Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы «Нæ чысыл хæлæрттæ»

2
0
Материал опубликован 1 March 2022

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы

Урочы темæ: «Нæ чысыл хæлæрттæ»

Грамматикон темæ: «Миногон»

 

Урочы  нысантæ

Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; мигоны тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.

 

Урочы хуыз

Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок.

 

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: зонын миногон æвзарын куы ныхасы хай, миногонты ахадындзинад ныхасы æмæ сæ куыд хъæуы пайда кæнын; текстæй хъæугæ информаци райсын.

 

Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын; хи хъуыдытæ æргом кæнын; ног зонындзинæдтæй пайда кæнын зонын.

 

Регулятивон: нысан æвæрын зонын, фæтк æвæрын, рефлекси.

 

Удгоймагон:  цæрæгойтæм гуманон ахастдзинад гуырын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст.

 

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ, дзырдбыд.

 

                                                           

 

 

 

 

 

 

   Урочы организацион структурæ

 

 

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

 

 

Организацион

хай

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты.

--- Мæ хæлæрттæ, цæттæ стут урокмæ?

 

Cалам дæттынц

 

 

Сигналон карточкатæй æвдисынц сæ цæттæдзинад

Удгоймагон:

(æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ)

 

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

---Нæ урок райдайæм къæйтты куыстæй.

Уæразы ис карточкатæ дыууæ хуызы текстимæ. Æркæсут сæм æмæ зæгъут, цæмæй хæцæн кæнынц.

 

Карточка (2 слайд)

   1.Хъæды иу хатт чи уыд, уый, æнæмææнгæй, фехъуыстаид къуырцц-къуырцц. Уый у хъæдхой. Базыртимæ маргъ. Ацы маргъæн ис бырынкъ. Хъæдхой фылдæр рæстæг агуры зулчъытæ. Уый хос кæны бæлæсты. Æмæ йæ хонынц  «дохтыр».

 

   2.Хъæды иу хатт чи уыд, уый, æнæмææнгæй, фехъуыстаид иугæндзон хъæрасæст  къуырцц-къуырцц. Уый у хъæдхой.Рæсугъд сырх  базыртимæ сау  маргъ. Ацы диссаджы маргъæн ис фидар даргъ раст бырынкъ. Хъæдхой фылдæр рæстæг агуры зианхæссæг зулчъытæ. Уый хос кæны  рынчын бæлæсты. Æмæ йæ хонынц  «хъæды гыццыл дохтыр».

 

 ---Бакастыстут? Зынæмбарæн дзырдтæ дзы ис?

Цæмæн хонынц хъæдхойы «хъæды гыццыл дохтыр»?

---Цæмæй хицæн кæнынц ацы тексттæ?

 

 

 

--- Рахицæн-ма кæнут , хъæдхойы афыст цы дзырдтæ лæмбынæгдæр кæнынц, уыдон.

 

 

 

---Цавæр ныхасы хаймæ хауынц?

 

---Уæдæ, абон цавæр ныхасы хайыл дзурдзыстæм?

 

 

 

 

 

 

 

Скъоладзау кусынц карточкатимæ

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

- Дзурынц сæ хъуыдытæ.

 

 

- Дыккаг у егъаудæр, хъæдхойы афыст лæмбынæгдæр у.

 

- иугæндзон хъæрасæст, диссаджы, рæсугъд сырх, сау, зианхæссæг, рынчын, хъæды гыццыл.

- Миногонмæ?

 

- Миногоныл.

 

 

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

 

Коммуникативон:

(хи хъуыды æргом кæнын)

 

Удгоймагон:

(кæрæдзийæн æххуыс кæнын, хъæдхой æрдзæн æххуыс у, уый æмбарын)

 

 

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

 

---Ныр та райхалæм дзырдбыд. (3 слайд)

 

 

 

 

 

5

1

 

3

4

 

 

 

 

 

 

 

 

2

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

6

 

 

 

 

 

 

 

7

 

 

 

 

 

 

 

1.Цы нысан кæны номдар?

2.Предметы æууæл.

3.Номдарты ивынад хауæнтæм гæсгæ.

4.Æвзаджы хай, ахуыр кæны ныхасы хæйттæ.

5.Ныхасы хæйттæ вæййынц сæрмагонд æмæ …. .

6.Ныхасы хай, нысан кæны предмет.

7.Вæййы иууон æмæ бирæон.

 

--- Цавæр дзырд нын рауад?

