12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовала
Годзоева Анжела Александровна69
Учитель Осетинского языка и литературы
Россия, Северная Осетия-Алания респ., Ирафский район, с. Сурх-Дигора


 


 


 

Сырх-Дыгуры муниципалон бюджетон иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Годзойты А.А.


 


 


 


 


 


 

 

Гæдиаты Цомахъ « Дыууæ дидинæджы».


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 

2019аз.


 

Темæ: Гæдиаты Цомахъ «Дыууæ дидинæджы».

Нысан:

1.Равзарын уацмысы сæйраг хъуыды. Скъоладзауты айвадон уацмысы тексты анализыл ахуыр кæнын.

2.Уацмысы фæрцы æвзæрын кæнын удыхъæды миниуджытæ,сæ миддуне сын хъæздыгдæр кæнын .

3.Æмгуыстад кæнынмæ арæхсын,къордтимæ кусын,хи хъуыдытæ æргом кæнын.Сценкайы хуызы равдисын уацмыс.


 

Техникон фæрæзтæ: компьютер,мультимедион проектор.

Цæстуынгæ æрмæг: презентаци урокмæ,иллюстрацитæ уацмысмæ.


 

Эпигрæф урокмæ: «Мæ амонд мæнæн мæ дзыллæйы амондимæ æмхæст у».

(Гæдиаты Ц. «Дыууæ дидинæджы»)

 

Урочы цыд.

1.Бацæттæгæнæн рæстæг.

-Уæ бон хорз,сывæллæттæ. Абон нæ урокмæ æрбацыдысты диссаджы уазджытæ.Уазæг та Хуыцауы уазæг у фæзæгъынц æмæ сын зæрдиаг салам раттæм.


 

2.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

-Хæдзармæ уын цы лæвæрд уыдис? ( Хæдзармæ нын лæвæрд уыдис бакæсын Гæдиаты Цомахъы биографи æмæ йæ уацмыс « Дыууæ дидинæджы»).

Иу скъоладзауæн лæвæрд уыдис индивидуалон хæс,æмæ уый дзуры цыбыртæй Цомахъы царды хабæрттæ.

Ахуыргæнæг: Цомахъ хорз зыдта ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ æмæ фыста дыууæ æвзагыл дæр. Йæ уацмыстæ мыхуыры цæуын байдыдтой революцийы размæ.

3.Ног æрмæг :

а).Бæкæсын уыци-уыци.

Йæ урс базыртæ æртæхы ризынц,йæ хъæлдзæг уындæй зæрдæйы хизы.

(дидинæг)

æ).Сывæллæттæ, кæд ,мыййаг, исчи дидинæджы тыххæй æмдзæвгæ зоны.(Иу скъоладзау дзуры æмдзæвгæ)

Фарст. Цавæр зарджытæ зонут дидинæджы тыххæй?

Дзуапп: «Хæххон дидинæг»(Гæбуты Жаннæ), «Амонды дидинæг» (Хуытыгаты Маринæ), «Зæрдæйы дидинæг» (Хæхты зæлтæ).

Фарст. Уæдæ уæм куыд кæсы, абон на урочы цæуыл ныхас кæндзыстæм?

Дзуапп: Абон на урочы ныхас кæндзыстæм Гæдиаты Цомахъы уацмыс «Дыууæ дидинæджы»-йыл.

Ахуыргæнæг: Раст зæгъут,сывæллæттæ. Гæдиаты Цомахъмæ ис диссаджы рæсугъд уацмыс,прозæйæ фыст æмдзæвгæ «Дыууæ дидинæджы».Цы у прозæйæ фыст æмдзæвгæ? Прозæйæ фыст æмдзæвгæ у прозæйы хуызы фыст цыбыр лирикон уацмыс. Йæ эмоционалон æмæ ритмы хицæн хуызы руаджы хæстæг лæууы æмдзæвгæйы хуызы ныхасмæ. Гæдиаты Секъа дæр фыста прозæйы хуызы æмдзæвгæтæ,зæгъæм: «Уалдзæг Ирыстоны», « Фæззæг Ирыстоны».

Нæ урочы эпиграфæн райстон уацмысæй ист хъуыдытæ.Æркæсут-ма йæм. Цымæ цæмæн афтæ фæзæгъынц. Уый та сбæрæг кæндзыстæм абон нæ урочы.

б).Дзырдуатон куыст.

Æхсæрварс-рус,уадул

Сфæлындын-рæсугъд саразын,снывæфтыд кæнын.

Дыдзы хур-ныгуылгæ хуры лæмæгъ тынтæ.

Цæй, ныр та базонгæ уæм хæстæгдæр уыцы дыууæ дидинæгимæ.

В).Равдисын сценкæ «Быдырон æмæ хæххон дидинæг».

в).Æмдзæвгæйы анализ.

Фарст. Кæм цард хæххон дидинæг? (ссарын тексты уыцы бынат).

Фарст. Цавæр у хæххон дидинæг?

Дзуапп: Мæнмæ гæсгæ,хæххон дидинæг у ахæм,кæцы хъал у йæ рæсугъдæй,разы у йæ цардæй,у тынг сæрыстыр).


 

Дзуапп: Мæнмæ гæсгæ ,хæххон дидинæг у хиуарзон æрмæстдæр йæхи хорздзинадыл чи хъуыды кæны ,йæхиуыл чи мæт кæны,ахæм.Уымæ хорз кæсы иунæгæй цæрын.

