12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Бигаева Светлана Адылгериевна191

Не взаг – нæ хæзна.

1 скъоладзау.

Ирыстон у ирон адæмы цæрæн бæстæ, нæ фыдæлты уæзæг. Алы адæймаг дæр райгуыры мад – фыдæй. Уыдон адджын куыд нæ вæййынц адæймагæн,  фæлæ уæддæр æппæтæй зынаргъдæр, уарзондæр у фыдыуæзæг, фыдызæхх, фыдыбæстæ.

2 скъоладзау.

Нæ ныййарджытæ цы æвзагæй дзурынц, уый у нæ мадæлон æвзаг. Нæ ирон мадæлон æвзаг у дзырдæй хъæздыг, мидисæй нывæфтыд, аив, рæсугъд. Уыцы уавæрæн æвдисæнтæ сты ирон адæмон сфæлдыстад æмæ нæ ирон фысджыты уацмыстæ.

1 скъоладзау.

Нæ абоны равдысты уæ мах базонгæ кæндзыстæм цы чиныг бацæттæ кодтам, уымæн йæ алы фарсимæ дæр.

2 скъоладзау.

Раджы, ивгъуыд заманы нæ фыдæлтæ цы дзауматæй архайдтой, уыдон сты нæ чиныгæн йæ фыццаг фарсыл.

1 скъоладзау.

Куыд зонæм нæ мадæлон æвзаг,уый тыххæй та радзурдзыстæм нæ чиныгæн йæ дыккаг фарсыл.

2 скъоладзау.

Уæдæ уæ Зондабиимæ дæр базонгæ кæндзыстæм. Уый та уыдзæн нæ чиныгæн йæ æртыккаг фарсыл.

1 скъоладзау.

«Мæнæ диссæгтæ, царциаты диссæгтæ!» - афтæ хуыйны нæ чиныгæн йæ цыппæрæм фарс.

2 скъоладзау.

Нæ чиныгæн йæ фæндзæм фарсыл байхъусдзыстæм нæ кæстæр хотæ æмæ æфсымæртæ куыд дзурынц уымæ. («Ахудæм – айрæзæм.)

1 скъоладзау.

«Аивад – хæлардзинады суадон». Уый у нæ чиныгæн йæ фæстаг фарс.  Мах уын акæндзыстæм ирон зарджытæ æмæ кæфтытæ.

Чиныгæн йæ фыццаг фарс «Арвæрдын».

1.     Адон сты хъуылыг  æмæ бæрдын. Мæ мады мад  æхсыры сæртæ æрæмбырд кæны æмæ сæ хъуылыджы  сцæгъды. Схауы дзы нæлхæ, чи ма дзы баззайы, уый та вæййы тынг хæрзад мисын.

2.     Адон та сты æлхуи æмæ уæдæртт. Нана дзы къуымбилæй æндах балвисы, стæй мын дзы зымæгмæ хъарм цъындатæ скæны.

3.     Мæнæ ай та пирæн у. Мæ фыды мад даргъ бандоныл сбады, пирæны къæхтæ йæ къæхтæй цæлвасы æмæ къуымбил бапиры.

4.     Гогонæй раджы заман дон хастой.

5.      «Фынджы хуыздæр бæркад -  æгъдау» - дзырдтой нæ хистæртæ. Фынг у æртæкъахыг, æнæхъæн лыггагæй конд стъол.

«Фынг  æртæкъахыг –

Уазæгæн йæ фæллад сафы,

Зианджынæн йæ хъыг,» - фыста Къоста.

6.     Æрмгуырой – къухæй, армæй зилгæ куырой. Ссадтой дзы касаг, цъиутæн хæринаг.

7.     Авдæн. Дзырд авдæн арæзт у нымæцон авдæй. Адæм куыд дзурынц, уымæ гæсгæ, ома авд сывæллонæн. Авд сывæллоны бæрц -иу кæмæн уыд нæ фыдæлтæй, уыдон нымад уыдысты æххæст бинонтыл. Фæстаг сывæллоныл та арæх æвæрдтой ном Авдан – æвдæм.

Зындгонд уыдысты зырнæйзылд авдæнгæнджытæ. Йæ къух – иу кæмæн фæхорз, уый конд авдæнтæм цыдысты суанг дард хъæутæ æмæ кæмттæй дæр.

