Тесты - номдар
6. Номдарты ивынад хауæнтæм гæсгæ (тасындзæг).
6.1. Номдартæм цы фæрстытæ хауынц, уыдон фæнысан кæн (+).
| Цæмæй? | Цæмæ? | Цæуыл? |
тулдзæй | | | |
журналмæ | | | |
тæфмæ | | | |
бæласмæ | | | |
чиныгыл | | | |
фæззæгыл | | | |
æххуысæй | | | |
дыргътæм | | | |
адæймагмæ | | | |
6.2. Номдартæм цы фæрстытæ хауынц, уыдон фæнысан кæн (+).
| Цæмæн? | Цæимæ? | Цæйау? |
хъæдимæ | | | |
хохау | | | |
æрдузæн | | | |
цъуимæ | | | |
дзедырæн | | | |
æхсынцъыйау | | | |
сæримæ | | | |
балтау | | | |
бæрзимæ | | | |
6.3. Ставддæрæй фыст дзырдтæм цы фæрстытæ хауынц, уыдон фæнысан кæн (+).
| Чи? | Кæй? | Кæмæн? |
Æнгом бинонтæ цард арынц, æнгом цуанæттæ саг марынц. | | | |
Скифты фыдæл Таргитайæн уыдис æртæ фырты: Липоксаис, Арпоксаис æмæ Колаксаис. | | | |
Адæмы уарзын у кад, хиуарзон лæг – æгад. | | | |
Æмвæнд адæмæн хох дæр нæ лæууы. | | | |
Адæмы цæст уынаг у. | | | |
Хорз фыййауæн – фос. | | | |
Фарон сæрд Ацæмæз уыди йæ райгуырæн хæххон хъæуы. | | | |
6.4. Ставддæрæй фыст дзырдтæм цы фæрстытæ хауынц, уыдон фæнысан кæн (+).
| Кæмæй? | Кæмæ? | Кæуыл? |
Хабар уайтагъд хъæуыл айхъуыст, æмæ адæм мæгуыр лæгыл байдыдтой æмбырдтæ кæнын. | | | |
Чызгæй тынг фæбузныг сты йæ ныййарджытæ. | | | |
Æртæ æфсымæрыл - иу нымæтхуд. | | | |
Æмбиæхсæв Æхсар фехъал æмæ дзуры Æхсæртæгмæ. | | | |
Нарт хай хистæрæй нæ истой. | | | |
Заремæмæ уыдис уазджытæ фæсарæнтæй. | | | |
Лæппутыл буц нæмттæ сæвæрдта Куырдалæгон: хистæрыл - Æхсар, кæстæрыл - Æхсæртæг. | | | |
6.5. Ставддæрæй фыст дзырдтæм цы фæрстытæ хауынц, уыдон фæнысан кæн (+).
| Кæимæ? | Кæйау? |
Тæмæнтæ кал, сызгъæрин хур, рæвдау нæ мадау раст. | | |
Сабийау худы нæ бæстæ, фурдау æхсиды нæ зæхх. | | |
Зæрватыкк æддæмæ ратахт, йе мбæлттимæ фембæлд уынджы, семæ ратæх-батæх систа. | | |
Скифтау Нартæ дæр дих цыдысты æртæ мыггагыл: Æхсæртæгатæ (хæстонтæ), Алæгатæ (дины кусджытæ) æмæ Борæтæ (æхсæнады уæнгтæ). | | |
Арсимæ кæрдо ма цæгъд. | | |
Донау уæлдæф сыгъдæг кæны хъæд дæр. | | |
Уалдзæг сырхбазыр æврæгътæ денджызау уылæн хæссынц. | | |
7. Фæрстытæм æмæ кæрæттæм гæсгæ хауæнтæ бæрæг кæнын.
Номон хауæн (чи? цы?)
7.1. Ставддæрæй фыст номдартæ номон хауæны цы хъуыдыйæдты сты, уыдон фæнысан кæн (+).
