12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Газзаева Татьяна Сергеевна25

ЦÆГАТ ИРЫСТОН - АЛАНИЙЫ АХУЫРАДЫ КУСДЖЫТЫ

ЗОНЫНДЗИНÆДТÆ УÆЛДÆРГÆНÆН ИНСТИТУТ

 

 

 

 

ГÆЗЗАТЫ ТАТЬЯНÆ

 

 

 

 

 

 

ДИДАКТИКОН ÆРМÆГ

ИРОН ÆВЗАГÆЙ

7 – æм кълас

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Дзæуджыхъæу, 2020 аз.

ФИДАРГОНД ÆРЦЫД АХУЫРАДЫ КУСДЖЫТЫ ЗОНЫНДЗИНÆДТÆ УÆЛДÆРГÆНÆН ИНСТИТУТЫ СОВЕТЫ УЫНАФФÆМÆ ГÆСГÆ

 

 

 

 

 

 

 

 

Рецензенттæ:

Майрæмыхъуаты Фатимæ – педагогон наукæты кандидат, доцент.

Уалыты Татьянæ – филологон наукæты кандидат, доцент.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

6 – æм къласы æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын

 

 

1

Текст рафыссут, цухгонд дамгъæтæ æвæргæйæ. Нысангонд дзырдты сæрмæ фæнысан кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут мадæлон.

 

Æвзаг цас фылдæр куса, цас ыл фылдæр дзурой æмæ фы…ой, уыйас фидардæр кæны. Æмæ мадæлон æвзаг фидар куы уа, уæд адæм дæр æнгомдæр сты, æмуд…æр вæ…ынц. Адæм се ‘взагæй адæм сты.

Нæ фыдæлтæ нын цы хæрзбынтæ ны…агътой, уыдон а…тæ бирæ сты, æмæ се ‘…æтæн фæнымайæн дæр нæй. Кæуылты сты, зæгъæм, Нарты ка…джытæ, алыхуызон адæмон таурæ…тæ æмæ аргъæу…æ, нæ цымыдисаг æмбисæн…æ æмæ æндæр фæллæй…æ. Ææт уыдонæн бахъа…æнæн ис æрмæст æвзаджы фæрцы. Уымæн æмæ нæ фыдæлтæ цыдæри…æр федтой æмæ базы…ой æнусты дæргъы, цыдæри…æр …ардтой æмæ сфæлдыстой, уыдон иу фæлтæрæй и…æмæ цæуынц æрмæст æвзаджы фæрцы. Æвзаг куы нал вæ…ы, уæд фесæфынц ææт уыцы æнæнымæц хъæздыг ди…æгтæ дæр æмæ адæм сæхæдæг дæр.

æбæраты Н.)

* Радзурут, цæмæн хъæуы æвзаг адæмы.

 

 

2

Лæвæрд дзырдтæй рафыссут æрмæст номдартæ æмæ сæ бирæон нымæцы сæвæрут.

Цыппар номдаримæ иууон нымæцы æмæ дыууæ номивæгимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

Кæрдæг, нæуæдз, фыдуаг, æууæнды, хъуг, фæтæн, æфснайын, фидар, рудзынг, алчи, калм, амайæм, кæрæдзи, иугай, цъæх, æгъдауджын, бæркад, хъæздыг, ус, амондджын, куыдз, фыццаг, мах, фыссут, æмбал.

 

3

Дзырдтæ рафыссут æмæ сын сæ ныхмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый.

Нысангонд дзырдтимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

Сыгътой, цæхæрадон, нудæс, сымах, фæззæг, фыдуынд, кад, мæгуыр, чидæр, фæрсудзын, ахуыргæнæг, хъæдхой, фынддæсæм, алцы, уæздан, нæлхæ, адджын, сæдæгай, бæлццон.

 

4

Ацы дзырдтæн сæ ныхмæ ныффыссут антонимтæ. Æртæ дзырдимæ дзы фæйнæ хъуыдыйады æрхъуыды кæнут.

 

хуылыдз – … тæнæг – …

уазал – … дард – …

тагъд – … зынаргъ – …

хъæбæр – … рынчын – …

даргъ – … раст – …

 

5

Лæвæрд дзырдтæн сæ ныхмæ ныффыссут синонимтæ. Цыппар дзырдимæ дзы æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.

 

рæсугъд – … стыр – …

мæллæг – … хъæздыг – …

гыццыл – … тыхджын – …

 

6

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Фразеологион дзырдбæстытæн сæ фæстæ къæлæтты фыссут сæ синонимтæ.

 

Куыдз æмæ лæдзæджы цард кæнынц. Йæ цæстытæ ныуурс сты. Мæ зæрдæйы ныххаудта. Йæ къухтæ хъилæй дары. Хуртæ æмæ дзы мæйтæ кæсы. Йæ къух уазал доны дæр нæ атулы. Йе’ взаг йæхимæ дары.

 

7

Æмбисæндтæ кæронмæ ахæццæ кæнут, афтæмæй сæ рафыссут. Номдарты бын бахахх кæнут æмæ сын сæ хауæнтæ фæбæрæг кæнут.

 

t1651477947aa.gifЦæваг галæн… мæрдтæм нæ цæуы.

Мыст къахта æмæ… дæ къæхтæ афтæ адаргъ кæн.

Фыды фарн … йæ сыкъа сæтты.

Дæ уат куыд у,… уый æркæрддзынæ.

Цы байтауай, … æмæ гæдыйы сæр ракъахта.

 

8

Рафыссут миногонтæ æмæ сын сæ ныхмæ фæбæрæг кæнут, миниуæгæвдисæг у æви ахастæвдисæг. Хицæнæй рафыссут сæрмагонд номдартæ, бацамонут сын сæ хауæнтæ. Тексты дыккаг абзацы ссарут антонимтæ, къæйттæй сæ рафыссут. Æрбайсгæ дзырдтæ ссарут.

 

ЦЪÆЙ

 

Буронæй рахизырдæм фæндаг азилы Ирыстоны тæккæ рæсугъддæр бынатмæ – Цъæймæ. Цъæйы комы дыууæ фарсы дæр æмбæрзт сты нæзы хъæдæй. Хуссарырдыгæй ком æхгæд у æнусон цъититæй. Уыдоны рог уæлдæф, бæрзонд нæзы бæлæсты тæф æмæ гуылфгæнаг цъитидоны рог уддзæф æнæниз æмæ уæнгрог кæнынц адæймаджы. Цъæйы ком зындгонд у Уæрæсейы æмæ бирæ фæсарæйнаг адæмтæм. Ам ис фæлладуадзæн хæдзар, туристон базæтæ, альпинистон лагертæ. Ис дзы дуканитæ алыхуызон спортивон æмæ æндæр дзаумæттимæ, ресторан, кафе, хилдасæн, посты хай, æфснайæн кассæ.

Буронæй Цъæймæ æнусты дæргъы фæндаг цыдис доны рахиз фæрсты. Дыууынæм æнусы 70 - æм азты арæзт æрцыдис доны галиу фæрсты ног фæндаг. Æмбæрзт у асфальтæй, æмæ йыл сæрдæй, зымæгæй машинæтæ рогæй згъорынц. Дзæуджыхъæуæй æмæ Алагирæй æрвылбон Цъæймæ цæуынц автобустæ.

 

 

9

Цифрæты ныхмæ нымæцонтæ дзырдтæй ныффыссут. Фæбæрæг сын кæнут сæ хуыз арæзтмæ гæсгæ. Ныффыссут хъуыдыйæдтæ: иу – хуымæтæг нымæцонимæ, иу – вазыгджын нымæцонимæ, иу та – амад нымæцонимæ. Иу амад нымæцон атасындзæг кæнут уæ тетрæдты.

15, 99, 17, 268, 19, 4, 5694, 87, 4444, 18.

 

10

Текстæй рафыссут мивдисджытæ æртæ къордæй: нырыккон афоны, ивгъуыд æмæ суиеаг афоны мивдисджытæ. Бацамонут сын сæ цæсгом, нымæц. Хицæнæй рафыссут вазыгджын дзырдтæ. Нысангонд дзырдтæ равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.

 

ХЪÆДХОЙ

 

Æртахт хъæдхой. Йæ дзыхы нæзыйы къуызыр. Батахт гæды бæласмæ æмæ йыл абадт. Йæ цыргъ ныхтæй фидар ныххæцыд бæласы цъарыл. Йæ тых - йæ бонæй къахы къуызыры мыггæгтæ.

Кæсын хъæдхоймæ. Архайы тынг арæхстджынæй: йæхæдæг дæр æфсæст, хъæдæн дæр пайда. Æппæт мыггæгтæ нæ ныхъуырдзæн хъæдхой. Бирæтæ дзы ахаудзысты зæхмæ æмæ суадздзысты æвзартæ. Ныридæгæн дæр цас талатæ зыны миты бынæй! Уыдон иууылдæр равзæрдысты, хъæдхойæн хæргæ - хæрын чи ахауд, уыцы мыггæгтæй. Ныр æз зонын: хъæдхой у хъæд фылдæргæнæг.

( Г. Скребицкий.)

 

11

Текстæй рафыссут нымæцонтæ. Цифрæтæй фыст нымæцонтæ дзырдтæй баивут, сæ ныхмæ сын фæбæрæг кæнут сæ хуызтæ нысаниуæгмæ æмæ арæзтмæ гæсгæ. Нысангонд дзырдтæ хицæнæй рафыссут, сæ ныхмæ сын ныффыссут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Дзырд цъитийæн морфологион æвзæрст ракæнут

 

ХЪÆРÆУГОМЫ ЦЪИТИ

 

Хъæрæугомы цъитийæн йæ дæргъ у 14 километры, йæ фæзуат 35 квадратон километры. Цæгат Ирыстоны цъититæн у се’ ппæты стырдæр. Цæгат Кавказы та йæ асмæ гæсгæ ахсы дыккаг бынат.

Цъитийæн йе’ ппæты ныллæгдæр хай æрцыд хъæды æмвæзæй дæр бындæр æмæ у денджызы æмвæзæй æдæппæт 2000 метры бæрзонддæр.

Аргъауы хуызæн кæсы адæймагмæ, уæлдайдæр фыццаг хатт чи’ рба-цæуы, уыдонмæ цъитийæн йæ астæуккаг хай. Ам их у сыгъдæг, чысыл æрвгъуыз цъæх, авгау дзы иннæрдæм алцыдæр зыны.

Хъæрæугомы цъитийы конд иртасынмæ - иу арæх цыдысты ахуыргæндтæ. Уыдон куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй 1892 азæй ацы æнусы 70 - йæм азтæм цъитийы дæргъ фæкъаддæр 1250 метры, ома алы аз дæр къаддæр кæны рæстæмбис 10 - 12 метры. Фæлæ уый афтæ мачи бамбарæд, æмæ цъитийæн фесæфынæй, батайынæй тас у. Нæу ын тас, кæд адæм æрдз фесафыныл дарддæр нал архайой, уæд.

(Беруаты Б.)

 

12

Дзырдтæ рафыссут æмæ бацамонут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Нысангонд дзырдтимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

Хъæдхой, æгъдауджын, кæрæдзи, æмпъузынц, нудæс, сабырдзинад, морæ, йæхицæн, фыццæгæм, æвзалы, хъулон, лæггад кæнын, инæлар, къæсхуыр, иу дæсæм хай, фæллой.

 

t1651477947ab.gif13

Бакæсут текст. Ссарут профессионалон дзырдтæ. Вазыгджын мивдисджытæ рафыссут, бацамонут сын сæ цæсгом нымæц, афон. Нысангонд дзырд морфологион æвзæрст ракæнут.

ФЫНЫ ДÆР – КУСГÆ

 

Сальвадор Далийы нывты сюжеттæй дæр бирæтæ райгуырдысты фыны.

Номдзыд сюрреалист - иу йæ къухмæ згъæр уидыг райста, афтæмæй - иу мольберты цур рæдзæ - мæдзæ кæнын байдыдта. Фыны алыхуызон фантастикон фæлгонцтæ уыдта. Уидыг - иу йæ къухæй куы’ рхауд, уæд - иу уый зæллангмæ фехъал æмæ - иу, цы федта, уыдон æвæстиатæй ныв кæнынмæ февнæлдта. Кæд - иу фыны уадиссагæй ницы федта, уæд та - иу Дали æндæр «æххуысгæнæг» ссардта.

( «Мах дуг»)

14

Рафыссут текст. Кæм æмбæлы, уым сæвæрут стъæлфытæ. Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут. Ссарут тексты вазыгджын дзырдтæ, сæ быны сын бахахх кæнут, бацамонут сын сæ арæзт. Дзырд дзæбидыр фонетикон æвзæрст ракæнут.

 

ДЗÆБИДЫРТÆ

 

Дзæбидыртæ сты нæ æрдзы фидауц уыдон фенæн ис хæхтæн сæ бæрзонд…æр бынæ…ты, æнусон цъититæм æввахс се рагъыл ис тар тæлм сæ сыкъатæ фы…цаг фæйнæрдæм фæцыдысты, стæй æнгуырау фæстæмæ фæкъæдз вæй…ынц дзæбидыртæн сæ хизæн бынæ…тæ ивынц рæстæгмæ гæсгæ митджын зымæг сæхи æрисынц хъæдмæ æв…ах сæрдыгон та фæхизынц цъититы цур фæхизынц сæумæрайсом æмæ изæрдалынгты дон фæнуазынц райсомæй дзæбидыртæ сты тынг къæрцхъус, цырддзаст.

(Самбегаты Г.)

15

Галиу цæджындзы цы дзырдтæ ис, уыдонæн сæ синонимтæ ссарут иннæ дыууæ цæджындзы, рафыссут сæ. Алы цæджындзæй дæр дыууæ дзырдимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ, ныффыссут сæ.

 

хъæздыг цырд ныхджын

налат дзыназын исджын

тагъд къæсхуыр æдзæллаг

кæуын ницæййаг тæнтъихæг

мæллæг бонджын тъизын

æгуыдзæг къæйных рæвдз

 

16

Æмбисæндтæ рафыссут. Антонимты бын бахахх кæнут. Æмбисæндты хъуыды бамбарын кæнут. Дзырд ратардта дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут.

 

1. Сау хохæй урс дур нæ ратулдзæн.

2. Æргомæй – зарæг, сусæгæй – хъарæг.

3. Æвзæрæн бын ма ныууадз, хорзæн бын ма скæн.

4. Абон дæ куыд хъæуы, райсом дæр дæ афтæ хъæудзæн.

5. Æддагон мыст мидæггагон мысты ратардта.

 

17

Æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады ахæм номивджытимæ: цæсгомон, здæхгæ,амонæн æмæ фарстон. Хъуыдыйæдтæ ныффыссут. Атасындзæг кæнут цæсгомон номивæг 1 – аг цæсгом, иууон нымæцы æмæ здæхгæ номивæг 3 – аг цæсгом, бирæон нымæцы.

 

18

Лæвæрд хъуыдыйæдтæ ныффыссут кæрæдзи фæдыл афтæ, цæмæй сæ æххæст текст рауайа. Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут. (Иу абзацæй иннæмæ нæ хъæуы хъуыдыйæдтæ хæссын.) Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут. Мивдисджыты бын бахахх кæнут, сæ сæрмæ сын фæбæрæг кæнут сæ афон. Иу мивдисæг дзы 3 афоны дæр аифтындзæг кæнут. 1 – аг абзацы номдартæн сæ сæрмæ фæбæрæг кæнут сæ хауæнтæ.

 

Мæлдзыг къæцæлмæ сбырыд æмæ фервæ…т. Бæлон æй ауы…та. Мæлдзыг суадоны ны…хаудта. Ба…пæрста йæ доны мæлдзыгмæ. Къæцæл йæ дзыхæй фелвæ…та. Фæтæригъæд ын ко…та.

Фелхыскъ кодта цуаноны къух. И…нæ бон цуанон йæ къæ…пæгæй бæлон æрцахста. Къæ…пæг æрхауд, æмæ бæлон ата…т. Къæ…пæг куы систа цуанон, уæд мæлдзыг сбырыд цуаноны къухмæ.

 

19

Лæвæрд дзырдтæй саразут хъуыдыйæдтæ, ныффыссут сæ. Алы хъуыдыйады фæстæ дæр къæлæтты рафыссут дзырдбæстытæ. Дыккаг хъуыдыйад хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ равзарут.

 

1. Бæрзонд, Хетæгкаты Къостайы, астæу, Нар, райгуырæн, ис, хæхты, хъæу.

2. Хæхты, йæ, зымæг, дзæмбытæ, бæрзæндтыл, урс, æрæвæрдта.(Дзесты К.)

3. Уыгæрдæнты, рæгъæуттæ, сойджын, фосы, фырнæрдæй, къах, сæ, айсын,

фæфæразынц, нал. (Хъайтыхъты А.)

4. Дарæсæй, Иры, сæхи, хъæдтæ, ног, уæлвæзтæ, сфæлыстой, быдыртæ, цъæх.

(Барахъты Г.)

 

20

Лæвæрд номдартæм ныффыссут æмбæлон миногонтæ . Фондз дзырдбастимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады, ныффыссут сæ.

 

Мад, хур, хъæд, сывæллон, Ирыстон, ахуыргæнæг, лæппу, хæдзар,

зымæг, чындз, рувас, хъуыдыйад, æмбал, къаба, фæззæг.

 

21

Ныффыссут номдартæ бирæон нымæцы. Бацамонут, кæд фыст цæуынц номдартæ бирæон нымæцы тт, дт – имæ. Иууон æмæ бирæон нымæцы номдартæй фæйнæ дыууæимæ хъуыдыйæдтæ ныффыссут.

 

Фырт, хъæд, хæдзар, æмбал, кард, аргъау, фыййау, бæркад, худ, фæрæт, сырд, зæвæт, дзырд, фат, хæсгард, сахат, лæггад.

 

22

Текст бакæсут. Рафыссут нымæцонтæ дзырдтæй. Фæбæрæг кæнут, цавæртæ сты сæ нысаниуæгмæ æмæ сæ арæзтмæ гæсгæ. Нысангод хъуыдыйад рафыссут, хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ йæ равзарут. Ссарут тексты сæрмагонд номдартæ.

 

ÆМБÆХСТ ХÆЗНАТÆ – ДЗАБЫРЫ

 

Хæзнатæ æмбæхсын кæд райдыдтой, уый зын сбæрæггæнæн у, фæлæ сæ кæмыты æмæ цæм æмбæхстой, уыдонæй бирæтæ раргом сты. Ныронг цы хæзнатæ ссардтой, уыдонæн сæ фылдæр разындысты дурынты. Баныгæдтой- иу сæ зæххы. Сисамады-иу чи разынд, ахæм хæзнатыл дæр-иу сæмбæлдысты. Фæлæ йæ хъæздыгдзинæдтæ исчи дзабыры бамбæхста, зæгъгæ, ахæм адæм фыццаг хатт фехъуыстой. Дзабыры хæзнаты æвæрæн ссардтой Голландийы археологтæ. Зæронд дзабыры разынд 477 æвзист æхцайы. Роттердамы ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй æхцатæ уагъд æрцыдысты 1474 азæй 1592 азы æхсæн. Археологты хъуыдымæ гæсгæ æхцаты хицау йæ хæзнатæ бамбæхста Испанийы ныхмæ 80 азты хæсты рæстæг (1568 – 1648 азты).

(журнал «Ногдзау» - æй)

 

 

М И В Д И С Æ Г

 

1

Рафыссут текст. Мивдисджыты бын бахахх кæнут, сæ сæрмæ сын фæнысан кæнут цæугæ у æви æдзæугæ, уый. Номдарты сæрмæ хауæнтæ фæбæрæг кæнут. Дзырд тымыгъ фонетикон æвзæрст ракæнут.

 

Халон баргъæвст сындзыл… Даргъ æхсæв фыдбонæй

Уад тымыгъ хæссы… Цардудæн хуыздæр…

Сау айнæджы рындзыл Рухс цæуы кæронæй, -

Нары хъæу хуыссы… Бадынц ма кæмдæр.

 

* Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ? Чи у сæ автор? Цавæр уацмыстæ ма йын зонут?

 

2

Рафыссут мивдисджытæ дыууæ къордæй: цæугæ æмæ æдзæугæ мивдисджытæ. Дыууæ цæугæ æмæ дыууæ æдзæугæ мивдисæгимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ, ныффыссут сæ.

 

Тауын, худын, бадын, æвзарын, нымайын, кæуын, гæпп кæнын, нæмын, лидзын, фыссын, нуазын, цæрын, тагъд кæнын, æрвитын, агурын, тæрсын.

 

3

Саразут лæвæрд мивдисджытæй ивгъуыд афоны формæтæ æмæ сæ афтæмæй ныффыссут. Зæгъут, цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ? Фæстаг дыууæ мивдисæгимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады, ныффыссут сæ.

 

Хойæм, лæмарæм, уарæм, кæрдæм, фасæм, луарæм, узæм, æмпъузæм, сæттæм, æлвисæм, фæрсудзæм.

Хуызæг: хойæм – хостам

 

4

Рафыссут ивгъуыд афоны мивдисджытæ, сæ бындурты бын сын бахахх кæнут, сæ ныхмæ сын ныффыссут нырыккон афоны формæтæ. Тексты ссарут вазыгджын дзырдтæ, семæ сын фæйнæ хъуыдыйады æрхъуыды кæнут. Нысангонд дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый фæбæрæг кæнут. Хицæнæй рафыссут иууон нымæцы номдартæ, сæ ныхмæ сын фыссут бирæон нымæц.

 

ДОМБАЙ ÆМÆ КЪОГЪОТÆ

 

Иухатт дын домбай

Фæцæйцыд кæмдæр,

Саухъæды цоппай

Фæкæны ныр дæр.

Уæд ыл къогъотæ

Æрæмбырд сты :

Чи – йæ къæдзилы бын,

Чи – йæ дæлæртты,

Фындзыхуынчъыты дæр

Сбырыдысты.

Домбай афтæ стыхст

Къогъоты хæстæй –

Уæрдæхау здыхст,

Сæр хоста мæстæй.

Йæхи ныттыдта –

Йæ цæсгом, йæ риу.

Къогъоты хæстæй

Сцъæхтæ йæ фиу.

Кæсут, домбайæн

Йæ туг куыд калынц.

Æмвæндæй бирæ –

Къæдзæх дæр халынц.

( Гæдиаты С.)

 

* Йæ жанрмæ гæсгæ цавæр литературон уацмыс у? Æрдзурут ын йæ сæйраг хъуыдыйыл.

 

 

5

Сбæрæг кæнут, лæвæрд мивдисджытæ кæцы здæхæнты сты, уый. Алы здæхæнæй дæр иу мивдисæгимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад,ныффыссут сæ.

 

Хæрын, хордтон, хæрдзынæн; цæрин, цардаин, цардаис, цæрис; цæуон, цæуай, цæуат; уарз, уарзут, уарзæт; дзурин, дзырдтаин, дзырдтаиккам; ласын, ластон, ласдзыстæм; æвналон, æвналат, æвналай; бад, бадут, бадæт.

 

6

Бакæсут текст. Рафыссут æргомон здæхæны мидисджытæ, фæбæрæг сын кæнут сæ афон, цæсгом æмæ нымæц. Ссарут хъуыдыйад сидæнимæ, рафыссут æй. Нысангонд фразеологон дзырдбæстытæн ныффыссут сæ синонимтæ.

 

ЦÆЙ МИДÆГ ИС УÆЛАХИЗ?

 

Диссаг уæм хъуамæ фæкæса, Нарты хæрзæджытæ, - райдыдта Батрадз, - фæлæ фæуæлахизмæ сарæхсын мæ зæрдæмæ райстон æз мæ цуанон куыдзæй.

Уый та куыд?! – бафарстой Нарт.

Цуанæй æрбацæйцыдтæн иу хъæуыл, - загъта Батрадз. – Бирæ куыйтæ æрæмбырд ис мæ куыдзыл. «Хæрдзысты мын æй», - загътон мæхинымæры. Уалынмæ кæсын, æмæ куыдз ай – уый нал, фæлæ асхуыста размæ. Æвæдза, ныр куыйтæ фæиугай сты йæ фæдыл, афтæ сæм фездæхта йæхи æмæ сын батыхтæ кодта.

Æмæ уæд бахастон мæ зæрдæмæ: знаджы басæттынмæ куы хъавай, уæд афтæ бакæн, цæмæй знаг фæдихтæ уа, фæхæлиу уа йæ тых. Уæд зын нæу йæ байсафын.

(Нарты кадджытæй)

* Тексты сæйраг хъуыды цæй мидæг ис?

 

7

Аифтындзæг кæнут дыууæ вазыгджын мивдисæджы æргомон здæхæны з афоны дæр. Ивгъуыд æмæ суинаг афоны мивдисджытимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ иу хъуыдыйады, ныффыссут сæ.

 

8

Ныффыссут цыбыр нывæцæн (сочинени) ахæм темæйыл: « Фæззæг Ирыстоны». Спайда кæнут мивдисджытæй æргомон здæхæны, фæбæрæг сæ кæнут уæ куысты.

 

9

Æрхъуыды кæнут æмæ ныффыссут ахæм мивдисджытæ æргомон здæхæны: 2 - аг цæсгом, бир. нымæц, ивгъуыд афон; 1 - аг цæсгом, иууон нымæц, суинаг афон; 3 - аг цæсгом, бир. нымæц, нырыккон афон. Семæ сын æрхъуыды кæнут фæйнæ иу хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

10

Аифтындзæг кæнут иу цæугæ æмæ иу æдзæугæ мивдисæг бæллиццаг здæхæны æртæ афоны дæр. Фæйнæ иу хъуыдыйады семæ æрхъуыды кæнут æмæ сæ ныффыссут.

 

11

Рафыссут æмдзæвгæйы скъуыддзаг, къæлæтты цы мивдисджытæ ис, уыдон хъæугæ злæхæны æвæрут, афтæмæй. Цавæр здæхæны сæвæрдтат мивдисджытæ? Бацамонут сын сæ цæсгом, нымæц, хуыз.

 

Æз дзыллæйæ къаддæр куы (дарын),

Куы (бафидын) искуы мæ хæс,

Уæд афтæ æнкъардæй нæ (зарын),

Нæ (хъуысын) мæ кæуын хъæлæс.

* Чи у сæ автор ацы рæнхъытæн? Цавæр æмдзæвгæтæ ма йын зонут?

 

12

Аифтындзæг кæн иу хуымæтæг æмæ иу вазыгджын мивдисæг бæллиццаг здæхæны æртæ афоны дæр. Иу хуымæтæг æмæ иу вазыгджын мивдисæгимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

13

Рафыссут текстæй бæллиццаг здæхæны мивдисджытæ, сæ ныхмæ сын фæнысан кæнут: цæсгом, нымæц, афон, хуыз. Нысангонд дзырдтæ рафыссут, зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæ сты. Сæ ныхмæ сын сæ хауæнтæ фæбæрæг кæнут.

 

Æз дæр ахуыргонд куы уаин, чингуытæ куы кæсин… Уæд æз цы бакæнин, æз уæд? Уæд æз… Нæ зонын цы, фæлæ исты бакæнин! Уæд адæмæн се’ ппæты цард дæр схорз уаид. Æмæ уæд мæн дæр адæм афтæ бæрзонд сæвæриккой. Уæд æз дæр уаин Хъазыбеджы хохы хуызæн. Æнахуыргондæй та ницы сараздзынæ.

Уæззау ныуулæфыд Баде.

Æмæ цымæ… ныр æз ахуыр кæнын куы райдаин, уæд та… Гъе! Æмæ мæ ахуыр та чи кæнид, чи? Нæй махмæ ахæм адæймаг. Æмæ искæмæн куы ской кæнис, уæд ма дыл худæгæй дæр амæлид æмæ зæгъид: бакæс - ма уымæ, ахуыргонд куы уаид, уый йæ æрфæндыд! Нæй, сæрмæ уадзинаг нæу ахæм хъуыды…

( Тугъанты Б.)

 

14

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Бадзырдон здæхæны мивдисджыты бын бахахх кæнут, сæ сæрмæ сын фæбæрæг кæнут сæ цæсгом æмæ нымæц. 3 – аг хъуыдыйадæй рафыссут миногонтæ, сæ ныхмæ сын фæбæрæг кæнут, миниуæгæвдисæг у æви ахастæвдисæг. Ставддæрæй фыст дзырдтæ равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.

