Ӕнӕсцух ахуырадон архайд Скъоламӕ цӕттӕгӕнӕн къорд Темӕ: Фӕззӕг с применение ИКТ технологий

0
1
Материал опубликован 9 December 2023

Муниципальное бюджетное дошкольное образовательное учреждение
детский сад №64














Ӕнӕсцух ахуырадон архайд

Скъоламӕ цӕттӕгӕнӕн къорд

Темӕ: Фӕззӕг
с применение ИКТ технологий







Подготовила и провела
воспитатель (по обучению детей осетинскому языку)
Кибизова Р.З.








2021г.









Цель: закрепить представления детей о характерных признаках осени и осенних явлениях.
Задачи:

1. Продолжать работу над правильным произношением звуков [къ] [гъ];

2. Учить детей составлять предложения по сюжетным картинкам.

3. Учить детей воспринимать тексты «рифмовки» и «звуковой зарядки

4. Закрепить с детьми слова и словосочетания: бæлас, мæргътæ, тыллæг, афæдзы афонтæ, дыргътæ, халсартæ;

5. Продолжать учить детей отчевать на вопрос: Дæумæ цы ис?
(Мæнмæ ис …..)

Оснащение: мультимидийный проектор, листья осенние, картинки «Перелетные птицы».
Возрастная категория: 6-7 лет.
Технологии, использованные при проведении занятия: анимированная презентация, синквейн;

Ахуыры сахаты нывӕст

Сабитӕ ӕмӕ хъомылгӕнӕг зылды лӕууынц, кӕрӕдзийӕн салам дӕттынц. «Дӕ райсом хорз, Аминӕ», «Ӕгас цу» ӕ а.д.

Хъомылгӕнӕг: - Сывæллæттæ, абон нæм æрбацыд уазæг. Чи у, цымæ? Базонут æй.

Базон-базон: Мæргътæн уазалы у зын

Æмæ хъарм бæстæм тæхынц,

Адæм бафснайдтой тыллæг,

Ома, ралæууыд… (фæззæг.)

Залмӕ ӕрбахыст хъомылгӕнӕг (Фӕззӕг)

Фӕззӕг: Уӕ райсом хорз, сабитӕ!

Сабитӕ: Ӕгас цу ,Фӕззӕг!

Фӕззӕг: Фӕззӕг у афӕдзы афонтӕй иу. Сызгъӕрин ӕмӕ бӕркадджын. Ӕмӕ йӕ цы буц номӕй не схонынц адӕм! Алыхуызон ахорӕнтӕй снывӕфтыд кӕны ӕрдз йӕ хуыз. Хъӕды къохтӕ дардмӕ зынынц бур, морӕ, цъӕх хуызтӕй. Мӕргъты зарын нал хъуысы - атахтысты хъарм бӕстӕм. Хъæды цæрджытæ, сӕхи цӕттӕ кӕнынц зымӕгмӕ. Мӕн фӕнды базонын смах куыд цӕттӕ стытут ме рбацыдмӕ. Ӕрцӕттӕ уын кодтон хæслæвæрдтӕ.

Хъомылгӕнӕг: - Фӕззӕг, дӕ фӕллад уал ауадз, сабитӕ дын дӕ хӕслӕвӕрдтӕ скӕндзысты.

Хъомылгӕнӕг: Сывæллæттæ, зæгъут-ма афæдзы мидæг цал афоны ис?

Сабитӕ: - Цыппар аффӕдзы афоны.

Хъомылгӕнӕг: - Ранымайут сæ?

Сабитӕ: Зымӕг, Уалдзӕг, Сӕрд, Фӕззӕг.

Хъомылгӕнӕг: Ныр афæдзæн йæ кæцы афон у?

Сабитӕ: Фӕззӕг.

Хъомылгӕнӕг: - Ранымайут фæззæджы мæйтæ.

Сабитӕ: - Рухӕны мӕй, Кӕфты мӕй, Джеоргуыбайы мӕй.

Хъомылгӕнӕг: - Ӕркӕсут ма нывтӕм ӕмӕ зæгъут цы ивддзинæдтæ æрцæуы фæззæг æрдзы мидæг?

Сабитӕ: - Бæлæсты сыфтæртæ фæбур сты ӕмӕ згъӕлынц.

Хъомылгӕнӕг: Нӕ зӕрдыл – ма рлӕууын кӕнӕм кӕцы бӕласты сыфтӕртӕ згъӕлынц, кӕцы бӕлӕстӕ сӕрдӕй – зымӕгӕй сӕ хыуз на ивынц: (слайды)

Сабитӕ: Барбӕлас, сусхъӕд, гӕдыбӕлас, тулдз, нӕзбӕлас ӕмӕ зазбӕлас.

Синквейн (Бæрз) Береза.

Бæрз

Лыстæг, бæрзы зынг

Зайы, цъæх дарын, хъæлдзæг

Бæрз бæлас у Уæрæсейы символ
Бæлас

Синквейн (фæззæг) Осень

Фæззæг

æнкъард,  сатæг

æрбалæууыд,  сæлфынæг кæны, асæст
рæсугъд
афæдзы афон
тыллæг

Улӕфты минут

Мах, зæлдаг сыфтæртæ,

Къалиутыл − нæ цард.

