12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовала
Эльвира Колхидова14
Россия


Удварны хæзнатæ Хъайтыхъты Азæмæты таурæгъты


Бæркадджын сты ирон адæмы таурæгъон бынтæ, ахъаззаг у сæ историон æмæ эстетикон нысаниуæг. Уыдон æвзæрдысты мингæй азты дæргъы, æвдыст сæ цæуы адæмы цард йæ алы хуызты суанг незамæнтæй нæ рæстæгмæ.

Нæ адæмы хæзнатæ æмбырд кæнын æмæ фыссынмæ куы бавнæлдтам ( XVIII æнус), уæдмæ ма бирæ уыдис, таурæгътæ æмæ кадджытæ йæ зæрдыл чи дардта æмæ сæ канд дзургæ нæ, фæлæ хъисфæндыры цагъдмæ чи зарыд, ахæм Хуыцауы тæфæй хайджын адæймæгтæ. Уыдон фæрцы нæ фесæфтысты Нарты кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, зарджытæ, æмбисæндтæ.

Ирыстоны бирæ дæсны таурæгъгæнджытæ уыди. Уыдонимæ – Санаты Уари, Зыгъуытаты куырм Бибо, Таутиаты Дрис, Джусойты Кудза æмæ æндæртæ. Фыст дæр гыццыл не'рцыди сæ таурæгътæй [10, 3].

Хъайтыхъты Азæмæты таурæгътæ бæрæг дарынц се'хсæн. Бæрæг дарынц сæ аив нывæфтыдæй æмæ сæ фидар композицион арæзтæй. Бæрæг дарынц уымæй, æмæ Азæмæт рагон таурæгъы бындурыл арæхсы нырыккон аивадон уацмыс снывæндынмæ. Уымæ гæсгæ Азæмæт хуымæтæг таурæгъгæнæг нæу, нæдæр таурæгъфыссæг у. Азæмæт у фыссæг, сыгъдæг адæмон æвзагæй æцæг адæмон уацмыстæ чи нывæнды, ахæм фыссæг.

Фидæны фыссæг райгуырди Ирыстоны рæсугъддæр æмæ номдзыддæр хъæутæй иу – Ходы. Райгуырд ахæм хæдзары, фыдæлты таурæгътæ хорз кæм зыдтой, сæ намыс æмæ кад бæрзонд æвæрд кæмæ уыдысты, сæ кадджытæ сын иу фæлтæр иннæмæ кæм лæвæрдтой. Азæмæт къуыбылойау тухгæ фæцыд, хистæртæй цыдæриддæр хъуыста, уыдон æмæ дзы фæстæдæр снывæста йæ диссаджы таурæгътæ. Уыдон хицæн чингуытæй рацыдысты фондз хатты: «Зынаргъ дур» (1984), «Фыййауы лæдзæг» (1989), «Амондагурджытæ» (1994), «Ход. Таурæгъ æмæ цард» (1998) æмæ «Азæмæты таурæгътæ» (2004).

Азæмæт у бирæ радзырдтæ, кадджытæ æмæ æмдзæвгæты автор. Фæлæ йе'ргом тынгдæр здахы нæ рагфыдæлты таурæгътæ фыссынмæ. Цы сты таурæгъы сæйраг æууæлтæ?


Нæ адæмон сфæлдыстады термин «таурæгъ» у уæрæх æмбарынад. Уырыссаг фольклоры уый æмных ис цалдæр дзырды: предание, легенда, сказка æмæ æндæртæ. Уыдон кæрæдзимæ кæд хæстæг сты, уæддæр сын ис хицæн æууæлтæ дæр. Иронау се'ппæтæн дæр ис иу ном. Таурæгъ у универсалон термин. Таурæгъ ракæнын, таурæгътæ хæссын уымæй уæлдай нысан кæнынц сюжетон æмбисонд (притча) радзурын дæр. Термин «радзырд» куы нæма фæзынд, уæд фыццаг фысджытæ сæ цыбыр прозаикон уацмыстæ хуыдтой таурæгътæ. Абайты Васо «таурæгъ» тæлмац кæны – «историческое предание», «легенда», «рассказ» [1]. Термин æрбафтыд араббаг æвзагæй, уым нысан кæны «история», «хроника», «летоисчисление». Уыцы терминты зыны таурæгъты уæрæх мидис.

Афтæмæй, таурæгъ у цыбыр радзырд. Йæ мидис цыфæнды фантастикон куы уа, уæддæр дзы ис бæлвырд хъуыды, æмæ йыл адæм æууæндынц [5, 17].