 

1. Цæй æмæ куыстафон ма кæнон æнцой, царды тынтæ уафон, царды тын – фæллой. (Хуытъинаты Ц.) 2. – Сар дæ къона кодта, дæумæ сагæй, сæгуытæй чи ис, уыдон куы нæ æрæмбырд кæнай, мæн дзы цас фæнда, уыйас дзы куыд аргæвдон, хорз хæринæгтæй мæ хистæрты куыд бафсадон, Уырызмæгæн саджы хъуынæй фæлмæн уат куыд бакæнон! (Нарты кадджытæ.) 3. Уыцы кæрдæгджын къуыппытыл куы нæ фæхизон, мæ фæстаг къæхтыл лæугæйæ хъæды бæлæсты сойджын къалиутæм мæхи куы нæ сивазон, быдыры сыгъдæг уæлдæфæй куы нæ аулæфон, къуыппытæ æмæ дзыхъхъытыл куы нæ фæгæппытæ кæнон, фæлмæн цъæх кæрдæгыл куы нæ атылдтытæ кæнон, уæд мæ мæ цард ницæмæн хъæуы. (Коцойты А.) 4. Кæимæ дзурай, уый зон, цы уай, дæхи уый хон.(Гæдиаты С.)

 

15

Бакæсут текст. Рафыссут æргомон æмæ бадзырдон здæхæны мивдисджытæ дыууæ цæджындзæй. Бацамонут сын сæ цæсгом, нымæц, афон, хуыз, цæугæ у æви æдзæугæ. Алы цæджындзæй дæр фæйнæ мивдисæгимæ хъуыдыйад æрхъуыды кæнут æмæ сæ ныффыссут. Нысангонд дзырдтæ мофологион æвзæрст ракæнут.

 

Куыд уæм фæкæсдзæн, уый нæ зонын, – дзырдта дарддæр Дуда, – фæлæ æз уæ цуры æргом кæнын мæ хъуыдытæ. Уæ зæххæн йæ тæккæ ахсджиаг ис Бæтæйы фыртты къухы. Бæтæ амарди, рухсаг уæд, фæлæ, цымæ, куыд уаид, Бæтæйы фырттæн, зæххыл уæ бар нал цæуы, зæгъгæ, куы бамбарын кæниккат, уæд? Кæд исты змæлой, уæд мæ дыккаг фæнд та уый у: зындгонд куыд у, афтæмæй Хазби амардта кæсгон кънйазы. Уыцы кънйазы хицæттæ ныр дзæвгар рæстæг зилынц нæ фæдыл: сæ туг райсынæн агурынц къухбакæнæнтæ. Æвзæр нæ уаид, Бæтæйы фыртты кæсæджы амæттаг куы скæниккам, уæд. Цы нæ сæфы Цæлоны фырттæ йеддæмæ? Кæннод сын идæдз Хамбечеры Тъæрæсæн куы ахæссын кæниккат, уæд та куыд уаид? Афтæ сын сæ мæсыджы дуртæ иугай – дыгай куы раппариккат, уæд уый фæстæ мæсыг йæхæдæг бындзарæй афæлдæхид. Гъе, уыдон уын мæ фæндтæ Бæтæйы фыртты тыххæй.

(Санаты У.)

* Тексты сæйраг хъуыдыйыл æрдзурут.

 

16

Рафыссут текст. Нысангонд дзырдтæй кæцыдæрты ис рæдыдтытæ æмæ сæ раст рафыссут. Мивдисджыты бын бахахх кæнут, сæ сæрмæ сын фæнысан кæнут здæхæн. Фæдзæхстон здæхæны мивдисджытæ хицæнæй рафыссут, бацамонут сын сæ цæсгом, нымæц, хуыз, цæугæ у æви æдзæугæ. Фæстаг хъуыдыйад рафыссут, равзарут æй ныхасы хæйттæм гæсгæ. Вазыгджын дзырдтæ дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут.

 

Нæу разы Челе йæ сыхæй. Цардуарзон Тæнæг Сых ни цæмæй фæзмынц Челейы. Бульвæрдтæ кæныны æмæ бæлæсты бын быдыны бæсты хæдзары кой фылдæр куы кæниггой, уæд алыбон не згъориккой Челемæ хæрзиуæккур. Ни кæй хъыгдары Челе æмæ нæ уадзы йæхи дæр хъыгдарын: нæ ракæндзæн Челе, йæ хи хæдзарæн пайда кæмæй нæ уа, ахæм хæрзиуæг. Сугсæддæн фæрæт бахъæуы сыхаджы, - æрсæттæд иучысыл Челейы сугдоны суг æмæ ахæсæд фæрæт. Нартхорхойæн дзы ракура сыхаг, - æрхойæд Челейы нартхорæй иу гуыфæ, стæй уæд ахæссæд нартхорхойæн! Уæрдон дзы ракурай, - ралас дзы демæ Челейы кæртæй фаджыс. Сыхаг æнахъом лæппу йын сæмæн кæнын кæна, - ацæуæд иу бон Челейы фыртимæ куыстмæ.

(Сæмæн – цалх цæуыл зилы, йæ уыцы хай.)

* Кæцæй ист у ацы скъуыддзаг? Чи у йæ автор? Æрдзурут ахæм темæйыл: «Кусын хорз у, фæлæ…» (Челейы фæлгонц æрымысгæйæ).

 

17

Аифтындзæг кæнут мивдисджытæ сдзæбæх уын æмæ æхсын фæдзæхстон здæхæны. Зæгъут, кæцы сæ у цæугæ æмæ æдзæугæ? Фæйнæ хъуыдыйады семæ æрхъуыды кæнут.

 

18

Текст рафыссут. Æрхъуыды йын кæнут сæргонд. Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут. Фæдзæхстон здæхæны мивдисджытæ бахахх кæнут æмæ сын сæ сæрмæ фæнысан кæнут сæ цæсгом æмæ нымæц. Бацамонут ставддæрæй фыст дзырдбæстыты нысаниуæг.

 

Иу лæгæн бирæ фыр…тæ уыдис, фæлæ хъæрмуд нæ уыдысты, æмæ сæ цард нæ цыд. Уæд сæм иуахæмы фыд фæдзырдта кæртмæ. Къуымæй сын уисой рахæ...сын кодта. Загъта сын:

Абон хъуамæ уæ тых бафæлварат уисойыл. Чи йæ асæ…та, уый уыдзæн æ…пæты хъаруджындæр.

Фыр…тæ иугай фæархайдтой баст уисой фæдыу…æ кæныныл, фæлæ сæ къухы нæ бафтыд. Уæд сын фыд афтæ:

Æриут - ма йæ ардæм!

Фыд уисой райста, райхæл…та йæ æмæ йæ уисгай сæ…тын райды…та.

Афтæ, мæ хуртæ, сымах дæр æнгом куы уат, уæд уын ничи ницы кæндзæн, уæ цард фæрныгдæр уыдзæн. Иугæй…тæй та уыл алчидæр тых у, уæ хъомыс – къад…æр. Æмæ кæрæдзи æруарзут.

Ацы цау æфсымæртæн зонды хос фæци.

(Ирон æмбисонды хабæрттæ)

* Тексты сæйраг хъуыдыйыл æрдзурут.Цавæр æмбисæндтæ уæ бон у æрхæссын? Хæдзары уæхи бацæттæ кæнут сфæлдыстадон изложени сочиненийы элементтимæ ныффыссынмæ. Уæ куысты спайда кæнут мивдисджытæй алы здæхæнты.дæр.

 

19

 

Ныффыссут мивдисджытæ фæдзæхстон æмæ бæллиццаг здæхæны 2 - аг цæсгомы бирæон нымæцы. Иу хуымæтæг æмæ иу вазыгджын мивдисæгимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

Хуызæг: Æвналын – æвналут, æвналиккат; бæттын – бæттут, бæттиккат.

Æвналын, бæттын, ракурын, æндзарын, лæмарын, бадзурын, ныммæрзын, сардауын, æрбахæссын, схизын, фæхудын, фæныхас кæнын, байрæджы кæнын.

 

20

Бакæсут текст. Рафыссут мивдисджытæ хицæн къордтæй здæхæнтæм гæсгæ. Алы мивдисæгæн дæр йæ сæрмæ фæбæрæг кæнут йæ цæсгом æмæ нымæц. Хицæнæй рафыссут нысангонд дзырдтæ, сæ ныхмæ сын фæнысан кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый.

 

ХУЫРГАРК ÆМÆ ЦЪÆХ БИРÆГЪ

 

Иу бирæгъ хъæдгæрæтты, йе стонг гуыбыны хъуыр - хъуырмæ хъусгæ, фæцæйсыртт - сыртт кодта. Кæсы, æмæ къутæры бын иу хуыргарк æрфынæй. Хуыцау дын хорз зæгъæд – хæпп, æмæ йæ ацахста.

Хуыргарк, хæргæ дæ кæнын.

Де’ гæр калай, цъæх бирæгъ, куыд мæ хæрыс, рувас куынæ дæ, мыййаг.

Рувас нæ дæн, мæ фæрстæ дæ къуыппытæ нæ адардзысты, фæлæ дæ уæддæр хæрын, стонджы мын у.

Уæд та мæ дæ фыдыфыды хæрд бакæн, цъæх бирæгъ, æмæ мæ бафсæдай.

Æмæ - иу уæ мæ фыдыфыд куыд хордта?

Искæй - иу нæ куы’ рцахста, уæд - иу нæ слæууын кодта йæ разы, цæмæй, æхситгæнгæ, бирæ уæлдæф сулæфыдаиккам, ныддымстаиккам, нæ базыртæ дардыл ныззылдтаиккам. Афтæмæй - иу ныстыр стæм, æмæ - иу нæ дæ фыдыфыд йæ мондæгтæ суагъта.

Цъæх бирæгъы зæрдæмæ фæцыдысты йæ зондджын фыдыфыды митæ:

Алæ - ма, уæдæ æхситгæнгæ фылдæр сулæф уæлдæф, ныттил дæ базыртæ æмæ ныстыр уай.

Хуыргарк алæууыд йæ разы. Йæ базыртæ ныххоста йæ фæрстыл, ныхситт кодта…

Чысыл æддæдæр хуыргæрчыты дзуг хызтысты. Куы фехъуыстой сæ туг - стæджы фæдис, уæд хъæргæнгæ уыциу стъæлфт фæкодтой. Бирæгъ сæм кæсгæйæ аззад, æмæ хуыргарк стахти бæласмæ.

Цы фæдæ, цы? – бирæгъ æм уæлæмæ скасти хæлиудзыхæй.

Мæнæ дæн, – бынмæ йæм æрдзырдта хуыргарк.

Æмæ цы аразыс?

Мæ зондджын фыдыфыд - иу де’ дылы фыдыфыдыл куыд худтис, афтæ дыл æз дæр худын.

(«Мах дуг»)

* Тексты сæйраг хъуыдыйыл æрдзурут.

 

21

Текст бакæсут, кæронмæ йæ ахæццæ кæнут. Сæргонд ын æрхъуыды кæнут. Мивдисджытæ рафыссут, фæбæрæг сын кæнут сæ цæсгом, нымæц, афон æмæ здæхæн. Тексты ссарут мивдисæджы æнæцæсгомон формæ. Фыццаг хъуыдыйад рафыссут, равзарут æй ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ. Къæлæтты дзырдбæстытæ рафыссут. Нысангонд дзырд морфологион æвзæрст ракæнут.

 

Иу зымæгон бон фыд йæ фыртимæ галтыл суг æрцæйласта. Фæндагыл схæрдгæнæны галтæй иу нал фæрæзта. Фыд рамæсты æмæ фæллад галы уисæй æрцавта.

- Ма йæ цæв, баба, тæригъæд у, уадз æмæ уал чысыл аулæфа, - загъта лæппу.

Фыд сразы æмæ иуварс нæууыл æрбадт. Уæд фырт галы феуæгъд кодта, æфсондз йæхи уæхсчытыл авæрдта, «цоб», зæгъгæ, фæкодта иннæ галæн, æмæ сугты уæрдон уæлбыл балæууыди.

Фыд фырдиссагæй цавддурау бадгæйæ баззад: искуы ма ахæм фендæуыд – нæ лæппу галæй тыхджындæр у!

Уыцы лæппу уыдис…

* Радзурут, цы зонут уыцы лæппуйы тыххæй. Кæй ма зонут Ирыстоны ахæм тыхджын адæмæй?

 

22

Текст бакæсут. Рафыссут мивдисджытæ æппæрццæгтимæ. Нысангонд мивдисджытæ рафыссут, бацамонут сын се здæхæнтæ, цæугæ сты æви æдзæугæ, уый. Ссарут тексты мивдисæджы æнæцæсгомон формæтæ æмæ сæ рафыссут. Дзырд бафиддзысты равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.

 

АФТÆ ДЗУР

 

Иу лæг йæ сыхаджы фæрсы:

Мæ тохъхъыл фырнæрдæй цæуын нал фæразы, мæ цæст æй аргæвдын нæ уарзы, æмæ йын цы кæнон?

Уæд ын сыхаг афтæ зæгъы:

Аргæвд æй, æдылы, æмæ райсом ахъæр кæн, зæгъгæ, адавдæ мын æй уыди, æмæ дын æй хъалагъуртæ бафиддзысты.

Æхсæвы йын æй йæ сыхаг йæхæдæг адавта. Райсомæй лæг сыхагмæ бафæдис ис:

Дысон мын чидæр мæ тохъхъыл адавта.

Уæд æм сыхаг дзуры:

Гъе! Афтæ дзур, афтæ!

Бауырнæд дæ, æцæгæй мын æй адавдæуыд, æцæгæй!

Гъе, гъе! Афтæ дзур, афтæ! Хорз дзурыс!

(Ирон æмбисонды хабæрттæ)

 

23

Æппæрццæгтæ нæ, нал, ма, мауал – имæ ныффыссут мивдисджытæ 2-аг цæсгомы иууон æмæ бирæон нымæцы, зæгъут, хайыгтæй чи кæцы здæхæнимæ фидауы. Хайыгты бын бахахх кæнут.

Хуызæг: Тыхсын – нæ тыхсыс, нал тыхсыс, ма тыхс, мауал тыхс.

Нæ тыхсут, нал тыхсут, ма тыхсут, мауал тыхсут.

 

Тыхсын, лæууын, æфснайын, хæрын, кæуын, фыссын, худын, уын (уæвын), фæрсын, кæрдын, фыцын, дзурын, тауын, тæрсын, бадын, хонын.

 

24

Текст бакæсут, рафыссут мивдисджытæ æппæрццæгтимæ. Бацамонут сын сæ афон æмæ здæхæн. Нысангонд мивдисджытæ рафыссут, бацамонут сæ цæсгом, нымæц, афон, хуыз æмæ здæхæн. Ссарут фразеологизмтæ, баивут сæ синонимтæй. Фæстаг хъуыдыйад рафыссут, ныхасы хæйттæм гæсгæ йæ равзарут.

 

ДЫУУÆ КÆСАГАХСÆДЖЫ

 

Дыгурон æмæ ирон фæрсæй - фæрстæм ахсынц кæсаг. Иудзæвгар сæ къухы ницы æфтыди, стæй ирон сласта иу чысыл сызгъæрин кæсаг. Кæсы йæм æмæ хъуыды кæны: «Ахæрон æй, æмæ æнгуылдзы сæрæй стырдæр нæу, иу комдзаджы фаг мын не суыдзæнис. Аппарон æй, æмæ абондæргъы иу цъингуыр не’ рцахстон…

Уæд æм кæсаг дзуры:

Ауадз мæ æмæ, цыдæриддæр æрдомай мæ сæрибармæ, уый дын фестын кæндзынæн. Æрмæст дæ ма ферох уæд: дæуæн цы ракæнон, дыууæ ахæмы хъуамæ ракæнон де’ мбалæн.

Ирон фæхъуыды кодта, фæхъуыды кодта…Йæ бацыдмæ йæ къæс æддæгуæлæйæ раивын кæнид…Æмæ уæд дыгуронæн хъуамæ дыууæ галуаны уа! Иу голладжы дзаг сызгъæринтæ ракурид… Æмæ уæд дыгуронæн хъуамæ дыууæ голладжы дзаг сызгъæрин радта!..

Катайы бахаудта, хуыздæрæн цы райса сызгъæрин кæсаджы сæрибармæ?

Стæй иу рæстæджы йе’ рхъуыдыйæ ныррухс йæ зæрдæ, æмæ ныллæгъстæ кодта сызгъæрин кæсагæн: «Мæ иу цæст мын акъах».

( «Мах дуг»)

* Тексты сæйраг хъуыдыйыл æрдзурут.

 

25

Æппæрццæг хайыгтæ нæ, нал, ма, мауал мивдисджытимæ куыд уой, ахæм 4 хъуыдыйады æрхъуыды кæнут, уæ тетрæдты сæ ныффыссут.

 

26

 

Уыцы иу хъуыдыйад ныффыссут 4 хайыгимæ дæр. Зæгъут, цавæр хицæндзинæдтæ ис се’ хсæн?

 

27

Алыхуызон разæфтуанты руаджы мивдисджытæ ласын, хъусын æмæ хъуыды кæнын – æй саразут ног мивдисджытæ. 4 – имæ дзы æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут уæ тетрæдты.

 

28

Бакæсут текст. Рафыссут мивдисджытæ, разæфтуантæ фæнысан кæнут. Сæ ныхмæ сын фыссут сæ райдайæн формæ (æбæлвырд формæ) æнæ разæфтуанæй. Ставддæрæй фыст дзырдтæй орфографион рæдыдтытæ кæцыты ис, уыдон рафыссут æнæ рæдыдæй. 1 - аг абзацæй номдартæ рафыссут, сæ хауæнтæ сын фæбæрæг кæнут.

 

БИРÆГЪЫ ­ ЛÆППЫН

 

Хъæды цард бирæгъы лæппын йæ мадимæ. Иухатт мад ацыд йæхицæн хæринаг агурæг. Бирæгъы лæппыны æрцахста цуанон, голладжы йæ сæвæрдта æмæ йæ æрхаста горæтмæ. Уаты астæу æрæвæрдта йæ голлаг.

Бирæгъы лæппын рабырыд голлагæй. Иуырдæм акаст æмæ фæтарст – къуымæй йæм кæсы адæймаг. Иннæрдæм акаст – дынджыр сау гæды футтытæ кæны, йæ фарсмæ куыдз та йæ дæндæгтæ нызыхъыр кодта.

Ноджы тынгдæр фæтарст лæппын. Архайы фæстæмæ голладжы бабырыныл, фæлæ – нæй, нæу йæ бон. Амбæхст бандоны бын.

Дыггаг бон цуанон ацыд. Къусы æхсыр ныгкодта æмæ йæ зæххы ныуахта. Куыдз æмæ гæды æхсыр райдыдтой сдæрын.

Бирæгъы лæппын рабырыд йæ бынатæй. Бабарыд дуары цурмæ, дуар – гом. Дуарæй разгъордта асинтæм, асинтæй уынгмæ, уынгæй цæхæрадонмæ, цæхæрадонæй быдырмæ. Быдыры фале ис хъæд. Хъæды та цæры йæ мад. Базыттой мад æмæ лæппын кæрæдзийы. Иумæ фезгъорынц хъæды.

(Е. Чарушин.)

 

Хуызæг: цард – цæрын

ацыд – цæуын æмæ а. д.

* Тексты сæйраг хъуыдыйыл æрдзурут.

 

29

Дыууæ номдар æмæ дыууæ минногоæй æххуысгæнæг мивдисæг кæнын – ы руаджы саразут вазыгджын мивдисджытæ. Мивдисджытимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ иу хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

30

Рафыссут текст, цухгонд дамгъæтæ æххæсстгæнгæйæ. Мивдисджыты бын бахахх кæнут æмæ сын бацамонут сæ дзырдарæзт. Сæ сæрмæ сын фæбæрæг кæнут се здæхæнтæ. Дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут дзырд баныгæдта. Фыццаг хъуыдыйады æрхæцæн нысæнттæ сæвæрут, сæ растфыссынад сын бацамонут.

 

ЧЪЫНДЫ ЛÆГ

 

Иу чъынды лæг йæ исбон иу…ылдæр ауæй кодта сызгъæрины къæр…т дзы балхæ…та сисы бын æй баныгæ…та æмæ йæм алы бон дæр уынæг цыдис.

Иу чидæр æй бафи…пайдта æмæ йын йæ сызгъæрин ада…та. Чъынды лæг уый куы базы…та, уæд æрдиаг кæнын æмæ йæ сæрыхъ…ынтæ тонын райды…та. Цавæрдæр фæнда…гон æй фе…та æмæ, хабар куы базы…та, уæд æм дзуры:

« Дæхи ма хæр: дур сæвæр ацы ран æмæ дæхинымæр хъу…ды кæн, цыма сызгъæрины къæр…т у. Ам сызгъæрин куы уыд, уæд…æр дзы ницы пайда ко…тай».

Æмбисонд амоны: исбонæй пайда куы нæ кæнай, уæд ницæмæн хъæуы.

(Эзоп)

* Æмбисонды хъуыдыйыл æрдзурут. Цардæй исты дæнцæгтæ æрхæссут.

 

31

Мивдисджытæ рафыссут цыппар къордæй здæхæнтæм гæсгæ. Алы къордæй дæр иу мивдисæгимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад æмæ сæ ныффыссут.

 

Æмбардзынæн, хæцыдис, хъæрзиккой, фæцæрæд, æмпъузы, лидза, ахуыр кæн, балхæнин, курынц, ацæуат, ма дзурут, æвнæлдтам, рувæнт, лæгъстæ кодта, лæууыдаид, хъуыды кæндзынæн, æмбæхсай, фыстаис, æрласа.

 

32

Æрхъуыды кæнут 2 цæугæ æмæ 2 æдзæугæ мивдисæджы, аифтындзæг сæ кæнут æргомон здæхæны 3 афоны дæр. Иу цæугæ æмæ иу æдзæугæ мивдисæгимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

33

Мивдисджытæ сæвæрут бæллиццаг æмæ фæдзæхстон здæхæнты, сæ ифтындзæг сын ныффыссут.

 

Æлвисын, лæбурын, судзын, нæмын, курын, кувын, фыцын, кæрдын.

 

34

Текст рафыссут. Цухгонд дамгъæтæ сæвæрут. Æрхъуыды йын кæнут сæргонд. Мивдисджыты бын бахахх кæнут, сæ сæрмæ сын фæбæрæг кæнут, цæугæ у æви æдзæугæ. Ставддæрæй фыст хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ, рафыссут дзы дзырдбæстытæ.

 

Хъæуы кæрон гæды хъазыд йæ лæ…пынтимæ. Тавта сæ уалдзыгон хур. Уыдысты амон…джын.

Æви…пайды сыл кæцæйдæр цæргæс йæхи рауа…та,фæлæбур…та лæ…пынтæй иумæ. Фæлæ йæ къухы стæхын нæма бафтыд, афтæ йыл гæды йæхи ны…цавта. Цæргæс лæ…пыны фæуагъта æмæ йæхи ны…цавта гæдыйыл. Сцырын карз тох.

Цæргæс архай..та йæ тыхджын базыртæй, йæ фидар бырынкъ æмæ йæ даргъ ныхтæй. Гæдыйы царм гæбазгай ны…тыдта, скъахта йын йæ цæст. Фæлæ гæды нæ фæтарст. Йæ ныхтæ цæргæсы ны…сагъта æмæ йын фæхъæн кодта йæ базыр.

Райдыдта гæды уæлахиз кæнын, фæлæ ма уæд…æр цæргæс фидар лæ…уыд. Рамбырд кодта гæды йæ фæстаг тыхтæ, ны…цавта цæргæсыл йæхи, афæлдæхта йæ зæххыл. Аты…та йын йæ сæр. Уыцы минут гæды йæхи рыстытæ ницæмæ æрдаргæйæ, райдыдта сдæрын йæ лæ…пыны хъæдгæм…тæ.

(К.Ушинский)

* Тексты сæйраг хъуыды цæй мидæг ис? Саразут текстæн пълан æмæ йæ ныффыссут.

 

35

Текст бакæсут. Рафыссут мивдисджытæ, фæнысан сын кæнут сæ цæсгом, нымæц, афон, хуыз, здæхæн. Дыууæ мивдисæджы аифтындзæг кæнут ивгъуыд афоны æргомон æмæ бæллиццаг здæхæны. Фыццаг хъуыдыйад рафыссут. Цы мивдисджытæ дзы ис, уыдон морфологион æвзæрст ракæнут. Ссарут тексты æмхуызон уæнгтæ, бакæсут сæ хъæрæй. Нысангонд дзырд равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.

 

Цырдгомау бауади Афæхъо фæндырмæ, райста йæ, æмæ алы æвзагæй райдыдта уасын фæндыр. Цагъдæн æнгом ифтонг æмбал æрбалæууыдис Афæхъойæн йæхи хъæлæс.

Æмæ æмбисæндтæ æвдыста зард. Цыма - иу сæдæ алыхуызон хъæлæсы баиу сты, æрзылдысты - иу дæрдтыл, къуымты, быдырты, хæхтыл. Куы – иу адард сты хъæлæстæ, уæд - иу фæсындæгдæр ис сæ тых. Куы - иу разылдысты, уæд та - иу тыхджынæй - тыхджындæр райдыдтой хъуысын.

Бæрæг уыди, дымгæ дæр сæ радав - бадав куыд кодта, куыд сæ - иу фæмынæг кодта рæстæггай, уый.

Нæ баззадис сыхы ахæм адæймаг, - стырæй, чысылæй, нæлгоймагæй, сылгоймагæй, - зард æмæ цагъд фехъусгæйæ уырдæм чи не’ руади хæстæг.

(Барахъты Гино)

 

* Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, фæндыр куыд фæзынд, уыцы таурæгъ. Зæгъут уæ хъуыдытæ ирон фæндыр, ирон зарæджы тыххæй. Кæй зонут ирон фæндырдзæгъдджытæй, зарæггæнджытæй, композитортæй æмæ а. д.

 

МИНОГМИ

 

1

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Миногмиты бын бахахх кæнут, сæ фæстæ сын къæлæтты фыссут, цы мивдисджытæй арæзт æрцыдысты, уыдон. Миногмиты фæсæфтуантæ фæнысан кæнут. Фæстаг хъуыдыйад равзарут ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.

 

1. Уæлæуæз, хохы цъуппыл, сагъд къæцæлау баззадис иунæг хæххон дидинæджы хъæд.(Гæдиаты Ц.) 2.Тарст æмæ та хъуыдытæй тыхст Барис мæйдары дуртыл фæкалд æмæ ахаудта Елызбарты раз хæрды.(Мамсыраты Д.) 3. Докладкæсæг лæппу уæндонæй раныхас кодта æмбырды. 4. Се’ ппæтæн дæр тыхст æнгас, се’ ппæт дæр æнпхуыр цæстæй кæсынц ахстытæм. (Хъуылаты С.) 5. Адæмы сæрвæлтау тохгæнæг хъæбатырты, рæстдзинадыл дзурæг диссаджы æрдхæрæны кæхц уыд Уацамонгæ. (Нарты кадджытæ.) 6. Лæмæгъ сты йæ къæхтæ, ризынц йæ къухтæ, фæлæ йæ хъæлæс нырма фидар у фæлтæрд хъæбатыр лæгæн. (Адæмон сфæлдыстад.) 7. Фаризæт æхсинаг дзаумæттæ рахаста кæртмæ.

 

2

Саразут мивдисджытæй мингмитæ фæсæфтуантæ - æг, - д, - инаг – ы руаджы. Æртæ миногмиимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

Кæрдын, бæттын, уидзын, амайын, хæрын, лæууын, цæуын, судзын, зарын, дарын, марын, давын, æфснайын.

 

3

Рафыссут дзырдбæстытæ дыууæ цæджындзæй: фыццаджы – миногон номдаримæ, дыккаджы та – миногми номдаримæ. Атасындзæг кæнут фыццаг æмæ дыккаг дзырдбасты.

 

Æхгæд рудзынг, амондджын бинонтæ, рæсугъд чызг, ахст цъиу, зондджын чызг, саст дурын, уæздан ныхас, æфсæст хъыбыл, тæнæг гæххæтт, марзт уынг, фыдуаг лæппу, пиринаг къуымбил, бæрзонд бæлас, уазал бон, æлхæд дзабыртæ, амаинаг хæдзар, хъулон къаба, уайсадæг чындз, сабыр род, æрцæуæг адæм, ирон дзырд, аразинаг хъуыддаг.

 

4

Текст рафыссут. Ссарут нырыккон афоны миногмитæ, фæбæрæг кæнут фæсæфтуантæ. Хицæнæй рафыссут мивдисджытæ æмæ сын бацамонут сæ цæсгом, нымæц, афон, хуыз æмæ здæхæн. Нымæцонтæ фыссут дзырдтæй. Тексты ссарут вазыгджын дзырдтæ æмæ сæ рафыссут. Зæгъут, миногмитæ хъуыдыйады цавæр уæнгтæ сты.

