12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовала
Годзоева Анжела Александровна69
Учитель Осетинского языка и литературы
Россия, Северная Осетия-Алания респ., Ирафский район, с. Сурх-Дигора

Сырх-Дыгуры муниципалон

бюджетон иумæйагахуырадон астæуккаг скъола


 


 


 

Темæ: «Æмбисæндтæ æмбарынц сывæллæттæ æмæ ас адæм дæр…»


 


 


 


 


 

Бацæттæ йæ кодта

ирон æзаг æмæ литературæйы

ахуыргæнæг

Годзойты Анжелæ Алыксандры чызг.


 


 


 

2021аз.

Урочы темӕ: «Ӕмбисӕндтӕ ӕмбарынц сывӕллӕттӕ ӕмӕ ас адӕм дӕр...» (Кӕронбӕттӕн урок-хъазт Хетӕгкаты Къостайы баснятӕм гӕсгӕ)

Урочы нысантӕ:

1.Ахуырдзауты зонындзинӕдтӕ Къостайы басняты тыххӕй бафидар кӕнын.

2.Къостайы сфӕлдыстадмӕ цымыдисдзинад рӕзын кӕнын.

3.Ахуырдзауты хъуыдыкӕнынад ӕмӕ ныхасы хӕрзхъӕддзинад бӕрзонддӕр кӕнын.

4.Къордты кусыныл, хи хъуыдытӕ ӕргом кӕныныл ахуыр кӕнын сывӕллӕтты.

5.Царды мидӕг ӕгъдауджын,рӕстзӕрдӕ уӕвыныл ахуыр кӕнын .

Урочы эпиграф:

Двойная в басне польза-возбуждает смех

И учит жить разумными советами.

Древнеримский баснописец Федр

Урочы цыд: Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, уӕ хӕс у, уӕ разы фӕйнӕгыл цы центон ис, уый цавӕр ӕмдзӕвгӕты рӕнхъытӕй арӕзт у, уый базонын.

Фӕлӕ уал нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, центон цы у, уый.

Равдисын 1-аг слайд.

1 слайд.Центон-литературон термин.Латинаг дзырд,нысан кӕны «ӕмпъызтытӕ хъӕццул». Центон у ӕмдзӕвгӕйы хуыз, кӕцы арӕзт у иу кӕнӕ цалдӕр поэты ӕдзӕвгӕты рӕнхъытӕй.

Ахуыргӕнӕг: Ацы терминмӕ уын уе’ргом дзӕгъӕлы нӕ аздӕхтон.Центон нын баххуыс уыдзӕн нӕ абоны урочы темӕ сбӕрӕг кӕнынӕн.


 

2слайд.Центоны текст.

Дӕ фыдӕлтӕ рухсаг,

Дӕхӕдӕг мын бӕзз!

Ныртӕккӕ уын диссаг

Ӕрхӕсдзынӕн ӕз.(Хъазтӕ)

Бирӕгъмӕ та раджы

Арс кӕмдӕр хӕцыд.(Уайдзӕф)

Диссаг ӕвналынмӕ

Цас ын ӕнтысти!

Уалынмӕ уоны стӕг

Хурхы нынныхсти.(Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп)

Уӕд дын ӕм рувас

Кӕцӕйдӕр рауад.

Мӕ +++++++++++++++++++++++++++++++++++++++++++++++++++++++++хуры чысыл,

Куыд рӕсугъд дӕ,куы! (Халон ӕмӕ рувас)

Алкӕмӕ лӕбурыс...

Арӕхстджын дзыхӕй,

Афтӕмӕй нӕ курыс,-

Архайыс тыхӕй!...(Уайдзӕф)

Рувас йӕ ныхас нӕма фӕци,

Афтӕ дын бирӕгъ йӕ цыппӕртӕ

Хърихъупмӕ тилы.(Бир.ӕмӕ хър-пп)

Ох-хай, цы кодтай,цы?(Рувас ӕмӕ зыгъарӕг)

Сырд ма кӕм дзуры!(Бир. Ӕмӕ хър-пп).

