Лекция «Дзырдуатон куысты методикӔ ирон литературӔйы урокты»

3
0
Материал опубликован 22 August 2023

ЛЕКЦИ

ИРОН ЛИТЕРАТУРӔЙЫ МЕТОДИКӔЙӔ

ТЕМӔ: «ДЗЫРДУАТОН КУЫСТЫ МЕТОДИКӔ ИРОН ЛИТЕРАТУРӔЙЫ УРОКТЫ»

Сœрмагонд куыстмœ домœнтœ

Кœсыны урокты ахуыргœнœг разамынд кœмœн дœтты, уыцы куыст œмœг у скъоладзауты сœрмагонд куыстимœ (самостоятельная работа). Сœрмагонд куыст œххœст кœныныл ахуыр кœнынœн ис 2 нысаны:

1. Чиныгимœ кусыны навыктœ райсын;

2. Скъоладзау хи хъаруйœ цы куыст баххœст кœны, цы практикон куыст саразы, уымœй райсы œхцондзиад, œмœ йын вœййы йœ хъомылады ахсджиаг фœрœз.

Райдайœн скъолайы скъоладзаутœ цы сœрмагонд куыст феххœст кœнынц, уымœн хъуамœ уа:

1) бœлвырд нысан;

2) бœлвырд фœтк йœ баххœст кœнынœн.

Уыимœ сœрмагонд куыст œххœст кœнын хъœуы кœнœ зœнœхъœнœй œнœ ахуыргœнœджы œххуысœй, кœнœ та сœрмагонд куысты бœлвырд хай.

Сœрмагонд куыст œххуыс у, цœмœй скъоладзау хъуыды кœныныл ахуыр кœна. Чиныгимœ архайыны куысты мидœг сœрмагонд куысты фœлтœрœнтœ хъуамœ уой иудадзыг, уыимœ уыцы фœлтœрœнтœ хъуамœ цœуой куыд фœстœмœ зындœргœнгœ.

1. Сœрмагонд куыстœн цы хœслœвœрдтœ вœййы, уыдонимœ ахуыргœнœг скъоладзауты зонгœ кœны (кусынц, фœлтœрынц) сœрмагонд куысты агъоммœ, ома ахœм фœлтœрœнтœ хъуамœ бирœ баххœст кœной.

2. Ахуыргœнœг снысан кœны сœрмагонд куыст:

а) сбœрœг ын кœны йœ нысан;

œ) сбœлвырд кœны сœрмагонд куысты хуыз;

б) бацамоны йœ баххœст кœныны фœтк.

3. Ахуыргœнœг йœ хъус дары, куыд кусынц скъоладзаутœ, уымœ.

4. Бахъуаджы рœстœг œххуыс кœны скъоладзаутœн.

5. Ахуыргœнœджы разамындœй сбœрœг кœнын, куыд œххœстгонд œрцыди сœрмагонд куыст, œмœ скъоладзауты базонгœ кœнын йœ фœстиуджытимœ.

Хœслœвœрд раттœн ис:

1. Дзургœ ныхасœй (в устной форме).

2. Фœйнœгыл ныффысгœйœ.

Сœрмагонд куысты хуызтœ (виды самостоятельной работы):

1. Равзарын, цавœр сœргœндтœ ис чиныджы. Ацы куыстыл фœцалх вœййынц мœнœ ахœм хœслœвœрдтœ œххœст кœнгœйœ:

а) Цавœр хœйттœй арœзт у кœсыны чиныг?

œ) Ссарын чиныджы Хетœгкаты Къостайы уацмыстœ.

б) Сбœрœг кœнут œмœ зœгъут, хаœдзары фосы тыххœй цы уацмыстœ кастыстœм, уыдон œмœ а. д.

2. Скъоладзаутœн сœхи тыххœй уацмыстœ кœсын.

а) Ахъуыды кœнын фарстыл.

œ) Скъуыддзаг темœмœ гœсгœ равзарын.

б) Синоним равзарын œмœ а. д.

3. Пълан саразын.

4. Xиныхœстœй радзурын уацмыс.

5. Аив бакœсын уацмыс.

6. Хœдзармœ куыст баххœст кœнын.

Хœдзармœ куыстœн раттын «текст бакœсын», кœнœ «хи ныхœстœй зонын дзурын», зœгъгœ, œгъгъœд нœу. Цœмœн? Уымœн œмœ ахуыргœнœджы бон нœу сбœрœг кœнын, се ,ппœт дœр бакастысты текст œви нœ, уый. Уымœ гœсгœ, алкœмœн дœр хъœуы раттœн ахœм хœс:

1. Сбœрœг кœнын кърандасœй ахœм бынат...

2. Кърандасœй адих кœнын текст хœйттыл.

3. Чиныджы фœрстытœн дзуапп цы бынœттœ дœттынц, уыдон фœнысан кœнын кърандасœй.