Скъоладзау аив бакаст Къостайы æмдзæвгæ. | |
Бæгæны зæдтæ дæр нуазынц. | |
Зивæггæнаджы гуыл хомæй зайы.. | |
Адæймаджы цард уадзыгон дидинæгау у. | |
Сызгъæрин доны тылд хæхтæ мидбылты худгæ кæсынц. | |
Цæхх фынджы æрдæг у. | |
Хъæд байдзаг мæргъты цъыбар-цъыбурæй. | |
7.2. Ставддæрæй фыст номдартæ номон хауæны цы хъуыдыйæдты сты, уыдон фæнысан кæн (+).
Хæмпус мит сабыргай хауы зæхмæ. | |
Чызг хуыйы йæ куклайæн сæрдыгон къаба. | |
Æнæкæрон денджызау фæйлауынц мæнæуы хуымтæ. | |
Хæрдæн æгъдау хъæуы. | |
Уасаг гæды мыст нæ ахсы. | |
Дзæбæх дзырд зæрдæйы дуар у. | |
Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы. | |
Гуырынон хауæн (кæй? кæм? цæй? цæм?)
7.3. Раст кæрон фæнысан кæн (+).
| йы | ы |
æндах.. | | |
булæмæргъ.. | | |
дада.. | | |
дзывылдар.. | | |
зæрдæ.. | | |
фидæн.. | | |
Дуне.. | | |
цавд.. | | |
бæстæ.. | | |
7.4. Цухгонд мыр фæнысан кæн (+).
| дж | ч | чъ |
тымбылæ.ы | | | |
уæн.ы | | | |
мæс.ы | | | |
номивæ.ы | | | |
сæлфынæ.ы | | | |
тæс.ы | | | |
рауадзæ.ы | | | |
кар.ы | | | |
фæсномы.ы | | | |
7.5. Цухгонд мыр фæнысан кæн (+).
| дж | ч | чъ |
Зæрæмæ..ы | | | |
зивæггæна..ы | | | |
рæстæ..ы | | | |
хуын..ы | | | |
саунæмы..ы | | | |
хуыхæ..ы | | | |
раттæ..ы | | | |
мыгга..ы | | | |
пар..ы | | | |
7.6. Ставддæрæй фыст номдартæ гуырынон хауæны цы хъуыдыйæдты сты, уыдон фæнысан кæн (+).
Мады къухæйдзаг адджынæн хæры лæг. | |
Æмбалы фарнæй хох дæр нæры. | |
Фынг æртæ къахы лæууы. | |
Мады хъæбыс адджын у. | |
Сатанайы кой æз фехъуыстон нанайæ. | |
Нæртон фæткъуы – нæ мадæлон æвзаг. |
|
Фæзæй хъуысы хосдзауты зарæг. | |
Дæттынон хауæн (кæмæн? цæмæн?)
7.7. Номдартæ дæттынон хауæны цы дзырдбæстыты сты, уыдон фæнысан кæн (+).
цæуын фæндагыл | |
хæссын Сосланæн | |
бадын бандоныл | |
раттын Симæйæн | |
цин кæнын рухсыл | |
æрбахаста рынчынæн | |
балхæдта чызгæн | |
7.8. Ставддæрæй фыст номдартæ дæттынон хауæны цы хъуыдыйæдты сты, уыдон фæнысан кæн (+).
Созырыхъойæн æхсызгон уыд Батрадзы фенд. | |
Паддзах стыр дис фæкодта уызыны зонджын ныхæстыл. | |
Сатана Нартæн рахаста сгуыйы сæр, чъири æмæ ронг. | |
Хистæрæн кæстæр куы райса йæ уаргъ, кæстæрæн алкæм уыдзæни уæд аргъ. | |
Адæмæн хорз чи кæны, уый æфстау уары. | |
Нуазæны хицау радта мæлæтдзаг рынчынæн нозт. | |
Аргъауы фантастикон бынæттæ бакæсут. | |
Иртæстон хауæн (кæмæй? цæмæй? кæцæй? кæдæй?)