Скъоладзауты дзуаппытӕ:

-Ацы центон конд у Хетӕгкаты Къостайы басняты рӕнхъытӕй.

-Нӕ абоны урочы темӕ баст у Къостайы баснятимӕ.

Равдисын фӕйнӕгыл урочы темӕ.

Ахуыргӕнӕг : Хорз сарӕхстыстут, сывӕллӕттӕ. Уӕдӕ ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм,басня цы у.

Дзуапп: Басня у асӕй чысыл уацмыс. Йӕ мидис у сатирикон,арӕхдӕр фыст вӕййы ӕмдзӕвгӕйы хуызы.Басняйы фӕсномыгӕй ӕвдыст ӕрцӕуынц адӕймаджы удыхъӕды миниуджытӕ,царды рафауинаг хъуыддӕгтӕ. Басняйӕн йӕ кӕроны,стӕм хатт йӕ райдайӕны вӕййы зондамонӕн ныхас-мораль.

Ахуыргӕнӕг: Къостайы баснятӕй кӕцытимӕ базонгӕ стут?

Скъоладзаутӕ дзуапп дӕттынц.

Ахуыргӕнӕг: Цавӕр уырыссаг баснятӕфыссӕгыл ахуыр кодта Къоста?

Дзуапп: И.А.Крыловыл.

Ахуыргӕнӕг: Къоста ӕмӕ И.А. Крыловы баснятӕй сӕ сюжеттӕ иухуызон кӕцытӕн сты?

Дзуапп: «Халон ӕмӕ рувас»( «Ворона и лисица»), «Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп»( «Волк и журавль»), «Хъазтӕ» ( «Гуси»).

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ мах абон уазӕгуаты цӕуӕм Хетӕгкаты Къостайы басняты хъайтартӕм,семӕ иумӕ равзарӕм,цы у хорз ӕмӕ ӕвзӕр. Нӕ урок та ацӕудзӕн хъазты хуызы.

Ныр уал алы къорды дӕр хъӕуы Къостайы ӕмӕ И. А. Крыловы баснятӕй фӕйнӕ иуы радзурын. Уый уыд уӕ хӕдзармӕ куыст.

Скъоладзауты дзуаппытӕ.

Ахуыргӕнӕг: Ныр та алы къордӕн дӕр хицӕн хӕслӕвӕрдтӕ. Хӕлттӕ сӕппарӕм, ӕмӕ кӕмӕ цы хӕслӕвӕрд ӕрхауа, уый ӕххӕст кӕны.

1-аг хӕслӕвӕрд.

Къостайы кӕцы баснятӕм ахӕсгӕ сты ацы ӕмбисӕндтӕ?

1) Хӕрзгӕнӕг хорз никуы ссардта. («Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп»)

2) Гӕды фиумӕ куы не ‘ххӕсса, уӕд ӕй мархо хоны.« Марходарӕг»)

3) Искӕй кадӕй дӕхицӕн ном ма кӕн.«Хъазтӕ»)

4) Цӕстмӕхъус ныхас дӕ сӕрмӕ ма хӕс. («Халон ӕмӕ рувас»)

5) Хивӕндмӕ уайдзӕф нӕ хъары. («Уайдзӕф»)

6) Хиппӕлой Ирмӕ худинаг уыд. ( «Булкъ ӕмӕ мыд»)


 


 

2-аг хӕслӕвӕрд.

Къостайы басняты хъайтарты базон.

Бирӕгъы дзыхӕй уоны стӕг сдавта .(Хърихъупп, « Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп»)

Бӕласы цонгыл цӕргӕсау сбадти.(Халон, «Халон ӕмӕ рувас»)

Тар хъӕды йӕ егар сырдта.(Саг, «Саг ӕмӕ уызын»)

Урссаджы хъӕстӕ рагӕй нал фӕци.(Гӕды, «Марходарӕг»)

Лӕгӕн цы нӕ хӕринаг авӕрдзӕн йӕ разы. (Хорз ӕфсин, «Булкъ ӕмӕ мыд»)

Иу бон йӕ хъазтӕ уӕймӕ фӕцӕйтардта. (Фӕрссаг лӕг дыгурон, «Хъазтӕ»)


 

3-аг хӕслӕвӕрд.