Сæдæгай, мингай азтæ сæ сæрты цы таурæгътæн атахтысты, уыдоны Хъайтыхъты Азæмæт бауагъта ног тых, йæ хъæздыг æвзагæй сæ сифтонг кодта. Фыссæг ивгъуыд дугыл ныхас кæны, абоны дугæн цы ахъаз бакæндзæн, ууыл сагъæс кæнгæйæ.

Абон нæ рæстæг уæззау æмæ змæст у. Хорз æмæ æвзæры, раст æмæ зылыны, рæсугъд æмæ чъизийы ахсæн арæнтæ зын æвзарæн систы. Уыцы фæрстытæ æвзары йæ таурæгъты Хъайтыхъы – фырт дæр. Фыссæг йæ иу раныхасы фæдзæхсы: «Мæ хуртæ, уæ зæрдыл кæддæриддæр дарут, хорз æмæ æвзæрæй чи цы ракæна, уыдон сæдæ хатты фылдæрæй йæхи сæрыл кæй æртыхсдзысты, уый». Цы у «хорз» æмæ «фыд» фыссæгмæ гæсгæ? Уый тыххæй Хъайтыхъты Азæмæт дзуры йæ таурæгъ «Уастырджийы балц»-ы [8, 13].

Ацы уацмыс æввахс лæууы Уастырджийы таурæгьтæм. Ирон адæмы царды Уастырджи у рæстдзинад хæссæг, мæгуыр адæмы сæрхъызой. Йæ сæйраг нысан у мæгуыр адæмыл арм дарын, рæстдзинад кæнын. Адæмæн у хæрзгæнæг æмæ рæстаудæг.

Адæмон таурæгъы «Чи у кадджындæр ирон адæмæн сæ дзуæрттæй» фыййау Уастырджийæн афтæ зæгъы: «Мæгуыр адæм дæ фæрцы цæрынц, Хуыцауы раз ды дæ нæ хæрзгæнæг. Мæгуыр æмæ æфхæрд дæумæ кувынц, ды сын дæ рæстаудæг» [3, 69]. Ахæм хуызы бацыд Хъайтыхъы – фырты Уастырджи дæр. Хуыцæутты Хуыцауы ныстуан æххæстгæнгæ Уастырджи хуымæтæг зæронд лæджы хуызы цыди адæммæ, цæмæй «кæмæ цы лæджыхъæд ис», уый сбæрæг кæна, стæй «сæ чи цы аккаг уа », уыцы нæмттæ – иу сын ратта. Лæгты дзуар адæмæн цы тæрхон кæны, уым ирдæй зынынц адæмы зонд æмæ фæткон хъуыдытæ.

Цы федта Уастырджи фыдæй адæмы царды? «Алы ран дæр дзы уыдта уыцы иухуызон æдзæллаг, æнæджелбетдзинæдтæ. Ас æмæ хъаруйæ уæйгуыты хуызæн адæм уыдысты æнæныфс. Фырзивæгæй, цалынмæ йæ иу къах истаид, уæдмæ йын йæ иннæ рувæстæ бахсыдтаиккой. Сæ дарæс æрмæстдæр цармы гæппæлтæ. Уымæй дæр ронбастæй дæлæмæ. Сæ фырзыд æмæ кæрæфæй æфсис ницæмæй зыдтой. Йæ хæринаг – иу тагъд–тагъд чи нæ ахордтаид, уымæн – иу æй иннæтæ аскъæфтаиккой æмæ кæрæдзи дæрæн кодтой. Æгомыг фосау сæм нæдæр æгъдау уыди, нæдæр æфсарм. Истæуыл бацин кæн, искæмæн фæтæригъæд кæнын – абабау, йæ фæсонæрхæджы дæр сæ уый никæмæн уыдис. Кæм ацыдаиккой, уым – иу сæ фæдыл кæрдæджы хал нал хæцыд. Абон чи цы ахæрайы йеддæмæ сæ сомбоны мæт никæй уыди, афтæмæй сæ бонтæ уазал лæгæтты æрвыстой. Лæдзæгджын зæронд лæг – иу сæ куы фарста: бæстæ хъæд æмæ дурарæх куы у, уæд фæйнæ къуымы цæуылнæ аразут, зæгъгæ, уæд – иу сæ къухтæ ауыгътой:

- Нæ цард хур скаст æмæ хур аныгуылдау дыууæ фондзыссæдз азы йеддæмæ нæу æмæ уый номыл нæхи цæуыл тухæнæй марæм ».