Фæззæджы дымгæтæ

Мах фæхæссынц дард.

Мах тæхæм, тæхæм, тæхæм,
Бæлæстæн хæрзбон зæ
гъæм.
Фӕззӕг: - Хорз сабитӕ, афӕдзы афонтӕ зонут, мӕйтӕ ӕмӕ бӕлӕстӕ дӕр. Уӕдӕ байхъусут дыккаг хӕслӕвӕрдмӕ.

Фӕззӕджы хъар бӕстӕм тӕхынц

Уалдзӕджы фӕстӕмӕ арбатӕхынц (Цъиутӕ)

Хъомылгӕнӕг: Сабитӕ, нӕ дыккаг хӕслӕвӕрд у цъиуты тыххӕй.

Ӕрхъуыды сӕ кӕнӕм.

(слайд 2) «Мӕргътӕ»

Хъомылгӕнӕг: Кӕцы афӕдзы афоны цъиутӕ атӕхынц хъарм бӕстӕм?

Сабитӕ: - Цъиутæ хъарм бæстæм атæхынц фӕззӕджы.

Хъомылгӕнӕг: - Рацӕуыт – ма стъолмӕ ӕмӕ равзарӕм кӕцы цъиутӕ атӕхынц хъарм бӕстӕм.

- Аслан, дӕумӕ цы цъиу ис?

- Мӕнмӕ ис бӕлон.

- Бӕлон атӕхы хъарм бӕстӕм?

- Бӕлон нӕ атӕхы хъарм бӕстӕм. Ӕ. А. Д.

Фӕззӕг: -Раппæлын сабитӕй. Ӕмӕ фӕстаг хӕслӕвӕрд уын кӕсын.

Фæззæг, фæззæг! Æрхастай тыллæг

Бузныг! Нæ сæртæй дын кувæм ныллæг.

Скъахтам нæ хуымты цæхæра, картофтæ.

Æртыдтам бæлæстæй фæткъуытæ, кæрдотæ.

(Халсартӕ, дыргътӕ)

(Слайд 3)

Хъомылгӕнӕг: - Сабитӕ ӕркӕсут нывмӕ, ӕмӕ цы уынут уый зӕгъут?

(Слайд 4)

Сабитӕ: Сывӕллӕттӕ дыргътæ тонынц бӕлӕстӕй.

Сабитӕ халсартӕ амбырд кӕнынц.

Д/хъазт «Цы ис дзæкъулы?»

Мидис: сабитæ зылды лæууынц, хъомылгæнæджы амындмæ гæсгæ дзурынц, дзæкъулæй цы систой, уыцы предметты тыххæй. Сывæллæттæ систой дзæкъулæй халсартæ æмæ дыргътæ, хъомылгæнæг сæ домы, цæмæй, кæрæдзимæ фрстытæ дæтгæйæ, радзурой, дзæкъулæй цы систой, уый тыххæй. Фыццаг дзуры, сабитæй дзырдарæхстдæр чи у, уый. Зёгъём:

Казик: - Аминӕ, цы систай дзæкъулæй? – Картоф.

Цавæр у дæ картоф? – Морæ, тымбыл, ставд картоф.

Кæм зайы картоф? – Хуымы.

(Хъомылгæнæг домы, цæмæй сывæллæттæ æххæст дзуаппытё дæттой, ӕмӕ фарсты бар ратты Алинӕйӕн.)

Алинӕ, цы ис дæумæ та? – Мæнмæ ис кæрдо.

Цавӕр хуыз ис кæрдойён? – Кӕрдойы хуыз у бур.

Адджын у æви туаг? – Адджын кӕрдо у.

Кæрдо та кæм зайы? – Кæрдо зайы бæласыл.

(Афтæ алы сывæллонæн дæр ныхасы бар дæтты, стæй хъомылгæнæг йæхæдæг хатдзæг кæны.)

Хъазт: «Иу – бирӕ». (слайды)

Хъ. Сабитæ, хорз зонут, халсартæ æмæ дыргътæ кæм зайынц, уый. Дыргътæ æмæ халсарты ис бирæ витаминтæ, уыдон пайда сты уе ’нæниздзинадæн.

Фӕззӕг: Сывӕллӕттӕ, абон тынг хорз бакустат, ӕмӕ уын лӕвар кӕнын дыргътӕ, цавӕр дыргътӕ сты???

Сабитӕ: Фӕткъутӕ.

Фӕззӕг: - Хæрзбон.

Кӕронбӕттӕн Хъазт: Тӕлмацгӕнджытӕ

Фарстатӕ:

1. Сабитӕ абон кӕцы афӕдзы афоныл ныхас кодтам?

2. Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдис?


в формате Microsoft Word (.doc / .docx)
Комментарии

А где слайды? На них есть опора в конспекте.

10 December 2023

Похожие публикации