 

Къостайы баснятӕй кӕцытӕй ист сты ацы ӕмбисӕндтӕ?

Коммӕгӕсы ма цӕв,-

Мастӕн ӕй хӕсдзӕн.(«Уайдзӕф»)

2) Дӕ фыдӕлтӕ рухсаг,

Дӕхӕдӕг мын бӕзз! (« Хъазтӕ»)

3) Алчи зыдгӕнӕджы бирӕгъ фӕхоны.(«Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп»)

4)Цӕстмӕхъус ныхас фыдбылыз хӕссы.(«Халон ӕмӕ рувас»)

5)Ма худ аууонмӕ ӕвзӕрыл,

Хорз-иу йӕ цуры бафау!(«Булкъ ӕмӕ мыд»)

6)Лӕг кӕрдзынӕй дӕр ӕфсӕды

Гутоны фӕстӕ.(«Марходарӕг»)


 

Аулӕфт.Физминуткӕ.

Ах-г. Сывӕллӕттӕ, ацы хъусынгӕнинӕгтӕ гӕзеты бакастӕн.Цымӕ сӕ чи ныффыстаид? (Алы къордӕн дӕр хъусынгӕнинӕгтӕ сӕ разы сыфтыл ӕрӕвӕрын)

Фесӕфт мӕ цыхт,цалынмӕ зарыдтӕн,уӕдмӕ.Уӕ хорзӕхӕй,чи йӕ ссара,уый мӕм ӕй фӕхӕццӕ кӕнӕд.(Халон, «Халон ӕмӕ рувас»)

Агурӕм нӕхицӕн ӕмбал Ӕрджынарӕгмӕ цӕуынмӕ.Дыууӕйӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм.(Рувас ӕмӕ зыгъарӕг , «Рувас ӕмӕ зыгъарӕг»)

Абонӕй фӕстӕмӕ дарын мархо.Курын,ӕмӕ мӕм галы фиу мачи хатӕд.(Гӕды, «Марходарӕг»)

Ис мӕм стӕг хъуырӕй фелвасыны фӕлтӕрддзинад. Табуафси, цӕттӕ дӕн ӕххуысмӕ.(Хърихъупп, «Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп»)

Зӕххыл мӕхицӕй хӕрзаддӕр нӕй,уӕлдай диссаг та мыдимӕ дӕн.(Булкъ, «Булкъ ӕмӕ мыд»)

Агурӕм нӕхицӕн ног хицау. Нӕ хицау нын нӕ фыдӕлты кад мурмӕ дӕр нӕ дары.(Хъазтӕ, «Хъазтӕ»)

Хатыр курын мӕ сыхӕгтӕй,нал уӕ худинаг кӕндзынӕн ,фосмӕ нал лӕбурдзынӕн.(Бирӕгъ, «Уайдзӕф»)

Ахуыргӕнӕг: Бузныг,сыв-тӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Къоста йӕ басняты равдыста,стыр аргъ кӕй кӕны адӕймаджы бӕрзонд удыхъӕды миниуджытӕн. Ӕмӕ уӕдӕ худгӕ та цавӕр хъӕнтыл кӕны? Уӕ дзуӕппытӕ дӕнцӕгтӕй баххӕст кӕнут.

Дзуаппытӕ.

1-аг къорд:

Махмӕ гӕсгӕ,Къоста йӕ басняты худы хин ӕмӕ фӕлывд адӕмыл,цӕстмӕхъус митӕ чи кӕны,ахӕмтыл.Ӕнӕзонд,козбау митӕ кӕй зӕрдӕмӕ цӕуынц,ахӕмтыл. «Рувас ӕмӕ зыгъарӕг», «Халон ӕмӕ рувас».

