Гом урок 7 къласы «Дæ кад мыггагмæ у цæринаг»
Гом урок 7 «А» къласы
«Дæ кад мыггагмæ у цæринаг»
Дзасохты М.Ф.
15.10.20г.
Темæ: «Дæ кад мыггагмæ у цæринаг»
Урочы эпигрæф:
«Къоста йæхи радта цардæн, æмæ йын цард дæр радта адæмы хорзæх ,æнусон кад æмæ цыт».
Нигер.
Нысантæ:
1. Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ æвзæрын кæнын цымыдис æмæ уарзондзинад.
2. Райгуырæн бæстæ уарзын, адæмыл аудын, царды æппæт фæзилæнты дæр уæздан уæвын-алы адæймагæн дæр царды сæйраг хæстæ.
3. Ахуыргæнинæгты зæрдæты æвзæрын кæнын уарзондзинад ирон аив дзырдмæ, ирон аивадмæ.
Урочы фæлгонц: презентаци, дзырдуат, видео, музыкæ, карточкæтæ.
Урочы цыд:
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Мотивацион уавæр.
Бакæсын видеомæ æмæ йыл æрдзурын:
- Загъут-ма уæдæ, абон нæ урочы кæй кой кæндзыстæм?
- Чи уыд Хетæгкаты Къоста? (1 слайд)
- Кæд æмæ кæм райгуырд Къоста? (2 слайд)
- Цы зонут йæ ныййарджыты тыххæй? ( 3слайд)
- Кæм ахуыр кодта?
- Цы хуыйны йе мдзæвгæты æмбырдгонд?
(4 слайд)
Ног æрмæг
1.Фонетикон зарядкæ:
Раст дзурут – æрхæссы, дзыллæ, ссыдис, ныррухс кодта, свæййы, цыппор, йеддæмæ.
2.Дзырдуатон куыст
мыггагмæ-вечно
хорзæх-награда;милость,благодеяние
кад-почёт,слава,честь
цыт-слава,честь,почёт
намысджын-славный,прославленный
æхсар-мужество,отвага
уд-дух,душа
фæрнæйдзаг-благодатный,счастливый
3.Текстимæ куыст
-бакæсæм текст æмæ йæ равзарæм.
- Йæ сæргондмæ гæсгæ, нæ бон зæгъын у, цæуыл цæудзæн ныхас тексты?
- Тексты сæргонд у «Адæмы уарзон бæрæгбон», уæдæ тексты ныхас цæудзæн бæрæгбоны тыххæй, кæцы сси адæмæн уарзон.
- Кæй райгуырæн бон ссис адæмон бæрæгбон?
- Куыд сæмбæлы Ирыстон Къостайы райгуырæн боныл?
- Чи базыдта Къостайы фæрцы Ирыстоны адæмы?
- Цас фæцардис Къоста?
- Цы нын æвдисдзæнис йæ зæрдæйы рухс?
4.Эпиграфыл куыст
5.Карточкæтимæ куыст.
Хæслæвæрд - ратæлмац кæнут хъуыдыйæдтæ:
- Коста – осетинский народный поэт.
- Он родился в селении Нар.
- Маленького Коста воспитала Чендзе.
- Сначала он учился в школе, а затем в прогимназии.
- Книга Коста называется «Ирон фæндыр»
- 15 октября – день рождение Коста.
6.4-æм фæлтæрæн сæххæст кæнын
7.Атасындзæг кæнын номдар – кад
8.Тест «Куыд зоныс Къостайы»
1. Къоста райгуырд?
а) Нары
æ) Ламардоны
б) Мызуры
2. Кæцы комы?
а) Куырттаты комы
æ) Уæлладжыры комы
б) Дыгургомы
3. Къостайы сæйраг чиныг у?
а) «Ныстуан»
æ) «Ирон фæндыр»
б) «Дзæбидырдзуан»
4. Къоста фыста?
а) Иронау
æ) Уырыссагау
б) Гуырдзыйагау
5. Къоста ахуыр кодта?
а) Мæскуыйы Университеты
æ) Петербурджы аивæдты академийы
б) Берлины аивæдты академийы.
6. « Ирон фæндыр райдайы» æмдзæвгæйæ?
а) «Сидзæргæс»
æ) «Ныстуан»
б) «Додой»
9. Синквейн скæнын.
- Къоста
- æнусон, цытджын, зынаргъ
- ныррухс кодта, æрттивдзæнис, тавта
- йæ кад æнусмæ у цæринаг, Ирыстоны ном æмæ кад, зонд æмæ уд
- стъалы, гени
IV. Рефлекси (æрмæг куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын)
- Нæ урочы нысан цавæр уыди?
- Сæххæст æй кодтам?
Дзуапп дæтгæйæ, пайда кæнут ацы хъыдыйæдтæй:
- Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ … .
- Царды мидæг тырнын хъæуы … .
- Уæхицæн абоны урокæй исты раистат?
Ныр та уæ алчидæр йæ куыстæн аргъ скæнæд
Бæрæггæнæнтæ сæвæрын
V.Хæдзармæ куыст ф.39,5-æм фæлтæрæн,текстмæ гæсгæ диалог баххæст кæнын
Уыйадыл нæ урок фæци.