Темæ: Номивæг. Цæсгомон номивджытæ (Æрдз – не сфæлдисæг, зæхх – нæ дарæг)
Темæ: Номивæг. Цæсгомон номивджытæ
(Æрдз – не сфæлдисæг, зæхх – нæ дарæг)
Урочы нысантæ:
I. Зонадон: 1. Бацамонын номивæг æмæ цæсгомон номивджытæ иууон æмæ бирæон нымæцы.
2. Ахуырдзауты дзырдуат хъæздыгдæр кæныныл
бакусын.
3. Растфыссынадыл кусын.
II. Райрæзтон: Скъоладзауты ахуыр кæнын:
1. Тексты зонын номивджытæ агурын, раст сæ æвзарын,
ныхасгæнгæйæ сæ раст пайда кæнын.
2. Логикон æгъдауæй хи хъуыдытæ раст дзурыныл. 3. Номивджыты растфыссынадыл бакусын.
4. Бакаст текстæн анализ кæнын.
III. Хъомыладон: 1. Сывæллæттæм гуырын кæнын кæрæдзимæ уарзондзинад æмæ æнгомдзинад.
2. Къласы саразын фæлмæн, цæстуарзон атмосферæ:
æмгуыстад, кæрæдзиуыл аудындзинад.
Урочы куысты хуызтæ: Диалог. Фронталон æрфарст, къордты куыст,
индивидуалон хæстæ.
Урочы цыд
I. Орг. хай.
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, уæ бон хорз! Хæдзармæ куыст сбæлвырд кæнæм.
II. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
Беседæ:
– Цы у миногон?
– Цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц миногонтæ?
– Куыд тасындзæг кæнынц миногонтæ?
III. Урочы ног темæйыл бакусын.
Мотивацион уавæр.
Ахуыргæнæг дзуры аргъау «Цыппар æфсымæры», скъоладзаутæ чиныджы ахуыргæнæджы фæстæ кæсынц (123-æм фæлтæрæн). (1 слайд)
Беседæ:
Чи сты аргъауы архайджытæ? (2 слайд)
Чи дзы кæй равзæрстф йæхицæн æфсымæрæн? Цæмæн? (3 слайд)
Цæмæн сын схуыдта дон сæ ныййарæг мад? (4 слайд)
Куыд уæм кæсы, æфсымæрты æхсæн хъуамæ цавæр фхастытæ уа? (Равзарын æмбисонды (Иунæгæй хъæды маргъ дæр нæ цæры) мидис. Цардæй æрхæссын дæнцæгтæ). (5 слайд)
Ахуыргæнæг: тексты бакæсут бæрæггонд дзырдтæ. Баивут сæ сæ хъуыдымæ гæсгæ æндæр дзырдтæй.
(Афтæ сывæллæттæ базонгæ уыдзысты номивæгимæ. Номивæг ныхасы хай кæй у, ууыл æрдзурын).
Ахуыргæнæг: Куыд уæм кæсы, нæ урочы темæ цавæр уыдзæн? Цы у номивæг? (6,7 слайд)
Чиныджы 65-æм фарсыл раиртæст бакæсын. (8 слайд)
2. 124-æм фæлтæрæны таблицæ цæсгомон номивджытæй баххæст- гæнгæйæ, сывæллæттæ базондзысты цæсгомон номивджытæн кæй ис 3 цæсгомы (9 слайд)
IV. ФИЗМИНУТКÆ (10 слайд)
Ног æрмæг ныффидар кæнын. (11 слайд)
V. 125-æм фæлтæрæныл бакусæн ис хибарæй. Уыци-уыци базонын, ссарын цæсгомон номивджытæ, рафыссын сæ бирæон нымæцы формæтимæ.
126-æм, 127-æм фæлтæрæнтæ сæххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ бафидар кæндзысты урочы ног æрмæг. (12 слайд)
VI. Рефлекси. (13 слайд)
Мæнæн цымыдиссæг уыд…
Мæнæн уыд зын….
Æз базыдтон…..
VII. Хæдзармæ куыст. (14 слайд)
128-æм фæлтæрæн сæххæст кæнын, лæвæрд номивджытимæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнгæйæ.
Тема урока: "Природа- творец, Земля- кормилица" (Местоимение. Личные местоимения).
Калягина Ирина Владимировна
Кадиева Людмила Валерьевна