 

КÆСАГАХСÆГ ЧЫЗГ

 

Хуссайраг штаты цæрæг цыппæрдæсаздзыд скъоладзау Петси Беркинмæ хæлæг кæнын байдыдтой фæлтæрдджын кæсагахсджытæ дæр. Æвзонг чызг æртæ сахаты бæрц фæтох кодта æмæ иттæг хорз сарæхст, йе’ нгуырыл цы стыр акулæ ныххæцыд, уый донæй сласынмæ. Денджызон тугдзыхы уæз разынд 90 килограммы, афтæмæй æрыгон кæсагахсæг чызгæн та йæхи уæз уыд 39 килограммы.

Петси йæ фыдæн лæгъстæ кæны, цæмæй йæ ауадза кæсагахсджыты чемпионаты архайынмæ. Ахæм чемпионат алы аз дæр арæзт æрцæуы Австралийы Уэльсы штаты.

(Журнал «Ногдзау» - æй.)

 

5

Мивдисджытæй саразут нырыккон афоны миногмитæ. Миногмитæм бафтаут æмбæлон номдартæ æмæ сæ ныффыссут. Æртæ дзырдбастимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ.

 

Хуызæг: Аразын – аразæг завод, зарын – зарæг лæппу.

Аразын, зарын, кусын, дзурын, æфснайын, бадын, амонын, дзæбæх кæнын, агурын, мæт кæнын, нымайын, лæггад кæнын.

 

6

Мивдисджытæй саразут нырыккон афоны миногмитæ æмæ сæ ныффыссут иууон æмæ бирæон нымæцы. Атасындзæг кæнут иу миногми иууон нымæцы, иу та – бирæон нымæцы.

Кæрдын, рувын, марын, мæрзын, дуцын, уæй кæнын, æлхæнын.

 

7

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Ссарут ивгъуыд афоны миногмитæ æмæ сын сæ фæсæфтуантæ фæбæрæг кæнут. Миногмитæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ цавæртæ сты, уый фæнысан кæнут. Дзырдтæ хæрзарæзт æмæ æвхæрд равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ. Цавæр мивдисджытæй рауадысты?

 

 

1. Хорз хылæй æвзæр фидыд хуыздæр у , зæгъгæ, акæнынц, гъемæ фидыдыл ахицæн уæд нæ хъуыддаг. (Санаты Уари) 2. Мах фæндыдис фыдгулы къухæй цæф æмæ æфхæрд горæты уынгтыл разилын, фæлæ нæ хъыгдардта æхсæв. (Джимиты Г.) 3. Афтæ нæм кастис, цыма знагæй уæгъдгонд Алагир уыдис фынæй стыр хъизæмар æмæ фыдбоны фæстæ.

(Джимиты Г.) 4. Кæсгон бæхтæ хæрзарæзт, сæ уидæттæ скъуынынц, æвзист æмæ сызгъæрин æнæнымæц æрттивынц. (Хъуылаты С.)

 

8

Мивдисджытæй саразут ивгъуыд афоны миногмитæ, уыдонæй та ивгъуыд афоны 3 – аг цæсгомы иууон нымæцы мивдисджытæ. Дзырдты иумæйаг хай бахахх кæнут. Дыууæ цæугæ æмæ дыууæ æдзæугæ мивдисæгæй арæзт миногмитимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.

 

Æлхъивын, бадын, ссæндын, сафын, æмпъузын, æрвитын, рувын, хафын, бæттын, фадын, ласын.

9

Лæвæрд скъуыддзæгтæ рафыссут. Миногмитæ хицæнæй рафыссут, сæ афон сын фæбæрæг кæнут, сæ ныхмæ сын къæлæтты ныффыссут, цавæр мивдисæгæй арæзт æрцыдысты, уый. Миногмиты фæсæфтуантæ фæнысан кæнут, зæгъут, миногмитæ хъуыдыйады цавæр уæнгтæ сты, уый. Нысангонд дзырдты сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Иу дзырд дзы морфологион æвзæрст ракæнут.

 

1) … Змæст доны уылæн æррайау

Схъиуы фæдисонæй тагъд;

Айнæгыл сæмбæлы фатау,

Размæ гуылфгæнгæ – йæ тахт.

 

2) … Усы уæд ничи ныццавта;

Уый сæм - иу худинаг каст.

Абон Жордани ныккалдта

Сидзæргæс усыл йæ маст!

 

Чи баззад хъæуты æнæлыгъд,

Ахæмты æфсад цæгъдынц.

Зæрæдтæ, сабитæ’ нæ хыгъд,

Дойны’ мæ стонгæй мæлынц…

(Плиты Х.)

 

 

10

Бакæсут текст. Рафыссут мивдисджытæ, саразут сæ суинаг афоны миногмитæ æмæ

сын сæ сæ ныхмæ ныффыссут. Нысангонд дзырдтæ хицæнæй рафыссут æмæ сын сæ ныхмæ фæбæрæг кæнут,цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Тексты ссарут здæхгæ номивджытæ æмæ сæ рафыссут. Нымæцон дзырдтæй ныффыссут æмæ йæ атасындзæг кæнут. Зæгъут, цавæр нымæцон у йæ нысаниуæгмæ æмæ йæ арæзтмæ гæсгæ.

 

ЕДЗИТЫ СОСЛÆМБЕГ

 

Ирон адæмон аивады сæрмагонд бынат ахсы Едзиты Сослæмбеджы хæдбындур курдиат. Уый райгуырди 1878 азы Ходы хъæуы. Фæстæдæр ралыгъдис Сындзыхъæумæ æмæ йæ амæлæты онг царди æмæ куыста уым. Уым сфæлдыста йæ хуыздæр уацмыстæ дæр, Сарæзта адæмон скульптурæ æмæ архитектурæйы æвæджиауы цыртдзæвæн – дурæй амад дыууæуæладзыгон хæдзар.

Ирон аивад тынг хъæздыг у адæмон сфæлдыстады алы хуызтæй. Едзийы - фырт, кæй зæгъын æй хъæуы, зонгæ уыдис уыдонимæ се’ ппæти-

мæ дæр, уыдта сæ йæхи цæстытæй. Хохаг лæджы фырт, йæхæдæг дæр хохаг уæвгæйæ, уый рæзыдис адæмы’ хсæн, йæ зæрдæмæ арф иста адæмон аивад, ахуыр ыл кодта. Уый уæлдай тынгдæр фæзынд, йæхæдæг цы цырт-

дзæвæнтæ сарæзта, уыдоныл.

(Дзантиаты А.)

* Кæй ма зонут Ирыстоны номдзыд адæмтæй?

 

11

Мивдисджытæй саразут 3 афоны миногмитæ, рафыссут сæ. Алы хуызы миногмитæй дæр фæйнæ 2 – имæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут уæ тетрæдты. Мивдисджытæй кæцы у æдзæугæ? Аифтындзæг æй кæнут ивгъуыд афоны æргомон здæхæны.

 

Тæхын, хуыйын, æндзарын, кæрдын, амайын, фадын, тауын, ахсын.

 

12

Рафыссут æмбисæндтæ. Мивдисджытæ хицæн цæджындзæй рафыссут, бацамонут сын сæ цæсгом, нымæц, хуыз, афон, здæхæн.

 

Хуызæг: зайы – 3- аг цæсгом, иу. нымæц, æнæххæст хуыз, нырыккон афон, æргомон здæхæн.

1. Бæлас уидагыл зайы. 2. Бас кæй басудзы, уый доныл дæр фу кæны.

3. Сабыр род дыууæ мады дæйы. 4. Хуры разæй дæр лæг йæ сыхаджы фены. 5. Цы байтауай, уый æркæрддзынæ. 6. Гæдыйы фæндæй куы нæ ахсай, уæд тонгæ кæны.

* Æмбисæндты хъуыды равзарут. Уæ зæрдыл сæ бадарут. Уæхæдæг ма цавæр æмбисæндтæ зонут?

 

13

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Ссарут миногмитæ, сæ быны сын бахахх кæнут æмæ сын сæ сæрмæ фæбæрæг кæнут сæ хуыз. Дыккаг хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæ æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ. Дзырд хъæдхой фонетикон æвзæрст ракæнут.

Фæстаг хъуыдыйады миногми морфологион æвзæрст ракæнут пъланмæ гæсгæ.

 

1. Нæ мæм хъарынц уæ кæфтытæ, уæ зард. Куыд мæ батава давд сугтæй конд арт?! (Дзасохты М.) 2. Бахæццæ сты Нарты гуыппырсартæ дойнаг дурæй амад мæсыгмæ æмæ бахъæр кодтой мидæмæ.( Нарты кадджытæ)

3. Фæлæ Сослан йæ тызмæг ныхмæлæууæгæй нæ фæтарст, уымæй размæ куыд никуы никæмæй фæтарст, афтæ. (Дзасохты М.) 4. Бæгъæввад, скъуыдтæ, æргъæвст æмæ салд сывæллон йæ къух размæ радаргъ кодта æмæ ризгæ хъæлæсæй лæгъстæ кодта. (Гаглойты Р.)

5. Æдзард сæфтæгмæ инæлар ныккаст, цыма дзы ивгъуыд тохы мыртæм хъуыста. (Плиты Г.) 6. Кæрдæг – йæ халæг, дур – йæ аразæг.(Уыци – уыци)

7. Хъæдхой, хъæдхой, хъæдхойæг, нæ бæлæстæм ды зылдтæ, сæ рынсафæг ды уыдтæ. (Быгъуылты Ч.) 8. Бирæ рæсугъд куринаг чызджытæ та æрæмбырд хъазтмæ.

14

 

Алы миногмиимæ дæр æрхъуыды кæнут фæйнæ дыууæ хъуыдыйады: иу ран номдары ролы куыд уа, иннæ ран та – миногмийы. Иу номдар æмæ иу миногми атасындзæг кæнут.

Хуызæг: 1) Хъæды кусæг адæм æрæмбырд сты сихор хæрынмæ.(миногми)

2) Кусæг афойнадыл æрбацыд йæ куыстмæ. (номдар)

Кусæг, хæрд, хæссинаг, лæбурæг, хæринаг, ахуыргонд.

 

15

Атасындзæг кæнут иу миногми æртæ афоны дæр, уый фæстæ та атасындзæг кæнут 3 дзырдбасты: миногон + номдар (миногми хъуамæ уа 3 афоны дæр). Абарут тасындзæгтæ.

16

Тексты абзацтæ раст сæвæрут кæрæдзи фæдыл æмæ йæ афтæмæй рафыссут.

Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут. Сæргонд æрхъуыды кæнут текстæн.Ссарут миногми, йæ фæсæфтуан ын фæбæрæг кæнут. Мивдисджытæ рафыссут æмæ сын бацамонут сæ цæсгом, нымæц, афон, хуыз æмæ здæхæн. Æртæ мивдисæгæй дзы саразут миногмитæ з афоны дæр æмæ сæ ныффыссут. Ставддæрæй фыст дзырдтæ равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.

 

Петрмæ гранат нал уыд. Йæхи размæ а…пæрста. Пулеметы нæмгуытæй цалдæр суад йæ зæнгтыл. Йæ рахиз къух ны…пырх. Æрыгон салдат фæцуды…та. Йæ автомат ахауд йæ къухæй. Уæд…æр ма йæ бон бацис амбразурæмæ бабырын. Йæ риуæй йæ сæхгæ…та.

Петр рахизырдыгæй ауы…та, не’ фсæд…онты нын размæ чи нæ уагъта, уыцы æмбæхст дзот. Йæ амбразурæйыл ын бахста иу гранат, ды…каг. Уæд…æр пулемет нæмыгæзгъалæн кодта.

Барбашов сыстади æмæ ныхъ…æр кодта: «Мæ фæстæ!» Йæхи размæ а…пæрста. Ин…æ æфсæд…онтæ дæр йæ фæстæ азгъорд…ой. Фашис…тæ æхстой пулеме…тæ æмæ автома…тæй. Нæ хæстонтæй - иу куы иу æрхауд, куы ин…æ.

(Гарцуаты Б.)

* Петр Барбашовы хъæбатырдзинадыл æрдзурут.

 

17

Миногмитæ рафыссут 3 къордæй сæ афонтæм гæсгæ. Фæсæфтуантæ фæнысан кæнут.

Алы къордæй дæр фæйнæ миногмиимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.

 

Аразинаг, фæрсæг, æмбæхст, рывд, судзинаг, цæрæг, саст, маарæг, фæдзæхст, хуыинаг, амайæг, нымад, хæссинаг, амонæг, фæрсудзинаг.

 

18

Текст рафыссут, къæлæтты цы мивдисджытæ ис, уыдон хъæугæ цæсгомы, нымæцы, афоны æмæ здæхæны æвæргæйæ. Иу цæугæ æмæ иу æдзæугæ мивдисæгæй саразут æртæ афоны миногмитæ дæр æмæ сæ ныффыссут. Тексты ссарут миногмитæ æмæ сæ бахахх кæнут. Сæ сæрмæ сын фæнысан кæнут сæ хуыз. Иу миногон морфологион æвзæрст ракæнут.

 

ÆНАХУЫР УАЗÆГ

 

«Æрфысым нæм (кæнын) зымæг. Кæд та (ралæууын) уалдзæг? Кæд та нæм (бахудын) хурзæрин?» – (хъуыды кæнын) Сæхмæт, хъæуы хистæр зæронд лæг, уазал пецы фарсмæ бадгæйæ.

Сæхмæты бинойнаг Сæниат саст рудзгуыты бызгъуыртæ (батъыссын). Гыццыл уатмæ рухсы цъыртт нал (цæуын). Æдде та уад (ниуын) æмæ (дзыназын), тымыгъ фæйнæрдæм фæлдзæгъдæн (хæссын), æмæ цæст ницы (уынын), уазал (уæвын) зæронд лæгæн, фæлæ æрхъуыды кæнын йæ бон ницы ( уæвын). Цæмæй арт (скæнын)? Абон суджы къæцæлтæ (фæхæссын), æмæ уыдонæй уæддæр (бахъарм уæвын), фæлæ йын сæ немыцаг афицертæ сæхи уатмæ (бахæссын кæнын). Арт дæр сын йæхæдæг (бандзарын), стæй йæ уæд дуармæ (ратæрын).

( Бесаты Т.)

19

Рафыссут текст. Цухгонд дамгъæтæ бавæрут. Нымæцонтæ дзырдтæй фыссут. Миногмиты бын бахахх кæнут, сæ сæрмæ сын фæнысан кæнут сæ хуыз. Дыууæ миногми морфологион æвзæрст ракæнут. Нысангонд дзырдтæн сæ сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Тексты ссарут æрбайсгæ дзырдтæ æмæ сæ фæбæрæг кæнут.

 

ЕЛХОТА МОРСКАЯ

 

Ацы æмбисонды цау æрцыди 1942 азы хæсты заман. Уыцы бон Елхоты хъæу суæгъд кæнын сæ къухы нæ бафтыд Павловы бригады моряктæн. Фæлæ разæйцæуæг сгарджытæ смидæг сты хъæуысæр. Хæдзæр…æ и…ылдæр разындысты пырх. Иу кæртæй сæм райхъуыст сывæ…оны кæуын. Ды…æйæ арæхстгай бацыдысты кæртмæ. Дуаргæрон иу сылгоймаджы мард. Хæдзары стъолыл сывæ…он телтæй баст. Телы кæрон зæ…ы минæмæ фидаргонд. Февнал – æмæ минæ фæхастаид хæдзар дæр.

Моряктæ райхæлдтой ифтыгъд минæ. Сывæ…оны бушлаты батыхтой æмæ йæ санитарон ротæмæ фæхæццæ кодтой. Ды…аг бон чызгмæ уынынмæ æрбацыдысты Павлов æмæ комиссар Данилов. Сывæ…оны схуыдтой Елхота Морская. 1971 азы, 29 азы фæстæ сбæрæг ис Елхотæйы æцæг ном æмæ мы…аг: Джиоты Садулы чызг Хадизæт.

 

20

Абзацтæ кæрæдзи фæдыл раст равæрут, афтæмæй текст рафыссут. Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут æмæ сын сæ растфыссынад бацамонут. Ссарут тексты миногми æмæ йæ морфологион æвзæрст ракæнут. Ставддæрæй фыст дзырдты сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый.

 

РУВАС ÆМÆ ДУРЫН

 

Схæцыд йæ сæрыл, æмæ йын нал комы. Рувас ратил - батил кæны дурын. Нæй, нал хауы дурын сæрæй.

Рувас донмæ азгъор…та. Кæд æй дон аласид, зæгъгæ. Дурын æцæг фæдæлдон. Фæлæ рувасы дæр йемæ ала…та.

Иу хуымгæрдæг ус йе ’ хсыры дурын къудзиты бын фæуа…та. Уæд дын хинæйдзаг рувас дурынмæ бахъ…ызыд. Ны…тъыста дзы йæ сæр æмæ æхсыр баны…та.

(Аргъау.)

 

ФÆРССАГМИ

 

1

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Фæрссагмиты бын бахахх кæнут, сæ фæстæ сын къæлæтты нысан кæнут, цавæр мивдисæгæй арæзт сты, уый. 4 – æм хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ.

 

1. Гуйман ма цалдæр уысмы йæ мидбынаты алæууыд æнæ фезмæлгæйæ,

Базджейы фæстæ кæсгæйæ. (Тугъанты Б.) 2. Уалынмæ дыууæ лæппуйы

раз, йæ къæдзил тилгæйæ, фегуырди Хъусой. (Коцойты А.) 3. Сырдонæн йæ зæрдæ фехсайдта, цыдæр фыдбылыз мыл æрцыди, зæгъгæ, æмæ æнæ дзургæйæ йæхи фæзылдта æмæ йæ хæдзармæ фæраст.(Нарты кадджытæ) 4. Сослан фембæрста хъуыддаг æмæ цингæнгæ ауадис хабар йæ мадæн фехъусын кæнынмæ. (Коцойты А.) 5. Алчидæр, уыцы сидт нуазгæйæ, ноггуырды ном дзырдта хъæрдæрæй, цæмæй йæ куывды бадджытæ сæ зæрдыл бадарой. (Мамсыраты. Д.)

 

2

Ацы мивдисджытæй саразут миногмитæ. Æрхъуыды кæнут семæ хъуыдыйæдтæ, миногоны ролы куыд уой, уый фæстæ та – фæрссагмийы ролы.

Хуызæг: 1) Лæппу йæ къах ныццавта æмæ хъæрзгæ хъæлæсæй фæхъæр кодта. 2) Рынчын ус хъæрзгæ цыдæртæ æмбарын кæны дохтырæн.

 

Хъæрзын, дуцын, тæхын, уарын, фыцын, згъорын

 

3

Мивдисджытæ цæджындзæй рафыссут. Фæрссагмитæ сæ саразут æмæ сын сæ сæ ныхмæ фыссут. Фæрссагмиты фæстæ къæлæтты фæнысан кæнут, æххæст хуыз у æви æнæххæст. Дыууæ æххæст æмæ дыууæ æнæххæст фæфссагмиимæ фæйнæ хъуыдыйады æрхъуыды кæнут æмæ сæ ныффыссут.

 

Хуызæг : кæсын – кæсгæ, кæсгæйæ (æнæххæст)

бахудын – бахудгæ, бахудгæйæ (æххæст)

Кæсын, бахудын, æууæндын, æрбадын, хæрын, ныццæуын, сафын, фæдзурын, тæхын, æрбахонын, сурын, арвитын, базонын, лæууын.

 

 

4

Саразут мивдисджытæй æххæст æмæ æнæххæст хуызы фæрссагмитæ. Хуымæтæг мивдисджытæй ма саразут вазыгджын формæйы фæрссагмитæ дæр. Дыууæ вазыгджын æмæ дыууæ хуымæтæг фæрссагмиимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут. Фæрссагмиты бын бахахх кæнут.

 

Хуызæг: уынын – уынгæ (æнæххæст), суынгæйæ (æххæст), уынгæ – уынын (вазыгджын); амонын – амонгæ (æнæххæст), бацамонгæйæ (æххæст), амонгæ – амонын (вазыгджын).

 

Уынын, амонын, хауын, ихсийын, стигъын, дон кæнын, зонын, хъарм кæнын, цух кæнын, сидын, хъæр кæнын, ныхас кæнын, мæт кæнын.

 

5

Къæлæтты æвæрд мивдисджытæй саразут фæрссагмитæ фæсæфтуантæ -гæ, -гæйæ – йы руаджы æмæ сæ раст ныффыссут æппæрццæгтимæ. Æртæ фæрссагмиимæ ныффыссут фæйнæ иу хъуыдыйады.

Хуызæг: Нæ (хъусын) – нæ хъусгæ, нæ хъусгæйæ.

 

Нæ (хъусын), æнæ (фенын), æнæ (дзурын), нæ (кусын), æнæ (худын), нæ (сайын), æнæ (фæрсын), æнæ (уромын), нæ (хъазын), æнæ (давын).

 

6

Æрхъуыды кæнут 5 хъуыдыйады фæрссагмитимæ æмæ сæ ныффыссут. Фæрссагмиты бын бахахх кæнут ææмæ сын сæ фæсæфтуантæ фæбæрæг кæнут.

 

7

Вазыгджын мивдисджытæй саразут вазыгджын фæрссагмитæ æмæ сæ ныффыссут.

Цыппар фæрссагмиимæ фæйнæ хъуыдыйады ныффыссут.

 

Фынæй кæнын, тагъд кæнын, мæстæй марын, цæстмæ дарын, хиуыл хæцын, лæггад кæнын, хыл кæнын, хъуыды кæнын, рæджы кæнын.

 

8

Текст рафыссут. Ссарут дзы миногмитæ æмæ фæрссагмитæ æмæ сæ фæбæрæг кæнут. Фыццаг абзацы номдартæн сæ сæрмæ фæбæрæг кæнут сæ хауæнтæ. Иу фæрссагми морфологион æвзæрст ракæнут пъланмæ гæсгæ. Дзырд хæлар фонетикон æвзæрст ракæнут.

 

АРДАУÆН НЫХАС

 

Дыууæ хæлары сæ иуы усы æвзагæй фæхъуындзых сты. Кæрæдзийы æмгæрæтты нал цыдысты, бафидауын сын нал æнтыст. Уæдмæ дын фыдæвзаг усы лæг куы æрбамæлид.

Уый фехъусгæйæ, иннæ хæлар, фæсмон кæнгæйæ, кæугæйæ æрбацæйцыд зианджыны хæдзармæ. Ус æй къæсæрыл куы ауыдта, уæд бахъарæг кодта:

Уæ нæ лæг, мæ царды калд мæсыг, дæлæ дæм дæ хæлар дæр æрбацæуы, ракæс - ма йæм.

Хæлар уый фехъусгæйæ, фенхъæлдта, мæрдтæм дæр ын æвзаг кæны, æмæ йæхи нал баурæдта:

Йæ мæгуырыл æй ныууадз! Мардæй йын уæддæр мауал кæн ардауæн ныхас!

 

9

Рафыссут хъуыдыйæдтæ, нысангонд мивдисджытæй фæрссагмитæ аразгæйæ. Хъуыдыйæдтæ равзарут ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.

Атасындзæг кæнут дзырдбаст ног чындз.

 

1. Мæ кæстæр æфсымæр бады æмæ хæры. 2. Ног чындз æфсæрмы кæны æмæ лæууы къуымы. 3. Знон нæ сыхы сывæллæттæ цыдысты хъæдмæ æмæ зарыдысты. 4. Гыццыл сывæллон куыдта æмæ æрбазгъордта йæ мадмæ. 5. Дзæнгæрæг ныццагъта, æмæ ахуырдзаутæ хъæр кæнынц æмæ згъоынц къласмæ. 6. Мах кæрты бадтыстæм æмæ кæрæдзи æмбæрстам, адджын ныхæстæ кодтам.

 

10

Рафыссут текст, цухгонд дамгъæтæ æвæргæйæ. Æрхъуыды йын кæнут сæргонд. Мивдисджыты сæрмæ фæбæрæг кæнут здæхæн, цæсгом, нымæц. Тексты ссарут фæрссагмитæ æмæ миногми, сæ быны сын бахахх кæнут. Нымæцонтæ дзырдтæй ныффыссут. Иу миниуæгæвдисæг æмæ иу ахастæвдисæг миногон ссарут тексты æмæ сæ хицæнæй рафыссут, равзарут сæ дзырды хæйттæм гæсгæ. Сæрмагонд номдартæ бацамонут.

 

Æмбисæхсæв горæт Дзæуджыхъæуы уынгтæй æмæ хæдзæр…тæй

рухсы цъыр…т дæр куынæуал кæлид, уæддæр иу ранæй æр…тивид сырх пил…он калгæ æнусон цырагъ. Уый судзы цæхæркалгæ æхсæв дæр æмæ бон дæр., æ…пынæдзух, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма су…дзæн цæргæ -цæрæнбонтæм, цалынмæ зæ…хы къорийыл адæймаг цæра, нæ фыдæлты загъдау, цалынмæ хохы дур тула, быдыры цалх зила.

Горæты ху…саргæрон, Дайраны номдзыд фæндаг кæцæй райдайы, уым бæрзонд фæцыд Цæгат Ирыстоны тæ…кæ бæрзонд…æр цыртдзæвæн.

У кæрдгæдурæй амад æмæ кæсы горæтмæ бæлæсты сæрты. Фæндаджы’ рдæм цырты фарсыл фæтæн бронзæйæ къæйтыл фыст:

Ам ныгæд сты , 1919 азы урсгвардионтимæ тохы цы 17 мин æфсæд…оны, къамандиры, политкусæджы æмæ сырх партизаны фæмард, уыдон. Æнусмæ кад æмæ ном, Советон хицауады сæра…понд йæ цард чи радта, уыцы хъæбатыртæн!

Цырты хъæбысы судзы æнусон арт. Бон дæр æмæ æхсæв дæр цырт никуы кæны дидинæгæй цух, стæй æрбацæуæг адæмæй.

( Дзесты К.)

11

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Ссарут фæрссагмитæ æмæ сæ пъланмæ гæсгæ равзарут.

Дзырд фæбырыдысты дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут.

Дзырд æрхæндæг - мæ ныффыссут синоним æмæ антоним.

 

 

1. Рустыл фæбырыдысты фæдгæнгæйæ цæссыгтæ. (Коцойты А.)

 

2. Уæдæй нырмæ, æнæ’ рлæугæ, тæхгæйæ,

Уæлвонгæй хъуысы уыдоны хъæлæс.

Æмæ сæм кæд æдзынæгæй кæсгæйæ,

Æрхæндæг арæх уымæн кæнын æз. (Расул Гамзатов)

 

12

Бакæсут текст. Æрхъуыды йын кæнут сæргонд æмæ йæ рафыссут, цухгонд дамгъæтæ æвæрут, афтæмæй. Къæлæтты æвæрд фæрссагмитæ раст ныффыссут, сæ разæй цы æппæрццæгтæ ис, уыдонимæ. Ссарут тексты фæрссагмитæ æмæ миногмитæ æмæ сæ пъланмæ гæсгæ равзарут. Ставддæрæй фыст хъуыдыйад цы у? Баивут æй синонимæй.

Фыццаг хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.

 

Цæукъа зынтæй раласта йæ сыкъа бирæгъы хъуырæй æмæ та лидзын байдыдта æнæ (фæстæмæ кæсгæйæ), дард…æр æмæ бæрзонд…æр, дард…æр æмæ бæрзонд…æр. Хатгай фæкæлы, бæлæсты зыкъуыртæ æмæ сындзытæ йæ тонынц, фæлæ та уайтагъд фесты æмæ лидзы дард…æр. Мæнæ тар сыфтæрты æхсæнæй фæзындысты хуры рухсы стъæлфытæ. Мæнæ хъæд фæци, æмæ райгом ис арв. Цæукъа æрлæууыди. Йæ разы цы ныв разындис, уымæ баз…ади кæсгæйæ. Бæрзонд, бæрзонд зындысты митæй æхгæд хæхты цъу…пытæ, сæ фæрстыл хъазыдысты райсомы хуры тынтæ, дæлдæр – сау

гæмæх хæхтæ, ноджы дæлдæр – кæрдæгæй æмбæрзт къуы…пытæ, ноджы æмæ ноджы дæлдæр – къутæрджын къуы…пытæ. Æгæрон цинæй цæукъайæн йæ зæрдæ скафыди йæ риуы. Бамбæрста цæукъа, уым, уыцы бæрзæнд…ыл кæй ис йæ цæрæнбынат. Æнæ (баулæфгæйæ) ауа…та йæхи размæ – дард…æр æмæ бæрзонд…æр сæрибары цардмæ уæгъды бæрзæнд…ыл.