8.     Рагъæн – хъæдæй арæзт уæлæдарæс æмæ алы дзаумæттæ ауындзæн. Рагъæнтæ къуырдтой (хуыдтой) бахизæн тыргъты къултыл, цæджындзтыл, цæрæн хæдзар æмæ уæтты къултыл.

9.     Фæхсбандон – иугуыр фæйнæгæй, кæнæ амад хъæдæй конд ныллæг æртæкъахыг, кæнæ цыппæркъахыг бандон. Ома фахсæй арæзт.

10.                       Сивыр – уæлæнгай хъæдæй конд арынг, йæ бын хуынкъ. Бæгæны фæрсудзæн æмæ дзидзатæ æвæрæн дзаума.





Дыккаг фарс «Дзырд кæддæриддæр дзырд сыйы»



1.     Далыс – афæдздзыд фыс, ома уæрыкк дæр нал у æмæ æххæст фыс дæр нæма у.

2.     Дæркъ – ирон адæм хонынц род.

     

3.     Дзæбидыр – ирон адæм хъæддаг сæгъ хонынц, цæры хæхты бæрзæндты.

4.     Æхсинæг – хъæддаг бæлон.

   

5.     Цæу – нæл сæгъ. Йæ асмæ куы ацæуы, уæд арæх æрлæууы фосы дзуджы сæргъы æмæ йæ фыййæуттæ буцæн фæхонынц «бодз».

6.     Æмгар – æдзухдæр стыр кад уыдис хорз æмгар, æрдхорд æмæ æмбалæн.



7.     Æлмæрин – хуыдтой рæмбыныкъæдз. Раджы заманы æлмæринæй барстой хъуымац.



8.     Аргъонахъ – фос цы куыдз хъахъхъæдта, уый афтæ хуыдтой.



9.     Хæлтъамæтæ – нартхоры ссадæй конд гыццыл гуылтæ хъæрмхуыппы куы сфыцай,уæд уыдон афтæ хуыйнынц.

Æртыккаг фарс «Зондаби»

1  скъоладзау:

Раджы заманты нæ фыдæлтæ фыссын нæ зыдтой, кæсын нæ зыдтой. Зæрдиагæй кæрæдзийæн дзырдтой зонд æмæ цардыуаджы ныхæстæ. Мысыдысты уыци – уыцитæ, хъæзтытæ æмæ зарджытæ, аргъæуттæ æмæ таурæгътæ.

2  скъоладзау.

Уыцы диссæгтæ цыдысты фыдæй-фыртмæ æмæ  аивæй æрхæццæ сты махты онг. Байхъусут – ма дзы иу цалдæрмæ.



                                                       Æмбисæндтæ:

1.     Адæм – бæстæйы айдæн.

2.     Адæмы цæст дардмæ уыны.

3.     Мады зæрдæ – зонаг.

4.     Гайлаг родæй бæрæг у.

5.     Æргом ныхасы къæм нæй.

6.     Не взаг – нæ хæзна.

7.     Цъæхæй рæгъæд – æнад.

8.     Масты фæдыл ма цу.

9.     Мæгуыр род тагъд гал кæны.

10.           Мæгуыры зæрдæ фынтæй хъал.

11.           Мæгуыр мæгуыры дардмæ уыны.

12.           Æфсæст æххормаджы рыст не мбары.

13.           Иу у куырм фыр æфсæстæй, иннæ та фыр стонгæй.

14.           Дæхицæн базын кæн æмæ дын исты уа.

15.           Райсомы куыст æнтысаг у.

16.           Куыст æмармæй фидауы.

17.           Адæмы дарæг дур æмæ сыджыт сты.

18.           Зивæгæй цард нæй.

19.           Адæймаг фыдæбонæн у.

20.           Иу ран бадынæй стæг æхсынын хуыздæр у.

21.           Зивæггæнаг дардæй здæхы.

22.           Зивæгæй цард нæй.

23.           Райгурæн бæстæ адджын у.

24.           Худинаджы бæсты – мæлæт.

25.           Фыд бон æмæ фыд лæг бирæ нæ хæссынц.

26.           Хистæры коммæ кæсын хъæуы.

27.           Æфсины армæй сой тæдзы.

28.           Бинонты фарн бирæ у.

