Литературон-музыкалон композици «Ирон адæмы уарзон хъæбул Къоста»

0
0
Материал опубликован 20 December 2024

ГБОУ РФМЛИ

Литературон-музыкалон композици

«Ирон адæмы уарзон хъæбул Къоста»

(Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы бонмæ).


t1734706601aa.jpg

Ирон ӕвзаг ӕмӕм литературӕйы ахуыргæнæг

Плиты Л. И.



г. Владикавказ

14.10. 2024 аз.

Нысан: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ гуырын  кæнын уарзондзинад.  

2. Райгуырæн бæстæ уарзын, адæмыл аудын, царды æппæт фæзилæнты дæр уæздан уæвын у алы адæймагæн дæр царды сæйраг  хæс.

3. Ахуыргæнинæгты зæрдæты æвзæрын кæнын уарзондзинад ирон аив дзырдмæ, ирон аивадмæ.

             

Хъуысы Ирыстоны гимн(скъоладзаутæ зарынц)

Аланæ : Уæ бонтæ хорз, зынаргъ æмбæлттæ!

Идæ: Æгас нæм цæут, нæ буц уазджытæ!

 Аланæ:Сыгъзæрин фест, бæркадхæссæг фæззæг,

Æз дæу æппындæр ницæимæ барын…

Ды Ирæн   радтай зæдыхуызæн лæг-

Нæртон хъæбул-ирон гени-Къоста

Идæ: Ныббар мын, кæд – иу дæм мæ зарæг

Кæуæгау фæкæса, мыййаг, -

Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,

Уый зарæд йæхи фæндиаг.

 

Аланæ: Ацы зæрдæмæхъаргæ рæнхъыты автор, поэт, прозаик, драматург, публицист, критик, тæлмацгæнæг, нывгæнæг, зынгзæрдæ патриот, ирон адæмы уарзон хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайыл æххæст кæны 165 азы.

Идæ: Уыд октябры мæйы  15-æм бон. Æрæгвæззæджы уазал адæймаджы буары иннæрдæм хызт. Æвиппайды арв саухъулон ацис, æмæ цыбыр рæстæгмæ уарын къæртайæ калæгау ныккалдта. Бæстæ сахадон фестад.

Аланæ: Уалынмæ райхъуыст сывæллоны цъæхахст. Барджын хъæлæсæй  бамбарын кодта дунейæн, кæй йæм фæзынд, уый.

Идæ: Куыд бамбæрстат, афтæмæй ноггуырд уыд фидæны стыр поэт.

Аланæ:  Кæцы ирон аив литературæ æмæ литературон æвзагæн бындур æрæвæрдта, хæххон мæгуыр фæллойгæнæг адæмы сæрвæлтау сау айнæджы рындзыл мыдадзы цырагъау басыгъд, уыцы сæрибаруарзæг уыд нæхи Къоста.

Идæ: Алы адæмæн дæр ис, сæрыстыр кæмæй сты, ахæм разагьды лæгтæ, фæлæ уыдонæй дæр адæмæн æппæты зынаргъдæр вæййы иу ном. Ирон адæмæн ахæм ном у Къоста.

Аланæ:   Абайты Уасо загъта: «Адæмæн сæ национ гени иууыл æххæстдæрæй æмæ ирддæрæй чи раргом кæны, уыдон кой фæкæнынц сæрыстырæй. Англисаг дзуры – Шекспир. Шотландиаг дзуры-Бернс.

Идæ: Немыцаг дзуры- Гете. Италиаг дзуры-Данте. Уырыссаг дзуры –Пушкин. Мах, ирæттæ, фæзæгъæм Къоста, æмæ нæ зæрдæтæ байдзаг вæййынц сæрыстырдзинадæй æмæ æнæкæрон уарзтæй».

Аланæ:   Нары хъæуы диссаджы æрдзы нывтæ, бæрзонд æмæ айнæг къæдзæхтæ, дидинæгджын уыгæрдæнтæ æмæ армытъæпæныйас хуымы гæппæлтæ, зæлланггæнаг æхсæрдзæнтæ æмæ фыцгæ дæтты хæл-хæл, даргъ зымæгон æхсæвтæ æмæ зæйты зæрдæхалæн къуыззитт, сидзæрты æнæбон хъарæг æмæ сабиты кæуын…

Идæ:Къоста ма саби уыди, афтæ сæ арф бавæрдта йе'взонг зæрдæйы.

Аланæ:Æвæдза, ирон адæм тынг амодджын сты, уымæн æмæ нын ис æмбисонды тырыса – Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адæмы ном, сыгъзæрин дамгъæтæй йæ ныффыста кады тырысайыл. Махæй æнамонддæр уæд нæ уыдзæн æмæ искуы уыцы тырыса дæлæмæ куы руадзæм.

                 (Хъуысы  хъисын фæндыры цагъд. Къостайы зарæг)


Идæ: Къоста махæн у «нæ цæугæ мæсыг», «нæ лæугæ хох», «Нæ сæуæхсид». Уыцы хорз миниуджытæ ссаргæйæ не сты.