* Кæцæй ист у ацы скъуыддзаг? Чи у йæ автор? Зæгъут уæ хъуыдытæ тексты сæйраг идейæйы тыххæй. Цæмæй фæцыд цæукъа уæ зæрдæмæ?

 

13

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Ссарут дзы миногмитæ æмæ фæрссагмитæ, сæ сæрмæ сын фæнысан кæнут, цы у, уый. Фæстаг хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ. Зæгъут, цавæр æмхуызон уæнгтæ дзы ис? Хицæнæй рафыссут вазыгджын дзырдтæ æмæ сын сæ арæзт бацамонут.

 

1. Куыдз - иу Тиссæйы доны’ рдæм куы рæйгæ, куы ниугæ базгъордта. (Боситы И.) 2. Скъолайы бæстæзонæн музей куы гом кодтой, раст уыцы бон сæ хъæумæ æнæнхъæлæджы ссыди æрыгон уацхæссæг лæппу. (Цæрукъаты В.) 3. Хъазгæ бацыд цард йæ тынгмæ, быркуыдонтæ нозтæй – дзаг. (Цæрукъаты А.) 4. Мигъ æнгом йæ быны бадти урс цагъд къуымбилау.

(Хеттæгкаты Къ.) 5. Фæзты згъоры рог дымгæ, зад æфсиртыл ахъазы, гауызæвæрд зад хуымтæ уылæнгæнгæ афасы. (Хацырты С.)

 

14

Саразут ацы мивдисджытæй вазыгджын фæрмæйы фæрссагмитæ æмæ сæ ныффыссут.

Фæндз фæрссагмиимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

Хуызæг: згъорын – згъоргæ - згъорын; кæрдын – кæрдгæ - кæрдын;

 

Згъорын, кæрдын, зарын, тæхын, цæуын, æвналын, рæвдауын, къахын, лæууын, фыссын, фыцын, хуыйын, хауын, амайын, хизын, садзын.

 

15

Ныффыссут цыбыр нывæцæн ахæм темæйыл: «Мæ уарзон хæдзарон цæрæгой». Пайда кæнут миногмитæ æмæ фæрссагмитæй. Сæ быны - иу сын бахахх кæнут.

 

 

 

ФÆРСДЗЫРД

 

1

Рафыссут текст. Сæргонд ын æрхъуыды кæнут. Нысангонд дзырдты сæрмæ фæнысан кæнут, цы фæрстытæ домынц, уый. Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут. Текстæй рафыссут здæхгæ номивджытæ æмæ сын бацамонут сæ хауæнтæ. Дзырд барæг фонетикон æвзæрст ракæнут.

 

Иу барæг изæрмилты бахæ…цæ стыр хъæумæ.

Цæй, кæд мæ ам исчи ахсæв бавæрид, – загъта йæхицæн æмæ хъæуы стыр уынгмæ йæ бæх фездæхта.

Фæцæуы уынджы, ны…хæ…цæ хъæуы астæу Ныхасмæ дæр. Йæхи саламджынæй равдыста, фæлæ йын ам дæр, Ныхасы, фысым иу зæгъæг дæр нæ фæци. Барæг Ныхасæй куы фæдæле, уæд фырмæстæй хъæуы дæр нылгъыста æмæ йæхи дæр.

Ныхасы ба\...джытæй йæ чидæртæ фехъуыстой æмæ дисы бахаудтой. Иу лæппу йæ фæсте асырдта. Куы йæ ны…æфта, уæд æй фæрсы:

Хорз лæг, хъæубæсты дисы баппæрстай. Кæй сæ фелгъыстай, уымæй бамбæрстой, æнæгъдау кæй разындысты, фысым дын кæй нæ загътой, уый тыххæй. Фæлæ ма дæхи та цæмæн ралгъыстай?

Мæхи? Мæхи та уымæн, æмæ мын ахæм стыр хъæуы иу хæлар кæй нæй, уый тыххæй.

 

* Тексты сæйраг хъуыдыйыл æрдзурут. Хæдзары ныффыссут чысыл сочинени ахæм темæйыл: « Адæмуарзон адæймаг амондджын у.»

 

 

2

Текст бакæсут. Рафыссут дзы фæрсдзырдтæ æмæ сын сæ ныхмæ фæбæрæг кæнут, цавæр фæрстытæ домынц æмæ цавæртæ сты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ, уый. Хицæн цæджындзæй рафыссут мивдисджытæ æмæ сын сæ ныхмæ фæбæрæг кæнут сæ цæсгом, нымæц, афон, хуыз æмæ здæхæн. Нысангонд хъуыдыйад рафыссут æмæ йæ ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ равзарут. Дзырд рагфыдæлтæ дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут. Тексты ис иу фæрссагми. Ссарут æй æмæ йæ морфологион æвзæрст ракæнут пъланмæ гæсгæ.

 

ДАНДАМИД ÆМÆ АМИЗОК

 

Нæ рагфыдæлтæ скифтæм тынг кадджын уыд хæлардзинад, æфсымæрдзинад. Уымæн æвдисæн сты историйы цаутæ.

Иу заман скифты бæстæмæ знæгтæ æрбабырстой. Уыдон уыдысты бирæ æмæ æгъатыр. Скифтæй бирæты фæцагътой, бирæты та дзы уацары райстой. Уацайрæгтимæ уыд æрыгон скифаг хæстон Амизок дæр. Хæсты хæдразмæ æрдхорд - æфсымæртæ загътой йæхи æмгар лæппу Дандамидимæ. Лæппутæ кæрæдзиуыл афтæ æнувыд уыдысты, кæрæдзийæн ахæм аргъ кодтой, æмæ Дандамид уайтагъд цæугæдоны сæрты баленк кодта знæгтæм. Цæмæй баххуыс кæна йе ’ рдхорд Амизокæн.

Знæгтæ æвæстиатæй æрцахстой Дандамиды æмæ йæ сæ фæтæгмæ бакодтой. Уый йæ бафарста:

Цы ратдзынæ де ’ рдхорд Амизокы суæгъд кæныны тыххæй?

Дандамид фидарæй дзуапп радта:

Цыдæриддæр мæм ис, уый.

Уæд знæгты фæтæг загъта:

Уæдæ дæ цæстытæ ратт!

Дандамид æхсызгонæй сразы. Знæгтæ лæппуйы цæстытæ скъахтой æмæ йæ рауагътой. Æрдхорд æфсымæртæ кæрæдзиуыл тынг бацин кодтой æмæ æрбаленк кодтой цæугæдоны сæрты.

Знæгтæ уыцы хъуыддаг фенгæйæ бамбæрстой: адæм кæрæдзиуыл афтæ æнувыд кæм сты, уыцы бæстæйæн басæттæн нæй, æмæ æхсæвыгон лидзæг фесты.

(ж. «Ногдзау» - мæ гæсгæ.)

* Тексты сæйраг хъуыды цæй мидæг ис? Ныффыссут сочинени ахæм темæйыл:

« Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд!»

 

3

Дзырдбæстытæ рафыссут дыууæ цæджындзæй: Иутæ – фæрсдзырдтимæ, иннæтæ та –

миногонтимæ. Цыппар дзырдбастимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут ( 2 – миногонимæ, 2 та – фæрсдзырдимæ.)

 

Рæсугъд къаба, æвзæр кусы, уазал бон, сындæггай фыссы, фыдуаг лæппу,

сабыр бады, арæхстгай æвналы, хъæрæй дзуры, мæллæг хъыбыл, æнкъард

сывæллон, хорз ныв кæны, мæгуыр лæг, тагъд лидзы, уæздан адæм.

 

4

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Фæрсдзырдты бын бахахх кæнут. Сæ сæрмæ сын фæбæрæг кæнут, цавæртæ сты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ, уый. 3 – æм хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ. Нысангонд дзырддтæ рафыссут цæджындзæй æмæ сын сæ ныхмæ антонимтæ ныффыссут. Атасындзæг кæнут дзырд цъити.

 

1.Рагæй - æрæгмæ никуы мæм бабæллыд бирæгъ хæстæгмæ.(Хетæгкаты Къ.)

2. Æвиппайды бæстæ бырриу – бырриу свæййы уæрццыты базырты хъæрæй.

(Мамсыраты Д.) 3. Абон дунемæ бæрзондæй цъити ирд цæстæй кæсы, абон хуры рухс уæлвонгæй комы нарджытæм бырсы. (Гæдиаты Ц.) 4. Хур касти дардæй æмæ фæззыгон тавд кодта быдыртæ, хæхтæ. (Мамсыраты Д.)

5. Уарыд хæхтыл дысон - бонмæ, мигъ ныббадти комрæбын. (Гæдиаты Ц.)

6. Дардмæ ма ацу, лæппу, мæнæ ам искуы уистæ ракæн, æз та михтæ рацагурон. ( Мæрзойты С.) 7. Хабар уайтагъд хъæутыл айхъуыст. ( Нигер.)

 

5

Æмбисæндтæ рафыссут. Фæрсдзырдты бын бахахх кæнут, сæ фæстæ та сын къæлæтты фыссут сæ фæрстытæ. Хицæнæй рафыссут мивдисджытæ æмæ сын бацамонут сæ цæсгом, нымæц, здæхæн.

 

1. Адæймаг адæймаджы кæддæриддæр бахъæудзæн. 2. Дардыл æрзил æмæ æгас хæдзар ссарай. 3. Абон хъус - хъус цы дзурынц, уый сомбон хъæрæй дзурын райдайдзысты. 4. Хорз хъуыддаг адæмæй никуы рох кæны. 5. Абон дæ куыд хъæуы, райсом дæр дæ афтæ хъæудзæн. 6. Æфсондзæй чи феуæгъд уа, уый фæстæмæ æфсондзы бынмæ нал баздæхдзæн. 7. Адæймаг кусын куы уарза, уæд фæллой æнцон ссарæн у.

 

6

Лæвæрд фæрсдзырдтæ рафыссут фондз цæджындзæй фæрстытæм гæсгæ: Кæм? Кæд? Куыд? Кæдæм? Кæцæй? Алы цæджындзæй дæр иу фæрсдзырдимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад æмæ сæ ныффыссут.

 

Ныртæккæ, уæле, искуыдæм, сындæггай, æвиппайды, асæрды, никæд, никуы, кæддæр, куыддæриддæр, искæд, дæлиау, фалæмæ, тагъд, галиуæрдæм, фарон,

бынæй, дард, æввахс, зымæгон, дæлæрдыгæй, æхсæвыгон, рæвдз, уыцырдæм,

уæлиауæй, бæстон, кæддæр, уайтагъд.

 

7

Алы хуызы фæрсдзырдтимæ дæр фæйнæ дыууæ хъуыдыйады æрхъуыды кæнут æмæ сæ ныффыссут. Фæрсдзырдты бын бахахх кæнут.

 

8

Лæвæрд фæрсдзырдтæн сæ ныхмæ антонимтæ ныффыссут. Дыууæ цæджындзæй дæр фæйнæ æртæ фæрсдзырдимæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнут æмæ сæ ныффыссут.

 

æнцон – …

рæвдз – …

хъæрæй – …

дард – …

рахизæрдыгæй – …

æхсæвæй – ….

æддæмæ – …

9

Текст бакæсут. Сæргонд ын æрхъуыды кæнут. Текстæй рафыссут фæрсдзырдтæ æмæ сын сæ хуызтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ бацамонут. Сæ фæрстытæ дæр сын фыссут къæлæтты.

Фыццаг абзацæй номдартæ рафыссут æмæ сын сæ хауæнтæ бацамонут.

 

Иу сæрдыгон бон мад йæ фынæй сывæллоны æд авдæн æрæвæрдта кæрты æнгуз бæласы бын. Йæхæдæг цæхæрадонмæ ауад. Уалынмæ айхъуыста кæрчыты хъæр. Мад фæтарст йæ сывæллонæн. Æрбазгъордта кæртмæ. Кæсы, æмæ сæ дынджыр сырх уасæг хæцынæввонгæй лæууы.

Мад уасæгыл схъæр кодта. Уасæг уыцы хъæрæй нæ фæтарст, фæлæ ма ноджы тынгдæр ныппыхцылтæ, афтæмæй балæбурдта авдæнмæ. Мад æнæхъæлæджы ауыдта авдæны къухыл сау калм.

Удаистæй мад сывæллонмæ йæхи баппæрста, фæлæ уасæг фæразæй: калмы буары йæ дзæмбытæ фæсагъта, бырынкъ æмæ йæ базыртæй æнæвгъау хоста. Уæдмæ мад сывæллоны иуварс аскъæфта. Арауын - бауын æй кодта.

Сывæллон уыд дзæбæх. Калмы змæлд фæстагмæ лæмæгъæй лæмæгъдæр кæнын байдыдта…

Уасæг дæр æй уæд фæуагъта. Быруйы сæрмæ стахт æмæ уырдыгæй сæрыстырæй ныууасыд.

( Берозты А. - мæ гæсгæ.)

* Хæдзары тексты мидис ныффыссут текстмæ хæстæг.

 

10

Текст рафыссут, цухгонд дамгъæтæ æвæргæйæ. Ссарут фæрсдзырдтæ æмæ сын сæ сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæртæ сты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ. Фæрссагмитæ ссарут, фæбæрæг сын кæнут сæ сæрмæ, хуымæтæг у æви вазыгджын. Дзырд куыдз фонетикон æвзæрст ракæнут.

 

Хъусой нæ хъусы, Хъусой не змæлы. Фæлæ мæнæ æви…пайды ны…рызти йæ сæрæй йæ къæхтæм, стæй, цыма йæ исчи рæхойгæ фæкодта, уыйау фесхъиудта æмæ кæрты дуары 'рдæм а…пæрста йæхи. Дуар æхгæд куы разындис, уæд быруйы сæрты агæ…п кодта уынгмæ. Сослан ма йæ фæдыл рауади, фæлæ, куыдз чердæм алыгъдис, уый бæрæг нал базыдта.

«Алыгъди нын! Нал нæм æрцæудзæн!» – сдзырдта хинымæр лæппу æмæ æнхъæлæй Терчы 'рдæм араст ис. Уым бирæ рафæлгæс-бафæлгæс фæкодта, фæлæ ницы с…ардта æмæ раздæхти фæстæмæ хæдзармæ. Цыди сындæг, ракæс-бакæсгæнгæйæ æмæ та - иу уайтагъд сдзырдта: «Афтæ нын хъæуы! Афтæ нын хъæуы, афтæ!»

Доны былæй иу чысыл куы рауади, уæд дзыхълæуд фæкодта: дард, дæлæрдыгæй, донвæды ауыдта Хъусойы хуызæн куыдз. Ны…касти æдзынæг. Бæлвырд, уый уыди Хъусой. Ны…лæуу - ны…лæугæнгæйæ æдзух доны 'рдæм кæсгæйæ доны былтыл дæлæрдæм цыди Хъусой.

 

* Кæцæй ист у ацы скъуыддзаг? Чи у йæ автор? Цыбыртæй æрымысут радзырды мидис.

 

11

Хъуыдыйæдтæ рафыссут. Стъæлфыты бæсты хъæугæ фæрсдзырдтæ бафыссут. Фæрсдзырдтæн сæ нысаниуæг бацамонут.Хицæнæй рафыссут мивдисджытæ цæджындзæй æмæ сын сæ ныхмæ фæнысан кæнут сæ цæсгом, нымæц, афон, здæхæн. Иу цæугæ мивдисæг морфологион æвзæрст ракæнут.

 

1. … нал фæци нæ гæды 8. Скæнæм нæ тырыса

Урссаджы хъæстæ. Дзыллæйы номæй

2. Куыдз ….хуыссы йæ цуры Рухсмæ …

Уынæргъы, хъæрзы. Цомут…

3. Бирæгъмæ та … 9. – Ай та цы диссаг у?

Арс … хæцыд. … - …

4. «О, о! – бирæгъ загъта, – … мæм бабæллыд

Ма рох кæн дæ дзырд» Бирæгъ …

Арсы … фæуагъта: 10. Рухс цæуы…

Мехъхъ … фæцыд. Бадынц ма …

5. Куыд … фестыс, 11. Фест… лæгау,

Куыд … зарыс? Ныхс сапонæй дæхи.

6. Цæттæ дæ хызын дар, 12. … - иу бафтыд,

де скъоламæ уай! … - иу фæкафыд.

Дзырдтæ баххæст кæнынæн: Кæдæм, уым, раджы, тагъд, хъæрæй, райсомæй, кæронæй, кæмдæр, рагæй - æрæгмæ, раджы, никуы, æнæзивæг, дæлдæр, æнгомæй, рагæй, хæстæгмæ,

 

* Чи у ацы рæнхъыты автор? Цавæр уацмыстæй ист сты?

 

12

 

Лæвæрд дзырдбæстыты фæрсдзырдтæ сæвæрут барæн æмæ уæлахизон бæрцы æмæ сæ ныффыссут.

Хуызæг: рæсугъд фыссы – рæсугъддæр фыссы, тынг рæсугъд фыссы;

 

Рæсугъд фыссы, хъæрæй дзуры, тагъд цæуы, ныллæг бады, сындæг хæры,

рæвдз кусы, хорз ныв кæны, аив зары, æнувыдæй цæрынц, бæрзонд тæхы.

 

13

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Фæрсдзырдты фæстæ къæлæтты фыссут, цы фæрстытæ домынц, уыдон. Сæ сæрмæ сын фæбæрæг кæнут сæ хуыз. Дыккаг хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ. Нысангонд дзырдтæ дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут.

 

1. Æхсæвиуат кæм æркодтаид , иу ахæм зонгæ не скодта йæхицæн Челе, никæцы ирон хъæуы уыд йæ цæргæцæрæнбонты. (Æрнигон И.)

2. Адæм сæ уæлхæдзæрттæй фæлгæсыдысты алырдæм уыцы хурæфсæст бонты. (Гæдиаты С.) 3. Æхсаргæрдтæ кæрæдзийыл расæрф - басæрфæй Дзанг уайтагъд афæлмæцыд. ( Дзесты К.) 4. Æвиппайды иу къахдзæф фæстæдæр алæууыд æмæ кард расæрфта йе знагыл. (Дзесты К.) 5. Æппынфæстаг нал фæрæзта фæндырдзæгъдæгмæ хъусын Бæстырæсугъд, æмæ уый дæр æргом рацыдис йæ размæ. (Барахъты Г.) 6. Фыркъа æмæ цæукъамæ уыцы цард æгъгъæд нæ касти, ноджыдæр æмæ ноджыдæр лыгъдысты кæртæй æддæмæ æмæ маст кодтой сæ хицауæн. ( Коцойты А.) 7.Хæстæгдæр æм бацыдтæн, йæ алыварс мæ цæст ахастон.(Æлд.В.)

 

14

Текст бакæсут. Ссарут дзы фæрсдзырдтæ æмæ сæ рафыссут, цы мивдисджытимæ баст сты, уыдонимæ. Фæнысан кæнут, цавæр фæрсдзырдтæ сты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ, уый. Нысангонд дзырдтæ цæджындзæй рафыссут æмæ сын сæ ныхмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Дзырд таурæгътæ фонетикон æвзæрст ракæнут.

 

 

ФÆСНОМЫГ НЫХАС

 

Иу хæдзармæ æндæр хъæуæй уазæг æрбацыд. Уыди хосгæрдæн афон, æмæ хъæуы нæлгоймæгтæй ничи уыд.

Æфсин йæ уазæгæн, тагъд куы кæна, зæгъгæ, рог хæринаг акодта. Уазæг фынгыл æрбадт æмæ, цыма йæ разы тохъхъылы мард уыди, уый хуызæн даргъ таурæгътыл схæцыди. Баизæр ыл. Æхсæвы ма кæдæм фæцæудзæн, зæгъгæ, йæ фысымтæм баззад.

Райсомæй æфсин уазæгæн хъайла акодта. Уазæг тагъд - тагъд ахордта, æфсинæн бузныг загъта æмæ кæртмæ рацыд. Уазæг цæуынхъус кæй нæу, æфсин уый бамбæрста æмæ йæ хуртуан кæрты райтыдта. Кæсы, æмæ иу цъиу хуртуаныл абадт, цалдæр нæмыджы ауыгъта æмæ бæласы къалиумæ стахт. Уæд æфсин, уазæг æй куыд фехъуыстаид, афтæ хъæрæй загъта:

Уæ сызгъæрин фестай, цы цъиу дæ! Куыд дзæбæх æртахтæ, куыд дзæбæх азарыдтæ æмæ куыд афоныл атахтæ…

Уазæг зæхмæ ныккаст, стæй æрæджиау йæ бæхыл саргъ авæрдта æмæ афардæг.

( Цæгæраты М.)

* Тексты сæйраг хъуыдыйыл æрдзурут. Ирон адæммæ уазæг æмæ фысымы ахастыты тыххæй цы зонут? Цавæр æмбисæндтæ зонут?

 

15

Лæвæрд дзырдтæм кæм куыд æмбæлы, афтæ æфтаут хайыгтæ: ма, ни, ис, дæр, дæриддæр, афтæмæй сæ рафыссут. Æртæ фæрсдзырдимæ дзы æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.

Чердæм, чердыгæй, куы, куыд, кæдæм, кæцæй, кæм.

Зæгъæм: чердæм – мачердæм, ничердæм, исчердæм, чердæмдæр, чердæмдæриддæр.

 

16

Дзырдты цухгонд дамгъæтæ бавæрут, афтæмæй сæ рафыссут дыууæ цæджындзæй: фыццаг цæджындзы – номивджытæ, дыккаджы та – фæрсдзырдтæ. Дыууæ номивæг æмæ дыууæ фæрсдзырдимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

Мачи, кæ…æр, чидæр, кæимæдæри…æр, исчи, искуы, куы…æр, цыдæр, кæ…æри…æр, цыр…æр, макуы, искæдæм, тагъ…æр, кæдæмдæр,

цыр…æр, ды…уæрдæм, фæсте, æндæраз, ничи, никæд, дæлиау.

 

17.

Ацы фæрсдзырдтæн сæ антонимтæ ныффыссут сæ ныхмæ. Фондз фæрсдзырдимæ дзы æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

Галиуæрдыгæй – … разæрдæм – …

Дæлиау – … дард – …

Æхсæвыгон – … раджы – …

Размæ – … уæлæрдæм – …

Тагъддæр – … мидæмæ – …

 

18

Лæвæрд скъуыддзæгтæ рафыссут. Ссарут фæрсдзырдтæ æмæ сын сæ быны бахахх кæнут, сæ сæрмæ сын сæ фæрстытæ фæнысан кæнут. 5 – æм скъуыддзаджы цы фæрсдзырдтæ ис, уыдон морфологион æвзæрст ракæнут пъланмæ гæсгæ.

 

1. Хъусы хъæддзау лæг лæмбынæг, 6. Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн

Уæдæ цымæ уыцы тыхст уаст Иу мæгуыр лæг цард. (Къоста.)

Чердыгæй цæудзæнис, зæгъгæ. 7. Усы дзуапп æнкъардæй хъуыст:

(Нигер.) – Ницы бауыдзæн дæ бон,

2. Мæргътæ та тæхынц фæстæмæ, Йæмæ схæцын нæу æнцон.

Зарынц зарджытæ: сæ зардæй Ардæм бирæтæ фæцыд.

Бæстæ схъæлдзæг ис æгасæй. Йемæ бирæтæ хæцыд.

(Нигер.) (Дарчиты Д.)

3. Дарддæр хъусут, уæдæ цы!.. 8. Ныр хуысс уым комы,

Чызг дæр уыцырдæм тындзы. Ныххау дæлæмæ!

(Дарчиты Д.) Хуыр, дур – дæ ингæн,

4. Фездæхти дын уæд Зæлинæ, Æртæх – дæ мæрддзаг.

Уайтагъд бахæццæ сæхимæ. Ныххæрдзæн рувас

Къуымы сагъдауæй лæууы, – Дæ хъустæ ахсæв,

Уым хæкъуырццæгæй кæуы. Дæ цæст дын сау сынт

(Дарчиты Д.) Скъахдзæн райсом…

5. Даргъ æхсæв фыдбонæй Æз уал æввонгæй

Цардудæн хуыздæр… Ныххæссон абон

Рухс цæуы кæроæнæй, Дæ сырдты хъæумæ…

Бадынц ма кæмдæр.

(Къоста.) (Нигер.)

 

19

 

Къæлæтты фыст дзырдтæ раст ныффыссут амонæн номивæг а – имæ. Бацамонут фæрсдзырдты растфыссынад. Дыууæ фæрсдзырд æмæ дыууæ дзырдбастимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

А (сæрды), а (хæдзар), а (бон), а (фæззæджы), а (æхсæв), а (чызг), а (хъæу),

а (махуæттæ), а (зымæджы), а (Мурат), а (уалдзæджы).

 

20

Рафыссут дзырдбæстытæ дыууæ къордæй: фыццаг къорды – барæн бæрцы фæрсдзырдтæ кæм ис, дыккаджы та – иннæ фæрсдзырдтæ кæм ис. Алы цæджындзæй дæр дыууæ дзырдбастимæ фæйнæ хъуыдыйады æрхъуыды кæнут æмæ сæ ныффыссут.

Фæрсдзырдтæ цавæртæ сты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ, уый фæбæрæг кæнут.

 

Кæддæр æрцыд, хуыздæр æмбары, кæцæйдæр фæзынд, цъусдæр дзуры, рæвдздæр фыссы, кæмдæр бады, куыддæр ахауд, рæсугъддæр ныв кæны,

кæдæмдæр бабырыд, тагъддæр кусы, æввахсдæр цæры, æвзæрдæр амоны.

 

21

 

Къæлæттæ иуварс кæнут, афтæмæй раст рафыссут дзырдтæ. Цыппар фæрсдзырдимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.

 

Дæлæ (æрдæм), фалæ (æрдыгæй), кæцы (æрдæм), уæлæ (æрдыгæй), боны

(æрдæм), иннæ (æрдыгæй), дыууæ (æрдæм), фæстæ (æрдыгæй), алы (æрдæм).

 

22

Рафыссут текст, цухгонд дамгъæтæ раст æвæргæйæ. Текст кæронмæ ахæццæ кæнут æмæ йын сæргонд æрхъуыды кæнут. Ссарут фæрсдзырдтæ æмæ сын сæ сæрмæ фæнысан кæнут, цавæртæ сты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ. Фыццаг хъуыдыйад равзарут ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ. Дзырд къæдзæх фонетикон æвзæрст ракæнут.

 

Иубон рувас йæ цоты хурмæ рако…та. Лæ…ынтæ хъазыныл фесты.

Рувас йæхæдæг йæ цæрæнуаты сæр кæдзæхмæ схы…т. Ардыгæй хорз кæсæн уыдис алырдæм дæр. Дзæбæх уы…та мыстыты æмæ ин…æ змæлджыты бынæй. Хъа…хъæ…та знагæй йæ лæ…ынты дæр. Уалынмæ дын арвыл цæргæс фæзынд. Уый уыцы æваст йæхи ны…ца…та рувасы лæ…ынтыл. Куыд…æр тугдзых маргъ фæстæмæ стæхынмæ хъавыд, а…тæ йыл рувас къæдзæхæй йæхи фехста æмæ йæ бæрзæйыл аба…т.

(Фæрниаты Дз.)

 

23

Хъуыдыйæдтæ рафыссут. Ставддæрæй фыст дзырдтæн сæ фæстæ къæлæтты фыссут, цавæр фæрстытæ домынц, уыдон. Зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæ сты. 5 æмæ 6 – æм хъуыдыйæдтæ равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ. Дзырд гуыбын фонетикон æвзæрст ракæнут.

 

1. Иу схæцæны раз лæугæ дæр фæкодта Зæлимхан æмæ фæстæмæ ракасти.(Барахъты Г.) 2. Куыддæр ын йæ бæрзæйыл бæндæн баппæрстой, афтæ кæцæйдæр фæзынд сæхи хъæуккаг прапорщик. (Мамсыраты Д.) 3. Йæ рустæ фырнæрдæй æддæмæ ратонынц, дардмæ æрттивынц, йæ гуыбын дымст, раст цыма тыппыргæрдæг бахордта. (Коцойты А.) 4. Мукара дæр йæ кард хохы рæбын ныссагъта, йæ фистон бынмæ, йæ цыргъ уæлæмæ, афтæмæй йæхæдæг хохы сæрмæ ссыди æмæ йыл уырдыгæй йæхи раппæрста дæлгоммæ æмæ йæ бырынкъыл цъилау ныззылди. (Нарты кадджытæ.) 5. Уæлæуæз, иу хохы тæккæ цъуппыл, сау къæйты æхсæн иунæгæй рæзы хæххон дидинæг. (Гæдиаты Ц.) 6.Уæнтæхъил, сæргуыбырæй здæхтысты фæстæмæ Хъуыдинæйы хæдзарæй усгуртæ. (Цæгæраты М.) 7. Иу къардиуы былмæ куы бахæццæ сты, уæд Саломи акасти размæ, фæндагмæ, бамбæрста, кæй нал аирвæздзысты æмæ адæргæй æруагъта йæхи митыл. ( Коцойты А.)

