12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Валиева Ольга Андреевна88
Россия, Северная Осетия-Алания респ., с.Михайловское Пригородный район

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 6-æм къласы

Темæ: : «Адæймаджы уды хъаруйæн аргъ кæнын».

(Барахъты Гинойы радзырд «Бæстырæсугъд» - мæ гæсгæ)



Урочы нысантæ

Адæймаг рæсугъд цæмæй вæййы, уый равзарын.


Урочы хуыз

Ног æрмæг бафидар кæныны урок.


Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: Уацмысæн анализ скæнын.


Метапредметон: Скъоладзауты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ раст дзурыныл, хатдзæгтæ кæныныл, аив дзурын æмæ кæсыныл.


Удгоймагон: Æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл.


Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордгай куыст.


Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ.




Урочы эпиграф:

«Адæймаг йе՚гъдау æмæ йæ уагæй у».

Адæмон æмбисонд

Урочы организацион структурæ


Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)


Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты.

--- Абон, скъоламæ цæугæйæ, адæммæ кастæн æмæ хъуыды кодтон: «Æвæдза, нæм цас бирæ рæсугъд адæм ис». Ирыстон цух никуы уыд рæсугъд адæмтæй, уæлдайдæр та сылгоймæгтæй. Немыцаг ахуыргонд Карл Кох 1837 азы ирон сылгоймæгты тыххæй фыста: «С радостью я смотрел на красивые высокие фигуры молодых женщин, одетых в несравненные синие платья…Женщины ходили с достоинством и все их движения были красивы». Уымæн æвдисæн зындгонд Бурдухан – алайнаг паддзах Худаны чызг, Гуырдзыйы паддзах Тамары мад. Æлдаттаты Лейлæ – «Мисс Европа – 1910». (слайд 2) Зæгъут-ма, адæймаг æрмæст æддаг бæкастæй вæййы рæсугъд?



---Уæдæ абон цæуыл дзурдзыстæм?


Cалам дæттынц















-Адæймаг рæсугъд вæййы йæ хъуыддæгтæй, йе՚гъдауæй


-Адæймагæн йе՚гъдауыл, йæ уды хъаруйыл

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),



Актуализаци


---Нæ урокæн эпиграфæн райстон адæмон æмбисонд:

«Адæймаг йе՚гъдау æмæ йæ уагæй у». (3 слайд)


--- Куыд æмбарут ацы æмбисонд?







-Адæймаг фыццаджыдæр хъуамæ уа æгъдауджын, æфсармджын, рæстзæрдæ.


Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)


Удгоймагон:

(уды рæсугъддзинадыл æмбарын)


Ног æрмæгыл куыст.

Радзырдæн анализ скæнын, текстыл æнцойгæнгæйæ

---Ахæм адæймаг нын равдыста Барахъты Гино йæ радзырд «Бæстырæсугъд»-ы. Цæмæн схуыдта автор йæ радзырд афтæ?


---Фæйнæгыл сылгоймæгты нывтæ. Равзарут дзы Бæстырæсугъды хуызæн. Цæмæн равзæрстат ? (4 слайд)


--- Чиныджы-ма ссарут йæхæдæг та цы зæгъы адæймаджы тыххæй?









---Никæмæн комы Бæстырæсугъд, йæхицæн аккаг нæ ары.

Фæлæ мæнæ иу уалдзыгон бон æрхызт йæ хъал бæхæй кæрты дуармæ Канаты Афæхъо. Ссарут-ма чиныджы йæ афыст.



---Фæйнæгыл ныр та уынут нæлгоймæгты нывтæ. Рвзарут дзы Канаты Афæхъойы хуызæн æмæ зæгъут, цæмæн равзæрстат ахæм ныв? (5 слайд)


--- Куыд суазæг кодтой фысымтæ Афæхъойы?








---Раст бакодтой?






---Чи уыд дыккаг усгур та?


--- Ссарут чиныджы йæ афыст?





---Ссарут–ма æлдары фырты хуызæн ныв æмæ зæгъут, цæмæн æй равзæрстат? (6 слайд)



---Фысымтæ сæхи куыд дарынц? Цæмæн?

---Цæмæй батыхстысты фысымтæ?

---Уыцы рæстæг цы баци Уæлладжырон усгур?

---Цы рбалæууыд йæ зæрдыл?



---Цы зонут ирон фæндыры тыххæй? Куыд равзæрд?




(Ахуыргæнæг дзуры ирон кадæггæнджыты тыххæй)

---Цагъд æмæ зард куы баиу сты, уæд Афæхъойæн цавæр миниуджытæ рабæрæг сты?



---Æлдары фырт Исламаты Рашид та цы фæци?