Аланæ: Алы лæджы бон нæ вæййы уыцы стыр кад æмæ намысы аккаг суæвын.Йæ адæмы хуыздæр миниуджытæ кæм баиу вæййынц, æрдзæй ахæм стыр курдиат чи рахæссы, йæ цард æппæтæйдæр адæмы хъысмæтыл чи бабæтты…

Идæ: Ӕрмæстдæр уыдонмæ кæсы ахæм стыр намыс æмæ кад, æрмæстдæр ахæм адæймæгтæй вæййынц сæрыстыр, æрмæстдæр уыдон цæрынц сæ зæрдæты æнустæм.

Аланæ: Къоста махæн радта рухс хъуыдытæ æмæ рæсугъд аивад. Нартæ сæ хæзнаты хуыздæрыл нымадтой фæндыр. Махæн та Къостайы «Ирон фæндыр» у не 'нусон «цыкурайы фæрдыг». Нæ зæрдæты нын мадæлон æвзагмæ уарзондзинаду уый уадзы.

Байхъусæм скъоладзауты æмдзæвгæтæм

1. Тхостаты Хасан «Ныстуан» (Къоста

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг,
Кæуæгау фæкæса, мыййаг, —
Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,
Уый зараед йæхи фæндиаг!..

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,
Куы бафидин искуы мæ хаес,
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,
Нæ хъуысид мæ кæуынхъæлæс…

2. Мæхъиты Алан «Зонын» (Къоста)

Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,
Бавæрдзыстут мын мæ мард,
«Рухсаг у, рухсаг, — зæгьдзыстут,
Ницæмæн уал уыд дæ цард!»

Зонын, æргæвддзыстут исты, —
Мардыл ма чи дары ком? —
Алчи æфсæстæй мæ хисты
Ссардзæн арахъхъæй мæ ном.

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,
Уый фæстæ ферох уыдзынæн, —
Ничи уал зондзæн мæ цырт.

3. Тотыккаты Аланæ «МÆГУЫРЫ ЗÆРДÆ» (Къоста)

Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, —
Лæджы æмбæрц æруары мит;
Æфцæгæй коммæ уад дзыназы;
Их доныл саразы йæ хид.

Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы…
Тæхудиаг кæм нæ у сæрд!
Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы, —
Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд?!.

Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, —
Йæ сихор, йе хсæвæр — йæ мæт;
Иæ уат — ыскъæт, зыгуым — йæ лыстæн,
Хъæбæр — йæ цъæх хуыссæн нымæт…

Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй,
Йæ бон кæд арвиты зынтæй, —
Уæддæр нæ ныххуыссы æнкъардæй —
Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй.

4. Закаты Батрадз «Къостайы номыл куывд». ( Хъазиты Мелитон )

Нӕ куырыхонтӕн скодтам куывд.
Кьостайы куывдмӕ 'рхуыдтам арвӕй.
Хӕрд-нозтӕй тасыди нӕ фынг.
Нæ цин бырста нӕ риуты арфӕй.
Куывтам:
-Къоста нын у фыййау!..
-Кьоста-нӕ кард ӕмӕ ӕндон уарт!..
-Кьостайы чи не зоны, ау?!.
- Кæй хъæуы 'не Къоста зӕххон цард?!.
-Къоста не тырыса, не цин...
-Къоста не барӕвдз кӕны тохмӕ!..
-Къоста - ирон дзырды ӕфсин!..
-Къостамӕ сты нӕ Иры рохтӕ!..
Цӕстмӕхъус феппӕлы рӕузонд.
Фӕтахт уӕлӕрвтӕм ма цы адæн...
Нӕма 'рцахста нӕ мӕгуыр зонд
Фӕдæттынц саг-тыр адӕм!..

Идæ:  Къостайы зæрдæ рыст йе 'фхæрд адæмыл, йæ уарзон Ирыстоныл. Йæ мæт, йæ сагъæс уыд æрмæст йæ адæмы фидæн.

Алан: Йæ райгуырæн зæххимæ зæрдæйы тæгтæй баст кæй у, уымæй цæуынц йе сфæлдыстады адæмон уидæгтæ, уымæн вæййы куы мады къухау фæлмæн æмæ рæвдауаг, куы тар æхсæвау æрхуым æмæ æнкъард, фæдисау зæлланггæнаг.

Кæсынц: Дзарасты Идæ «Ныфс», Челæхсаты Аланæ  «Додой»

Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,
Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!
Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, —
Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..

Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,
Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг,
Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,
Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..

Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой,
Рухс кувæндæттæй хынджылæгкæнынц,
Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,
Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц…

Иугай ныййыстæм, ныууагътам нæ бæстæ,
Фос дæр ма афтæ ныппырхкæны сырд, —
Фезмæл-ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ,
Иумæ нæ рамбырдкæн, арфæйы дзырд!..

Оххай-гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, —
Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм…
Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, —
Гъе, мардзæ, исчи! — бынтон сæфт кæнæм!

