Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ. Уалдзæг

0
0
Материал опубликован 4 November 2019

Пълан

Темæ: Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ. Уалдзæг.

Нысан: Скъоладзаутæн бацамонын хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ.

 

Урочы дидактикон хæстæ:

I. Зонадон: 1. Сфæлхат кæнын мивдисæг: йæ нымæц, афон, цæсгом.

2. Ахуырдзауты дзырдуат хъæздыгдæр кæнын.

3. Растфыссынадыл кусын.

II. Райрæзтон: Скъоладзауты ахуыр кæнын:

1. Раиртæстытæй пайда кæнын.

2. Логикон æгъдауæй хи хъуыдытæ раст дзурыныл. 3. Ног зонындзинæдтæй пайда кæнын.

4. Ахуыргæнæг æмæ æмбæлттимæ ахуырадон

æмгуыстад кæнынмæ арæхсын.

5. Хибарæй æмæ къордты кусын зонын.

6. Бакаст текстæн анализ кæнын.

 

III.Хъомыладон: 1. Хъомыл кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад.

2. Къласы дзæбæх атмосферæ саразын: æмгуыстад,

кæрæдзиуыл аудындзинад.

3. Скъоладзаутæм уарзондзинады æнкъарæнтæ гуырын кæнын афæдзы афонты рæсугъддзинадмæ, æрдзмæ.

Урочы тип: Ног æрмæг амоныны урок.

Урочы куысты хуызтæ: Диалог. Фронталон æрфарст, къордты куыст.

Урочы ифтонгад: компьютер, мультимедион проектор.

 

 

Бон чысыл фæдаргъдæр,

Хъарм дымгæ кæны.

Уалдзæг, рацу тагъддæр,

Зæрдæ дæм бæллы.

 

Быдыртæ мæ хъæдтæ

Хинымæр тыхсынц,

Алы бон æнхъæлмæ

Уалдзæгмæ кæсынц.

Урочы цыд:

 

I. Орг. хай.

 

II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1) Цы хонæм мивдисæг? Йæ фарстатæ.

2) Цал афоны ис мивдисæгæн, цавæртæ?

3) Цал нымæцы ис мивдисæгæн?

4) Цал цæсгомы ис мивдисæгæн?

5) Хъуыдыйады арæхдæр цавæр уæнг вæййы мивдисæг?

 

III. Ног æрмæг равзарын.

 

1) Дзырдуатон куыст.

Ралæууыдис, цин кæнынц, радымдта, рафтыдтой, сцъæх ис, ракалдтой, æрбатахтысты, ратæх-батæх кæнынц, скодтой, æрæфтыдтой, рауагътой, цъыбар-цъыбур кæнынц, бахуым кодтой, байтыдтой, æнхъæлмæ кæсынц.

 

1. Цавæр ныхасы хаймæ хауынц ацы дзырдтæ?

2. Цавæр хицæндзинад ис ацы мивдисджыты ‘хсæн?

3. Уæдæ цæуыл дзурдзыстæм абон?

4. Мивдисджытæ сæ арæзтмæ гæсгæ цавæр вæййынц? (хуымæтæг æмæ вазыгджын)

5. Ацы архæйдтытæ (мивдисджытæ) цавæр афæдзы афонмæ хауынц? Кæд сцъæх вæййы кæрдæг, дидинджытæ кæд ракалынц, цъиутæ кæд æрбатæхынц?

6. Уæдæ нæ ныхасы темæ цавæр у? (Уалдзæг)

2) Чиныгимæ куыст (мивдисджыты арæзт-схемæ)

 

Мивдисджытæ сæ арæзтмæ гæсгæ вæййынц:

 

 

хуымæтæг - вазыгджын – арæзт вæййынц

арæзт вæййынц дыгай дзырдтæй æххуысг.мивд.

иугай дзырдтæй кæнын æмæ уæвын, ласын-ы фæрцы

 

3) Бакæсын эпиграф, ссарын дзы мивдисджытæ, зæгъын, цавæртæ сты.

 

Быдыртæ ‘мæ хъæдтæ

Хинымæр тыхсынц,

Алы бон æнхъæлмæ

Уалдзæгмæ кæсынц.

 

4) Бафидаргæнæн хæстлæвæрдтæ:

 

а) Ацы текстæй рафыссын мивдисджытæ дыууæ цæджындзæй: хуымæтæг мивдисджытæ æмæ вазыгджын мивдисджытæ.

 

Бæстæ райхъал ис, базмæлыдис хуры хъарммæ. Сауцъиутæ, сырддонцъиутæ сæ чысыл бырынчъыты хæссынц хъæмпыхæлттæ, сæхицæн ахстæттæ кæнынц. Сæ цины зарджытæй зæрдæ хъæлдзæг кæны. Быдыртæ сæхи сфæлыстой алыхуызон дидинджытæй. Къуылдымтыл кæрдæг дардмæ зыны цъæх хъæдабæйау. Хæхты ‘рдыгæй уазал дымгæтæ нал дымынц.

