Урок «Нымӕцонӕй рацыд ӕрмӕг фӕлхат кӕнын» Ӕрдз – нӕ алыварс

1
1
Материал опубликован 28 November 2022

Урочы темӕ: «Нымӕцонӕй рацыд ӕрмӕг фӕлхат кӕнын.» Ӕрдз - нӕ алыварс.

Урочы нысантӕ: 1) Нымӕцонӕй рацыд ӕрмӕг сфӕлхат кӕнын;

2) Ног дзырдты нысаниуӕг бацамонын;

3) Хъомыладон куыст бакӕнын.

Урочы фӕлгонц: презентаций, цӕстуынгӕ ӕрмӕг, ӕрдзон ӕрмӕг.

Урочы эпиграф: « Дон – царды хос».

ӕмбисонд.


 

Урочы цыд!

Организацион хай!

Салам раттын. Сывӕллӕтты цӕттӕдзинад урокмӕ сбӕрӕг кӕнын.

Урочы темӕйыл куыст.

Мотивацион уавӕр.

Сывӕллӕттӕ, абон мах нӕ урок райдайдзыстӕм ӕрмадзы куыстӕй. Цы у ӕрмадз? (АРМ- къух, куыст-работа)

Лӕппутӕ бийдзысты кау, чызджытӕ та фӕрдгуытӕ ӕмбырд кӕндзысты.

Сывӕллӕттӕ цӕттӕ стут? (О!)

Лӕппутӕ, зӕгъут ма мын, цал уисы уӕ бахъуыд уӕ кау бийгӕйӕ? (11-иуӕндӕс), сымах та (20-ссӕдз). Чызджытӕ сымах та цалгай фӕрдгуытӕй спайда кодтат? (10, 15, 33).

Уӕдӕ ма мын зӕгъут, кӕд нымайгӕ кодтам, кӕд фарст цал? ӕмӕ цалгай? радтам, уӕд абон цавӕр ныхасы хайыл дзурдзыстӕм? ( Нымӕцоныл).

Ныр та ма ӕркӕсӕм, нӕ уистӕ та цавӕр ӕрмӕгӕй конд сты? (уисхъӕдӕй, хъӕдӕй, бӕласы ног ӕвзартӕй). Раст! Ӕмӕ уыцы уисхъӕдтӕ, бӕлӕсты ног ӕвзартӕ, бӕлӕстӕ сӕхӕдӕг кӕм зайынц? ( хъӕды), хорз, разы дӕн уемӕ. Ӕмӕ хъӕд та цӕй хай у (ӕрдзы хай). Ӕмӕ куы акӕсӕм, уӕд ӕрдз та кӕм ис? (нӕ алыварс). Тынг хорз! Уӕдӕ нӕ ныхасы темӕ та уыдзӕн «Ӕрдз -нӕ алыварс».

Проблемон уавӕр.

Сывӕллӕттӕ кӕсут ма, урочы кӕрон нӕ баххӕст кӕнын хъӕудзӕн ахӕм тӕблицӕ, Цы нын радзурид нымӕцон йӕхи тыххӕй?

Ӕмӕ цӕмӕй тӕблицӕ баххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм,

- Цы хонӕм нымӕцон, уый? (Предметты нымӕц кӕнӕ предметы рӕнхъӕвӕрд цы ныхасы хай ӕвдисы, уый хуыйны нымӕцон).

- Цавӕр фӕрстытӕ йӕм дӕттӕм? (Цал? Цалгай? Кӕцы?)

- Сӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ та цавӕртӕ вӕййынц? (хуымӕтӕг, вазыгджын, амад). Ама, дӕ фӕрдгуытӕ Цал уыдысты?, ӕмӕ Цавӕр у йӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ? (бӕрцон), Цӕмӕн? (иу уидагӕй конд у). Дӕуӕн та Цал уыдысты? (фынддӕс), уый та Цавӕр нымӕцон у йӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ? (вазыгджын). Цӕмӕн? ( арӕзт сты дыгай кӕнӕ ӕртыгай уидӕгтӕй). Нӕ цӕттӕ хал та, Цал фӕрдыгӕй конд у? (ӕртын ӕртӕ фӕрдыгӕй), ӕмӕ Цавӕр нымӕцон у йӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ? (амад), Цӕмӕн? (арӕзт сты цалдӕргай хицӕн дзырдтӕй). Хорз!