7.9. Ставддæрæй фыст номдартæ иртæстон хауæны цы хъуыдыйæдты сты, уыдон фæнысан кæн (+).
Фæныкæй-иу кæрдзын куы райстой, уæд-иу Фæныкгуыз гуыл ахордта. | |
Асиатыл авд кæрцы. | |
Кæстæр куы фæрса хистæры зондæй, кæстæр уæд никуы фæрæдидзæн сонтæй. | |
Лæг куы бæзза, уæд адæм иууылдæр уый сты.. | |
Лæппуйæ цы байтауай, уый зæрондæй æркæрддзынæ. | |
Калм лæгæн радта цыкурайы фæрдыг. | |
Уæйггуытæ Фæныкгуызæй фæтарстысты æмæ сауджыны сæ фæдыл аластой. | |
Арæзтон хауæн (кæмæ? цæмæ? кæдæм? кæдмæ?)
7.10. Ставддæрæй фыст номдартæ арæзтон хауæны цы хъуыдыйæдты сты, уыдон фæнысан кæн (+).
Дунемæ ма бæлл, дунейы зондмæ бабæлл. | |
Нæртон лæгæн гæды зæгъæн нæ уыд – уæд йæ болат сау æфсæйнаг кодта. | |
…Кæмæндæр дæ (æвзаг) æрмæст къæсæрмæ, мæнæн та дæ Хуыцаумæ! | |
Зонды бындур – фæллойад. | |
Райсомæй хурыскæсæнмæ кæсы, изæрæй – хурныгуылæнмæ. | |
Зонд дæлдон нæ кæны, уад æй не скъæфы, абырæг æй нæ исы. | |
Халон хъæдмæ фæтахт æмæ ма йæхи хъуын дæр хъæды хихтыл баззад. | |
Æддагбынатон хауæн (кæуыл? цæуыл?)
7.11. Ставддæрæй фыст номдартæ æддагбынатон хауæны цы хъуыдыйæдты сты, уыдон фæнысан кæн (+).
Зæххыл ис æртæ ахуыргæнæджы:цард,чиныг æмæ адæймаг. | |
Чи цал æвзаджы зона,уал лæджы у. | |
Кæд дзул хæрын уарзыс, уæд гутоныл хæцын дæр уарз. | |
Гæды ныхас нæ тулы. | |
Хæдзары бæркад æфсиныл у. | |
Нæ сау сæгъ хæры æмæ хæрынæй не’фсæды. | |
Уырызмæгыл фондзыссæдз хæдоны. | |
Цæдисон хауæн (кæимæ? цæимæ?)
7.12. Ставддæрæй фыст номдартæ цæдисон хауæны цы хъуыдыйæдты сты, уыдон фæнысан кæн (+).
Дохтыр ныхас кæны сылгоймагимæ. | |
Зымæг рудзынгыл ныффыста рæсугъд нывтæ. | |
Чызг йæ дурынимæ фæцæйцыд суадонмæ. | |
Хъæды скъоладзаутимæ уыдис сæ ахуыргæнæг. | |
Хистæрæн кæстæр куы ратта æгъдау, кæстæрмæ ничи æрхæсдзæн уæд фау. | |
Марат йæ фыдимæ цæхæрадоны рывта халсартæ. | |
Хæдзары æгъдау хистæрæй цæуы. | |
Хуызæнон хауæн (кæйау? цæйау? куыд?)
7.13. Ставддæрæй фыст номдартæ хуызæнон хауæны цы хъуыдыйæдты сты, уыдон фæнысан кæн (+).