---Мах абон дзурдзыстæм миногоныл, ахуыр кæндзыстæм тексты сæ агурын, стæй сæ ныхасы раст пайда кæнын.

 

Скъоладзаутæ халынц дзырдбыд.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

- Миногон

Зонадон:

(рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)

 

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

 

Физкультминуткæ

---Гыццыл аулæфæм æмæ нæ куыст адарддæр кæнæм.

 

 Кæнынц физминуткæ

Удгоймагон:

(баулæфын)

 

 

Ног æрмæгыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

 

---Куыд уæм кæсы, цæмæн нæ хъæуынц миногонтæ?

 

---Ныр та æндæр текстимæ бакусæм. Къордты куыст. (4слайд)

3 къорды. Хæслæвæрд: стъæлфыты бæсты сæвæрын хъæугæ дзырдтæ

 

Сырддонцъиу у …, …, … маргъ. Сырддонцъиутæ сты дыууæ хуызы: … æмæ … . Бакастæй дæр  вæййынц алыхуызæттæ: …, …, …, … . Уый у … маргъ, ома зымæг никуыдæм атæхы. Ахстон скæны … бынæтты. Сырддоонцъиу æрвылбон  хæры сæдæгай … зулчъытæ, къогъотæ, хъæндилтæ. У пайда адæймагæн æмæ æрдзæн.

Дзырдтæ спайда кæнынæн:  зымæгиуæггæнаг, алыхуызон, гыццыл, хъæлдзæг, цырд, æвзæр, сауриу, бур, морæ, митын, горæттаг, быдырон.

---Цавæр ныхасы хаймæ хауынц спайдагонд дзырдтæ?

---Миногонимæ базонгæ стут райдийан кълæсты. Цы ма дзы  хъуыды кæнут?

 

- Цæмæй нæ  ныхас уа рæсугъддæр, ирддæр, хуызджындæр.

Кусынц къордты.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

- Миногонмæ

 

Дзурынц миногоны тыххæй цы зонынц, уый.

Зонадон:

(рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын)

 

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, искæй хъуыдыйæн аргъ кæнын, къорды архайын зонын)

 

Удгоймагон:

(сырддонцъиуы пайда бамбарын)

 

Чиныгимæ куыст

 

---Абарæм нæ дзуæппытæ чиныджы  æрмæгимæ.

 

 

 

 

 

Чиныджы кæсынц миногоны тыххæй зæрдылдаринаг

Регулятивон : (чиныджы хъæугæ информаци ссарын)

 

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ фидар кæнын)

 

 

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

 

 

Ныр та ахъазæм.

Хъазт «Дзырдтæй рæхыс». (Ахыргæнæг дзуры дзырдбаст –миногон +номдар, зæгъæм: рæсыгъд чызг. Фыццаг скъоладзауæн йæ хæс у баивын миногон æндæрæй, зæгъæм: бæрзонд чызг. Дыккаг ивы номдар: бæрзонд бæлас. Æртыккаг – ногæй миногон æмæ афтæ кæронмæ ахæццæ кæнын.

 

Хъазынц

Зонадон:

Номдар æмæ миногон фидар кæнын; миногонтæй раст пайда ахуыр кæнын)

Коммуникативон:

(дзырдуат хъæздыг кæнын)

Удгоймагон

 

Рефлекси.

 

 

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

 

 

---Чиныджы æрмæгыл æнцойгæнгæйæ скæнæм кластер миногонæй.

 

 

                         миногон

 

 

 

цы нысан  цавæр фæрстытæн   хъуыдыйады                                                                            

кæны?        дзуапп дæтты?        цавæр уæнг

                                                      вæййы?

 

 

предметы       цавæр?               бæрæггæнæн

миниуæг       цы хуызæн?            

 

Кæнынц кластер

 

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын)

 

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

 

 

 

 

Хатдзæгтæ скæнын.

 

 

--Цы базыдтат ногæй?

 

---Цы уæм фæкаст зындæр? Æнцондæр?

 

---Стыр бузныг уын. Иууылдæр тынг хорз бакуыстат.

 

 

Дзурынц сæ хъуыдытæ

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(Нæ «гыццыл хæлæрттæм» гуманон цæстæнгасæй кæсын)

 Регулятивон:

(æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын)

 

Хæдзармæ куыст

Ныффыссын цыбыр нывæцæн хæдзарон цæрæгойы тыххæй. Миногонты бын бахахх кæнын.

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

 

 

 

Комментарии
Комментарии на этой странице отключены автором.