæ «Хъæдхой» сабитæн ныффыста зындгонд поэт:

а) Цæрукъаты Алыксандр

æ) Баситы Мысост

б) Хъайтыхъты Геор

17.Æхсæнадон бынæтты хидарыны æгъдæутты проблемæ йæ радзырдты «Нæнæй, нæнæй!..», «Трамвайы» равдыста фыссæг:

а) Сечъынаты Ладемыр

æ) Айларты Чермен

б) Цæрукъаты Владимир

18. Радзырд «Сæгуыты лæппын» сабитæн ныффыста:

а) Чеджемты Геор

æ) Дзасохты Музафер

б) Ситохаты Саламджери

19.Йе `мдзæвгæтæй бирæтæй зарджытæ кæмæн сарæзтой, уыцы поэт у:

а) Цæгæраты Гиго

æ) Цæрукъаты Владимир

б) Айларты Измаил

20. Зындгонд сылгоймаг – поэт йе `мдзæвгæтæ псевдоним

«Дауырæ» -имæ мыхуыр кæны:

а) Бызыккаты Земфирæ

æ) Дауыраты Зоя

б) Цомартаты Дунетхан.



Вариант 2


«Мит тайы , их сайы,

Фæхъулон ис зæхх»… - Ацы рæнхъытæ ист сты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæйæ:

а) «Зымæг»

æ) «Уалдзæг»

б) «Фæззæг»

«Хор бирæ, фос бирæ

Хуыцауы фæрцы»… - Ацы рæнхъытæ ист сты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæйæ, кæцы хуыйны :

а) «Сæрд»

æ) «Зымæг»

б) «Фæззæг»

«Рæстдзинад уарзынæй

Скæнæм нæ фæндаг» … - Ацы рæнхъытæ ист сты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæйæ, кæцы хуыйны :

а) «Балцы зарæг»

æ) «Фыдуаг»

б) «Цъиу æмæ сывæллæттæ»

Хетæгкаты Къоста Стъараполы гимназмæ бацыд ахуыр кæнынмæ

а) 1791

æ) 1871

б) 1903 азы

Хетæгкаты Къоста Бетъырбухы аивæдты академимæ бацыд ахуыр кæнынмæ

а) 1901

æ) 1890

б) 1881 азы

Хетæгкаты Къоста И.А.Крыловы басняйы сюжетмæ гæсгæ ныффыста басня

а) «Халон æмæ рувас»

æ) «Булкъ æмæ мыд»

б) «Марходарæг»

Хæххон æвадаты царды нывтæ Хетæгкаты Къоста равдыста прозаикон уацмысы, кæцы хуыйны

а) «Фатимæ»

æ) «Особа»

б) «Дзæбидырдзуаны»

Хетæгкаты Къостайы уацмыс «Дзæбидырдзуаны» йæ жанрмæ гæсгæ у:

а) публицистон уацмыс

æ) очерк

б) радзырд

«Уазал æмæ стонгæй

Бирæгъ дæр тæрсы»… - Ацы рæнхъытæ ист сты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæйæ, кæцы хуыйны :

а) «Ракæс»

æ) «Сидзæргæс»

б) «Додой»

«Сæныккæн хизæнæй

Фесæфт йæ мад»… - Ацы рæнхъытæ ист сты æмдзæвгæ «Сидзæр» -æй, кæцыйæн йæ автор у:

а) Хъайтмазты А.

æ) Хетæгкаты Къ.

б) Нигер

11. «Фæнды дæ – арв, йе зæхх

Сæ æцæгтæ зæгъой ,

Уæд чиныгмæ ыздæх»… - Ацы рæнхъытæ ист сты Хъайтмазты Аслæмырзæйы æмдзæвгæйæ, кæцы хуыйны:

а) «Сидзæр»

æ) «Фæллой»

б) «Хосгæрдæн»

12. Радзырд «Хъусой» - ы автор у:

а) Гæдиаты С.

æ) Мамсыраты Д.

б) Коцойты А.

13. Дины кусджыты фæлитой митæ Коцойты Арсен равдыста радзырды, кæцы хуыйны:

а) «Гигойы куадзæн »

æ) «Цæукъа æмæ фыркъа»

б) «Хæлæрттæ»

14.«Коцойты Арсен у ирон прозæйы зæрингуырд». Ацы ныхæсты автор у :

а) Ардасенты Х.

æ) Джыккайты Ш.

б) Джусойты Н.

15. Коцойты Арсен сарæзта сабитæн радзырд æмбалдзинады темæйыл, кæцы хуыйны:

а) «Куысыфтæг æмæ Дурын»

æ) «Тулдз æмæ мæцкъор»

б) «Пионер Габо»

16.Мæгуыр адæмы царды нывтæ Гæдиаты Цомахъ равдыста уацмысы, кæцы хуыйны:

а) «Хæлуарæг æмæ мыдыбындз»

æ) «Цæмæн æй уарзын мæ Фыдыбæстæ»

б) «Царды уæз»

17.Гæдиаты Цомахъы уацмыс «Царды уæз» йæ жанрмæ гæсгæ у:

а) аргъау

æ) радзырд

б) очерк

18.Радзырд «Арс æмæ хуытæ» сабитæн ныффыста:

а) Гадиаты Ц.

æ) Нигер

б) Барахъты Г.

19.Хæларзæрдæ æмæ хиуарзоны ныхмæвæрд аив фæлгонцтæ Гадиаты Цомахъ сарæзта уацмысы:

а) «Дыууæ дидинæджы»

æ) «Музыкæ»

б) «Хæлуарæг æмæ мыдыбындз»

20. Гадиаты Цомахъы уацмыс «Дыууæ дидинæджы» йæ жанрмæ гæсгæ у:

а) радзырд

æ) прозæйæ фыст æмдзæвгæ

б) аргъау

Критерий оценивания теста: за каждый правильный ответ дается 1 балл.







в формате Microsoft Word (.doc / .docx)
Комментарии
Комментариев пока нет.

Похожие публикации