Ныр та ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Ирон ӕвзаджы цал нымады хуызы ис? (дыууӕ). Цавӕртӕ сты? (дӕсгӕйттӕй нымад, ӕмӕ ссӕдзгӕйттӕй нымад). Марат, иу хатт ма нын зӕгъ, Цал уисӕй конд у дӕ кау? (иуӕндӕс), Цавӕр нымады хуыз у? (дӕсгӕйттӕй нымады хуыз). Георгий, дӕуӕн та Цал уисӕй уыд? (ссӕдз), Цавӕр нымады хуыз у? (ссӕдзгӕйттӕй).

Сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ та нымӕцонтӕ цавӕртӕ вӕййынц? Ранымайӕм ма сӕ: ( Бӕрцон, Рӕнхъон, Дихон, Мурон.)

Ныр та ма мын зӕгъут, Нымайгӕ ма цавӕр предметты фӕкӕнут? (математикӕйы), тынг раст.

Уӕдӕ уын ӕз абон ма бацӕттӕ кодтон уый фӕдыл уыци-уыцита, базонут ма сӕ?

Фондз нолӕн сӕ разӕй – аст,

У хъӕбатырау сӕ каст.

Цӕй, зӕгъ ма мын ӕй, Батыр,

Цал мины мӕм рауад ныр? (800.000, астсӕдӕ мины)

 

Йӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ цавӕр нымӕцон у? (бӕрцон)

 

 

Нӕй дзӕбӕх хӕларӕн аргъ,

У мӕнӕн Бӕтӕ зынаргъ:

Радта мын ӕнгузтӕ ʼхсай,

Адон, дам, дӕуӕн мӕ хай.

 

Бохордтон дзы ӕз фынддӕс,

Аппӕрстон ӕмбыдтӕ дӕс.

Ма скӕнут мӕ фарстыл бустӕ,

Цал ма мӕм ис ныр ӕнгузтӕ? (35)

Ацы нымӕц та? (бӕрцон).

Ныр та ма иу гыццыл хӕслӕвӕрдттӕ ахынцӕм. Бахъаудзӕн нӕ ахӕм терминтӕ:

«+» - бафтауын;

«-» - аппарын;

«:» - байуарын;

«*» - ахатт кӕнын.

Къордтӕй кусӕм. Хынцӕм нымӕцонтӕ, ӕмӕ сӕ ӕвӕрӕм хъӕугӕ формӕйы, фарстмӕ гӕсгӕ. Зӕгъын, сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ цавӕр нымӕцонтӕ сты, уый.

 

27+93=120, Кӕцы? (сӕдӕ даууынӕм)

150:6=25, Цал дихгай? (дыууын фӕндзгай)

265,3-115,1=150,2 Цалӕм хайы? (сӕдӕ фӕндзай ӕнӕхъӕны ӕмӕ дыууӕ дӕсӕм хайы.

 

 

124,3+59,4=183,7 Цалӕм хайы? (сӕдӕ ӕстай ӕртӕ ӕнӕхъӕны ӕмӕ авд дӕсӕм хайы.

 

274-222=52, Цал дихгай? (фӕндзай дагай)

 

63*4=252, Кӕцы? (дыууӕсӕдӕ фӕндзай дыккӕгӕм)

 

Улӕфты рӕстӕг!

(тыччытӕй ӕмӕ хъултӕй хъазт).

 

Ног ӕрмӕг бацамонын.

Аулӕфыдыстут?

Сывӕллӕттӕ, сымахӕн хӕдзармӕ лӕвӕрд уыд ӕмбисӕндтӕ бацӕттӕ кӕнын. Бацӕттӕ кодтат?

Дон – царды ӕмбис.

Хъӕд, бӕлӕстӕ ӕмӕ къудзитӕй фидауы.

Ӕрдзӕн йӕ хур бон дӕр – хорз, йӕ уарын дӕр.

Ӕнӕдон бӕстӕ ӕдзӕрӕг у.

Зӕхх царды бындур.

Дон – царды хос.

Бакӕсӕм ма сӕ. (кӕсӕм ӕмбисӕндтӕ).