Ахæм цардыуагмæ адæм цы цæстæй кæсынц, уый дарддæр фыссæг æргом кæны Уастырджийы дзуаппы Хуыцауы раз: «…нæ фæрæстмæ сты. Нæ сæм æфсарм и, нæ æгъдау. Асæй - уæйгуытæ, фæлæ зондæй – цыбыр, æвзагæй – къуымых. Æнæ ныфс, æнæ хъару, уæнгуагъдæй гуыбындзæлтæ. Уæлдай фезмæлды бæсты йæ хъæбулы сæр дæр ахæрдзæн. Сты æнауæрдон æрдзхортæ. Нæ сын зæд и, нæ дзуар, нæ мард. Сæ фырæгуыдзæгæй царды бонтæ æрвитынц хæхты, уазал лæгæтты æмæ цы аккаг сты, Гуымирытæ, зæгъгæ, уыцы ном сыл ныххуырстон ».

Карз тæрхон сын рахаста Хуыцау дæр: «Уæдæ уыдон зæххы аккаг хъæбултæ не сты æмæ сæ фæд сындæггай фесæфæд». Ахæм у адæмы царды фæтк дæр: худинаджы бæсты-мæлæт.

Хъайтыхъы-фырт царды æвзæрдзинадыл бирæ нæ лæууы йæ таурæгъы. Дзырды аккаг у хорздзинад.Уастырджи адæмы царды рæсугъдæй цы уыны,ууыл цин кæны æмæ йæ хæссы Хуыцауы размæ: «Иннæ знæм та, табу Хуыцауæн, фæрæстмæ. Уыдон сты æфсарм, æгъдау æмæ цытыл мæлæг, хæрзконд, хæрзуынд адæм. Ныфс, хъару æмæ зондæй – æххæст. Уыдон уазæджы хонынц Хуыцауы уазæг. Æз сæм зæронд лæджы хуызы куы æрфысым кодтон, уæд сыл, цыма, æртæ хуры скасти, æфтæ мыл цин кодтой. Уыдон сты – йæ сæр сæрмæ чи хæссы, се уæнгты æвидигæ æхсар кæмæн абухы, хæрд, нозтæй бæрц чи зоны, йæ адæмы сæрыл амæлыныл йæ цæст дæр чи не'рныкъулдзæн. Сылгомайджы йе'мсæр чи æвæры, сæхи арæзт хъарм хæдзæртты чи цæры, алы хорз миниуджытæй æххæст чи у, ахæм нæрæмон адæм æмæ сыл ном сæвæрдтон Нартæ, ома æцæг куырыхон, хъæбатыр адæм».

Алы адæмæн дæр сæ хуыцæуттæ сты сæхи хуызæн. Таурæгъы Уастырджи æмæ, нæртоны ном кæмæн радта,уыцы адæм хорз æмæ фыдмæ кæсынц иу цæстæй. Ацы ран таурæгъ хæстæг лæууы кадæг «Нарты æмбырд»- мæ.Дыууæ кадæджы дæр нымад цæуынц адæмы сæйрагдæр этикон принциптæ: райгуырæн уæзæг хъахъхъæнын,хиуыл хæцын,рæстдзинад дзурын,сæр сæрмæ хæссын,нозтæй æмæ хæрдæй бæрц зонын,хистæр æмæ кæстæры ахастытæ,сылгоймагæн аргъ кæнын.Ахæм адæмы хæдзæрттæй «сабиты кæл-кæл æмæ хъæлдзæг хъæлæба» хъуысы,уыдоны æрдз дæр рæвдауы, се ‘ддаг бакаст дæр лæджы хуызæн у.

Хъайтыхъы-фырт йæ таурæгъы лæмбынæг æрлæууыд лæппутæ æмæ зæронд лæджы (Уастырджийы) ныхасыл. Кæстæртæ кæм «æфсæрмдзастæй», кæм «сæхи бакъултæгæнгæ»,стæй та «ныфсджындæрæй» дзурынц хистæрмæ,лæггад ын кæнынц, «фæндаггоны сæ уæлныхты фелвасгæ , доны ацы фарс цъæх нæууыл авæрдтой». Дзурынц æм «нæ фыдыхай», «нæ буц хистæр».Хистæрæн афтæ чи лæггад кæны,уыцы адæмæн æвзæрæй тас нæу.