 

б) Нæ дзырдуатон диктанты мивдисджытимæ ныффыссын цыбыр нывæцæн.

 

Уалдзæг ралæууыдис. Адæм цин кæнынц. Радымдта дымгæ. Бæлæстæ рафтыдтой сыфтæр. Кæрдæг сцъæх ис. Дидинджытæ ракалдтой. Цъиутæ æрбатахтысты.Уыдон ратæх-батæх кæнынц. Скодтой ахстæттæ. Æрæфтыдтой æйчытæ. Рауагътой цъиутæ. Фыр цинæй цъыбар-цъыбур кæнынц. Адæм бахуым кодтой зæхх. Байтыдтой хор. Æнхъæлмæ кæсынц тыллæджы æрзадмæ.

 

в) Ацы дзырдты къордтæй айсын уæлдай дзырд, зæгъын, цæимæ баст у.

æрзæбул вæййынц, хъæздыг сты, æрбынат кодтон, рухс кодтой, æрбынат кодтой, балæвар кодтой, фидар кæнынц . (мивд.цæсг.)

 

мивд. афон – тауæм, кæрдæм, худыс, лæууы, дзурдзыстæм, тайынц, улæфын.

 

мивдисджыты нымæц – æркастис, ауыдта, æрæмбæхст, æрбатахтысты,

бахудтæн, æрзадис, радзырдтай

 

 

г) Лæвæрд дзырдтæй æххуысгæнæг хæйтты фæрцы саразын вазыгджын мивдисджытæ

рæсугъд, хъæр, ныв, цин, амондджын

 

д) Текст «Дидинæг»

Мæ разы фæци иу дидинæг. Диссаг, стыр диссаг мæм фæкаст уыцы дидинæг. Сæууон æртæхтæ йæ сыфты хъусты рафæлив-бафæлив кодтой сæхи. Уддзæф-иу куы андзæвыд дидинæгыл, уæд-иу сабыргай, иуырдæм акъул кодта йæ диссаджы сæр. Стæй та-иу дидинæг фæстæмæ систа йæ сæр, батыбар-тыбур-иу кодтой сæууон æртæхтæ æмæ та-иу дидинæджы хъусы сæхи амбæхстой. Уддзæф-иу мæ былтыл асæрфта йæхи, æхсызгон, хæрз æхсызгон тæф-иу сæмбæлд мæ фындзыл. Абоны онг дæр мæ нæ рох кæны. Хур дидинæгмæ нывæзта йæ сыгъзæрин тынтæ. Дидинæг сæ ахста æмæ дзы йæхицæн хуыдта æрттиваг хæдон. Йæ сæр-иу сраст кодта, фæстæмæ-иу фесхъæл ис, дыууæрдæм-иу аратас-батас кодта йæ тасгæ-уасгæ гуыр…

 

уддзæф – ветерок (струя воздуха)

 

1. Рафыссын текстæй хуымæтæг мивдисджытæ, сбæрæг сын кæнын сæ

цæсгом, нымæц,афон.

 

2. Ссарын тексты хъуыдыйæдтæ вазыгджын мивдисджытимæ, рафыссын сæ, сæйраг уæнгты бахахх кæнын.

3. Текстæй рафыссын фæйнæ æртæ хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисæджы. Фæбæрæг сын кæнын сæ афон, нымæц æмæ цæсгом.

 

Ацы мивдисджытæ сæвæрут раст формæйы, цæмæй æмдзæвгæ раст бакæсæм (чи тагъддæр)

 

Атайын-3 ц., с.а. б.н миттæ

Райхъал уæвын (3 ц., суин.а., иу.н.) æрдз.

Зæхх йæ фæллад синтæй

Аппарын (3 ц. суин.аф., иу.н.)

 

Хур та арвыл хъазгæ

Стулын (3 ц., суин.аф., иу.н.) бæрзонд.

Хъæдбынæй та заргæ

Рабырсын (3 ц., суин.аф., иу.н.) дон.

 

Быдыртæй та хъусын (3 ц., суин.аф., иу.н.)

Цины зарæг ног.

Алчи та йæ куыстмæ

Вналын (3 ц., суин.аф., иу.н.) уæнгрог.

 

IV. Хатдзæгтæ.

IV.Рефлекси.

1. Урок мæм фæкаст…

2. Урочы мæ зæрдæмæ фæцыд…

3. Зын мæм фæкаст…

4. Хорз нæ бамбæрстон…

5. Цымыдисаг уыдысты…

V. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

VI. Хæдзармæ куыст.

 

в формате Microsoft Word (.doc / .docx)
Комментарии
Комментариев пока нет.