Фыдыбæстæ ныййарæг мадау адджын у. | |
Иуы зондæй дыууæйы зонд – хуыздæр. | |
Хæсты боны сгуыхтæн йæ кад мыггагмæ цæры. | |
Сæлавыр фатау атахт йæ фæстæ. | |
Æгады цардæй мæлæт хуыздæр у. | |
Уæ уазæг ныр мæ Ир кæнын, Цæрут æфсымæртау цæдисæй!.. | |
Уæрхæджы фырттау хъахъхъæнджытæ – мах… Хуыцау лæвар-диссаг дзырдты хуртуан… | |
8. Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.
8.1. Номдарты нымæц фæнысан кæн (+).
| иууон нымæц | бирæон нымæц |
дадайы | | |
нанаты | | |
арфæйы | | |
зæрдæты | | |
дымгæйæн | | |
лæппутæн | | |
Мæдинæйæ | | |
гæдытæй | | |
къонамæ | | |
8.2. Номдарты нымæц фæнысан кæн (+).
| иууон нымæц | бирæон нымæц |
æфсымæрау | | |
фæрсдзырдтимæ | | |
фидæнтæн | | |
чындзытыл | | |
мадæлтимæ | | |
сыкъайау | | |
мæсгуытæм | | |
уыгæрдæнты | | |
цæугæдæтты | | |
8.3. Ставддæрæй фыст номдарты нымæц фæнысан кæн (+).
| иууон нымæц | бирæон нымæц |
Дыккаг æфсымæрмæ дæр радтой тæбæгъ. | | |
Нарты симдмæ каст сохъхъыр уæйыг. | | |
Чидæр фæхабар кодта Аминæты ныййарджытæм. | | |
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг. | | |
Æнæ æфсымæр ис цæрæн, фæлæ æнæ æмбал нæй. | | |
Фендзыстут дзы диссæгтæ, сабиты хъæзтытæ, рувасы мæнгард митæ... | | |
Ирыстоны лæппутæ дæр ацыдысты Лев Толстоймæ. | | |
8.4. Ставддæрæй фыст номдартæ кæцы хауæны сты, уый фæнысан кæн (+).
| номон хауæн | дæтты-нон хауæн | арæзтон хауæн |
Сывæллæттæ райхъал сты цъиуты зардмæ. | | | |
Цардхъом йæ хъæбултæ æрдзæн Маргъæй, бæласæй, сырдæй… | | | |
Сæрдыгон къæвда зæххæн сой у. | | | |
Искæй хъæуы дын дæ дарæсæн кад кæнынц, дæхи хъæу та – дæ хъаруйæн. | | | |
Ахуыргæнæг бакаст скъоладзаутæн ног радзырд. | | | |
Уалдзæг та йемæ æрхаста Ног тыхтæ, цин æмæ фарн. | | | |
Елхоты онг дæ ды кæмæндæр, Мæнæн та – Нарты бæстæм, Сæрмæтты, аланты хæтæнтæм… | | | |
8.5. Ставддæрæй фыст номдартæ кæцы хауæны сты, уый фæнысан кæн (+).
| иртæстон хауæн | æддаг- бынатон хауæн | цæдисон хауæн |
Уазджытимæ ацыдтæн Лабæмæ. | | | |
Зæронд Дудар тынг бацин кодта сабитыл. | | | |
Æнæ къæхтæ, æнæ къухтæ, афтæмæй михыл хæрдмæ быры. | | | |
Дæттæ айнæг хæхтыл хъазгæ уайынц. | | | |
Скифтæй Дарий райста лæвæрттæ: цъиу, мыст, хæфс æмæ фондз фаты. | | | |
Цуанон рæсугъд хъæдтæй йæ цæст нал иста. | | | |
Аслан ныхас кодта аразджытимæ. | | | |
9. Номдарты бирæон нымæцы арæзты хицæндзинæдтæ.