Идæ: Къоста уыди парахат зæрдæйы хицау æрмæст ирон адæмы сагъæс нæ кодта. Йæ царды фæндæгтæ йæ акодтой бирæ адæмы хæттытæм, æмæ-иу кæддæриддæр  сæмбæлд мæгуыр æмæ хъæздыг адæмыл, раст æмæ зылыныл æмæ сси интернационалист.

Аланæ: Уый уыд адæмы æхсæн хæлардзинады фидиуæг,адæмы сæрыл æгъатыр æмæ æвæллайгæ тохгæнæг, мæгуырты сæрхъуызой….


Кæсы Дудайты Георгий: æмдзæвгæ «Я не пророк»

 Я не пророк... В безлюдную пустыню

Я не бегу от клеветы и зла...

Разрушить храм, попрать мою святыню

Толпа при всем безумье не могла.

Я не ищу у сильных состраданья,

Не дорожу участием друзей...

Я не боюсь разлуки и изгнанья,

Предсмертных мук, темницы и цепей...

Везде, для всех я песнь свою слагаю,

Везде разврат открыто я корю

И грудью грудь насилия встречаю,

И смело всем о правде говорю.

На что друзья, когда все люди братья,

Когда везде я слышу их привет?

При чем враги, когда во мне проклятья

Для злобы их и ненависти нет?

В тюрьме ясней мне чудится свобода,

Звучнее песнь с бряцанием цепей,

В изгнанье я дороже для народа,

Милее смерть в безмолвии степей...

При чем толпа? Ничтожная рабыня

Пустых страстей — дерзает пусть на все!

Весь мир — мой храм, любовь — моя святыня,

Вселенная — отечество мое...


Идæ:Къоста царды тæккæ бæрзонддæр æвæрдта адæмы уарзын,кусын,рæстдзинад агурын.

Аланæ: Адæмы уарзын Къостайæн уыд йæ царды нысан æмæ йæм цыд йæ царды фæстаг бонтæм.Уымæн нæу рох Къоста  Иры дзыллæйæ,йæ цард кæмæн не 'вгъау кодта, уыцы адæмæй.

Кæсы æмдзæвгæ Бутаты Софья «Без доли» («Æнæ хай»)

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? — Дæ цæстытысыгæй
Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..

Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ
Æхсныфæй нуазынц мæ туг…
Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ,
Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?

Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,
Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх,
Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,
Чи уадздзæн мæ дугьы йæ бæх?

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард …
Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй
Æнæхай фæкодтонмæ мард!..

Идæ: Диссаг рауайы иуæй – иу адæймаджы хъысмæт! Нæ бауагъта Къостайы йæ мæсыг самайын, йæ уарзон чызджы æрхæссын, йе скъола райгом кæнын, æгæр цыбыр уыд йæ цард, æгæр тагъд ахуыссыд йæ цæсты рухс.

 Аланæ: Фæлæ йæ зæрдæйы цы рухс сыгъд, уый цалынмæ зæххыл ирон адæймаг цæра, уæдмæ рухс кæндзæн амонд æмæ фæрнæйдзаг бæстæмæ фæндаг. Адæймаг дистыл фæвæййы Къостайы æмбисæндтæ кæсгæйæ. Æрмæст иунæг хатт семæ базонгæ у æмæ дæ никуыуал ферох уыдзысты.

Идæ:Къоста литературæйы алы жанры дæр уыдис тынг дæсны. Цæстытыл ирдæй ауайынц йæ басняты персонажтæ дæр.

Аланæ: Къоста худы хицæн адæймæгты æмæ æхсæнады хицæн социалон къордты сахъатдзинадыл, бæрзонд æвæры рæстдзинад, йæ æмбисæндты артæй судзы гæдыныхасгæгджыты æмæ фæлитойты.

Идæ: Хорздзинад чи не'мбары, бæсты кæмæн ницы цæуы басня

«Бирæгъ æмæ хърихъупп»

Сценкæмæ бакæсын. (6 –æм «В» класы скъоладзаутæ: Гуцалты Сæрмæт, Хацырты Валерия æмæ Хуыдиаты Агуындæ)

 

Идæ: Йæ уд чи суæлдай кодта мæгуыр адæмы сæрибардзинадæн,уымæн нæй мæлæт,зæгъгæ,фæзæгъынц. Уымæн вæййы æрмæстдæр райгуырæн бон. Ахæм кадджын бон ссис Къостайы райгуырæн бон-15октябрь!

Аланæ:Мах, ирон адæм, амондджын стæм, Къостайы хуызæн номдзыд поэт нæ Иры зæххыл кæй райгуырд, уымæй .

Идæ: Уæдæ дидинæг калæд Къостайы Ирыстон, сабырдзинад уæд дунеты, алы ирон хæдзары дæр зæлæд ирон фæндыры цагъд, хæхтæ æмæ фæзтыл хъуысæд нæ зарæг.

(Райхъуыст кафты мелоди. Кафынц скъоладзаутæ).

 



в формате Microsoft Word (.doc / .docx)
Комментарии
Комментариев пока нет.