29.           Æнгом бинонтæй фарн цæуы.

30.           Знагæй лымæн хуыздæр у.

31.           Дæхи куыд уарзыс, афтæ уарз алкæй дар.

32.           Хуры разæй дæр лæг йæ сыхаджы фены.

33.           Æрдхорд мæсыг у.

34.           Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы.

35.           Æппæттæй тыхджындæр зонд у.

36.           Лæгæн зонд фæндаг амоны.

37.           Зивæг мæгуыры мад у.

38.           Гæды лæг йæхи дæр сайы.

39.           Æвзæрæн йæ гакк йæ уæлæ.

40.           Æдылы хъæдмæ дыууæ цыды кæны.

41.           Æдылы хивæнд вæййы.

42.           Давæг лæгыл хъуын нæ хæцы.

43.           Зæхх æппæт дæр уромы.

44.           Æнусмæ ничи цæры.

45.           Дуне иу лæджы тыххæй конд нæу.

46.           Æвæндон хъуыддаг зынæй рæзы.

47.           Мæгуыры цæст цы бауарза, уый хъæздыджы цæст нæ бауарздзæн.

48.           Сиры хæрд – къæсæрмæ, дзыккайы хæрд – хохмæ.

49.           Дæ хуыссæн цас у, дæ къæхтæ уыйас адаргъ кæн.

50.           Æнæ базыртæй мæргътимæ ма тæх.

                                              Уыци – уыцитæ:

1.     Æхсæвæй, бонæй цæуы, фæлæ нæ хæццæ кæны. (Сахат)

2.     Нæ чысыл мæсыг лыстæг дурæй амад. (Нартхор)

3.     Хæры, хæры, фæлæ не фсæды. (Арт)

4.     Иу «мæ сæр, мæ сæр кæны», иннæ «мæ астæу, мæ астæу». (Куырой æмæ йæ фыдтæ)

5.     Даргъ лæгыл цыбыр рон. (Дон æмæ хид)

6.     Талынг скъæты урс фыстæ. (Дæндæгтæ)

7.     Бæндæн дон нуазы, род та тыппыр кæны. (Нас)

8.     Карк дæлдзæхы къуыртт уадзы. (Картоф)

9.     Урс дзæкулы мидæг бур фæрдыг. (Айчы бур)

10.           Тулы, тулы æмæ никæдæм хæццæ кæны. (Авдæн)

11.           Æнæ дуар, æнæ рудзынг, афтæмæй адæмæй йедзаг.(Харбыз)

12.           Сызгъæрин ацæуы æмæ æвзист æрбацæуы. (Хур æмæ мæй)

13.           Бон дæр цæуы æмæ æхсв дæр. (Цæугæдон)

14.           Дыууæ калмы кæрæдзимæ лæбурынц, фæлæ не ххæссынц. (Æрфгуытæ)

15.           Фæстейы гуыбын разæй чъылдым. (Уæраг)

16.           Сау у, фæлæ сынт нæу, урс у, фæлæ цыхт нæу, къæдзил ын ис, фæлæ мыст нæу. (Булкъ)

17.           Райсомæй цæуы цыппар, сихорæй дыууæ, изæрæй – æртæ къахыл. (Адæймаг)

18.           Нæ фæсдуар ног  чындз. (Цъылын)

19.           Нæ гыццыл арвæй мит уары. (Сасир)

20.           Дыууæ хохы астæу – урс дзæнхъа. (Хъæбизджын)

21.           Къахгæ къодах, гæбына халас.(Дзыкка)

22.           Нæ чысыл арвæй мит уары. (Сасир)

23.           Æртæ æфсымæрыл иу нымæтхуд. (Фынг)

24.           Сæрд хæрдмæ рæзы, фæззæг бынмæ (Кæрдæг)

25.           Дæс фыртæй фондз-фаззæттæ. (Æнгуылдзтæ)

Иу къыдырыл авд хуынчъы. (Сæр)

                                                 Тагъддзуринæгтæ:

1.     Æри, æрæвæр

Æрми, æхсæв.



2.     Мин иунæгæй

Рæуайы æфсад

Миниуæгæй

Рауайы сæрфат.



3.     Мамазила – куыройзила

Иумæ зилæм

Зиуы цъилау

Арв фæлидзы

Зæхх фалидзы

Мамазила – куыройзила.