9.1. Цухгонд мыртæ фæнысан кæн (+).
| а | æ |
бæл.стæ | | |
къ.лиутæ | | |
х.хтæ | | |
н.утæ | | |
къ.хтæ | | |
б.лтæ | | |
к.рдтæ | | |
хæрин.гтæ | | |
цыр.гътæ | | |
9.2. Цухгонд фæсæфтуантæ фæнысан кæн (+).
| т | тт |
кæм.æ | | |
сæр.æ | | |
бон.æ | | |
хæдзар.æ | | |
нысæн.æ | | |
гал.æ | | |
бар.æ | | |
æмгæр.æ | | |
æгъдæу.æ | | |
9.3. Цухгонд фæсæфтуантæ фæнысан кæн (+).
| т | тт |
аргъæу.æ | | |
гон.æ | | |
къам.æ | | |
кæм.æ | | |
амæл.æ | | |
цæрм.æ | | |
куырæй.æ | | |
хæлæр.æ | | |
диван.æ | | |
9.4. Цухгонд фæсæфтуантæ фæнысан кæн (+).
| т | тт |
дæ.æ | | |
бон.æ | | |
фæндæ.æ | | |
хур.æ | | |
хæдæ.æ | | |
дур.æ | | |
сывæллæ.æ | | |
рæ.æ | | |
фæз.æ | | |
9.5. Цухгонд мыртæ фæнысан кæн (+).
| дж | ч | чъ |
тæс.ытæ | | | |
кæр.ытæ | | | |
зын.ытæ | | | |
фæллойгæн.ытæ | | | |
зул.ытæ | | | |
разамон.ытæ | | | |
сахатгæн.ытæ | | | |
сын.ытæ | | | |
хуын.ытæ | | | |
9.6. Цухгонд фæсæфтуантæ фæнысан кæн (+).
| т | тт |
Рагон мæсгуытæ нырма бирæ ис Ирыстоны кæм..ы. | | |
Ирон аргъæу..ы арæх вæййы уæйгуыты кой. | | |
Европæйы судзынц хъæд..æ. | | |
Фæ..æ уыдысты хъæдæй арæзт. | | |
Цъиу..æ адæмæн хæссынц стыр пайда. | | |
Ирон адæммæ ис бирæ рæсугъд æгъдæу..æ. | | |
Чи халсарæй кæм..ы æргъæм..æ бæтты. | | |
10. Номдарты растфыссынад.
10.1. Цухгонд мыртæ фæнысан кæн (+).
| ы | йы |
зæрдæ.. | | |
ном.. | | |
фырт.. | | |
нымæц.. | | |
радио.. | | |
номдар.. | | |
хауæн.. | | |
тала.. | | |
мæра.. | | |
10.2. Мыр ы цы номдарты фыссæм, уыдон фæнысан кæн (+).
| ы |
кæрц.тæ | |
горæт.тæ | |
кæфт.тæ | |
хид.тæ | |
цыхт.тæ | |
сырд.тæ | |
уæрм.тæ | |
хырх.тæ | |
билет.тæ | |
10.3. Цухгонд мыртæ фæнысан кæн (+).
| дж | ч | чъ |
мивдисæ..ы | | | |
миниуæ..ы | | | |
тæс..ы | | | |
дæнцæ..ы | | | |
Тер..ы | | | |
цон..ы | | | |
бул..ы | | | |
кар..ы | | | |
пар..ы | | | |
10.4. Цухгонд мыртæ фæнысан кæн (+).
| ы | йы |
Гæды.. къах цыбыр у. | | |
Рахæсс нын, Сатана, сау бæгæны, ракув нын дзы, Нарт.. Уырызмæг! | | |
Хъæд.. астæу уыдис ногдзауты лагерь. | | |
Камбилеевкæ.. доны ис бирæ кæсæгтæ. | | |
Ахстон.. уыдис чысыл зæрватыччытæ. | | |
Нæ буц лæппу.. хуыссын нæ уадзыс! | | |
Инæлар.. риуыл цæхæртæ калдта Сыгъзæрин стъалы. | | |