Дзуапп: Æз та зæгъын афтæ,æмæ хъуамæ сæрыстыр цæуылнæ уыдаид,кæд æмæ æцæгдæр уыдис тынг рæсугъд?

Фарст. Уыцы хъуыдимæ уæ разы чи у? Чи уæ куыд хъуыды кæны?

Дзуапп: Æз уыцы хъуыдыимæ разы нæ дæн. Кæд цыфæнды рæсугъд у,уæддæр кæмæн у йæ рæсугъддзинад? Кæмæн дзы бахай кодта,кæй зæрдæ дзы срухс кодта? Хæрзиунæгæй сфардæг уазал хохы цъуппытæм?


 

Быдырон дидинæг.

Фарст. Кæм цард быдырон дидинæг ? (ссарын æй тексты мидæг)

Фарст.Цавæр у быдырон дидинæг та?

Дзуапп: Быдырон дидинæг у ахæм ,кæцы хъуыды кæны канд йæхиуыл нæ,фæлæ адæмæн исты хорздзинад искæй зæрдæ барухс кæнын,искæй барæвдауын.


 

Дзуапп: Хæххон дидинæг кæд сæрыстыр уыдис йæ рæсугъдæй , уæд быдырон дидинæг та сæрыстыр у йæхи æмхуызон зайæгойты æхсæн кæй цæры,уымæй. Цæры уыдоны цардæй.У хæларзæрдæ. Чызг æмæ лæппу куы æрбацыдысты,уæд сын æрцæттæ кодта адджын тæф.


 

Дзуапп: Быдырон дидинæг у тынг амондджын ,уымæн æмæ йæ цард баст у адæмы цардимæ. Архайы уыдоны амондæн. Зæгъгæ дæр афтæ кæны: «Мæ амонд мæ дзыллæйы амондимæ баст у». Йæ тых дæр уый мидæг у.

Фарст. Цæй мидæг у уæдæ «Дыууæ дидинæджы» сæйраг хъуыды? Цы зæгъынмæ хъавыд фыссæг йæ уацмысы?

Дзуапп: Автор «Дыууæ дидинæджы» хуызы равдыста дыууæ адæймаджы. Адæймаг,кæцы цæры йæхи хорздзинадæн,у хиуарзон. Æмæ адæймаг,кæцы йæ зæрдæйы хъарм дæтты йæ алыварс адæмæн.

Фарст. Цæй мидæг ис адæймаджы рæсугъддзинад?

-Цæмæй у æнæмæлæт?

Дзуапп: Адæмы амондæн чи цæры,адæмæн цин чи хæссы,уый у рæсугъд адæймаг.

Дзуапп: Адæмимæ цæрын хъæуы хæларæй. Хъуамæ адæймаг æнæрвæссон ма уа,йæхи иннæтæй уæлдæр ма æвæра. Хъуамæ уа æмбалджын æмæ æмгардджын,рæстзæрдæ æмæ адæмуарзон.


 

г).Физминуткæ.Равдисын, быдырон дидинæг хуры тынтæм куыд ивæзта йæхи.

Равдисын хæххон дидинæджы уавæр, куы æрбадымдта, стæй куы ныссалд,уый.


 

Фарст. Цавæр айвадон мадзæлттæй спайда кодта фыссæг?

Дзуапп: Олицетворени-æнæуд удджын кæнын

Диалог-дыууæ адæймаджы æхсæн ныхас.

Пейзаж-æрдзы æрфыст ( тексты мидæг ссарын)

д).Къордты куыст.

Ныр та акусæм къордтæй. Фыццаг къорд аразы быдырон дидинæджы фæлгонц.Дыккаг къорд аразы хæххон дидинæджы фæлгонц. Æртыккаг къорд лæвæрд дзырдтæй аразы æмбисæндтæ. Уый фæстæ алы къордæй дæр иу цæуы фæйнæгмæ æмæ дзурынц сæ хъуыдытæ.


 

гъ). Рефлекси.

Фарст: Цы фæцыд уæ зæрдæмæ ацы уацмысы?

Дзуапп: Мæн зæрдæмæ фæцыд быдырон дидинæджы удыхъæд. Адæймагæн иунæгæй цæрæн нæй. Адæмæн хъуамæ архайа исты пайда æрхæссын.

Фарст. Уæ зæрдæмæ та цы нæ фæцыд?

Мæн зæрдæмæ нæ фæцыд хæххон дидинæджы ахаст быдырон дидинæгмæ. Ахæм адæймаг пайда никуы æрхæсдзæн адæмæн.

Ахуыргæнæг: Дидинæг у рæсугъддзинады символ.Алы адæймаг дæр рæсугъд куы уа удыхъæдæй, цыма уыдзæн уæд уымæй хуыздæр. Ахæм адæймаг æвзæрдзинад никуы архæсдзæн йæ дзыллæйæн.Адæмы фарн бирæ у.

4. Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.

5. Хæдзармæ куыст

Литерæтурон театрæдты ныффыссын цыбыр радзырд «Мæ уарзон дидинæг».


 


 


 


 


 


 


 

Гом урок

ирон литературæйæ

6 – æм къласы

Темæ:

Гæдиаты Цомахъ

«Дыууæ дидинæджы»


 


 


 

Бацæттæ кодта

Сырх – Дыгуры астæуккаг скъолайы

ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Годзойты А.А.

Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.