 

24

Æрхъуыды кæнут фæйнæ дыууæ хъуыдыйады алы хуызы фæрсдзырдтимæ æмæ сæ ныффыссут. Æртæ хъуыдыйады дзы равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.

 

25

Рафыссут скъуыддзæгтæ. Фæрсдзырдтæ пъланмæ гæсгæ равзарут. Мивдисджытæ рафыссут цæджындзæй, сæ ныхмæ сын фæбæрæг кæнут сæ цæсгом, нымæц, афон, хуыз æмæ здæхæн. Фыццаг скъуыддзаджы номдартæн бацамонут сæ хауæнтæ, сæ кæрæттæ сын фæхицæн кæнут.

 

1. Схызтæн ныккæндæй, цæуын;

Къæбыс миты згъоры разæй…

Джихæй нæзытæ лæууынц,

Хихтыл дымгæ сабыр хъазы.

(Асаты Р.)

2. Ниуы хæкъуырццæй Сæлимæт:

Суадзут мæ, сæфын рæстæй!

Иуварс æрбазилы нымæт,

Хъамамæ хъавы фæндæй.

(Плиты Х.)

3. Иу фынджы рагъыл та иухатт

Уый дæр та фæзынд кæцæйдæр!..

Уайтагъд та йæхи фæсвæдты

Мыдмæ баласта хæстæгдæр…

(Хетæгкаты Къ.)

 

 

 

ÆХХУЫСГÆНÆН НЫХАСЫ ХÆЙТТÆ

 

Ф Æ С Æ В Æ Р Д

 

1

Рафыссут текст, цухгонд дамгъæтæ æвæргæйæ. Ставддæрæй фыст дзырдтæ рафыссут, цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ. Зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæ сты нысангонд дзырдтæ? Фыццаг хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ. Дзырд тыгъдадмæ дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут. Тексты ссарут фæрсдзырдтæ æмæ сæ бахахх кæнут.

 

ХÆХХОН ЦÆРГÆС

 

Фы…ау йæ фосы дзуг хызта тыгъд быдыры. Фыстæ хы…тысты æнцад. Фæлæ æнæхайыры нæл сæгъ иу ран нæ лæууыд. Уый йæхи æ… пæрста дарæнтырдæм.

Иузаманы та кæмдæр æрбайсæфт. Фыййау йæ фæдыл хуыскъ æрхы былæй акаст æмæ йæ цæсты раз федта ахæм ныв: бирæгъ быдыры сæгъы расур - басур кæны. Мæнæ йæ ацахса, афтæ йæ сæрмæ æваст цæргæс фæзынд. Уый фатау йæхи ны…авта бирæгъыл. Бирæгъы æмыр мыхъ фæцыд æмæ дæлго…æ дæргъæй а…зад. Цæргæс та фы…ауы фæрсты йæхи систа арвы тыгъдадмæ.

Æвæ…æгæн, тугдзых бирæгъ сæгъы фæдыл куы зылд, уæд цæргæс та бæрзонд арвæй бирæгъы хъахъ…æдта.

(Журнал «Ногдзау» - æй.)

 

 

2

Рафыссут хъуыдыйæдтæ дыууæ къордæй: фыццаг рафыссут хъуыдыйæдтæ, нысангонд дзырдтæ фæрсдзырдтæ кæм сты, стæй та – æндæр ныхасы хæйттæ кæм сты, уыдон.

 

1. Голладжы бын аскъуыд, æмæ картæфтæ акалдысты. 2. Бæласы бын бадынц зæронд устытæ æмæ зæрдиаг ныхас кæнынц. 3. Адæмы астæу цы бæрзонд лæппу лæууы, уый кæцæйдæр зонын. 4. Къуырийæ фылдæр риссы Таймуразæн йæ астæу, фæлæ уæддæр йæ куыст нæ уадзы. 5. Абонæй фæстæмæ сæм мæ къах дæр нал бавæрдзынæн. 6. Фаризæт фæстæмæ фездæхтис, йæ кæсæнцæстытæ тæрхæгæй райста æмæ атагъд кодта йæ куыстмæ. 7. Нæ хæдзары сæрмæ бафиппайдтон хърихъуппыты бал. 8. Аслæмбег йæ сæрмæ дыууæ къухæй фæлæбурдта æмæ сонт хъæр фæкодта. 9. Æмбырды размæ адæм уыдысты æнкъард æмæ сагъæсхуыз. 10. Фæндаггонтæ тындзыдтой размæ, кæд сæ дымгæ хъыгдардта, уæддæр.

11. Дæумæ гæсгæ мах дæр нал ацыдыстæм хъæдмæ. 12. Уыцы хæрзконд цæрдæг чызгмæ гæсгæ, Сæниатæн йæ зæрдыл æрлæууыдысты йе’ рыгон бонтæ.

3

Лæвæрд дзырдтимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ дыууæ хъуыдыйады: иу ран фæсæвæрд куыд уа, иннæ ран та – номдар, кæнæ фæрсдзырд.

 

Сæр, бын, астæу, размæ, фæстæмæ, бынæй, сæрæй.

 

4

Лæвæрд дзырдбæстытæ рафыссут æртæ къордæй: архайды бынат æвдисæг, архайды афон æвдисæг æмæ архайды æфсон, аххос æвдисæг. Алы къордæй дæр иу дзырдбастимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад æмæ сæ ныффыссут.

 

Мæйы фæстæ, денджызы астæу, уый тыххæй, урокты размæ, стъолы бын, доны ардыгæй, хæдзары сæр, æмбырды агъоммæ, хъæуы сæрты, дохтыры аххосæй, знаджы фыдæй, сывæллæтты æхсæн, хъæды фале, дуары мидæгæй, кæрты астæу, бæрæгбоны фæстæ, афæдзы размæ, дæу фыдæнæн, сыхæгты фæрцы, адæмы руаджы.

 

5

Рафыссут хъуыдыйæдтæ.Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут.Фæсæвæрдтæ цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ цы æвдисынц, уый фæнысан кæнут. Фæсæвæрдты бын бахахх кæнут. 4 æмæ 8 – æм хъуыдыйад равзарут ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.

 

1. Æви…айды дуар байгом, æмæ рынчыны цурмæ тагъдгомау æрбацыд йæ астæу…аг фырт Бабе. (Æрнигон И.) 2. Бæлæсты æхсæнæй зындысты хæдзæр…ы сæртæ, горæты астæуæй фидарау урс дардта бæрзонд аргъуан.

(Гæдиаты Ц.) 3. Хуры цалх та ны…тылди хæхты фæстæмæ, æмæ æрталынг ис. (Дзадтиаты Т.) 4. Иу сæрдыгон бон Хъуыдинæйы бинонтæ æмбырдæй ба…тысты сæ дза…джын фынджы уæлхъус. (Цæгæраты М.)

5. Араст ис Сослан бæрзонд хохы сæрмæ. (Нарты кадджытæ.) 6. Лæг йæ фæдыл кæсгæ ба…ад æмæ дис кодта: «Цымæ хъæндилы мардыл цæмæн афæлурс уыдаид?..» 6. Йæ алыварс лæ…ыдысты æмбæлттæ, кастысты Зæлимханмæ. (Барахъты Г.) 7. Горæты фæзы, æфсæд…онтæм кæдæм фæсидынц, уыцы урс хæдзары комко…мæ сид…онтæ лæ…ынц къордæй.

(Тугъанты Б.) 8. Бæрзонд нæудзар къуылдымы рæбын, фыдуаг чысыл цæугæдоны былыл ныт…ыгуыр сты нудæс хæдзары. ( Дзесты К.) 9. Мит мит у, фæлæ уый дæр къæхты бын ко…мæ нæ кæсы, нæ комы с…æндын.

(Гуыцмæзты А.)

 

6

Уæ литературæйы чингуытæй рафыссут фæйнæ дыууæ хъуыдыйады æртæ хуызы фæсæвæрдтимæ дæр: архайды бынат, архайды афон, архайды æфсон, аххос куыд æвдисой семæ баст дзырдтимæ, афтæ. Къæлæтты фæбæрæг кæнут, кæцæй систат хъуыдыйæдтæ, уый.

 

7

Рафыссут скъуыддзæгтæ.Ссарут фæсæвæрдтæ, сæ быны сын бахахх кæнут. Цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ цы æвдисынц, уый сын сæ сæрмæ фæбæрæг кæнут.

Ставддæрæй фыст дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый фæбæрæг кæнут. Дзырд саударæг морфологион æвзæрст ракæнут.

 

1. Ма дис кæ йæ бадтыл! –

Цуайнаджы уæлхъус

Архайы йæ артыл

Иу саударæг ус.

2. Лæг кæрдзынæй дæр æфсæды

Гутоны фæстæ…

3. Сæрдæй, зымæгæй

Гуыбыр, тызмæгæй

Йæ кæрцы мидæг

Ныхасы бады

Зæронд Хъуыбады,

Нæ фæндырдзæгъдæг…

4. Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ

Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?

5. Тæхуды, йæ дзыллæйы раз

Чи ракæны барджын ныхас,

Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй!

6. Адæмæн сæ уæд фæдзуры

Уыцы лæг ныр дæр…

Кæд мæнгæй зæгъын, – мæ цуры

Цавддур фест ды дæр!

 

* Цавæр уацмыстæй ист сты ацы рæнхъытæ? Чи у сæ автор?

 

8

Бакæсут текст. Рафыссут, фæсæвæрдтæ цы хъуыдыйæдты ис, уыдон. Алы хъуыдыйады фæстæ дæр фыссут къæлæтты, фæсæвæрд цы дзырдимæ баст у, уый цавæр ныхасы хай у, уый. Дзырд скъола фонетикон æвзæрст ракæнут. Ссарут бадзырдон здæхæны мивдисджытæ, сæ цæсгом æмæ нымæц сын фæбæрæг кæнут.

 

Ацы изæр дæр та Гæбил æххæст нал банхъæлмæ каст афонмæ, афтæ баскъæрдта йæ фос хъæумæ. Уыцы хивæнд мийы тыххæй нады кæй бахаудзæн, уый зыдта, цæмæ æнхъæлмæ кæсы, уый йæ къухы куы бафта, уæд уый цур над цы давы! Йæ амондæн фысымты лæгтæй йæ разы ничи фæци, æмæ куыддæр фос кæрты дуарæй фæмидæг сты, афтæ згъорынмæ фæцис скъоламæ.

Ахуыргæнæг сбадын кодта Гæбилы стъолы фарсмæ, йæхæдæг дæр æрбадт йæ комкоммæ æмæ фæрсынтæ райдыдта фыййауы сæ хæдзары хъуыддæгтæй: фос æмæ сæм хуымгæнд цас ис, хос сын чи фæкæрды, суанг ма суг куыд амал кæнынц æмæ йæ фыййауы æмгъуыд кæд фæуыдзæн, уыдæттæй. Ныббузныг Гæбил йæхицæй, уымæн æмæ фыццаг хатт æрбадт ныхасмæ стыр лæгимæ. Æппынфæстаг ахуыргæнæг загъта, цæмæй Гæбил скъоламæ цæуын райдайа, фос куы нæуал хиза, уæд. Кæд, мыййаг, иннæ сывæллæтты не’ ййафа, ахуыры азы райдайæнæй нырмæ чи ахуыр кæны, уыдон, уæд ын ахуыргæнæг феххуыс кæндзæн.

(Дзесты К.)

 

8

Рафыссут дзырдтæ æнæ къæлæттæй. Фондз дзырдимæ дзы æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады, ныффыссут сæ уæ тетрæдты.

 

Хъæд (æрдæм), фалæ (рдыгæй), Æрыдон (æрдæм), фæстæ (æрдыгæй), ацы (æрдæм), хæдзар (æрдыгæй), сыхæгтæ ( æрдæм), иу (æрдыгæй), сымах (æрдæм), иннæ (æрдыгæй), хæхты (æрдæм), дыууæ (æрдыгæй), Тедоты

(æрдæм), горæт (æрдæм), уыцы (æрдыгæй), рудзынг (æрдæм).

 

9

Лæвæрд дзырдтæм æфтаут фæсæвæрдтæ æрдæм æмæ æрдыгæй, рафыссут сæ, кæм куыд æмбæлы, афтæ (хицæнæй, кæнæ æмхæстæй). Фæсæфтуантæ кæм систы, уым сæ фæнысан кæнут. Цыппар хъуыдыйад æрхъуыды кæнут æмæ сæ ныффыссут: дыууæ – фæсæвæрдтæ фæсæфтуантæ кæм систы, дыууæ та – фæсæвæрдтæ кæм сты, ахæмтæ.

 

Иннæ, быдыр, алы, дукани, хæстæджытæ, дыууæ, бон, уыцы, бæлас.

10.

Ацы фæсæвæрдтæ ныффыссут хъæугæ дзырдтимæ. Алы дзырдбасты фæстæ дæр къæлæтты фыссут, цавæр ныхасы хаимæ баст æрцыд фæсæвæрд, уый. Фондз дзырдбастимæ дзы фæйнæ хъуыдыйады æрхъуыды кæнут æмæ сæ ныффыссут.

 

Зæгъæм: хæдзары сæрты ( номдар æмæ фæсæвæрд); дæу фæрцы ( номивæг æмæ фæсæвæрд);

 

Сæрты, фæрцы, цур, размæ, бæсты, астæу, бын, æрдæм, мидæг, тыххæй, æдде, уæлдай, æрдыгæй, фæстæ, гæсгæ, комкоммæ, æввахс, уæлæ.

11

Текст бакæсут. Æрхъуыды йын кæнут сæргонд. Фыццаг хъуыдыйад рафыссут, хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ æвæргæйæ. Фæсæвæрдтæ цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ сæ рафыссут. Сæ ныхмæ сын фæбæрæг кæнут, цы æвдисынц, уый. Ссарут тексты фæдзæхстон здæхæны мивдисджытæ, рафыссут сæ, бацамонут сын сæ цæсгом, нымæц, хуыз. Дзырд фæцæудзыстæм дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут.

 

Иу бирæгъ бынтондæр базæронд æмæ иубон афтæ зæгъы бирæ фос фæцагътон бирæ зиан фæхастон адæмæн ныр хъуамæ фæцæуон дзуары бынмæ ссыгъдæг кæнон мæ тæригъæдтæ. Араст йæ фæндагыл. Бахæццæ иу æрдузмæ. Æрдузы астæу хызтис бæх. Бирæгъ æм хæстæг бацыд æмæ йæм дзуры:

Мæнæ бæх, хæрдзынæн дæ!

Куыд мæ хæрыс? Мæ уæлæ фыды мур куы нæ ис, мæ къах дæр хъæдгом у. Фен - ма мын æй.

Бирæгъ бæхы къахмæ кæсыныл куыд фæци, афтæ йæ бæх рариуыгъта æмæ йын йæ ныхы фæйнæг ныммур кодта. Бирæгъ ма иу лæгæтмæ бабырыд æмæ уым фæсад цасдæр.

Бадзæбæх бирæгъ æмæ та араст дзуары бынмæ. Бафтыд иу хъæды кæронмæ. Уым хызтысты дыууæ фыры. Бирæгъ фырытæм хæстæг бацыд æмæ сæм дзуры:

Мæнæ фырытæ, хæрдзынæн уæ.

Уаих фæуай, зæронд бирæгъ, афтæмæй нæ куыд хæрыс?

Уæдæ куыд?

Уæдæмæ ды нæ астæу æрлæуу. Мах фæйнæрдæм фæцæудзыстæм æмæ дæм куы’ рбазгъорæм, уæд фæсте чи аззайа, уый - иу раздæр бахæр.

Бирæгъ сразы. Æрлæууыд астæуæй. Фырытæ фæйнæрдæм фæцыдысты. Сæхи рауагътой дыууæрдыгæй æмæ бирæгъы фæрсчытæ æмцæф ныккодтой. Бирæгъ атылди, йæ фæрсчытæ ныммур сты.

(Адæмон сфæлдыстад.)

* Тексты сæйраг хъуыды цæй мидæг ис?

* Текстæн пълан саразут æмæ хæдзары ныффыссут изложени текстмæ хæстæг.

 

12

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Нысангонд фæсæвæрдтæ семæ баст къæлæтты æвæрд дзырдтимæ раст æвæрут. 3 æмæ 7 – æм хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ. Фæстаг хъуыдыйадæй къæлæтты рафыссут дзырдбæстытæ. Дзырд хорхæссæджы равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.

 

1. Уызын дæр фæткъуы бын (бæласы) æрæмбæхст æмæ хъуыдыты аныгъуылд: «Дымгæ тыххæй (мæн) ракодта.» (Чеджемты Г.)

2. Кæд мигътæ арв фæстæ (сæ) бамбæхстой æмæ дзы иунæг цъæх гæппæл дæр нал зыны, уæддæр зынгцæст фæстæ (асæсты) дæр бæрæг дары.

( Дзасохты М.) 3. Нырмæ (уæдæй) рацыд бирæ азтæ, фæлæ дур афтæ æнæсастæй лæууы уыцы сæр (хохы). ( А. Гайдармæ гæсгæ.) 4. Ахæм фæндтимæ лæууы ныр Дзанг хъæумæ æрбахизæны йæ урс - хæцъил цур (тырысайы). (Дзесты К.) 5. Сæгæйдзаг астæу (хæдзары) сæрмæ (къонайы) ауыгъд цырагъдарæныл къæр - къæр кодтой нæзыхъæд цырагъы къæцæлтæ. (Дзадтиаты Т.) 6. Амондджын цур (лæджы) алчидæр амонд ары, фыдбылызджын цур ( лæджы) та – фыдбылыз. (Гæдиаты С.) 7. Æгомыг къæдзæхтæ бæзджын мидæг (кæрцы) аууон (мигъы) ныффынæй сты, хъуыды дæр нæ кæнынц хорхæссæджы. (Дзесты К.)

 

13

Рафыссут скъуыддзæгтæ. Стъæлфыты бæсты æвæрут хъæугæ фæсæвæрдтæ. Цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ цы æвдисынц, уый сын сæ сæрмæ фæбæрæг кæнут.

4 – æм скъуыддзаг ныхасы хæйттæм гæсгæ равзарут.

 

1. Æрыгон нæу, нæмадæр у зæронд

Ирон инæлар йе стъолы … бады,

Йæ … та – бæхы сæфтæгæй конд

Хуымæтæджы æртхутæгдон цæфхадыл.

(Плиты Г.)

2. Афонмæ дзугтæй уæ…

Сынтытæ зилдух кæнынц,

Йе та уæм мæйдары хъæдæй

Смудгæйæ сырдтæ цæуынц.

(Плиты Х.)

3. Иууылдæр дæ …

Тулдзысты, фæлæуу! –

Стонг æмæ фæлладыл

Тых хуыссæг кæм нæу!

( Къоста.)

4. Уартæ Урс Хохæн йæ …

Ис тæригъæддаг сыгъд бæстæ,

Ничи уæнды уым ысхудын,

Ничи уæнды уым ысдзурын.

( Дарчиты Д.)

5. Цæмæй йæ хай æз бауон æрдзæн,

Йæхирдæм байса мæн нæ хох,

Мæ … – урсдзыкку æхсæрдзæн,

Мæ … – сатæг хъæды къох.

(Цæрукъаты А.)

 

Дзырдтæ баххæст кæнынæн: разы, сæрмæ, фæстæ, бынмæ, цур, адыл, сæрмæ.

 

14

Текст хъуыдыйæдтыл дих кæнут, цухгонд дамгъæтæ æххæст кæнут, афтæмæй йæ рафыссут. Алы хъуыдыйады фæстæ дæр æвæрут стъæлф. Адих кæнут текст абзацтыл. Фæсæвæрдтæ ссарут, сæ быны сын бахахх кæнут. Ссарут тексты здæхгæ номивджытæ, рафыссут сæ, фæбæрæг сын кæнут сæ цæсгом, нымæц, хауæн.

 

МÆЛÆТДЗАГ ХÆСТ

 

Иубон цуаны ацы…тæн хъæдмæ сихорафоны онг ницæуыл фæхæст дæн мæ ныфс асаст иу ран бæласы бын мæхицæн бонасадæн кодтон уалынмæ мæ хъустыл æрцыдис ди…саджы хъæр уымæл æрхы былмæ бауа…тæн кæсын бынмæ мæ цæстыты раз бирæгъ æмæ хъæд…аг хуыйæн бацайдагъ мæлæ…дзаг хæст хъæд…аг хуы хордта цавæрдæр холы тугдзых бирæгъ æй ауы…та холыйыл йæхи ны…ца…та раскъæ…та йæ хуыйы дзыхæй хуы нæ ныб…æрста бирæгъæн хæст стынг бирæгъ йæхи ны…цæвы хуыйыл хуы йе схъæл с…ыртæ фездахы сырды ныхмæ бирæгъ асхъиуы фæстæмæ сæ хъæрахст с…æуы.

(Л. Успенский - мæ гæсгæ.)

 

15

Лæвæрд фæсæвæрдтимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ дыууæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут. Дыууæ фæсæвæрды дзы морфологион æвзæрст ракæнут пъланмæ гæсгæ.

 

Онг, сæрмæ, бæсты, кæрон, бынмæ, тыххæй, астæуæй, рæзты.

 

16

Æрхъуыды кæнут фæйнæ æртæ дзырдбасты: номдар + фæсæвæрд, номивæг + фæсæвæрд, нымæцон + фæсæвæрд, фæрсдзырд + фæсæвæрд. Алы хуызы дзырдбастимæ дæр фæйнæ иу хъуыдыйады æрхъуыды кæнут.

 

 

Р А З Æ В Æ Р Д

 

1

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Разæвæрдты бын бахахх кæнут. Ады хъуыдыйады фæстæ дæр къæлæтты фæбæрæг кæнут, разæвæрд цы дзырды разæй лæууы, уый цавæр ныхасы хай у, уый. Дзырд къæрныхтæ атасындзæг кæнут.

 

1. Раздæхти фæстæмæ Бесо æд дилижанс. (Гæдиаты Ц.) 2. Æнæ аххосæй фыййауы фосæй нæ хæссы бирæгъ. (Хетæгкаты Къ.)3. Дон сæ фæлдахы æд уæргътæ, дон сын нæ дæтты фæндаг. (Плиты Х.) 4. Хъæдмæ æнæ фæрæтæй ничи цæуы. (Æмб.) 5. Бæрзондæй, мæстджынæй æд зарæг, æд хъазт Цъæйы дон фынккалгæ æрхауы æваст. (Гулуты А.) 6. Уый хъæды къæрныхтæ нæ бадынц, йе сугдзау не’ ндзары, мыййаг, цæхæрцæст фæсивæд æд уадындз сæрибар агурынц сæ фаг. (Нигер.)

 

2

Ацы номдартæ баивут номдартæй разæвæрд æд - имæ æмæ сæ ныффыссут.

Цыппаримæ дзы æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ.

Зæгъут, номдартæ кæцы хауæны лæвæрд уыдысты? Разæвæрд æд - имæ та?

 

Бинонтимæ, чингуытимæ, æхцаимæ, фæткъуытимæ, гæрзтимæ, сырдтимæ, дзаумæттимæ, фæрæтимæ, сывæллæттимæ, саргъимæ, хуынтимæ, бæхимæ, хæринагимæ, кæсæгтимæ, уæрдонимæ.

 

3

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Æнæ разæвæрд кæм у, уым æй хицæнæй фыссут, разæфтуан кæм у, уым та – æмхæстæй. Зæгъут, разæвæрд æнæ цы дзырдтимæ баст у, уыдон цавæр ныхасы хæйттæ сты. 4 æмæ 7 – æм хъуыдыйады ныхасы хæйттæм гæсгæ равзарут. Атасындзæг кæнут æппæрццæг номивæг ничи.

 

1. Чыргъæды йæ къæбылаты куы ауыдта, уæд йæ цинæн кæрон нал уыди, хъыллистытæ кодта, йæ къæдзил (æнæ) æрæнцойæ тылдта. (Коцойты А.)

2. Цы ма мын кæндзынæ? – дæ цæстыты сыгæй (æнæ) хай фæуыдзæн мæ мард!..(Хетæгкаты Къ.) 3. Фæлæ мæнæн мæ хæс (æнæ) сæххæст кæнгæ гæнæн куыд нæ уыд, уымæ гæсгæ сразы дæн уе’ рвадæлты фæндоныл.

(Санаты У.) 4. Будзи уыцы (æнæ) гуырысхойæ цыди размæ. (Санаты У.)

5. Диваны йе’ ннæ фарсыл æрзылд (æнæ) даст къæсхуыртæарæзт лæппулæг. (Букуылты А.) 6. Стыр бузныг дæн Райгуырæн бæстæйæ, æппæт адæмтæй, уымæн æмæ (æнæ) уыдоны фæллой, (æнæ) уыдоны æххуысæй мæн æмæ ме’ мбæлтты къухы нæ бафтыдаид ахæм стыр æнтыст. (Кучиты Ю.) 7. (Æнæ) низ адæймагæй хъæздыгдæр ничи у.(Æмб.)

 

4

Рафыссут скъуыддзæгтæ. Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут. Къæлæтты æвæрд дзырдтæ раст фыссут разæвæрдтимæ. Разæвæрдтæ разæфтуантæ кæм систы, уым сæ фæнысан кæнут. 3 – аг скъуыддзаг равзарут ныхасы хæйттæм гæсгæ. Дзырдтæ ныййарæгау æмæ Фыдыбæстæ дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут.

 

1. Фыдыбæстæ махæн – ны…арæгау а…джын,

Ны…арæгау махæн – Фыдыбæстæ – мад.

Ирыстон, уыдзынæ æнæ (мæн ) дæр ка…джын,

Æнæ (дæу), Ирыстон, нæ уыдзæн мæн кад.

(Дзасохты М.)

2. Æмæ йæ кæд хонæм

Æнæ (ном) салдат,

Уæд…æр æй мах зонæм,

Кæмæн кæнæм кад:

Нæ бæсты сæра…понд

Уый райста мæлæт,

Цæмæй нæм уа абон

Æнæ (маст) цæуæт.

(Цæрукъаты В.)

3. Йæ хорз зарджытæн,

Йæ хорз ка…джытæн

Кæрон кæм уыди?

Æнæ (фæхудгæ),

Æнæ (фæкæугæ)

Сæм чи лæ…уыди?!

(Къоста.)

4. Цыдысты æнæ (нысан) стæрты

Æнæ (хæдзар) скифтæ.

Æнæ (хæдзар) скифтæ!

Кæд тохы уæ зæрдæ

Фæстагоныл сивта?

Цы ба…ад уæ фæдыл?

Адзалы уынæр æмæ мифтæ.

(Малиты В.)

5. Фæ…æг фæзындис æд (фæздæг),

Фæхстыл фæзындис æд (асæст).

Атадис боны рухс, айсæфт,

Ивы йæ фæлыс…тæ фæз дæр.

(Хъодзаты Æ.)

 

5

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Æд разæвæрд кæм у, уым æй хицæнæй фыссут, разæфтуан кæм у, уым та – æмхæстæй. Разæвæрд цы дзырдимæ баст у, уый сæрмæ фæнысан кæнут, цавæр ныхасы хай у, уый. Фыццаг хъуыдыйады сæвæрут хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ. Цыппæрæм хъудыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ.

 

1. Таймураз куыддæр сæ кæрты (æд) саргъ бæхтæ ауыдта, афтæ æвиппайды йæ зæрдæ æрсабыр æмæ загъта ныр æнцон у, æгайтма сæ нæ хæдзары æрæййæфтон. (Историон таурæгъ.) 2. Къахыл цæуынхъом чи у, уый къахæй рацæуæд, авдæны чи ис, уый (æд) авдæн рахæссут, хуыссæны чи ис, уый (æд) хуыссæн. (Нарты кадджытæ.) 3. – Райсомы бон æрбацъæх, афтæ мæ къуприйы (æд) хæринæгтæ сæвæрут, ахæссут мæ æмæ мæ дæлæ фурды баппарут. (Нарты кадджытæ.) 4. Иу сæрдыгон бон мад йæ фынæй сывæллоны (æд) авдæн æрæвæрдта кæрты æнгуз бæласы бын. (Берозты А.) 5. Хæрды фæстæ йæ уæйгуыты мад (æд) бæх йæ роны атъыста. (Нарты кадджытæ.) 6. Уыцы рæстæг кæрты февзæрд Цола (æд) фæрæт. (Мамсыраты Д.) 7. Фыййæуттæ дæр та æрцыдысты (æд) фос фæсæфцæгæй. (Дзесты К.) 8. Дæлæ, гъе, Бери (æд) къæпи ныггуыбыр æмæ рувы…(Букуылты А.)