4.     Æллæх æмæ бæллæх,

Мæ бæх æмæ бæлæгъ.



5.     Дзедзро – дзедзро – дзедзыкка,

Хорз лæппуйæн еуу – дзыкка.



6.     Адаг æрхы хæрх и дон,

Саулох бæхыл хæрхидон.



7.     Дæ хор зæххæй,

Дæ хор зæгъæй !

Дæ хорзæхæй,

Дæ хор цъæхæй

Ма сис.



8.     Зæгъ кæны сæх-сæх,

Цъыфы сæгъ ныддæргъ.

Тæх, цъæх бæх,

Сæфы сæгъ.



9.     Бæх æрхоста къахæй зæхх, рахæссут мын ардæм цæхх.

10.                       Хæлуарæг æрцахста мыст, скодта цыл тынæй фæлыст.

11.                       Цъæх цухъхъаджын цъырцъыраг, сырт-сыртгæнаг, чырсыраг.

12.                       Теуа, хиуа æмæ саг. Донæй банызтой сæ фаг.

Теуа цуанаг, саг æрдæг, Хиуа асдæрдта кæрдæг.



13.                       Радавта чидæр кæмæйдæр, цыдæр.

Ауæй йæ кодта – кæмæндæр, кæддæр,

Давд давæггагæй кæд нал ис фæд дæр

Рабæрæг давæг фæстагмæ уæддæр.



14.                       Куырттон  карк  къуыртт - къуырттгæнгæ къупп-къуп кодта къутуйы къул.

15.                       Разгъор ардæм, разгъор тагъд.

     Иу мыст зыхъхъыры ныссагъд

        Æмæ цымæ уым цы куыста?

         Гæдытæн концерт æвдыста.

16.                      Фехста малмæ лæппу дур

        Кæсаг фыр тæссæй фæсур

  Хæфс йæ лæппынæн фæтарст

  Систа цады был цъæхахст.

                                                              

                                                           Агла – доглатæ:

Агла – егна

Балба – егна

Хъуды – гуды

Хъуыданачъи

Дæ нæдзахи кæм ахаудта?

Цъулберы сæр нæзыджыны

Дзауы уæрæх хæбытъыны

Ахсæвы цæф дæ хытъыны.



Адта – бадта

Кæфтыры кæфой

Рахау – бахау

Къæдзтæ – мæдзтæ

Тигъгæ – мигъгæ

Ципойы сæрæн æртæ къæрццы.

     

Агла – догла, чара – чах,

Хъазæм не стыр кæрты мах.

Хленцъи – менцъи, дондра – рæс,

Раздæр бацъынд кодтон æз.

Агла – догла, чара – цай,

Æз куы рнымайон фæндзай,

Хленцъи – менцъи, дондра – дзæхст,

Хъуамæ уат уæдмæ æмбæхст.

Агла – догла, чара – саг,

Æз кæй ыссарон фыццаг,

Хленцъи – менцъи, дондра – цæхх,

Уый фæхæрд уыдзæн, фæбæх.

Агла, хъазтæн уый йæхæдæг,

Хленцъи, слæудзæни цъындгæнæг.

Агла – догла, чара – цъист,

Хленцъи – менцъи, хъазт фæцис!

   

Хъахъа, хъахъа, хъæндилæг

Æри, мыст, мын мæ нæмыг.

Дæ нæмыгæй цы кæныс?

Мæ лæппынтæн æй ахæссон.

Дæ лæппынтæ цы хуыйнынц?

Тыбылтæ мæ Тибылтæ.

Тиблы къоппа чъырæйдзаг.

Йе хсæрфарс ын ныккъæрцц лас

Сæрвасæн дзы ахауа.

Сæрвасæн та нанайæн

Нана та дын гукку

Гукку та фыййауæн

Фыййау та дын æхсыры къус

Æхсыры къус та Гисайæн.

     

Алдым – былдым былдаца,

Былдацайæн – цомарца,

Цомарцайæн – цомтерыкк

Терчы тыррыкк Темырхъан.

Бæстыуаджы былдаца,

Алытеджы алтыхъуыз,

Хъуылытеджы хъуылатæ.

Йæ иу лæппу – Кавæ,

Иннæ лæппу – Къорда,

Къорда сын – хæлæцæ.