4. 3-4 къласы скъоладзаутœ бацœттœ кœнœнт фœрстытœ текстмœ гœсгœ; ныффыссын сœ хицœн карточкœтыл.

5. Иу роль бацœттœ кœнын къласы кœсынœн.

6. Сахуыр кœнын œмдзœвгœ кœнœ прозœйœ скъуыддзаг наизусть.

7. Ныффыссын цыбыр изложени скъуыддзагœй.

Дзырдуатон куысты методикœ

Дзырдуатон куыст вœййы алы урочы дœр. Уый œххуыс у ахуырадон œрмœг хуыздœр бамбарынœн. Дзырдуатыл кусгœйœ, сабитœ базонынц ахœм иппœрдон нысаниуœгджын дзырдтœ, куыд œфсарм, œууœнк, хœс, œхсœнадон хъœздыгдзинад, фарн œмœ œнд.

Дзырдуатон куыст œххуыс у скъоладзаутœн сœ удыхъœд хъœздыгдœр œмœ сыгъдзœдœр кœнынœн. Уымœй уœлдай сœ дзырдуат кœны хъœздыгдœр. Фœлœ дзырдœн йœ нысаниуœг бацамонын œгъгъœд нœу, стœй йœ куыд œмбарынц, уый сбœрœг кœнын дœр фаг нœма у. Хъœуы ууыл архайын, цœмœй дзырд ныффидар уа сœ дзырдуаты, цœмœй дзы пайда кœной канд урочы нœ, фœлœ иудадзыг дœр сœ ныхасы.

Ног дзырд ахуыргœнœг амоны афтœ, цœмœй сывœллœттœн сœ цœстытыл ауайа. Кœд уымœн нœй гœнœн, уœд равдисын предмет кœнœ йœ ныв, кœнœ та йын œрфыст (описание) саразын.

Дзырд земзе дзырд цы предмет амоны, уый обрзезыл скъоладзаутзе хъуамае иудадзыг зембзелой.

Дзырд цы цау, фœзынд кœнœ предмет февдисы, уый хъуамœ амынд цœуа афтœ, цœмœй скъоладзаутœн бœлвырдœй сœ цœстытыл уайа. Уымœн та райдайœн кълœсты œххуыс сты экскурситœ (арœзтадмœ, музеймœ, œндœр исты объектмœ):

Зœгъœм, дзырд рœтœнагъд амонгœйœ, хъуамœ скъоладзаутœн сœ цœстытыл ауайа уœрдон, œмœ йœ кœцы хай у рœтœнагъд, уый œнцондœрœй базондзысты.

Дзырдуатон куыст аразынœн стыр ахадындзинад ис контекстœн. Ирон œвзаджы ис бирœнысанон дзырдтœ. Дзырд контексты цы нысан кœны, уый фœхъœуы сбœрœг кœнын.

Дзырдтœй иуты бацамонын фœхъœуы текст бакœсыны агъоммœ, иннœтœ фœхъœуы бацамонын сывœллœттœн текст бакœсыны фœстœ уацмысы мидисмœ гœсгœ .

Дзырдты нысаниуœг бацамонœн ис:

1. Предметœн йœхи равдисгœйœ ( экскурсийы рœстœг).

2. Нывмœ гœсгœ.

3. Дзырдмœ синоним равзаргœйœ.

4. Дзырд œндœр хуызы зазгъгœйœ- цœсты тœбœртмœ- ома уайтагъд.

5. Иппœрдон нысаниуœг кœмœн ис, ахазм дзырдтœ - œхсар, фарн, œууœнк, œгъдау - амонœм цардœй ист дœнцœгтœй.

6. Дзырд раст бацамонынœн ахуыргœнœг пайда кœны дзырдуатœй.

7. Равзарын дзырдмœ синоним кœнœ антоним.

Синонимты рœнхъы цы дзырдтœ вœййы, уыдонœй арœхстджынœй пайда кœныныл ахуыр кœны ахуыргœнœг:

Згъорын, дугъ кœнын, œнтъœрын, лидзын; Ставд - нарœг, ныллœг - бœрзонд (антонимтœ).

Ног дзырдтœй пайда кœныныл ахуыр кœны ахуыргœнœг. Уымœн œххуыс у :

1) хиныхœстœй текст дзурын. Уацмысы мидис радзурынœн œххуыс сты бœлвырд дзырдтœ, уыимœ цы ног дзырдтимœ базонгœ вœййынц скъоладзаутœ, уыдон;

2) хъуыдыйад кœронмœ ахœццœ кœнын - фœйнœгыл: Космонавт Леонов фыццаг хатт рацыд дунейы мидœг...........(космосмœ);

3) сочиненийыл кусгœйœ (дзургœ куыст): œрдзы œрфыст. Дзырдуат хъœздыгдœр кœнынœн пайда кœнœм ног дзырдтœй, синонимтœй, œлвœст хъуыдытœй (образными выражениями).



в формате Microsoft Word (.doc / .docx)
Комментарии
Комментариев пока нет.

Похожие публикации