 

6

 

Æрхъуыды кæнут цыппар хъуыдыйады разæвæрд æнæ – имæ: дыууæ хъуыдыйады разæвæрд куыд уа, дыууæйы та – разæфтуан. Хъуыдыйæдтæ ныффыссут. Сæ фæстæ сын къæлæтты фæбæрæг кæнут, разæвæрдтæ цы дзырдтимæ баст сты, уыдон цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый.

 

 

7

Рафыссут текст. Ссарут, разæвæрд разæфтуан кæм сси, ахæм дзырдтæ æмæ сын сæ растфыссынад бамбарын кæнут. Нысангонд дзырдтæн сæ сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Ссарут хъуыдыйæдтæ æмхуызон уæнгтимæ æмæ сæ фæнысан кæнут. Тексты ссарут синонимтæ æмæ сæ рафыссут, сæ ныхмæ сын антонимтæ ныффыссут.

 

 

ÆФСЫМÆРДЗИНАДЫ КАДÆГ

 

Хæлардзинад, æфсымæрдзинад… Цæргæсы дыууæ тыхджын базырау сты уыдон.

Адæймаджы бæрзæндтæм чи сисы, тымыгътыл кæй фæрцы фæуæлахиз вæййы, ахæм дыууæ тыхджын базыры!

Æнусты дæргъы фæллойгæнæг дзыллæтæ æмбæрстой, иунæг æнæбон, æнæхъару, мæгуыр кæй у, уый. Иу æхсидавæй арт нæй. Денджыз дæр æртахгай у. Хуры разæй дæр лæг йæ сыхаджы фены…

Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, – Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм! – азæлд Иры хæхтæй хæлардзинады, æфсымæрдзинады зарæггæнæг Къостайы нæргæ хъæлæс.

(Цæгæраты М.)

 

* Тексты сæйраг хъуыды бамбарын кæнут. Ссарут æмбисæндтæ æмæ сын сæ хъуыды бамбарын кæнут. Цавæр æмбисæндтæ ма зонут уæхæдæг тексты хъуыдымæ æввахс?

 

8

Рафыссут æмбисæндтæ, разæвæрдтæ цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ раст фысгæйæ. Хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ цытæ сты, уый зæгъут. Дзырд зивæггæнаг атасындзæг кæнут.

 

1. Æнæ (ном) ницы ис. 2. Æнæ (мызд) кусæг ис, фæлæ æнæ (хæлц) кусæг нæй. 3. Хъæдмæ æнæ (фæрæтæй) ничи цæуы. 4. Æнæ (хицау) хъæуы рувас – æлдар. 5. Æнæ (зивæг) цæл ары, зивæггæнаг цæф ары. 6. Æнæ (ныфсæй) цæрæн нæй. 7. Æнæ (фæрæт) хъæддзау нæ вæййы. 8. Æнæ (дон), æнæ (хур) цæрæн нæй. 9. Æнæ (зонд) адæймагæй дæхи хъахъхъæн.

 

* Æмбисæндты хъуыды равзарут, уæ зæрдыл сæ бадарут.

 

9

Уыци - уыцитæ рафыссут. Сæ дзуæппытæ сын сæ фæстæ къæлæтты фыссут. Ссарут разæвæрдтæ, сæ быны сын бахахх кæнут. Иу хуымæтæг æмæ иу вазыгджын мивдисæг ссарут хъуыдыйæдты, аифтындзæг сæ кæнут ивгъуыд афоны æргомон здæхæны.

 

1. Нæ гыццыл къæбиц – æнæ дуар.

2. Æнæ фæрæт, æнæ дзæбугæй скæны хæдзар.

3. Æнæ къахæй цæуы, æнæ къухæй амоны.

4. Æнæ базыртæй тæхы, æнæ хъæлæсæй хъæр кæны.

5. Æнæ дзыхæй адæмæн зонд амоны.

6. Æнæ къух, æнæ къах, афтæмæй дуар бакæны.

(цъиу, чиныг, сахат, аик, дымгæ, хæдтæхæг)

 

 

10

 

Æрхъуыды кæнут цыппар хъуыдыйады разæвæрд æд – имæ: дыууæ хъуыдыйады разæфтуан куыд уа, дыууæйы та – разæвæрд. Сæ растфыссынад сын бацамонут. Хъуыдыйæдты номдарты хауæнтæ фæбæрæг кæнут. Иу номдар дзы фонетикон æвзæрст ракæнут.

 

 

Б Æ Т Т Æ Г

 

1

 

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Бæттæгтæ фæнысан кæнут, зæгъут, цы бæттынц, уый. Æрхæцæн нысæнттæ кæм æмбæлы, уым сæвæрут. Бацамонут сын сæ растфыссынад.

Æртыккаг хъуыдыйад равзарут ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.

 

1.Ма худ аууонмæ æвзæрыл, хорзы - иу йæ цуры бафау. (Къоста.)

2. Тугдзых цъиусуртæ цæргæстæ халæттæн уалдзæджы сæ кой сæ хъæр нал вæййы фæлæ æрæгвæззæг дзугтæ - дзугтæй нæ сæрмæ фæзилынц.

(Тыджыты Ю.) 3. Хур йæ был сдардта цыргъдæр хæхты фæсте æмæ сырх арт суагъта Хъазыбеджы хох. (Дзадтиаты Т.) 4. Хърихъуппытæ сæ базыртæ тилынц хæрзбон зæгъынц бæгънæг бæлæстæн цæугæдæттæн.

(Баситы М.) 5. Йæ улæфт къуыхцы кæнын байдыдта, хаттæй - хатт æрдæгыл баззайы, фæлæ та æппынæрæджиау схæкъуырцц кæны рынчын æмæ дыууæрдæм азилы йæ цæстытæ. (Æрнигон И.) 6. Дæ маст райсынмæ хъавыдтæ дæ карды комæй, æмæ та дæ кады сидт дæр худинаджы хос фæци де знагæн. (Дзесты К.) 7. Къуым дзаг уыди алымыггаг дзауматæй, сæ цæнд стъолæй фæбæрзонддæр ис. (Коцойты А.)

 

2

Рафыссут хъуыдыйæдтæ дыууæ къордæй: фыццаг – бæттæгтæ хицæн хъуыдыйæдтæ кæм бæттынц, уый фæстæ та – æмхуызон уæнгтæ кæм бæттынц, уыдон. Раст сæвæрут хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ. Фыццаг хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ. Иу фæрсдзырд морфологион æвзæрст ракæнут.

 

1. Рæсугъд хъарм бон уыд æмæ арвы астæуæй хурзæрин йæ хъарм тынтæ зæхмæ æппæрста. (Гæдиаты С.) 2. Сабан æмæ Гуйман бадтысты кæрты кауын быруйы цур зæххыл æмæ бынтон сабырæй сæ ныхас кодтой.

(Тугъанты Б.) 3. Чысыл сывæллон Мела уæдæй нырмæ æнцад бадти ныхæстæм хъуыста фæлæ сæ хорз не’ мбæрста. (Коцойты А.) 4. Хъазты чъегъре æваст Хуысинæйы раз февзæрд æмæ лæппуйы хъуыдытæ гандзайы хай баисты. (Хъайттаты С.) 5. Сæрдыгон фæлмæн дымгæ рахъазы хохы цъуппытыл ракафы дидинæджы алыварс ахъæбыстæ йын кæны æмæ та фæаууон вæййы кæмдæр дæлбылты. (Гæдиаты Ц.) 6. Хистæрæн кæстæр куы дæтта æгъдау, кæстæрмæ ничи æрхæсдзæн уæд фау. (Дзасохты М.)

7. Æрæппæрста та халон йæ холы уырдыгæй, фæлæ та ацы хатт дæр йæ бæллиц не сæххæст. (Ситохаты С.) 8. Кæнæ æрра ссис Хъуырруй, кæнæ йæ сæр разылд, æмæ фæндæгтæ бынтон схæццæ кодта. ( Мамсыраты Д.)

 

3

Æрхъуыды кæнут бæттæгтæ æмæ, фæлæ æмæ та – имæ фæйнæ дыууæ хъуыдыйады: иу ран бæттæг æмхуызон уæнгтæ куыд бæтта, иннæ ран та – хицæн хъуыдыйæдтæ, афтæ. Æрхæцæн нысæнттæ раст сæвæрут.

 

4

 

Текст бакæсут. Æрхъуыды йын кæнут сæргонд. Рафыссут, бæттæгтæ цы хъуыдыйæдты ис, уыдон. Хъуыдыйæдты фæстæ къæлæтты фæбæрæг кæнут, цы бæттынц бæттæгтæ, уый. Нысангонд дзырдтæ цухгонд дамгъæтæй баххæст кæнут, афтæмæй сæ рафыссут.Сæ растфыссынад сын бацамонут. Дзырд цъиусур фонетикон æвзæрст ракæнут.

 

Сæрды каникулты Хасан ацæуы хохмæ. Фæ…æгмæ фæвæ…ы фы…æу…тимæ уым. Æнæзивæг, сæрæн кæй у Хасан, уый ты…æй йæ фы…æу…тæ бирæ уарзынц.

Хасан бады къуыбырыл æмæ алырдæм фæлгæсы. Уæлæ арвыл цъиусур бæлæ…ты йæ разæй айста æмæ сæ куы иуырдæм, куы и…æрдæм ратæр - батæр кæны. Уæлæ се’ хсæнæй иу бæлон фæхицæн. Цъиусур ыл йæхи ны…æвы, нæ йыл фæхæст вæ…ы, фæлæ та йын йæ пакъуы акалы. Мæнæ та цъиусур бæлоныл ногæй йæхи ны…авта, нæ йыл фæхæст, фæлæ та йын йæ пакъуы акалдта.

Бæлон йæхи фæсайдта, зæхмæ уырдыг рауагъта йæхи æмæ Хасаны нымæты бын фæмидæг.

Цъиусур ма цалдæр зылды æркодта сæ сæрмæ. Йæ бон куы базыдта, уæд фæстæмæ атахт.

 

* Текстæн пълан саразут æмæ хæдзары ныффыссут изложени.

 

5

Рафыссут скъуыддзæгтæ. Бæттæгты бын бахахх кæнут æмæ бацамонут, цы бæттынц, уый. Нысангонд дзырдты сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый.

 

1. Æдзухдæр кодта хистæрæн лæггæдтæ

Зæрдырай æмæ барджынæй кæстæр.

Фæлтæры ивы ног бæлццон фæлтæр,

Фæлæ нæ сæфынц зæйæ дæр сæ фæдтæ.

(Мыртазты Б.)

2. Цæмæ бæллы мæйдар æхсæв бæлццон? –

Ыскæсæны сæуæхсиды фæзындмæ.

Æууæнды уый, кæй йæм бахуддзæн бон,

Æмæ нæ дары мурмæ дæр йæ зынтæ.

(Джыккайты Ш.)

3. Йе стонгæн бæргæ ис цары

Иу нæртоны хос,

Фæлæ йæм фæндаг нæ ары, –

Аскъуыйа йæ бос!

(Къоста.)

4. Бады æнкъардæй Сæлимæт,

Нал хæцы цæстыл хуыссæг.

Йе’ гъдау æмæ йын йæ сурæт

Никуы ныффысдзæн фыссæг.

(Плиты Х.)

5. Нæ нын зæронд уадзынц, нæ – саби

Фыдгултæ, райстой нæм кæрдтæ…

Аланты ’хсидгæ туг, о, сабух! –

Кæнæ – мæлгæ, кæнæ – цæргæ!

(Ходы К.)

6. Нæхицæн, цæй, æнусмæ скæнæм ном:

Кæд ацы хæхты нал фаг кæна дуртæ,

Уæд фестын кæнæм урс дуртæ нæ удтæ,

Æндон къулты сæ бавæрæм æнгом.

(Хъодзаты Æ.)

 

6

Дыууæ хуымæтæг æмæ дыууæ вазыгджын бæттæгимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады. Къæлæтты фæбæрæг кæнут, цы бæттынц бæттæгтæ, уый.

 

7.

Рафыссут фыццаг хъудыйæдтæ бабæтгæ бæттæгтимæ, стæй - домгæ бæттæгтимæ, уый фæстæ та – домгæ æмæ бабæтгæ бæттæгтæ иумæ кæм сты, уыдон. 8 – æм хъуыдыйад равзарут ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.

 

1. Цола рагæй дæр фæллойгæнæг лæг уыдис, æххуырстæй дæр сайын йæ сæрмæ никуы æрхаста, стæй ныр дæр афтæ. (Мамсыраты Д.) 2. Гетæ сæм йæхи тавта, цыма царды хорздзинадмæ æрмæст уыдонмæ æнхъæлмæ каст, уыйау. (Бесаты Т.) 3. Фæхъæбатыр кодта йæхи Зæлимхан, фæлæ къах скъуырдта дурыл æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыдис. (Барахъты Г.) 4. Йæ алыварс цытæ цæуы, уыдонæй хорз зыдта æрмæстдæр уый, æмæ хъæуы хист, куывд, кæнæ чындзæхсæв кæмæ ис, кæнæ тагъд рæстæджы кæмæ уыдзæн. (Мамсыраты Д.) 5. Гæбилы æмбæйттæ ныр дыккаг аз цæуынц ахуыр кæнынмæ, фæлæ уый нырма скъолайы къæсæрæй кæсгæ дæр нæма бакодта. (Дзесты К.) 6. Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ ссарай, – дæу фæуæд мæ фос! (Хетæгкаты Къ.) 7. Дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæвы цæуынц, æмæ, сырд нæ, фæлæ цъиуыл дæр никуы амбæлдысты. (Аргъау.) 8. Фос бæрзонд хохы ныппырх сты æмæ зад цъæх кæрдæгыл зыдæй хызтысты.

(Тугъанты Б.) 9. Тасолтан куыддæр Таймуразы цæфтæм æркасти, афтæ йæ риуыл ныддæлгом, æмæ цæссыг хуырызгъæлæгау уырдыгмæ згъæлы.

(Историон таурæгъ.) 10. Дадолты æртæ сылгоймаджы дуары мидæг куы фесты, уæд сагъды хуызæнæй баззадысты, фезмæлын дæр нал уæндыдысты. (Коцойты А.)

 

8

Æрхъуыды кæнут дыууæ хъуыдыйады бабæтгæ бæттæгтимæ, дыууæ та – домгæ бæттæгтимæ. Къæлæтты фæбæрæг кæнут, цы бæттынц бæттæгтæ, уый.

 

9

Бакæсут текст. Бæттæгтæ цы хъуыдыйæдты цухгонд сты, уыцы хъуыдыйæдтæ рафыссут æмбæлон бæттæгтимæ. Ссарут тексты фæсæвæрдтæ, цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ сæ рафыссут. Дыккаг абзацæй рафыссут миногонтæ, сæ сæрмæ сын фæбæрæг кæнут, миниуæгæвдисæг у, æви ахастæвдисæг. Сæ ныхмæ та сын антонимтæ ныффыссут.

 

ЗÆРОНД ГОГЫЗ

 

Хур стылд арвы астæумæ. У тынг тæвд. Зæронд гогыз йæ цъиутимæ йæхи фæцæйласта аууонмæ. Хъæрццыгъа сæ ауыдта … сыл бæрзондæй йæхи рауагъта. Зæронд гогыз фæдисы хъæр систа. Цъиутæ фæтарстысты … къудзиты бын фæмидæг сты.

Хъæрццыгъа хъавыд æвиппайды гогызы йæ цыргъ ныхтæ фæсадзын, … афтæ нæ рауад. Зæронд гогыз не’ руагъта хъæрццыгъайы базырты цæф йæхиуыл. Иуварс агæпп кодта, … хъæрццыгъайы тъæпп зæххыл фæцыд. Уæд гогыз йæ фындзæй тыхджын цæф ныккодта хъæрццыгъайы къæбутæн. Хъæрццыгъа фæсонтау. Уæдмæ та йæ гогыз ногæй ныццавта.

Цыдис тох, мæлæтдзаг тох гогыз … хъæрццыгъайы æхсæн. Тынг бафæлладысты сæ дыууæ дæр. Сæртæ - иу бæрзонд систой, æрриуыгъынмæ - иу хъавыдысты сæ кæрæдзийы, … - иу куыддæр сæртæ фæкъул сты, афтæ - иу къæхтæ фæцудыдтой, … - иу мæргътæ кæрæдзийыл бахаудтой. Æппынфæстаг фæйнæрдæм ахаудтой сæ дыууæ дæр. Хур сын мардта сæ фæстаг тыхтæ.

Тыхтæ - амæлттæй сыстад зæронд гогыз, цудтытæгæнгæ бацыд йæ цъиутæм … бахауд сæ цуры.

Уыцы афон кæцæйдæр фæзынд рувас. Ауыдта хъæрццыгъайы уæлгоммæ хуысгæ … уайтагъд февзæрд йæ разы. Асагъта йæ цыргъ дæндæгтæ хъæрццыгъайы къубалы … йæ дæлæ æрхмæ фæдавы.

(Хацырты С.)

* Тексты мидис радзурут, саразут ын пълан. Хæдзары ныффыссут изложени текстмæ æввахс.

 

10

Рафыссут скъуыддзæгтæ, стъæлфыты бæсты цухгонд бæттæгтæ æвæрут, афтæмæй. Бæттæгты бын бахахх кæнут, зæгъут, цавæртæ сты: хуымæтæг æви вазыгджын, бабæтгæ æви домгæ. Нысангонд дзырдты сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Дзырд зондамонæгмæ равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.

 

1. Нæй, мæ хуртæ, нæй гæнæн!

Уарзут мæ, уый хатын,

тынг зын у мæнæн

Ахæстоны бадын.

 

2. Зондамонæгмæ хъус,

Цы зæгъа, уый - иу кæн.

Зæрдæхъæлдзæгæй кус

бæззай лæгæн!

 

3. Сидзæртæн хъæдуртæ

Се’ хсæвæр хуыдта,

сын дуртæ

Цуайнаджы фыхта.

 

4. Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ

Æхсныфæй нуазынц мæ туг.

Мæлæтæй нæ тæрсын, мын мæ фæстæ

Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?

 

5. Никуы схицæн уыдзæни дæ зæрдæйæ уæд

Уыцы сахъгуырд – хъуыдынгас, сæрыстыр.

Уадз йæ фæндыры хъæлæс дæ кæмтты нæрæд,

хуры бын сæфæд æлгъыст дуг.

* Ацы скъуыддзæгтæ цавæр уацмыстæй ист сты? Чи у сæ автор?

 

Х А Й Ы Г Т Æ

 

1

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Хайыгты бын бахахх кæнут. 4 – æм хъуыдыйад равзарут ныхасы хæйттæм гæсгæ. Ставддæрæй фыст дзырдбæстытæ рафыссут хицæнæ, сæ ныхмæ сын синонимтæ ныффыссут. Зæгъут, куыд хуыйнынц ахæм дзырдбæстытæ?

Фæсæвæрдтæ ссарут, сæ сæрмæ сын фæбæрæг кæнут, цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ цы æвдисынц, уый.

 

1. Худынц иннæ’ фсæддонтæ дæр, æрмæст иу - цалдæрæй лæууынц хицæн къордæй æмæ æдзынæг каст кæнынц Дзангмæ. (Дзесты К.) 2. Дардæй - иу

паддзахвæндаджы былæй ракасти Бесо дæлæмæ, цъаламæ, сæ хъæумæ æмæ - иу сагъæсы бахаудта йæ бинонты тыххæй, кæд исты хъуаг сты, кæд сын уазал у æмæ æндæртæ. (Гæдиаты Ц.) 3. Акæс-ма фæстæмæ дæ цардмæ, мæлæг уд! Цы æвзæрдзинад бакодтай дæ бинонтæн, дæ сыхæгтæн, цæмæн æнхъæлмæ кæсынц дæ цæстыты фæцъындмæ, куыд никæйуал хъæуы дæ зæронд? (Æрнигон И.) 4. Дæле арф комы хæрæмигъ бадти, хæхтæ та мæйрухсы æнахуыр стыртæй зындысты, цыма арвмæ фæцыдысты æмæ ууыл æмбæлдысты, цыма боныгон куыд вæййынц, уымæй ныр хæстæгдæр лæууыдысты хъæуы алыварс. (Бесаты Т.) 5. Леуанæн йæ зæрдæ рухс нæ кодта, нæ цин кодта, кæд та йын лæппу райгуырд, уæддæр. (Гæдиаты С.) 6. Се’ ппæты кæстæр æфсымæрæн нал уыди йæ бон æххормагæй æмæ бæгънæгæй. (Аргъау.)

 

2

Ацы хъуыдыйæдтæ ныффыссут хайыгтимæ: æрмæст, дæр, та, куы, канд, нал.

Кæм ис гæнæн, уым спайда кæнут дыгай хайыгтæй дæр уыцы иу хъуыдыйады. Кæм æмбæлы, уым хъуыдыйæдтæ баххæст кæнут. Зæгъут, куыд аивта сæ хъуыды? Цы хъуыдыйæдтæ сарæзтат, уыдон ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ æмæ уыдон дæр ныффыссут.

 

1. Хъæдмæ ацыдысты лæппутæ. 2. Гыццыл сывæллæттæ хъазыдысты уынджы.

3

Рафыссут текст, цухгонд дамгъæтæ æххæст кæнут, афтæмæй. Хайыгтæ ссарут æмæ сын сæ сæрмæ фæбæрæг кæнут сæ хуыз. Тексты ссарут антонимтæ.

Фыццаг абзацы алы дзырды сæрмæ дæр фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хай у, уый.

Дзырдтæ сфæлмæцыдысты, æрбалæууыд дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут.

Ссарут фразеологизмтæ, рафыссут сæ, баивут сæ синонимтæй.

 

ДОН – КÆСТÆРÆЙ

Кæд…æр, дам, дард балцы цæуæг ирон адæмы иу къорд хус тыгъд быдыры бирæ рæстæг фæцыдысты. Бафæ…адысты, бастадысты, фæлæ фылдæр сфæлмæцыдысты æнæ донæй. Зæрондæй - ногæй, стырæй - чысылæй дзой - дзойгæнгæ цыдысты. Хылдысты размæ.

Æмæ иуахæмы бахæ…æ сты фæнда…гæрон зæронд цъаймæ. Дон дзы систой æмæ йыл фæхæлæф ко…той. Уыцы рæстæг сæ уæрдоны айрох сæ чысыл æртæаздзыд саби. Уый сæ дон нуазгæ куы фе…та, уæд ноджы тынгдæр смондаг æмæ сæм йæ чысыл къухтæ бæргæ тыл…та, сдзурын йæ бон нал уыд, фæлæ йæ ничи бафи…пайдта. Сæ зæрдыл куы æрбалæ…уыд, уæд ма йæм дон бæргæ баскъæ…той, фæлæ уый уæдмæ йæ уд систа.

Бирæ фæфæсмон, фæмæт кодтой адæм, стæй рахастой ахæм фæнд: «Абонæй фæстæмæ дон нуазгæ, уæд – кæстæрæй, цæмæй ахæм бæ…лæх макæуыл уал æрцæуа!» Уыцы хъуыды ахæлиу æ…пæт ирон адæмыл, æмæ нæм дон нуазынц кæстæрæй.

(Адæмон сфæлдыстад)

 

4

Рафыссут хъуыдыйæдтæ, къæлæтты цы хайыгтæ ис, уыдон раст æвæргæйæ. Алы къордæй дæр фæйнæ иу хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ.

 

1. Мах зарæм ирон зарджытæ (æрмæст, ма, та, дæ, мæнæ).

2. Мæ фыд абон цæуы хъæумæ (фæлтау, нал, бæргæ, куы).

3. Нæ сыхаг лæппу ахуыр кæны хорз (нал, æрмæст, дам, бæргæ, æвæдза).

5

Æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады ахæм дихгæнæг хайыгтимæ: канд,

æрмæстдæр, уæлдайдæр, æрмæст. Хъуыдыйæдтæ ныффыссут æмæ хайыгты бын бахахх кæнут.

6

Рафыссут скъуыддзæгтæ. Хайыгты бын бахахх кæнут, сæ сæрмæ сын фæбæрæг кæнут сæ хуыз. Ссарут синонимтæ æмæ сæ фæнысан кæнут. Фыццаг æмæ цыппæрæм скъуыддзаг равзарут ныхасы хæйттæм гæсгæ. Дзырд æгадæй равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.

 

1. Æрмæст дæ кой, дæ буц ном дæр

Стыр ныфс у лæгæн.

У суанг дæ сыгъдæг уæлдæф дæр

Æвдадзы хос мæнæн.

(Кочысаты М.)

2. Амар æй фæлтау фырнадæй,

Акъах ын йæ цæст,

Фесаф æй бынтон æгадæй, –

Бафсад æй æрмæст!

(Къоста.)

3. Сурынц æй цалдæрæй иумæ:

Бæхтæн сæ лæнк - лæнк цæуы.

Мæнæ хæрз æввахс…Сæлимæт

Бæхы æнæвгъау тæры.

(Плиты Х.)

4. Кæддæр æз буц уыдтæн, бæргæ,

Мæ дард фыдæл, дæ ном, дæ кадæй,

Фæлæ цы ныууагътай, уæвгæ,

Мæнæн дæ цирхъ æмæ дæ фатæй?!

(Хаджеты Т.)

 

5. Цыма цæй, хæрзбон, мæ фысым,

Зæгъгæ, зæгъы, раст гъе уыйау,

Лæг æм хъусы’ мæ нынкъард ис.

(Нигер.)

7

Æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады ахæм амонæг хайыгтимæ: мæнæ, уæлæ, уæртæ, далæ, уалæ. Хъуыдыйæдтæ ныффыссут. Дыууæ дзы равзарут ныхасы хæйттæм гæсгæ.

 

8

Текст бакæсут. Рафыссут, хайыгтæ цы хъуыдыйæдты ис, уыдон. Хайыгты бын бахахх кæнут æмæ сын сæ сæрмæ фæнысан кæнут сæ хуыз. Фæстаг абзацæй рафыссут номдартæ, бацамонут сын сæ хауæнтæ. Фæстаг хъуыдыйад рафыссут, ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ йæ равзарут. Атасындзæг кæнут номдартæ бæх æмæ баба.

 

БÆХЫ МАДЗУРА ЦÆССЫГТÆ

 

Мæ бабамæ уыдис бæх. Бирæ азты дæргъы йын æххуыс кодта хæдзары куыстыты. Хатгай - иу зæронд лæг йемæ ныхас дæр кодта. Уый дæр - иу æм комкоммæ кастис. Йæ сæр - иу разыйы тылд дæр бакодта, æмбæрста - иу ныхæстæ.

Уый раджы уыд, фæлæ ма абон дæр мæ зæрдæйæ нæ цух кæны уыцы ныв. Мæ баба куы амард, уæд нæм адæм цыдысты тæфæрфæсмæ. Зиан цы уаты уыдис, уый рудзгуытæ гом уыдысты. Бæх дын куы бацæуид рудзынджы цурмæ æмæ, йæ сæр ныллæг æруадзгæйæ, куы «кæуид». Йæ цæссыгтæ цæппузыртау уадысты.

Бабайы ныгæнæн бон бæхы дæр уæлмæрдмæ æрбакодтой. Кæд æй кодтой фæлдисгæ! Æмæ та йæ цыма æмбаргæ кодта, уыйау чырыны уæлхъус йæ цæссыгтæ гæр - гæр кодтой. Чи йæм кастис, уыцы мæрддзыгой адæм дæр æмкуыд кодтой. Æвæццæгæн, нæ цыппаркъахыг хæлæрттæ дæр риссынц, мæт кæнынц, æрмæст сæ хъыг зæгъын сæ бон нæу.

(Хъæрджынты С.)

 

9

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Нысангонд хайыгты сæрмæ фæбæрæг кæнут сæ хуыз. Фыццаг æмæ дыккаг хъуыдыйады пунктуацион рæдыдтытæ сраст кæнут. Равзарут сæ ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ. Дзырд чындз фонетикон æвзæрст ракæнут. Иу цæугæ мивдисæг рафыссут, æргомон здæхæны йæ æртæ афоны дæр аифтындзæг кæнут.