Фӕстаг ӕмбисондыл ма бӕстон дӕр арлӕууӕм. Иу хатт ма йӕ бакӕсӕм «Дон - царды хос».

Уӕ чингуытӕ ма байгом кӕнут 79 фарсыл, 210-ӕм фӕлтӕрӕныл. Ам ис текст, ӕмӕ йӕ сӕргонд хуыйны не ʼмбисонды хуызӕн, « Дон – царды хос».

Ацы текст ӕвзаргӕйӕ фембӕлдзыстӕм, ахӕм зынӕмбарӕн дзырдтимӕ.

Дзырдуатон куыст.

Хӕзнатӕ – ценности

Зӕххы цъары - на поверхности земли

Цӕхджын – соленый

Иудадзыг – постоянно

Хӕдзардзинӕй – экономно.

Текст аив ӕмӕ хъӕрӕй кӕсӕм.

Ног ӕрмӕг ныффидар кӕнын.

Фӕрстытӕ текстмӕ:

- Сывӕллӕттӕ, текст уӕ зӕрдмӕ фӕцыд? (О!).

- Йӕ сӕйраг хъуыды йын бамбӕрстат? Цавӕр у? ( Дон стыр хӕзна у! Хъахъхъӕнын ӕй кӕй хъӕуы! ).

- Ӕмӕ йӕ куыд, ӕмӕ цӕмӕй хъахъхъӕнын хъӕуы. ( Хӕдзардзинӕй дзы пайда кӕнын, чъизи кӕнынӕй нӕ хъӕуы).

- Зӕгъут ма, ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны та Цавӕр цӕугӕдӕттӕ зонут? (Ӕрӕф, Ӕрдон, Терк, Урсдон, Урух).

- Дзӕуджыхъӕуы астӕуты та Цавӕр цӕугӕдон кӕлы? (Терк)

- Ӕмӕ йӕ даргъ цас у уый зонут? ( ӕхсӕзсӕдӕ дыууын ӕртӕ километры). Уада нӕ сывӕллӕттӕ нӕ доныл ауӕрдын хъӕуы, хъахъхъӕнын ӕй хъӕуы.

Уымӕн ӕмӕ ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ Ирыстоны дон у тынг хӕрзад, ӕмӕ Европӕйы ахсы дыккаг бынат йӕ адмӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ ма ныр ногӕй раздӕхӕм нӕ урочы эпигрӕфмӕ. «Дон – царды ӕмбис». Куыд федтам, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, Разы стут?

Ацы тексты ма ссарӕм нымӕцонтӕ.(иу, ӕвдай, ӕртӕ). Чи рауайдзӕн фӕйнӕгмӕ ӕмӕ чи атасындзӕг кӕндзӕн. (тасындзӕг кӕнӕм нымӕцонтӕ).

Нӕ хъус ма ӕрдарӕм нымӕц ӕртӕмӕ. Ирон адӕмӕн уыцы нымӕц у табуйӕг, цӕмӕн уый чи зӕгъдзӕн. (Кувӕм ӕртӕ чирийӕ, нӕ фынг у ӕртӕкъахыг, нӕ тырыса дӕр у ӕртӕ хуызы). Уый дар зонӕм, кӕнӕ базыдтам.

 

Рефлекси.

Нымӕцон сфӕлхат кодтам. Ныр уӕдӕ баххӕст кӕнӕм нӕ таблицӕ. (ӕххӕст кӕнӕм тӕблицӕ).

Хатдзӕгтӕ скӕнын.

Уӕ разы уын ӕрӕвӕрдтон уалдзыгон дидинджытӕ. Алкӕцыйыл дӕр дзы ис ӕвӕрд нымӕц. Йӕхицӕн уӕ ныр чи цавӕр бӕрӕггӕнӕн ӕвӕры, уый сисӕд.

Хӕдзармӕ куыст раттын.

- 92-ӕм фарсыл, 241-ӕм фӕлтӕрӕн баххӕст кӕнын.

- Атасындзӕг кӕнын бӕрцон нымӕцон.

 

в формате Microsoft Word (.doc / .docx)
Комментарии

По правилам сайта должен быть перевод на русский язык.

28 November 2022