12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовала
Агузарова Диана Казбековна28
учитель родного языка и литературы
Россия, Северная Осетия-Алания респ., г.Ардон

Урочы темæ.  Фыды фарн (Алцæмæн дæр æгъдау ис).

Урочы нысан: а) Агъдау цы у, Сидан цы у уый бацамонын.

б) Ныхасы рæзтыл бакусын.

в) Хъомыладон куыст бакæнын

 – Ног æрмæг:

  1. Алцæмæн дæр æгъдау ис.                        1) Æмбæлттæ, алцæмæн дæр æгъдау ис

  1. Цардæн йæ хъæздыгмæ ма бабæлл,           2) Цардæн йæ хъæздыгмæ, лæппу, ма бабæлл, фæлæ

фæлæ йе 'гъдаумæ.                                                    фæлæ йе 'гъдаумæ.

,с, …

3) Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис.          3) Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис, хорз адæм.

Æрбакæстут-ма хъуыдыйадтам æмæ зæгъут: Цæмæй хицæн кæнынц дыууæ цæджындзы хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ?

  Ахуыргæнæг кæны хатдзæг:

Уæдæ сидæн  хъуыдыйады у ахæм дзырд, кæцымæ здæхт вæййы нæ ныхас.

Сидæн фæлæууы хъуыдыйадæн йæ разæй, йæ астæу æмæ йæ кæроны. Дзургæйæ сидæн хицæн кæнæм интонацийæ, фысгæйæ та къæдзыгæй.

Ныр та рафæлдахут 7-æм фæлтæрæн уæ чингуытай. Лæмбынæг æй бакæсут æмæ зæгъут: Цæй кой  не скодтам?

 – Ног æрмæг ныффидар кæнын.

1. Æмбарынгæнæн диктант.

1). Хъуыдыйæдты ссарут сидæнтæ.

1). Хорз адæймагæн кад хъæуы, æмбæлттæ.

,с.

2). Батраз, зæгъ-ма, цы дæ бафæндид де 'мбалæн балæвар кæнын?

с,

3). Цавæр хъуамæ уа де 'мбал, Батраз?

,с.

Хатдзæг: Ацы хъуыдыйæдты фæрцы цы ныффидар кодтам?

2. – Ныртæккæ уын  бакæсдзынæн æмдзæвгæ.

Сымахæн уæ хæс у:

1). Æмдзæвгæйы ссарын  сидæнтæ

2). Сбæрæг сын кæнын сæ бынат.

Хистæрæн, кæстæр, куы дæттай æгъдау,

Кæстæр, ничи дæм æрхæсдзæн уæд фау.

Хистæрæн, кæстæр, куы раттай бынат,

Кæстæр, уыдзынæ уæд хорзыл нымад.

Куы фæрсай дæ хистæры зондæй, кæстæр,

Кæстæр уæд никуы фæрæдидзынæ сонтæй.

Зæгъут-ма, ацы æмдзæвгæйы хъуыды цæй мидæг ис? Цæуыл нæ ахуыр кæны?

3. – Фæлтæрæн 10-æм фæлтæрæн

1 – аг  рæнхъ фыссы 1-аг хъуыдыйад.

2 – аг рæнхъ фыссы  2-аг хъуыдыйад.

Хатдзæг: Цы ныффидар кодтам ацы фæлтæрæны фæрцы мах?

4. – Схемæтæм гæсгæ саразут 3 хъуыдыйадыс,

  1. ,с,

1-аг хæслæвæрд. ссарын сидæнтæ хъуыдыйадты. Сбæрæг сын кæнын сæ бынат ама бамбарын кæнын æрхæцæн нысæнтты æвæрд.

2-аг хæслæвæрд. Чи тагъддæр бавæрдзæн дзырд рифмæмæ гæсгæ.

6. – Тематикон диктант.

Сидæн, къæдзыг, интонаци, хъуыдыйады астæу, йæ райдайæны, йæ кæроны, хъуыдыйады уæнг.

Хатдзæг: Цавæр темæмæ хауынц нæ тематикон диктанты дзырдтæ?

7. – Текстыл бакуыст.

Алкæмæн дæр текст раттын.

Аху…рдзаутæ хæдзарæй у…нгмæ цæут аивæй. Уæ зонгæтыл с…мбæлгæйæ сывæ…æ…æ салам дæттут фы…аг. Сылгоймæгты, зæрæ…ты, уæ разæй уадзут автобусмæ. Лæ…утæ уынгты æхси… кæнын худинаг у. Уæхи дарын зонут уын…гты æрыгон фæлтæр.

1-аг хæслæвæрæрд. Аив бакæсын текст. (Лæвæрд цæуы 5 мин.).

2-аг хæслæвæрæрд. Сбæрæг кæнын, тексты ныхас цæуыл цæуы, уый.

3-аг хæслæвæрæрд. Текстæн сæргонд скæнын.

4-аг хæслæвæрæрд. Текстæй рафыссын цухгонд дамгъæтæ кæм ис, уыцы дзырдтæ æмæ сын бамбарын кæнын сæ растфыссынад.

5-аг хæслæвæрæрд. Тексты ссарын сидæнтæ æмæ сæвæрын хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ.

6-аг хæслæвæрæрд. Зæгъын: Цæуыл ахуыр кæны ацы тексты хъуыды сывæллæтты?

Хатдзæг урокæн. Уæдæ абоны урочы ногæй цы базыдтам?

Дзуапп: Цы хонæм сидæн, сидæн куыд хицæн кæнын хъæуы дзургæйæ æмæ фысгæйæ стæй цæмæн хъæуы сидæн.

Зæгъут-ма, сидæныл дзургæйæ цавæр хъуыдыйæдтæй пайда кодтам? Сæ хъуыдыта цæимæ баст сты?

Ахуыргæнæг:

  1. Зæгъут-ма: Цы уынут нывы? (æвдыст цæуы ныв)
  2. Зæгъут-ма, лæппу раст бакодта?
  3. Цæмæн?
  4. Ахъуыды-ма кæнут æмæ зæгъут: Уæдæ нæ радзырдæн цавæр сæргонд скæниккам?

Ахуыргæнæг: Цы рæстæг ма нын баззад, уымæй пайдагæнгæйæ уæ алчидæр бацархайæд ныфыссын йæ радзырдæн райдайæн ама йын архъуыды канут саргонд.

8. – Хæдзармæ куыст раттын.

14-æм раиртæст наизусть зонын. Радзырд кæронмæ бакасы.

Опубликовано

Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.