 

1. Хур хæхты фæстæмæ ныттылдис æрмæст ма Хъазыбеджы хохы цъуппыл хъазыдысты йæ тæмæнтæ. (Тугъанты Б.) 2. Гæбил нал фенхъæлмæ каст чындзы ныхасы кæронмæ дæр, æмæ уайтагъд ныхасы бамидæг. (Дзесты К.) 3. Чысылтыл ма - иу баззадис бæх æнæ фæкæлгæ, уæлдайдæр, æгæр уæззау уæрдон куы уыдис, уæд. (Барахъты Г.) 4. Адæм ма ныхасы дæр ракæнынц Иосебы гуыбыны кой, фæзæгъынц: раст уæртæ Иосебы гуыбыны йас, зæгъгæ. (Коцойты А.) 5. – Цæй, дæ мыдамæстытæ уал бахæрæм, æнтыдджынтæ ницы бæллиццаг сты, æмæ уал сæ фæстæдæрмæ уадзæм. (Аргъау.) 6. Æниу ды цæй æфсымæр дæ? Фыдызнаг! (Санаты У.) 7. Сæ бакаст цыма дурæй амад у, æмæ сæ ныхыл фыст ис – мæлæт. (Хъуылаты С.) 8. Бæргæ ма архайдта лæппу, фæлæ хъæлæс дæр ныффæсус. (Дзесты К.) 9. Бас, дам, кæй басудзы, уый йæ доныл дæр фу - фу кæны. (Æмб.) 10. Æмæ дæ никуы ратдзынæн знагæн, зон уый ды, фæлтау мæлæт ссардзынæн дæ сæрвæлтау хæсты! (Кочысаты М.) 11. – Æвæдза, нæ фесæфт хуыздæр у, – загъта Мистала, – уыцы сырд æлдарæн утæппæт æвзæр митæ ныббарыны бæсты. (Гæдтаты С.)

 

10

Æрхъуыды кæнут фæйнæ дыууæ хъуыдыйады ахæм хайыгтимæ: фæлтау, цыма, уæртæ, ма, - иу, дам, уал.

 

11

Рафыссут хъуыдыйæдтæ, къæлæтты цы хайыгтæ ис, уыдон æмбæлон бынæтты æвæрут, афтæмæй. Хайыгтæн сæ сæрмæ фæбæрæг кæнут сæ хуыз. Дзырд хъарджытæ атасындзæг кæнут.

 

1. Хъæдгæрон иу лæг фæзынд (мæнæ). (Фæрнион Къ.) 2. Чындз йæ гуыр дыууæрдæм æнкъусын байдыдта (та). (Коцойты А.) 3. Багæпп кодта йæ фæстæ Сослан, фæлæ ницыуал : æй ссардта (бæргæ ма; нал). (Нарты кадджытæ.) 4. Хъуысти галуанæй æлдары усы хъарджытæ (æрмæст ма).

(Гæдиаты С.) 5. – Зæгъгæ йын кодтон, – дзуапп радта Сабан, – фæлæ нын, æвæццæгæн, йе ссарын бантысдзæн (бæргæ; нал). (Тугъанты Б.)

6. Райсом дæ раджы сыстын ферох уæд ( - иу; ма). (Букуылты А.)

7. Хъæндилы мад тагъд-тагъд куывд бацæттæ кодта, фæлæ йæхæдæг æрхуыссыд (ма; бæргæ; дæр). (Мамсыраты Д.) 8. Æм цæй фидæн æнхъæлмæ каст! (æниу). (Хъайттаты С.)

 

12

Лæвæрд хайыгтæй алкæимæ дæр ныффыссут ацы хъуыдыйад æмæ зæгъут, цы хицæндзинад ис хъуыдыйæдты æхсæн. ( нæ, та, дæр, куы, ма, æрмæст, уал).

Дыууæ хъуыдыйады дзы равзарут хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ.

Æппæт арæзт хъуыдыйæдтæ дæр уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнут æмæ сæ ныффыссут.

 

Мах знон куыстам быдыры.

 

13

Рафыссут текст. Цухгонд дамгъæтæ раст сæвæрут. Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут.

Хайыгты бан бахахх кæнут. Нысангонд дзырдты сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хай у, уый. Дыккаг абзацы номдартæн сæ хауæнтæ фæнысан кæнут.

Дзырд Уацамонгæ атасындзæг кæнут. Дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут дзырд

æрдхæрæны.

 

Нартæн се стырдæр хæзнатæй иу уыд Уацамонгæ. Уымæ ахæм миниуæг уыд æмæ, æвæдза, адæймаг йе сгуыхтдзинæ…ты ты…хæй æцæ…тæ дзуры, уæд - иу, нæ йæм бавналгæйæ, йæхи систа æмæ - иу адæймаджы дзыхмæ бацыд. Намæ - иу йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæко…та.

Адæмы сæрвæлтау тохгæнæг хъæбатырты, рæстдзинадыл дзурæг лæгты ди…саджы æрдхæрæны кæхц уыд Уацамонгæ. Уыдонæн - иу уайта…д йæхæдæг айдзаг æлутон, ронг, кæнæ къ…ымæлæй. И…нæтæй йæ къухы никæмæн æфтыд Уацамонгæйæ бан…азын, уайта…д - иу хилагæй айдзаг.

 

14

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Къæлæтты цы дзырдтæ ис, уыдон фыссут æмхæстæй, кæнæ хицæнæй, кæм куыд æмбæлы, афтæ. Æмхуызон уæнгтæ цы хъуыдыйæдты ис, уыдон фæстæ къæлæтты фæбæрæг кæнут, цавæр æмхуызон уæнгтæ сты, уый. Фæстаг хъуыдыйад равзарут ныхасы хæйттæм гæсгæ. Рафыссут дзы дзырдбæстытæ къæлæтты. Атасындзæг кæнут здæхгæ номивæг кæрæдзи.

 

1. Райгонд ут уæ зиуæй (дæр) æмæ уе’ ннæ хъуыддæгтæй (дæр). (Букуылты А.) 2. Уæд (дæр) уырдыгмæ æнцон (дæр) у, хæрдмæ афтæмæй æртæ къахдзæфы (дæр) не сфæразид. (Дзесты К.) 3. Иу цал (дæр) хатты æрлæууыдысты, байхъуыстой - иу, сæ разæй исчи ис, æви нæ, уымæ.

(Тугъанты Б.) 4. Æхца (дæр), дзауматæ (дæр) цæттæ уыдысты фæрсынæн, фæлæ хъуыддаг ууыл нæма ахицæн. (Коцойты А.) 5. Ницыуал загъта Цола æмæ дард (дæр) йæхи бригады архайдта. (Мамсыраты Д.) 6. Цы хæдон ыл ис, уый (дæр) ын сауджыны лæвар у, æн (дæр) цæуид бынтон бæгънæгæй.

(Цæголты Г.) 7. Лæг æмæ ус кæрæдзимæ бакастысты æмæ, æнæ сдзургæйæ, бамбæрстой кæрæдзи, сфæнд кодтой хъыбылтæн сæ цауд (дæр) раттын сауджынæн. (Коцойты А.)

 

15

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Иу нымæцон кæм у, уым æй фыссут хицæнæй, хайыг кæм у, уым та – дефисимæ. Мивдисджыты бын бахахх кæнут, сæ сæрмæ сын фæбæрæг кæнут сæ цæсгом, нымæц, афон. Ставддæрæй фыст дзырдтæ морфологион æвзæрст ракæнут.

 

1. Кæд (иу) искуыцæй (иу) лæг фæзындис, æмæ (иу) исты сдзырдта сæрибары тыххæй, уæд (иу) æй æрбамардтой, æрбадæлдзæх кодтой.

(Гæдиаты С.) 2. (Иу) каст ма фæкодтон фæстæмæ, æмæ йæ къух дæргъæй дардта цæуджытæм. (Гаглойты Р.) 3. Бригадиры фæдыл хæссы йæ уис Сæрмæт – æрыгондæр хосдзаутæй (иу). 4. Ныхасмæ рацæйцæугæйæ (иу) Дзынгайы уым куы баййæфта, уæд (иу), цыма уырдæм нæ цæуы, йæхи афтæ акодта æмæ (иу) иувæрсты аивгъуыдта. (Мамсыраты Д.) 5. – Æз нæ, фæлæ æгас комæй (иу) лæг дæр фæсте нæ фæлæудзæн. (Хъуылаты С.)

 

16

Рафыссут скъуыддзæгтæ. Хайыгты бын бахахх кæнут æмæ дзы цыппар равзарут пъланмæ гæсгæ. Фыццаг æмæ цыппæрæм скъуыддзагæй мивдисджытæ рафыссут æмæ сын бацамонут сæ цæсгом, нымæц, афон, здæхæн, цæугæ у æви æдзæугæ, уый.

Дыккаг скъуыддзаг ныхасы хæйттæм гæсгæ равзарут. Дзырд хæдтæхæджы равзарут

дзырды хæйттæм гæсгæ.

 

1. – О гыцци, кæд уыдзæн?

Райс-ма, цæй, дæ аг!..

Абадут!..Фæуыдзæн

Алкæй дæр йæ фаг.

(Къоста.)

 

2. Йе та лæппу уæлдæфы хæцыд

Æмæ кæд йæ хæдтæхæджы басыгъд,

Чи зоны, хæстон – денджызон уыд

Æмæ науы доны бынмæ ацыд.

(Гаджиты Г.)

 

3. Бирæ нал уыд хурæй…

Зарынц та кæмдæр…

Дарддзæст лæппу дурæй

Акаст та ныр дæр…

(Къоста.)

4. Искуы, фæзæгъын æз дæр уæд мæхинымæр,

Искуы та уалдзæг куы’ рцæуид,

Дардмæ куы хъуысид нæ зарды, нæ цины хъæр,

Хур нæм йæ цæстæй куы кæсид.

(Гæдиаты Ц.)

5. Фæлæ хæстæг къæхты хъæр хатын,–

Цыма сты лидзджытæ…Хуыцау,

Мæ фырты баиргъæв æгадæй,

Йæ мард мæм фехъуысæд фæлтау!..

(Джыккайты Ш.)

6. Ма фæбæззæд, ма, фыртæн йæ фыдæн,

Уæд фæлтау рæхджы бонты йæ мæлæт,

Кæд ныббара дудгæ маст мæрдты дæр,

Кæд ныббара Иры’ фхæрд Мæхæмæт!

(Асаты Р.)

 

17

Рафыссут текст, къæлæтты цы мивдисджытæ ис, уыдон хъæугæ формæйы æвæрут, афтæмæй. Хайыгты бын бахахх кæнут æмæ зæгъут, цавæртæ сты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ. Иу цæугæ мивдисæг морфологион æвзæрст ракæнут. Дзырд карк атасындзæг кæнут.

 

ИРОН ÆМÆ КÆСГОН

 

Ирон æмæ кæсгон кæцæйдæр карк (радавын). Куы йæ (сфыцын), уæд (зæгъын):

Ай нæ кæй (фаг уæвын), фæлтау æй нæ иу куы (бахæрын), уæд – хуыздæр.

Уæд ирон афтæ (зæгъын):

Æмæ йæ нæ дыууæйæ чи хъуамæ (бахæрын)?

Кæсгон (ахъуыды кæнын) æмæ йын (дзуапп радтын):

Ахсæв нæ хуыздæр фын чи (фенын), карк райсом уый (бахæрын).

(Схуыссын). Кæсгон куы (афынæй уæвын), уæд ирон (сыстын), карк (бахæрын) æмæ фæстæмæ йæ бынаты (схуыссын). Райсом куы (рабадын), уæд ирон кæсгоны (фæрсын):

Гъы, цы фын (фенын)?

Мæ хæлар, диссаджы фын: цыма мæ зæдтæ (сисын) æмæ мæ сæ рухс бынатмæ (схæссын).

Уæд ирон (зæгъын):

Æз дæр дæ тæхгæ (фенын), афтæ (æнхъæлын), фæстæмæ нал

(æрыздæхын), уымæ гæсгæ карк (бахæрын).

 

 

ÆВАСТХЪÆР

 

1

Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Æвастхъæрты бын бахахх кæнут æмæ зæгъут, цавæр æнкъарæнтæ æвдисынц, уый. Нысангонд дзырдты сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый.

 

1. – Гъей, гъей, Зæлимхан, равдис-ма дæхи! (Барахъты Г.) 2. – Оххай, мæ хур, уанцон æмбæхст нæу, лæгæй чи бамбæхса, ахæм лæппутæ мын не сты. (Историон таурæгъ.) 3. – Уæуу! Фæлтау мæ хæсгæ мард куы федтаис æмæ мын раздæр куы загътаис, – йæ ныхас ын æрдæгыл фескъуыдта Дзынга. (Мамсыраты Д.) 4. – Офф, офф, офф! Цæй уынгæг нын у ацы бынат, – бахъынцым кодта урсбоцъо хистæр нартхор. (Айларты Ч.)5. – Уфф, ай бæрц цæрын, æмæ нырма уымæй фыдлæгдæр никуы федтон.(Булкъаты М.) 6. «Гъе - ри - гъай, – ахъуыды кодта Мурæт, – ай цыдæр хицау лæг у æмæ дын мæ уæргътæ æвæрынмæ куыд нæ фæцæуæг уыдзæн!» (Гуыцмæзты А.) 7. –Уæуу, мæнæ цы бæллæхы бахаудтæн! – бахъынцым кодта Дæхци. (Бæдоаты Хъ.)

 

2

Рафыссут хъуыдыйæдтæ æртæ къордæй: фыццаг – æвастхъæртæ дис æмæ тас кæм æвдисынц, дыккаг – бæллиц кæм æвдисынц, æртыккаг та – цин. Ставддæрæй фыст дзырдтæм синонимтæ ныффыссут. Хъудыйæдты ссарут сидæнтæ æмæ сын сæ быны бахахх кæнут.

 

1.– Цы? Зæлимхан? Уæллæгъи, ахæм уæрдæттæ дыууæ дæр аласдзæн, –

дзырдта Бимбол, йæ сугтæй йын куы калын кодтой, уæд. (Барахъты Г.)

2.– Уæуу, дæ бындар куыд фæдæ, Арсæмæг, нæ хæдзар нын куы фехæлдтай! – ныхъхъæр кодта Дæхци йæ дзыхыдзаг. (Бæдоаты Хъ.)

3.– Гъей - джиди, æндæр мæ куы ницы уаид, æмæ иунæг цъусдуг мæ авналæнтæ мæхи бар куы уаиккой. (Темыраты Д.) 4. – Æллæх, æллæх, мæ син фелвæст! (Букуылты А.) 5. «Оххай - оххай! Амæй æнцонтыл нал аирвæздзынæн», – хъуыды кæны йæхинымæры Сослан. (Нарты кадджытæ.) 6. Гъæй - дæ - гъа, динамонæг цъил фестад, уæды онг йæ кувæндон рыгæй нал зынд, ныр æй афтæ ныссæрфта, ныссыгъдæг кодта, æмæ ранæй - рæтты тыбар - тыбур кодта. (Гæдиаты С.) 7. – Ау, æмæ пъырыстыф мæнæй цы кæны? (Кочысаты Р.) 8. Гъе, уæууæй, Челе! Иу зæрдæриссæг дыл нæ разынд дæ царды изæр. (Æрнигон И.) 9.–У- у - у! Дæ фæхъхъау æрбауон, мæ сызгъæрин æлдар, мах дæ мад, дæ фыды уазæг, ма нæ фæхудинаг кæн. (Историон таурæгъ.) 10. Оф, оф! Хуыцауæй бузныг! – фенцондæр Гуйманæн. – Кæннод бынтондæр ссæлхæр дæн.

(Тугъанты Б.) 11. О, тæхуды, тагъддæр куы фæуаид карст! (Букуылты А.)

12. – Гъей!..Гъей!.. Кæдæм?.. Ард дæ къонайы бацыд, сафыс дæхи! – схъæр ма йæм кодтой, фæлæ Цола арты хуылфы аныгъуылди. (Мамсыраты Д.)

 

3

Æрхъуыды кæнут фæйнæ дыууæ хъуыдыйады ахæм æвастхъæртимæ: цæмæй æвдисой дис, бæллиц, тас æмæ цин.

 

4

Текст рафыссут, цухгонд дамгъæтæ раст æвæргæйæ. Сæргонд ын æрхъуыды кæнут. Æвастхъæрты бын бахахх кæнут æмæ зæгъут, цы æвдисынц. Вазыгджын дзырдтæ рафыссут æмæ сын сæ арæзт бацамонут. Нысангонд дзырдтæ хицæнæй рафыссут æмæ сын сæ ныхмæ антонимтæ ныффыссут.

 

Дзиба уыди цæлуарзаг. Кусгæ нæ ко…та, фæлæ хистытæ æмæ куыв…тыл зылдис.

Иузаман хъæубæсты нал дæр чындзæхсæв уыд, нал дæр хист. Дзиба цæхæрадоны а…уоны æнкъардæй хуы…сыд æмæ хъуыдытæ ко…та: «Тæхуды, искуы ма иу куывд, кæнæ иу хисты абад!..» Уалынмæ дын йæ хъустыл æмдзæгъды хъæр ауад.

Фæгæ…п ко…та æмæ, æмдзæгъд кæцæй цыдис, уыцырдæм фæраст.

Кæрты астæу æрлæ…уыд æмæ зæронд ус Косерæн арфæтæ кæны:

Амон…джын хъуыд…æгтæ кæнут, Косер!

Бузныг, Дзиба, фæлæ ныл цы хорздзинад æрцыдис, цы?

Ау, æмæ уæ хъазты æмдзæгъд уæлæсыхмæ куы хъуысы!

Мæ хæдзарыл! Ау, æмæ исты нæ зæрондæн ус æрхастам, – бадис ко…та Косер.

Дзибайы уæд…æр нæ уырны…той усы ныхæстæ:

Омæ, уæ уæдæ цæй æмдзæгъд хъуысы абондæргъы?!

Уæууа, мæ хур Дзиба, – баху…ти зæронд ус, – уый æз цæхæра хостон, цæхæра.

(Ирон æмбисонды хабæрттæ)

 

5

Хъуыдыйæдтæ рафыссут æмæ æвастхъæрты бын бахахх кæнут. Сæ арæзт сын бацамонут æмæ цы æвдисынц, уый зæгъут. 5 – æм хъуыдыйад ныхасы хæйттæм гæсгæ равзарут. Текстæй иу хуымæтæг æмæ иу вазыгджын мивдисæг рафыссу æмæ йæ аифтындзæг кæнут æргомон здæхæны ивгъуыд афоны.

 

1. – Оу, мæнæ диссаджы лæг! ( Тугъанты Б.) 2. – Ехх, ныр йе’ взагæй куы зонин, уæд бæргæ, – фæтыхсти Хуысин. (Хъайтыхъты А.) 3. – Гормон, цæуыл дæхи фыдæбонæй марыс? (Дзесты К.) 4. – Бузныг, дæ рын бахæрон, бузныг. Мæ бæсты дын Хуыцау раарфæ кæнæд. (Хъуылаты С.)

5. – Æ - гъи! Кой дæр æй мауал скæн: мæ фырттæ кæфахсджытимæ сты, изæры сæ ардæм хъæуы. (Нарты кадджытæ.) 5. – Фитт-фитт! Федтат, иу мыдыбындз та ахордтон! – йе’ мбæлттæм цингæнгæ ныхъхъæр кодта Æхсыргур æмæ чылауийы къалиуыл абадт. (Чеджемты Г.) 6. – Гъе, гъе, Зæлимхан! Ау, уый та куыд у? – афтæ йыл фæхъæр кодта Бимбол фæстæрдыгæй æмæ йæм февзыста ехсæй. (Барахъты Г.) 7. – Оуу-уа, куы мæ ферох и! Цон æмæ йæ фенон, мæгуыр, Сæлимæт рынчын куы у! (В. Гюго) 8. – Æр - ррæй! Фю - фю! – ныхситт кодта Баде фосыл, цæмæй æрсабыр уой, уый тыххæй. (Тугъанты Б.) 9. – Æнæрай сæ фæут, кæд сæ кæдæм байдзаг кодтат! – мæсты кæны йæ мад æмæ йæ фыдмæ. (Гуыцмæзты А.)

 

6

Рафыссут скъуыддзæгтæ. Æвастхъæрты бын бахахх кæнут æмæ зæгъут, цавæр æнкъарæнтæ æвдисынц, уый. Хицæнæй рафыссут фæрсдзырдтæ æмæ сын сæ ныхмæ сæ хуыз ныффыссут. Дзырд хъама фонетикон æвзæрст ракæнут. Нысангонд дзырдты сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Сидæнтæ ссарут æмæ сæ фæнысан кæнут.

 

1. Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, –

Гъопп! – зæгъгæ, йæхи

Портийы зыввытт фæласта…

Лæг ныххæррæгъ и!

(Къоста.)

2. «Гъæй - джиди! – загъта уæд ахæст йæхинымæр, –

Гъæй - джиди, фест гъеныр уыцы мигътæй!

Атæх сæрибарæй уарзон Фыдыбæстæм,

Бафсæд дæ хæстæг, дæ мады уындæй».

(Гæдиаты С.)

3. Гъæйтт, цы фестут, цæйут размæ

Цомут иумæ мах æнгом!

Кадджын дарæм азæй азмæ,

Цæй, нæ Ирæн мах йæ ном!

(Æрнигон И.)

4. Ау, – ныддис кодта æлдар, –

Хинæйдзаг къæбæртæ

Сау тыхбыны куысты ссар, –

Уæд куыд райдзæн зæрдæ!

(Джыккайты Ш.)

5. – Ох- ох, уазæг, æз мыдимæ, –

Загъта, – диссаг дæн, æрбалæуу…

Гъе, смаггæнаг! – мыд фæмæсты. –

Ныр цы мæт кæныс мæ бæсты,

Æз хуыздæр куы дæн æнæ дæу!..

(Къоста.)

6. Гъей, фыдæлты сау хъама,

Гъей, фыдæлты ныфс!

Цалдæр азы ауыгъдæй

Къулыл ды лæууыс.

(Кочысаты М.)

7. О, хæхтæ, уаих фæуат, уастæн,

Фыдæл уæ цæрайæ куы цард.

Уæд ныр уæ буц зæнæджы мастæн

Куыд быхсут мадзурайæ’ нцад?

(Ходы К.)

8. Фæлæ сыстад æхситгæнгæ тымыгъ,

Ногæй райста йæ сау кард адзал.

Атылд карз тох уæззау цалхау хуымыл,

Оххай, цалы фæкодта æдзард.

(Елехъоты М.)

 

7

Уæ хрестоматийы чиныгæй рафыссут 5 – 6 хъуыдыйады æвастхъæртимæ. Къæлæтты фыссут, кæцæй ист сты хъуыдыйæдтæ æмæ чи у сæ автор, уый. Æвастхъæрты бын бахахх кæнут. Цы нысан кæнынц, уый фæбæрæг кæнут.

 

 

РАЦЫД ÆРМÆГ ЗÆРДЫЛ ÆРЛÆУУЫН КÆНЫН ÆМÆ НЫФФИДАР КÆНЫН

 

1

Бакæсут текст. Кæронмæ йæ ахæццæ кæнут æмæ йын сæргонд æрхъуыды кæнут. Текстæй рафыссут, сæрмагонд æмæ æххуысгæнæн ныхасы хæйттæй кæцытæ ис, уыдонæй фæйнæ 3 – 5. Дзырд хъæбул атасындзæг кæнут.

 

Иу мадæн йæ хъæбул хæрз чысылæй фесæфт. Бирæ йæ фæцагуырдта, бирæ йыл фæмаст кодта, фæлæ йын йæ фæд дæр нал ардта.

Рацыд цалдæр азы. Лæппу йæхи зонынхъом фæци æндæр мадмæ, чи йæ схъомыл кодта, уымæ. Йæхи мады та рох фæкодта. Раст æй уыцы рæстæг мад ссардта, фæлæ йын æй схæссæг мад нæ дæтты. Уый дæр æй йæхи хоны.

Сывæллон ратон - батойнаг ссис. Хъуыддаг Ныхасмæ бахæццæ. Тæрхоны рабадтысты дзырддзæугæ лæгтæ. Цалдæр боны фæтæрхон кодтой, фæлæ дыууæ мады æхсæн рæстдзинад ссарын сæ бон не сси. Уæд сын фæстагмæ хистæр урсбоцъо, зæронд лæг афтæ: «Æртæйы дæр ма ардæм ракæнут!»

Ракодтой сæ. Зæронд лæг дыууæ мады сывæллоны фæйнæфарс æрлæууын кодта. Загъта сын: «Лæппуйæн йæ цæнгтыл ныххæцут, йæхимæ йæ чи алваса, уый у йæ æцæг мад. Уый уыдзæн сывæллон».

Устытæ фæлæбурдтой лæппумæ. Ивазынц æй фæйнæрдæм, йæ цæнгтæ йын фæтонынц…

(Адæмон сфæлдыстад.)

 

* Хæдзары ныффыссут изложени сочиненийы элементтимæ. (Кæронмæ ахæццæ кæнут таурæгъ æмæ уæ хъуыдытæ ныффыссут йæ сæйраг хъуыдымæ гæсгæ).

 

2

Текст бакæсут. Рафыссут мивдисджытæ, бацамонут сын сæ цæсгом, нымæц, афон, хуыз, здæхæн, цæугæ у æви æдзæугæ, уый. Ставддæрæй фыст дзырдтæ рафыссут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый бацамонут. Дзырд тугцъиртæ дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут, атасындзæг æй кæнут.

 

 

 

КЪОСТА НИЗ ЦÆМÆЙ ССАРДТА?

 

Æлдæртты куывды бадт фæци Къоста. Æнæуынон ын уыдысты фæллойгæнæг адæмы тугцъиртæ, фæлæ æгъдау сырдты æхсæн дæр ис. Йæ зæрдæйы ахаст сын тынг не’ вдыста. Мæнг цинтæ йыл кодтой уыдон дæр, фæлæ сæм уыд фыдвæнд: нуазæныл марг ныккодтой, афтæмæй йæм æй балæвæрдтой.

Къоста æппæтдæр зыдта æмæ нуазæн цыдæр æфсонæй нæ бакуымдта.

Фæлæ та йыл æлдæрттæ мæнгардæй рацыдысты. Зыдтой, Къоста æгъдауыл хæст кæй у, ирон царды фæтк æм бæрзонд æвæрд кæй у, æмæ нуазæн ног чындзы къухы фæсагътой. Уый йæ хъуамæ радтаид Къостамæ…

Æгъдау æрцахста Хетæджы - фырты: уырдыг сыстад, нуазæн райста, арфæ ракодта ног чындзæн. Стæй йе знæгтæн комкоммæ загъта:

Ацы нуазæныл кæд марг конд ис, уæддæр æй æз райстон сылгоймаджы къухæй æмæ йæ нуазын, аргъ ын кæнгæйæ.

Уæдæй фæстæмæ Къоста йæ къахыл нал слæууыд.

(Ирон æмбисонды хабæрттæ.)

* Тексты мидисыл æрдзурут.

 

3

Текст рафыссут, цухгонд дамгъæтæ раст æвæргæйæ. Сæргонд ын æрхъуыды кæнут.

Нысангонд хъуыдыйæдты æрхæцæн нысæнттæ раст сæвæрут. Нысангонд хъуыдыйæдтæй дыккаг равзарут хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ. Дзырдтæ фæхъазыди æмæ схъуынджын дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут.

 

Сырд…онцъиу рауа…та лæ…пынтæ æмæ сæ схъомыл кодта. Зымæг куыд…æр ны…лæу...ыди а…тæ карз схъызыди æд…æмæ акæсæн нал уыди æмæ сырд…онцъиу йæ лæ…пынты хол…агдонмæ бако…та. Уым хосы сæр хуы…сыди гæды. Цъиуты куыд…æр ауы…та, а…тæ дзы иу ацахста æмæ йæ аскъæ…та. Мад бирæ фæхъæр ко…та, фæлæ йæм гæды хъусгæ дæр нæ бако…та, стæй йе’ ннæ лæ…пынтимæ атахтысты æндæр ранмæ. Гæды цъиуæй бирæ фæхъазыди йæ хъæбысы йæ бако…та æмæ æрфынæй. Цъиу уый базонгæйæ уыциу гæп… аласта æмæ хуынчъы смидæг ис.

Гæдыйыл сайд æрцыди æмæ фырмæстæй йæхи схъуынджын ко…та, сфыдхъуын ко…та, йæ сæрыл балæ…уыди æмæ за…та: «Йе, ме’ дылы сæр, кæдмæ а…тæ æнæрхъуыды уыдзынæ? Лæ…пын цъиу кæй асай…та, уый ма мадæл цъиуы куыд æрцахсдзæн?»