Хъайтыхъы-фырты таурæгътæ иууылдæр дзурынц нæ фыдæлты цард æмæ æгъдæуттыл, сæ бæллицтæ æмæ тырнындзинæдтыл,сæ маст æмæ сæ циныл,сæ тыхст æмæ уырыдыл. Æмæ кæд цыфæнды тызмæг цард кæнынц ,уæддæр сæ сæрыстырдзинад хæхтæй дæлдæр нæ лæууы,сæ кад æмæ намысæн сæ цардæй стырдæр аргъ кæнынц.Ахæм хъæбатыр у Къуымæридтаты Тъотъор [7, 10]. Уый уыд «æрдзæй домбай хъару рахæссæг лæппу». Иуахæмы та гуырдзиаг æлдар Амилахары фæсдзæуинтæ Суацхуры хъæумæ хъалон æмбырд кæнынмæ куыд бацыдысты, афтæ Тъотъор кæцæйдæр фæзынд. «Кæсы, æмæ йæ хъæубæсты адæм чыртæ-чыртæй æлдары фæсдзæуинтæн лæггад кæнынц». Сæрыстыр лæппу йæ адæмы дæлдзиныг æлдарæн дæр нæ бары. «Арсау фессæста» æмæ сæ бæхты сæргътæм куырисбæстæй комæй фæдæлæмæ кодта. Цал æмæ цал хатты рарвыста Амилихар – æлдар хæцæг балтæ Тъотъоры ныхмæ, фæлæ йыл никуы фæтых сты, сæ ныфс сын асаста. Амардтой йын йæ мад æмæ йæ фыды. Араст йæ ныййарджыты туг райсынмæ. Кънйаз Пауленишвили хæдзары нæ разынд. «Ус æмæ сабитæй та туг райсын йæ сæрмæ не ‘рхаста». Тохы мидæг тæригъæд чи нæ зоны, уый зæрдæ не стызмæг, зоны аудын сывæллон æмæ сылгоймагыл. Уый у нæртон лæджы миниуæг. Лæг хъуамæ цæттæ уа йæ намыс æмæ райгуырæн уæзæг хъахъхъæнынмæ.

Нæртон лæг та кардæй куыд арæхсы, афтæ хъуамæ дæсны уа уадындзæй цæгъдынмæ дæр. Нæ рагфыдæлтæ стыр аргъ кодтой аивадæн. Сырдон, дæлимонты фæдон, Нартæн фæндыр кæй сарæзта, уый тыххæй йæ райстой нарты æхсæнадмæ, скодтой дзы æфсымæр. Нарты Ацæмæзы зарæгæн лæвæрд и хуры тых-зæхмæ æрхæссы уалдзæг. Зыдтой нæ фыдæлтæ аргъ кæнын аивадæн.

Ууыл дзуры Хъайтыхъы-фырты таурæгъ «Ходы Иунæг». «Иунæгæй мæгуырдæр хъæды халон дæр нæу,-зæгъы таурæгъгæнæг,-фæлæ йæ цыдæр зæд схорзæхджын кодта æнæниз буары хъæдæй, æнаипп уæнгты конд æмæ æппæтæн дæр фæразон зæрдæйæ». Зындзинæдтæн фидар чи лæууы, йæ къухтæ чи не ‘руадзы, уымæн та йæ цард дывæрæй баххæст кæндзæн.

Ходы Иунæг «сæнчы хус хæтæлæй уадындз сарæзта, уымæй цæгъдынмæ фæцалх и æмæ-иу дзы уæд йæ иунæджы бонтæ дæр æрбайрох сты». Куыд Нарты Сырдонæн, афтæ Иунæгæн дæр фæндырæй (уадындзæй) цæгъдын у йæ хъыгтæй ирвæзæн фæрæз. Йæ хъизæмары царды уæззау нывтæ йæ цæстыл куы абадынц, уæд дзыхæй зæгъын кæй не сфæразы, йæ «уыцы кадæг уадындзæй снывæнды». Иу ахæмы цагъды аныгъуылд Иунæг æмæ дзы йæ фысты дзуг дæр ферох. Уыцы рæстæг «куыдз æмæ бирæгъ кæрæдзийы хурхы сæртæ æрцахстой, фæлæ сæм тæккæ уыцы уысм уадындзы æлутон зæлтæ схæццæ сты. Тæвд æфсæйнагыл дон бакалæгау æруазал сты æмæ иу мады хъæвдынтау фæрсæй-фæрстæм бадгæ Иунæджы æнкъард кадæгмæ æдзынæг ныхъхъуыстой. Сæ дыууæйæн дæр сæ цæстысыгæй сæ хъуынджын рустæ баумæл сты. Кадæг йæ уæззаудæр фæзилæнтæм куы бахæццæ, уæд æм бирæгъ хъусын нал бафæрæзта æмæ ниугæ Урс хохы ‘рдæм сындæггай йæхи айста. Фыстæ дæр сæ хизын ныууагътой, сæ сæртæ бæрзонд систой æмæ цавддуртау лæугæ кадæгмæ æдзынæг хъуыстой. Суанг ма сæ къæхты бын ссæст кæрдæджы дæр уадындзы зæлтæ уд бауагътой æмæ йæ лыстæг зæнгтыл слæууыд. Æрдæбоны дыууæ калмы дæр æрномыл сты. Уадындзæйцæгъдæгмæ æввахсдæр æрбахылдысты æмæ йæм хъусынæй нал æфсæстысты».