Уæлæ халон хъуахъ кæны,

Терчы быдыр сау кæны,

Уата деда гуылмыз кæны

Зæппадзы сæр лæугæ кæны.

     

Хъа-хъа, хъæндзила,

Хъæндил – æхсар бубылтæ,

Бубыл – наса - ганаса,

Тухла – деда – тыппырæг.

Сау сæгъмæ дын – къуыматæ,

Йæ сæныкк та – хъуымыздзых,

Хъа – хъа тъæбæрттæг,

Æгас цæуай, дзывылдар,

Де рвадæлтæ кæм цæрынц?

Лæппу, дам, сын куы райгуырд!

Цъиу-цъиу, цъиуандзи,

Де взæр цухъхъа ахаудта

Тæтæртуппæн йæ сæрмæ.

Нæ фыдбылызтæ дæ гуыбыны!

     

Ис нæ бур хъугæн къæлæу

Афтæ нæу?

Нæу!

Бирæгътимæ хизы цæу

Афтæ нæу?

Нæу!

Пылæн, дам, йæ хуыз сырх у

Афтæ у?

Нæу!

Судзины бырынкъ цыргъ у

Афтæ у?

У!

Гæды хизынмæ цæуы

Афтæ у?

Нæу!

Кæсаг, дам, хъæрæй кæуы

Афтæ у?

Нæу!

Теуайы рагъ, дам, лæгъз у

Афтæ у?

Нæу!

Даргъ фæйнæджы ном фæхс у

Афтæ у?

У!

Хъæддаг фосы ном сырд у?

Афтæ у?

У!

Ногдзау ахуырмæ цырд у

Афтæ у?

У!

Уый нæ бæстæйæн фырт у

Афтæ у?

У!

                                                                                                                   

                     Фæндзæм фарс «Ахудæм – айрæзæм».

1.    Чысыл Габе йæ фыды фæрсы:

- Дада, дæ зачъетæ та урс цæмæн сты?

- Азтæ мын сæ сахуырстой, мæ хур, азтæ.

- Æмæ сæм æндæрхуызон ахорæнтæ нæ уыди?



2.    – Дæ хынцинаг та раст куы нæ скодтай, Сослан, - уайдзæф кæны ахуыргæнæг скъоладзауæн.

- Фæрæдыди та? – фæрсы лæппу. –А –ма, «2» та йын дзы ныммыхуыр кæн, - бадардта Сослан йæ боныг.

- Кæмæн? – ныддис кодта ахуыргæнæг.

- Нанайæн, æндæр кæмæн?



3.    – Зæгъ ма, Фатимæ, æртæ фæткъуыйы куы ссарис, уæд сæ дыууæ дихы куыд акæнис? – бафарста ахуыргæнæг.

- Дыууæ дзы мæхицæн ныууадзин, иннæ ме мбалæн радтин – загъта чызг.

- Дыууæ раст дихы дæ нæ бафæндид?

- На-а.

- Цæуылнæ?

- Иу æм кæй æрхауд, уый дæр ын фаг у. Исты сæ уый ссардта?



        Æхсæзæм фарс «Аивад – хæлардзинады суадон».

1.     Симд.

2.     Иналы зарæг.

3.     Чызджыты кафт.

4.     Цъиу – цъиу – цъиу.

5.     Хонгæ кафт.



                                    Кæронбæттæн.



Фынгыл цы æртæ чъирийы ис, уыдон скувын.



- О дунесфæлдисæг иунæг каджын Хуыцау, табу дæхицæн!



- Лæгæн фарн æмæ амонд цы саккаг кодтай, уымæй нæ хайджын скæн!



- Рын æмæ фыдбылызæй хызт куыд уæм, амондæй хайджын!



- Дæ оменгæнджытæ тархъæды бæлæстау фылдæр куыд кæной. Ирыстоны кад бæрзонд куыд сисой ахæм хъару æмæ зондæй æнусон хай бакæн!



- Абон нæ кæстæртæ цы рæсугъд фæндагыл æрлæууыдысты, ууыл амондджынæй фæндараст фæуæд !



- Кæд искæйы кувинæгтæ адджынæн айстай, уæд мах куывд дæр уый æмбал фæкæн!



- Иры дзыллæтæ стырæй чысылмæ де уазæг, дæ фæдзæхст!



Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.