Бирæ фæхоста йæ сæр: куы йын фæры…ти, уæд æй йæ гуыбыныл сæвæр…та æмæ йæ йæ дзæмбытæй рæвды…та.

Уæдæй - абонмæ гæды йæ сæр йæ гуыбыныл сæвæры.

(Таурæгъ.)

 

 

4

Рафыссут текст, абзацтæ кæрæдзи фæдыл раст равæрут, афтæмæй. Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут æмæ сын сæ растфыссынад бацамонут. Нысангонд дзырдты сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хай у, уый. Дзырд æууæнкджындæр морфологион æвзæрст ракæнут.

 

ЗОН…ДЖЫН УЫНА…ФÆ

 

Уæд ныхасы адæм бауына…фæ кодтой æмæ уыцы ды…уæ лæджы рæгъаугæстæ ско…той. Уæдæй фæстæмæ фосæй иу стур дæр нал фесæ…т.

Хъæуы мидæг бирæтæ дызæрдыг кодтой ды…уæ давæг лæгыл. Фæлæ сын цы сæ бон уыд. Давæджы куы нæ æрцахсай давгæ, уæд цы зæгъæн ис?

Раджы заманы иу хъæуы рæгъауæй стуртæ чидæр да…та. Хъæуы ныхас - иу бауына…фæ ко…та æмæ та - иу хуыздæр, æу…æнкджындæр лæгты рæгъаугæс ско…той. Фæлæ та - иу кæс, æмæ стуртæ цыдæр фесты.

 

* Хæдзары ныффыссут текстмæ æввахс изложени.

 

5

Бакæсут текст. Рафыссут миногонтæ æмæ сын сæ ныхмæ ныффыссут сæ бæрцбарæнтæ æмæ,

цавæртæ сты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ, уый. Нысангонд дзырдтæ хицæнæй рафыссут æмæ

сын сæ ныхмæ фыссут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Тексты ссарут антонимтæ æмæ

сæ рафыссут. Дзырд хъæбул фонетикон æвзæрст ракæнут. Ссарут хъуыдыйад сидæнимæ

æмæ йæ рафыссут.

МАД

 

Мад… Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл æцæг амонд фенæн æмæ банкъарæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ. Мады фаг хорздзинæдтæ ацы зæххыл нæй, фæлæ, уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ, бамбарæн ис, цы у амонд. Тæхудиаг у уыцы кæстæр, йæ хистæрты буц дарын чи зоны æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ рухс цæсгомæй чи цæуы.

Мах стъалытæ арвыл агурæм, фæлæ зæхх æмæ царды стъалытæ хорз кæстæртæ сты.

Мад – царддæттæг. Хæрзконд, хæрззонд, фæлмæнзæрдæ, уды рæсугъддзинад… Уыдон иууылдæр мады лæвæрттæ сты. Мад сæ куынæ радта, уæд уыцы хорздзинæдтæ тыгъд быдыры ссаргæ не сты. Мады уарзондзинадæй сæ удтæ хъæздыг кæмæн сты, уыдонæй рæсугъд у цард дæр.

Мад… Уый диссаг у, æвæдза… Уый йæ хъæбулы улæфт дардмæ хъусы. Йæ хъæбул та зæры - зæрондмæ куы фæцæра, уæддæр æй сывæллон хоны æмæ йын хур бон хуры тæвдæй тæрсы, къæвда бон – суазалæй.

Мады зæрдæ, сызгъæрин фестай!

(Чеджемты Æ.)

* Хæдзары ныффыссут сочинени ахæм темæйыл: «Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у!»

 

6

Рафыссут æмдзæвгæ. Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут æмæ сын сæ растфыссынад бацамонут.. Æмдзæвгæйы алы рæнхъ дæр равзарут ныхасы хæйттæм гæсгæ. Нысангонд дзырдтæ равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.

 

ЦÆМÆ БÆ…ЛЫ БÆЛ…ЦОН

 

Цæмæ бæ…лы мæйдар æхсæв бæл…цон? –

Ыскæны сæуæхсиды фæзындмæ.

Æ…уæнды уый – кæй йæм баху…дзæн бон,

Æмæ нæ дары мурмæ дæр йæ зынтæ.

 

Тæхуды ’мæ йæ адæмы æхсæн

Æнусмæ хорз ном чи скæны йæхицæн!

Фæлæ æрмæст бæ…лынæй нæй цæрæн,

Æцæг…инадæй никуыдæм ис лидзæн.

 

Ис алцæмæн дæр афон æмæ рад,

Цæуы нæ фæ…тыл хохаг донау рæстæг.

Зæ…ыл йæ цардæй чи аразы цард,

Æнусондзинад уымæн ис æрмæс…дæр.

(Джыккайты Ш.)

 

7

Æрхъуыды кæнут мивдисджытæ ахæм формæты:

- 1 – аг цæсгом, бирæон нымæц, ивгъуыд афон, цæугæ, бæллиццаг здæхæны;

- 3 – аг цæсгом, иууон нымæц, суинаг афон, æдзæугæ, æргомон здæхæны;

- 2 – аг цæсгом, бирæон нымæц, æдзæугæ, фæдзæхстон здæхæны;

- 3 – аг цæсгом, бирæон нымæц, цæугæ, бадзырдон здæхæны;

- 1 – аг цæсгом, иууон нымæц, ивгъуыд афон, æдзæугæ, æргомон здæхæны.

Мивдисджытимæ æрхъуыды кæнут фæйнæ хъуыдыйады æмæ сæ ныффыссут.

 

 

8

Лæвæрд хъуыдыйæдтæй æмхæст текст куыд рауайа, афтæ сæ кæрæдзи фæдыл раст

рафыссут. Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут. Нысангонд дзырдты сæрмæ

фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Дзырд донфыцæны дзырды

хæйттæм гæсгæ равзарут. Иу мивдисæг морфологион æвзæрст ракæнут.

 

 

Заргæ - зарын æви…пайды бахауди мыдыбындз хæлуарæджы

тыны.

Бамбæх…т, йæхæдæг æнхъæлмæ кæсы.

Рухс уæлдæфы, раст донфыцæны сæрмæ, фер…ты…та зынджы

стъæлфæнау хæлуарæг.

Ауа…та уый тын иу бæласы цонгæй иннæ бæласы цонгмæ, доны

фа…лаг фарсмæ, айтыгъта дардыл йæ хыз.

Йæ уæзæй хæлуарæджы тыны æндах фæцæуы дæлæмæ æнцад –

æнцад.

(Гæдиаты Ц.)

 

9

Текст хъуыдыйæдтыл адих кæнут, афтæмæй йæ рафыссут. Къæлæтты æвæрд мивдисджытæ æмбæлон фæрмæйы æвæрут. Хъуыдыйæдты фæстæ æвæрут стъæлфытæ. Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут. Ссарут фæсæвæрдтæ æмæ сын сæ быны бахахх кæнут. Фæстаг хъуыдыйад равзарут ныхасы хæйттæм æмæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ. Дзырд хуынкъ фонетикон æвзæрст ракæнут. Дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут дзырд æхсæрсæттæджы.

 

Гæдырувасы хуынчъы сæрмæ бæласыл (цæрын) æхсæрсæттæг уый арæх (ратæх - батæх кæнын) бæласы къалиутыл (мæстæй марын) рувасы зæронд рувас - иу æм мæстыхуызæй (скæсын) иухатт рувас бæласы бын йæхи нæууыл (ауадзын)

уалынмæ та йæ сæрмæ æхсæрсæттæджы цъæхснаг хъæр (райхъуысын) фæлæ рувас змæлгæ дæр (нæ фæкæнын) æхсæрсæттæг дæлдæр (æрлæсын) рувас (хуыссын) мардау æхсæрсæттæг (æргæпп кæнын) зæхмæ рувас уæддæр не (змæлын) æхсæрсæттæг ноджы фæныфсджындæр (æрбазгъорын) рувасы цурты рувас уыциу (сæррæт фæласын), æмæ æхсæрсæттæг йæ дзæмбыты (бахауын).

(Адæмон сфæлдыстад.)

 

10

 

Æмдзæвгæ рафыссут. Сæвæрут цухгонд æрхæцæн нысæнттæ, сæ растæвæрд сын бацамонут. Фыццаг строфайы номдарты сæрмæ хауæнтæ фæбæрæг кæнут. Дыккаг строфа ныхасы хæйттæм гæсгæ равзарут. Дзырд Райгуырæн равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ. Ссарут хъуыдыйад сидæнимæ æмæ йæ бахахх кæнут.

 

РАЙГУЫРÆН БÆСТÆ

 

Нæ дæн хъæздыг сызгъæринæй æвзистæй,

Мæ цин нæ вæййы ахæмтыл мæнæн.

Хæссын мæ риуы, уарзоны хуызистау,

Æдзух дæ сурæт Райгуырæн дæуæн.

 

Дæ цард – мæ цард дæ кад мæ кад у, зонын,

Мæ зæрдæ рухс у алкæмдæр дæуæй,

Æнæ дæу æз мæхи хæстон нæ хонын

Æнæ дæу амонд адæймагæн нæй.

 

Кæсын дæ фæрцы фидæнмæ ныфсджынæй,

Ды дæ мæнæн мæ худгæ бон мæ ис.

Æрттив æнусмæ барджынæй цытджынæй,

Дæуæй зынаргъдæр а зæххыл цы ис?!

(Тохты И.)

 

11

Æмбисæндтæ мивдисджытæй æххæст кæнут, афтæмæй сæ рафыссут. Бацамонут сын сæ хъуыды. Дыууæ æмбисонды дзы хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хæйттæм гæсгæ равзарут.Атасындзæг кæнут здæхгæ номивæг кæрæдзи.

 

1. Бæлас йæ къалиутæй … 2. Хорз æмгар зын сахат … 3. Бас кæй …, уый доныл дæр … 4. Хуры разæй дæр лæг йæ сыхаджы … 5. Сабыр род дыууæ мады … 6. Адæм кæрæдзи ныфсæй … 7. Тагъд дон фурды …

8. Æнгом цуанонтæ саг… 9. Хистæрæн йæ фындз … æмæ йæ зондæй … .

(Басудзы, фены, дæйы, марынц, не ‘ййафы, амæрз, сбæрæг вæййы, фидауы, фу-фу кæны, цæрынц, бафæрс).

 

12

Текст ратæлмац кæнут ирон æвзагмæ. Тæлмацгонд текстæй рафыссут сæрмагонд æмæ æххусгæнæн ныхасы хæйттæ цытæ ис, уыдонæй фæйнæ дыууæ – æртæ. Иу цæугæ æмæ иу æдзæугæ мивдисæг рафыссут æмæ сæ аифтындзæг кæнут суинаг афоны æргомон здæхæны.

Старый воробей Чичи всю зиму жил в гнезде ласточек. Жил себе, поживал и ни о чём не беспокоился. А тут как раз зима кончилась, и пришла голубая весна. Стали возвращаться перелётные птицы в родные места, ласточки, зимовавшие долгую зиму в Африке, назад прилетели. Осмотрелись они – всё вроде по – прежнему, ничего не изменилось, и, радостно щебеча, заспешили ласточки каждая в своё гнездо. И та ласточка, в гнезде которой поселился воробей Чичи, подлетела к своему родному домику, смотрит, а дверь на запоре: занял кто - то её гнездо и не собирается пускать туда хозяев.

Стала ласточка стучать в дверь и требовать, чтобы ей открыли. А за дверью молчат, будто там и нет никого. Тут на шум собрались другие ласточки и, узнав в чём дело, тоже стали кричать, чтобы незваный гость немедленно оставил чужой дом.

(Г. Чеджемов.)

 

13

Текст рафыссут. Ставддæрæй фыст дзырдты сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. Дзырд æгъдау фонетикон æвзæрст ракæнут. Атасындзæг кæнут дзырдбаст дыууæ сыхаджы. Ссарут тексты антонимтæ æмæ сæ хиæнæй рафыссут.

 

ХЪÆУЫ ЛÆГ

Сæ хъæумæ фæндагыл дыууæ сыхаджы баиу сты. Кæрæдзи афæрстытæ кæдтой, чи дзы кæцæй цæуы, уымæй. Кæстæр цыд зианæй, æмæ йæ хистæр хынцфарст акодта:

Мард хæдзары зиан уыд, æви хъæуы?

Уый та куыд æмбаргæ у? – бадис кодта кæстæр.

Хорз лæг йæ зонд, йе’ гъдау æмæ йæ хъуыддæгтæй вæййы хъæуы лæг, фыццаг ма ахæмты хуыдтой комы лæг дæр, ныр та æнæхъæн Ирыстоны лæгтæ дæр. Æмæ ахæм лæты зианмæ æрцæуы хъæубæстæ, комбæстæ, кæнæ æппæт Ирыстонæй дæр. Хæдзары зиан та бавæрынц хæстæг - хиуæттæ, сыхæгтæ.

Бамбæрстон! Уæдæ æз кæй зианы уыдтæн, уый хъæуы лæг уыд, – дзуапп радта кæстæр. (Ирон æмбисонды хабæрттæ.)

* Тексты сæйраг хъуыдыйыл æрдзурут. Кæй зонут сымах та хъæуы, кæнæ комы лæгтæй?

 

 

14

Æмдзæвгæ бакæсут. Рафыссут мивдисджытæ, бацамонут сын сæ цæсгом, нымæц, афон, хуыз, здæхæн. Ставддæрæй фыст хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм æмæ ныхасы хъæйттæм гæсгæ. Рафыссут хъуыдыйад сидæнимæ.

 

Къоста у махæн не стырдæр стъалы

 

Къоста у махæн не стырдæр стъалы,

Йæ номæй стæм сæрыстыр ‘мæ хъæздыг.

Зындгонд «Додой» куы бакæсы ирон лæг,

Йæ риуы уайтагъд сæвзæры уæд тых.

 

Къостайы уацмыстæ зæрдæбынæй куы кæсæм,

Куы бамбарæм йæ фæдзæхсты нысан,

Уыдзыстæм уæд йæ фæдонтæ, æнæмæнг,

Æмæ нын уæд æххуыс кæндзæн Хуыцау!

 

Къоста у махæн абон дæр сæрæгас,

Бæрзондæй нæм фæлгæсы уый бынмæ.

Æвæццæгæн, йæ зæрдæ рухс у махæй, –

Кæй кæнæм абон стыр бæрæгбон ам.

 

Цæр нын, Къоста, нæ зæрдæты æнусмæ!

Дæ кад, дæ намыс макуы фæуæд сæфт!

Дæ бæллицтæ нæ кæстæртæн æнтысæд,

Дæ зондæй уæнт нæ фæсивæд æххæст!

Гæззаты Т.

 

 

* Сахуыр кæнут æмдзæвгæ зæрдывæрдæй.

Хæдзары ныффыссут сочинени-миниатюрæ «Къоста у махæн не стырдæр стъалы».

 

15

Текст рафыссут, къæлæттæ иуварсгæнгæйæ. Сæргонд ын æрхъуыды кæнут. Цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнут. Фæрсдзырдты бын бахахх кæнут, сæ сæрмæ сын сæ хуыз фæбæрæг кæнут. Иу миногми ссарут æмæ йæ морфологион æвзæрст ракæнут. Нысангонд хъуыдыйад ныхасы хæйттæм гæсгæ равзарут. Рафыссут дзы къæлæтты дзырдбæстытæ. Тексты ссарут сидæнтæ.

 

Иу мæгуыр кусæг лæгæн уыди авд фырты. Сæ иуæй - иннæ æнæниз (дæр), уæнгджын (дæр), фæлæ æмхуызон зивæг…æнæгтæ. Зæх…ыл сæм фынæй кæнынæй æхсызгон (дæр) ни (цы) каст, иунæг райсом (дæр) афоныл ни (куы) фестадысты, сæу…он хурыскаст нæ (федтой). Фыд сæм бæргæ мæсты кæны æмæ сын цы хос сараза, уый нæ (зоны). Бирæ сагъæсты фæстæ сæм иу райсом дзуры:

Лæ…утæ! Ди …аджы хабар! Дæлæ Зæрæмæджы къахырты сæумæцъы…кæй иу лæг æрбацæй (уади) æмæ боны сæрæн кæд с…ардта туман. Фестут - ма иу райсом сымах (дæр) раз (дæр)!

Фыр…тæ фыды ныхасмæ сæ хуы…æны змæлгæ (дæр) нæ (бакодтой). Сæ иу хуыс…æгхъуагау йæ ком аивæзта æмæ куыдфæндыйæ дзуры:

Цæмæ нæ стын кæныс, нæ фыд? Уыцы туман кæмæй ахаудта, уый махæй раз (дæр) фестади.

(Ирон æмбисонды хабæрттæ)

 

16

Рафыссут æмбисæндтæ, къæлæтты ист дзырдтæ раст æвæргæйæ. Сæ хъуыды сын бамбарын кæнут. Æртæ æмбисонды дзы ныхасы хæйттæм гæсгæ равзарут. Дзырд зивæггæнаг дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут æмæ йæ атасындзæг кæнут.

 

1. (Æ цæрæг) хæдзар хæлынбыттыртæн – ахстон. 2. (Æнæ зивæг) цæл ары, зивæггæнаг цæф ары. 3. (Æнæ хицау) хъæуы рувас – æлдар. 4. (Æм фæнд) адæмæн хох дæр нæ лæууы. 5. (Æ фæд) дæр куыдта æмæ (фыд фæд) дæр. 6.(Æнæ дон), (æнæ хур) цæрæн нæй. 7. (Æнæ аххосæй) фыййауы фосæй нæ хæссы бирæгъ. 8. (Фыд фæдæй) (æ фæд) – хуыздæр.

 

17

Æмдзæвгæ рафыссут. Номивджытæ ссарут æмæ сæ хицæнæй рафыссут, сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цавæртæ сты, уый сын фæбæрæг кæнут. Миногонты бын бахахх кæнут, сæ сæрмæ сын фæнысан кæнут, миниуæгæвдисæг у æви ахастæвдисæг, уый. Æххуысгæнæг ныхасы хæйтты сæрмæ фæбæрæг кæнут, цавæртæ сты, уый. Æмдзæвгæйы ссарут синонимтæ æмæ антонимтæ æмæ сæ рафыссут хицæнæй.

 

ХУЫЦАУЫ УАЗÆГ

 

Ирон лæджы сагъæс мын радта Хуыцау,

Цæй диссаджы лæвар дзы райстон:

Кæм ысты фыдæлты лæджыхъæд, æгъдау, –

Цы уыдзæн нæ хъысмæт, нæ райсом?!

Мæ дзыллæйы зæрдæ – мæ ирон æвзаг,

Кæйдæр мад нæ иумæ нæ бæтты.

Нæ удæй цы фесæфт – æфсарм æмæ уаг,

Уый агурæм арвы кæрæтты.

Ирон лæджы сагъæс мын радта Хуыцау;

Мæ хæлар – ызнæгтæ мæ фауынц.

Нæ фарнæй цы ахауд – лæджыхъæд, æгъдау, –

Цæссыгтæй мæ зæрдæмæ хауынц.

Куыдфæнды мæ раппæл, куыдфæнды мæ фау;

Ирыстонмæ фехъуыст мæ зарын.

Ирон лæджы сагъæс мын радта Хуыцау,

Ирон дзырды царды цин арын.

Ирон лæджы сагъæс – фыды фарн, æгъдау,

Нæй царды æндæр фæндаг махæн.

Дунескæнæг кадджын, о, Иунæг Хуыцау,

Ирыстоны де уазæг бакæн!

* Æмдзæвгæйы сæйраг хъуыдыйыл æрдзурут. Сахуыр æй кæнут зæрдывæрдæй. Хæдзармæ ныффыссут сочинени ахæм темæйыл: «Ирыстон, дæуыл у мæ зарæг!»

 

 

18

Рафыссут номдартæ, сбæрæг сын кæнут сæ хауæн, кæрон. Ссарут миногмитæ æмæ сæ рафыссут, фæбæрæг сын кæнут сæ афон. Нысангонд дзырдтæ рафыссут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый бацамонут. Бæрæггонд хъуыдыйад рафыссут æмæ йæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ равзарут.

 

 

ХЪÆБАТЫРТЫ НОМ НИКУЫ УЫДЗÆН СÆФТ

 

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæдгæмттæ

Егъау уæзæй нæ зæрдæты цæрынц.

О цал мадæн фæзынгхуыст ис йæ кæстæр?!

О цал хистæр йæ иунæгыл кæуы?!

 

 

Ирон мад - иу йæ хъæбулы куы’ рвыста

Тыхæвзарæн, фыдæбойнаг хæстмæ, –

Хуыцаумæ - иу уый йе’ тæрттæ ысуагъта:

«Дунескæнæг! Дæ фæндиаг фæуæд!»

 

Цæрынхъуагæй Ирыстоны цæргæстæ

Хæсты быдыры иугай фесты мард,

Кæмæндæрты куы нæ разынд уæлмæрд дæр,

Æбæрæгæй куы аскъуыдис сæ цард!

 

Ирон мадæн йæ цæстысыг ызгъæлы

Ныр дæр ма уыцы сау хæсты фыдæй.

Æвæццæгæн, нæ баззади нæ зæххыл, –

Кæй нæ басыгъта Гитлеры цæхæр!

 

Хъæбатырты ном зарджыты куы мысæм,

Хъæбатырты ном никуы уыдзæн сæфт.

Ирон лæджы фарн царды ‘ гъдау æвдисæд,

Ирон фæсивæд ‘нæнизæй цæрæд!

 

Нæ гыццыл Ир сæрыстыр у, бæгуыдæр,

Йæ хъæбулты кад дардыл у хъуыстгонд!

Æмæ кæд хæсты фесæфтис сæ фылдæр,

Уæддæр сын мах сæ ном кæнæм бæрзонд!

 

О стыр Хуыцау! Фыдбылызæй нæ бахиз!

Хæсты азарæй мауал сæфæд лæг,

Цъæх арвы бын - иу хъомыл кæнæд саби,

Нæ фæсивæд та арфæгонд фæуæд!

Гæззаты Т.

* Ирыстойнæгтæй кæй зонут, хъæбатырæй хæсты чи фæмард, уыдонæй?

 

 

19

Рафыссут текст, цухгонд дамгъæтæ æвæргæйæ. Мивдисджыты бын бахахх кæнут, фæбæрæг сын кæнут сæ афон, цæсгом, нымæц. Равзарут æнтыстджынæй дзырды хæйттæм гæсгæ.

 

Нæ фыдæлтæ ном…ыд уыдысты сæ хæстон сгуы…тытæй. Уыдон ма æнтыст…ынæй кодтой фос æмæ зæ…ы куыст дæр. Арæ…той гæнæхтæ æмæ куырда…тæ, сахартæ æмæ ар…уантæ. Се ’хсар куыд фидар уыд, афтæ тых…ын уыд сæ зонд, сæ курдиат дæр. Ди…аг уыдысты, скифæгтæ сыз…æрин дзауматыл цы нывтæ арæ…той, уыдон. Алайнаг ар…уантæ хауынц архитектурæйы е…аудæр æнты…тытæм. Ирон мæс…уытæ дисы æфтауынц дунейы дзы…æты.

Джыккайты Ш.

 

20

Рафыссут текст. Сæргонд ын æрхъуыды кæнут. Бæрæггонд дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый фæнысан кæнут. Мивдисæг æрбатахти морфологион æвзæрст скæнут. Атасындзæг кæнут дзырд уалдзæг.

 

Сауцъиу хæрзæггурæггаг æрбатахти йæ зонгæ акаци бæласмæ: «Хъусыс, уалдзæг ралæууыд!» Фæлæ йæ бæлас нæ фехъуыста. Сауцъиу бадти акацийы хус къалиуыл æмæ æнкъардæй мысыд, алы уалдзæг

дæр-иу акаци бæлас урс дидинджыты æврагъ куыд фестад, уый.

Фæлæ бакъуырма, бахус зæронд бæлас. Сауцъиу стæхынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ хъустыл ауад кæйдæр сабыр хъæлæс: «Бузныг, сауцъиу! Хорз æмæ уалдзæг ралæууыд!» Сауцъиу бæласæй зæхмæ æркаст æмæ йæ цинæн кæрон нал уыд: зæронд акаци бæласы ставд зæнджы рæбын ауыдта ног тала!

Зæронд акацийы цъæх хъæбул йæхи ивæзта хæрдмæ, хурмæ!

(журнал «Ногдзау»-æй)

 

21

Бакæсут текст. Рафыссут номдартæ, бацамонут сын сæ хауæнтæ. Нысангонд хъуыдыйад ныхасы хæйттæм гæсгæ равзарут. Ссарут тексты фразеологизмтæ, рафыссут сæ. Аифтындзæг кæнут мивдисæг дзурын æртæ афоны дæр.

 

ЛÆППУ ÆМÆ КАЛМ

 

Иу лæппу хъæдæй æрцыд æмæ хæдзары дзуры:

Æз хъæды федтон дысæрон калм.

Мæ арт бауазал! – нырдиаг кодта мад. – Бабын дæ, бабын! Дысæрон калм чи фены, уый æнамонд вæййы цæрæнбонты!

Уыцы ныхæстæм лæппу кæуын райдыдта.

Фыд сæм хъуыста, уæззау ныуулæфыд æмæ загъта:

Ацу, æрзил хæстæг хъæутыл æмæ сын зæгъ, цæмæй уыцы хъæдмæ ма цæуой. Науæд уыдон дæр фендзысты дысæрон калмы æмæ сæхи æнамонд кæнынц.

Дысæрон калмы ничиуал фендзæн, - кæуынхъæлæсæй дзуры лæппу. – Æз æй амардтон.

Мад та ногæй ныккæуы:

Адæмы фыдбылызæй бахызтай, мæ хъæбул, дæхи та кæуинаг фæкодтай, мæ бон бакæла!

Нæ лæппуйæн тæрсгæ ма кæн, – æваст хъæлдзæгæй сдзырдта фыд. – Уый амардта дысæрон цъаммары, афтæмæй фыдбылызæй фервæзын кодта бирæ адæмы. Зынты куы уа, уæд – иу йæ зæрдыл æрлæудзæн адæмы хорзæх. Æмæ йæм йæхи зын уæд зын нал кæсдзæн. Фыдæлтæй баззад æмбисонд: адæмæн амонд чи хæссы, уый амондджын у йæхæдæг дæр.

(Китайаг æмбисонд)

* Тексты сæйраг хъуыдыйыл æрдзурут. Амондджын адæймаг цавæр у?

 

21

Æмдæвгæ аив бакæсут. Рафыссут миногонтæ дыууæ къордæй: миниуæгæвдисæг æмæ ахастæвдисæг. Фæйнæ иу мивдисæджы рафыссут алыхуызы здæхæнты. Атасындзæг кæнут номивæг мæхæдæг.

 

МÆ УАРЗОН ИРЫСТОН

 

Мæ уарзон Ирыстон, куыд адджын дæ удæн?!

Æдзухдæр мæ зæрдæ дæуимæ куы ис.

Уырны мæ, кæй уыдзæн бæллиццаг дæ фидæн,

Куы’ мбарой нæ адæм дæ циннтæ, дæ рис!

 

Дæ урссæр къæдзæхтæ бæрзондæй куы’ рттивынц,

Дæ хъæдтæ ‘ мæ кæмттæй – нæ зæрдæтæ рухс.

Дæ хъæбултæ царды бæрзæндтæм куы хизынц,

Дæ хъæбулты кадæй æнусмæ у буц!

 

Фыдæлтæй нын баззад æгъдау æмæ кадæн,

Æвдадзы хос махæн – нæ нæртон æвзаг!

Иронау куы дзурæм, рæсугъд уыдзæн цард дæр,

Бæрзонддæр кæндзæнис нæ ном æмæ кад!

 

Ыстыр ныфс æвæрын, Ирыстон, мæхицæй:

Мæ бон цы уа, уымæй лæггад кæндзæн æз.

Мæ уарзон Фыдыбæстæн, м’ адæмæн, Ирæн, –

Æз бафидон хъуамæ, хъæбулау, мæ хæс!

 

О стыр Хуыцау! Абон дæуæй æз куы курын:

Мæ уарзон Ирыстонæн рухс фидæн ратт!

Ирон лæгæн дардмæ куыд хъуыса йæ худын,

Æнусмæ куыд цæра нæ фыдæлты кад!

Гæззаты Т.

 

 

* Хæдзары ныффыссут сочинени - миниатюрæ «Уарзын дæ, мæ Ирыстон!»


 

Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.