Фысты дзуг дыууæ æфсымæры Бута æмæ Хъæрджыны уыгæрдæнмæ балыгъдысты. Уыдон «арæнхалæг» фыййауы уæлхъус æртхъирæнтæгæнгæ куы алæууыдысты, уæд «уадындзы…зæлтæ барджыты æрфистæг кодтой æмæ сæ мидбынаты зонгуытыл лæугæ бандзыг сты». Сæ хæрамдзинад сын уадындзы цагъд айсæфта æмæ сын сæ зæрдæты дуæрттæ байтыгъта:

-Уæ нæ зæды хай, йæ уадындзы зæлтæй хæрам æмæ фыдæхы уидæгтæ чи хус кæнын кæны, калм дæр ма йæ хæзна цыкурайы фæрдыг кæмæн лæвар кæны, уымæн адæм хъуамæ кувгæ кæной. Уæлæ нын нæ уыгæрдæн дæ фос ныссæстой. Мах дæм фæдисæй лæбурæг рацыдыстæм, фæлæ-ма акæс, кæрдæг дæ уадындзы зæлтæм фæстæмæ сыстад. Састзæнг дидинджыты дæр та уд бацыд æмæ фырцинæй кæрæдзимæ сывæллæттау худынц. Гъемæ ныл кæд æрвæссыс, уæд нæм дæ къух радт æмæ нæ Хуыцæутты Хуыцау амондджын æфсымæртæ фæкæнæд.

Афтæ йæ «фæразон зæрдæйы», йæ уадындзы руаджы Ходы Иунæг ссардта æфсымæртæ, бинонтæ, амонд. «Æвæдза, зарæг кæцæй хъуыса, уырдæм стыр амонд судзины хуынкъыл дæр цæуы»,-балхынцъ кодта автор йæ таурæгъы кæрон.

Фæзæгъынц, цард фæлварæн у. Бирæ дзы ис цыбæлдзинæдтæ. Се ‘стырдæр – æхца. Адæймаджы цард рæсугъд дæр кæны æмæ чъизи дæр.

Диссаг у Хъайтыхъты Азæмæты таурæгъ «Æхца» [6, 5]. Уацмысы райдианы автор цин кæны Хъанымæт æмæ Хъауырбеджы лымæндзинадыл: «Раст цыма саджил бæлæстау сæ тугдадзинтæ иу зæрдæйæ куыстой, афтæ кæрæдзийæн уыдысты адджын, æмзонд æмæ æмдых. Сæ цыд – дæларм – уæлармæй, сæ хуыст – хъæбыс – хъæбыс, афтæмæй сæ даргъ фæндаг æлвынгæ цыдысты». Амбæлдысты иу зæронд лæгыл, кæцы лæдзæгæй æхцайы голлаг «уырды над» кодта. Цы кусыс, зæгъгæ, йæ лæппутæ куы бафарстой, уæд сын дзуапп радта: «Мæнæ удхæссæджы нæмын!» Æрыгон лæппутæм зондцух фæкаст зæронд лæг æмæ йын лæгъстæтыл схæцыдысты, мах бар æй бакæн, зæгъгæ. Цас сын фæдзырдта зæронд лæг «кæрæдзиуыл уæ сардаудзæн, æмæ фыдбылызы бахаудзыстут», «уымæ сымах хуызæттæ нымады дæр не сты», уæддæр йæ зæрдæ фæстагмæ фæтасыд. «У, у мæнæ, джауыр, зæгъгæ, ма зæронд лæг лæдзæгæй голлагæн иу ныуудæста æмæ лæппуты бафæдзæхста: «Уæхи дзы хъахъхъæнут, мæ хуртæ, ма уæ бахæрæд!»