2-аг къорд:

Къоста йӕ басняты худы, йӕхӕдӕг ницы уӕвгӕйӕ, йӕ уӕздан фыдӕлтӕй чи ‘ппӕлы,уыдоныл. «Хъазтӕ»

Йӕ басня «Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп»- ы та ӕнауӕрдонӕй худы, хорздзинад чи не’мбары,ахӕмтыл.

3-аг къорд:

Басня «Уайдзӕф»-ы та Къоста худы хивӕнд,ӕгоммӕгӕс адӕмыл. Куыд фӕзӕгъынц, дзырд йӕ иу хъусы бахызт ӕмӕ иннӕмӕй рахызт,зӕгъгӕ.

Урочы эпиграфыл ӕрдзурын.

Ах-г: Сыв-тӕ,Къостайы басняты ис зондамындтӕ-ӕмбисӕндтӕ.Ӕмӕ цымӕ нӕ абоны урочы зондамынд та цы у?

Дзуаппытӕ:

-Мӕнмӕ гӕсгӕ, нӕ урокӕй райсӕн ис ахӕм зондамынд: «Къостайы ӕмбисӕндтӕй пайда кӕнын зон, ӕмӕ дӕ царды нӕ уыдзӕн фӕсмон».

-Ӕз та афтӕ зӕгъдзынӕн: «Къостайы баснятӕ кӕсын-ирон литературӕйы хӕзнатӕй хайджын уӕвын».

Ах-г: Иттӕг хорз сарӕхстыстут, сывӕллӕттӕ, уӕ дзуаппытӕ ма рифмӕгонд дӕр рауадысты.Бузныг уын.

Рефлекси.

-Уӕдӕ уӕ бон зӕгъын у, сывӕллӕттӕ,ӕмӕ уӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ арвыстат нӕ урочы? Зӕгъут-ма уӕ хъуыдытӕ, уӕ хорзӕхӕй. «Рефлексивон экран» равдисын.

Абон ӕз базыдтон...

Урок уыд цымыдисаг...

Зын мын уыдис ...

Урок мын феххуыс уыдзӕн царды...

Хӕдзары радзурдзынӕн...

Ӕз бамбӕрстон...

Ах-г : Кӕд Къостайы уацмыстыл ӕнусӕй фылдӕр цӕуы, уӕддӕр абоны бон не’хсӕн цӕрынц Халон дӕр, Рувас дӕр, Бирӕгъ дӕр,Хъазтӕ дӕр ӕмӕ а.д. Ӕмӕ нӕ алчидӕр йӕхимӕ куы ‘ркӕса,уӕд ,ӕвӕццӕгӕн, Къостайы хъайтартимӕ цы хъӕнтыл худӕм абон,уыдонӕй искӕцытӕ нӕхимӕ ссардзыстӕм. Уымӕн ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст адӕм нӕй нӕ царды мидӕг,хъыгагӕн. Ӕмӕ мӕн фӕнды,цӕмӕй уын нӕ куырыхон Къостайы зондамындтӕ ӕвдадзы хосау уой.Царды мидӕг ,фыццаджыдӕр, уӕхи хъӕндзинӕдтӕ уынынхъом ут,стӕй рӕдигӕ чи кӕны, уыдонӕн та цӕстуарзон ӕххуысгӕнджытӕ ут. Нӕ фыдӕлтӕй нӕм баззад ӕмбисонд.Алы адӕймаг дӕр цӕргӕ-цӕрӕнбонты йе’уӕхскыл хӕссы хордзен. Раззаг дзӕкъулы ӕвӕрд сты адӕмы хъӕнтӕ, фӕстаг дзӕкъулы та- йӕхи хъӕнтӕ.Ӕцӕг адӕймаг,дам, уый у, ӕмӕ уал фыццаг фӕстаг дзӕкъулмӕ чи ныккӕсы..

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.


 


 

Хӕдзармӕ куыст.Лӕвӕрд хӕслӕвӕрдтӕй иу равзарут:

1.Бафӕлварут сымах дӕр центон саразын Къостайы басняты рӕнхъытӕй.

2.Къостайы баснятӕм гӕсгӕ кроссворд скӕнын.


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 


 

Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.