-Алцæмæй дæр уыди æххæст.



(Скъоладзаутæ æвзарынц ирон дарæсы чызджы ныв æмæ дзурынц, цæмæн.)


Чиныджы кæсынц:

«Æз нæ хъуыды кæнын уæздан, кæвдæсард, фæрссаг.

Æз зонын адæймагæн йæ уды хъару, æмæ мæ фæнды цардæмбалæн æрмæст ахæм æххæст лæппу бацагурын».



Чиныджы кæсынц:

«Уæлладжырон усгур лæппу, фыдконд, фыдцъылыз Канаты Афæхъо».



(Скъоладзаутæ æвзарынц ирон дарæсы лæппуйы ныв æмæ дзурынц, цæмæн.)


(Чиныджы кæсынц уыцы бынат: «Бамбæрстой уазæджы хабар: кæмæй у, кæцæй æмæ цæмæн æрцыдис…Æмæ йыл нæ уыдысты тыхст…)



( Ам æрдзурын хъæуы ирон адæмы уазæджы æгъдæуттыл, ирон адæм уазæгæн куыд кад кодтой )


-Кæсгон æлдары фырт.


Чиныджы кæсынц:

«Йæ уынд, йæ конд куыд æмбæлы афтæ, - æлдары фырт…»


Æвзарынц хъæздыг кæсгон дарæсы лæппуйы ныв æмæ дзурынц, цæмæн.


Скъоладзаутæ дæттынц бæстон дзуæппытæ, текстыл æнцойгæнгæйæ.




Скъоладзаутæ дзурынц Нарты Сырдон æмæ ирон фæндыры равзæрды тыххæй.) (7,8 слайд)




Дзуапп дæттынц




Дзуапп дæттынц

Зонадон: (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци текстты ссарын æмæ радзурын зонын, ног зонындзинæдæ райсын)


Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(адæймагæн аргъ кæнын зонын)


Ног зонындзинæдтæ фысгæйæ фидар кæнын.



Къордты куыст

Дих цæуынц сывæллæттæ æртæ къордыл.


1. Ахуыргæнæг сын дæтты карточкатæ. Карточкатыл фыст адæймаджы миниуджытæ. 1 къорд æвзары Бæстырæсугъды миниуджытæ, 2 – Афæхъойы, 3 – Рашиды.


Карточка (9 слайд )

уæздан, рæсугъд, æгъдауджын, хъæздыг, хъаруджын, æнæгъдау, кусаг, зондджын, æрдзуарзаг, хъал, фæндырдзæгъдаг, зараг.


2. Дарддæр дæр кусынц къордты. Ныр та сын ахуыргæнæг дæтты æндæр хæслæвæрд: скæнын синквейнтæ. 1 къорд – Афæхъойæн, 2 – Рашидæн, 3 – Бæстырæсугъдæн. (10 слайд )






Цалдæр минуты кусынц, стæй сæ карточкатæ ахуыргæнæгмæ дæттынц









Синквейнтæ


Канаты Афæхъо

Æгъдауджын, фæндырдзæгъдаг

Æфсæрмы кодта, цагъта, зарыди

Йæ фæндырдзагъдмæ Бæстырæсугъд рацыдис йæ размæ.

Æгъдау


Исламаты Рашид

Хъал, æнæгъдау

Кæдтæ агуырдта, фæтæргай, сусæгæй ацыд

Рох аззадис фысымтæй.

Æгад


Бæстырæсугъд

Рæсугъд, уæздан

Дзырд нæ дæтта, æвзæрста, æргом рацыдис

«Æз зонын адæймагæн йæ уды хъару».

Æфсарм



Зонадон:

(зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын)


Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)


Удгоймагон:

(адæймаджы æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджæтæ зонын)

Рефлекси.







--- Куыд уæм кæсы, цæмæн равзæрста Бæстырæсугъд Канаты Афæхъойы?

Æмæ фæстæмæ раздæхæм нæ эпиграфмæ: (3 слайд)

«Адæймаг йе՚гъдау æмæ цæ уагæй у».




Скъоладзаутæ сæ хъуыдытæ дзурынц.

Зонадон: (архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын)


Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)


Удгоймагон:

(адæймаджы уды хъаруйæн аргъ кæнын)

Хатдзæгтæ скæнын.


--Абоны урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

---Уæхицæн цавæр хатдзæгтæ скодтат?

Скъоладзаутæ сæ хъуыдытæ дзурынц.

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын )


Регулятивон: (æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын)


Хæдзармæ куыст

Фысгæ куыст ахæм темæйыл: «Цавæр адæймаджы ис схонæн рæсугъд?»



Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.





Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.