Хъыгагæн, æхцайы голлаг фæтых дыууæ хæларыл. Гадзрахатæй рацыдысты кæрæдзийыл. Хъайтыхъы-фырт дзырды дæсны басгуыхы лæппуты мидуавæр æвдисгæйæ. Кæд таурæгъы райдианы авторы дисы æфтауы Хъанымæт æмæ Хъауырбеджы хæлардзинад, уæд ныр та конрасты хуызы æвдисы йæ сагъæс сæ фыддзинадыл: «Тугдадзинты иуæрдыгæй адæймаджы туг ныссæххæт кодта, иннæрдыгæй та – сырды, æмæ кæрæдзи хъуын-хъис акалдтой. Ацы хатт фæуæлахиз сырды туг…» Эпитет «сау» («сау фæндтæ », «сау калмау ») амоны, стыр фыд кæй æрцæудзæн, уымæ. Авторы алы дзырд дæр у рæстдзæвин, фауы комдзог цæуын æмæ гадзрахатдзинад.

Цæмæ амардтой кæрæдзи дыууæ лымæны? Уымæн æмæ сæ иу скарста: «Ацы голлаг æнæхъæнæй дæр мæхи у, мур дæр дзы никæмæн ратдзынæн ». Иннæмæн та йæ зæрдæ ныффæдис кодта: «Æхцатæн уарæн нæй, иууылдæр мæн сты… »

Адæймаг бæрц куы нæ зона, зыд æмæ кæрæф ыл куы фæуæлахиз уой, уæд йæ цард фыдмæ цæуы. Адæймаг сырдæй уæлдай нал вæййы, æхца йыл куы схицау вæййы, уæд. Уымæй хи хъахъхъæнын хъæуы. Æмæ нæ Хъайтыхъы – фырт фæдзæхсы: «Бирæ мулк, бирæ æхцатæ удхор сты».

Ирон адæммæ раджы заманты мулк æмæ хъæздыгдзинадæй уæлдæр аргъ кодтой хъæбатырдзинадæн, хæлардзинадæн. Нымад уыдысты, хиуыл хæцын, фыдгæнæгæн аккаг ныхкъуырд раттын, мæгуырæн баххуыс кæнын йæхицæн хæсыл чи нымадта, ахæм лæгтæ. Сæ хорзы кой абоны онг фæлтæрæй фæлтæрмæ цæуы. Фыдлæг æмæ фыддуг та бирæ нæ хæссынц.

Хъайтыхъты Азæмæты таурæгътæ рухс кæнынц удварн. Фыссæджы этикон домæнтæ сты бæлвырд.

Рæсугъддзинадмæ тырнын у адæймаджы хуыздæр миниуæг. Адæймаг хъуамæ фæраза йæ уаргъ хæссын, сæрибар æмæ сæрыстырæй цæрын, райгуырæн зæххы кад æмæ намыс бæрзонд кæнын. Уымæ уæлмонц кæнынц æрыгон фæлтæры Хъайтыхъты Азæмæты таурæгътæ.

Лæгдзинад æмæ уый сæрыл тох кæнын — ирон лæджы хуыздæр миниуджытæ. Райгуырæн зæхх хъахъхъæнын, дæ адæмы сæрыл дзурын — уый у лæджы хæс.

Аивад алæмæт у.Ис ын æгæрон тых. Сафы фыддзинад.






Библиографи

Абаев В. Историко – этимологический словарь осетинского языка. Т. 3. – Ленинград, 1979,с.239.

Азæмæты таурæгътæ. – Дзæуджыхъæу, 2004, 360 ф.

Ирон таурæгътæ. – Орджоникидзе, 1989, 496 ф.

Нарты кадджытæ. – Орджоникидзе, 1974, 368 ф.

Джыккайты Ш. Ныхасы фарн. – Дзæуджыхъæу, 1996, 280 ф.

Хъайтыхъты А.Æхца./Ногдзау, 2007, № 1.

Хъайтыхъты А.Къуымæридтаты домбай Тъотъор./Ногдзау, 2007, № 3.

Хъайтыхъты А.Уастырджийы балц./Ногдзау, 1998, № 4.

Хъайтыхъты А.Ходы Иунæг./Ногдзау,2007,№2.

Черчесты Хъ.Аив дзырды зæрингуырд.//Рæстдзинад, 2008, 6 август.



Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.