12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Валиева Ольга Андреевна88
Россия, Северная Осетия-Алания респ., с.Михайловское Пригородный район

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 5-æм къласы

Темæ: «Зыд лæг æмæ зыд бирæгъæй уæлдай нæй».

(Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп» - мæ гæсгæ)


 

Ахуыргæнæджы куысты нысантæ

Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; Скъоладзауты ахуыр кæнын аив дзурын æмæ кæсыныл;

мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æвзæрын кæнын.

Урочы хуыз

Ног æрмæг бафидар кæныны урок.

 

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: басняйы тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Басняйæн анализ скæнын, райхалын ын йæ зондамынд.

 

Метапредметон: уацмысы персонажты архайдæн æмæ ныхасæн аргъ кæнын; хи хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын.

 

Удгоймагон: æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл.

 

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, 6 алыхуызон худы.

 


 

Урочы эпиграф:

«Æмбисæндтæ æмбарынц сывæллæттæ дæр æмæ ас адæймæгтæ дæр».

И.А.Крылов


 

Урочы организацион структурæ

 

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

 

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты.

 

---Чи сты ацы адæм? Цы сæм ис иудзинадæй?

( Фæйнæгыл Эзоп, Лафантен æмæ Крыловы портреттæ)

 

---Уæдæ, куыд уæм кæсы, абон цæуыл дзурдзыстæм?

 

салам дæттынц

 

 

 

Фыстой баснятæ

 

 

 

Басняйыл

 

 

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

 

 

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

--- Цы у басня?

 

 

 

 

---Чи вæййынц басняйы архайджытæ?

 

 

 

--- Баснятæ фыст цæуынц адæмон сфæлдыстады бындурыл, æмбисæндты бындурыл, æмæ уымæ гæсгæ сты æнцонæмбарæн æмæ зæрдæмæдзæугæ. Крылов дæр уымæн загъта:

«Æмбисæндтæ æмбарынц сывæллæттæ дæр æмæ ас адæймæгтæ дæр».

 

--- Ирон литературæмæ фыццаг чи бахаста басняйы жанр?

 

---Зæрдыл æрлæууын кæнæм Къостайы царды хабæрттæ:

1.Кæд æмæ кæм райгуырд?

2.Кæмыты ахуыр кодта?

3.Йæ сæйраг чиныг куыд хуыйны?

4.Кæм ныгæд у æмæ кæд нысан кæнæм Къостайы мысæн бон?

 

---Басняйы вæййы мораль. Уый та цы у?

 

---Басняйы кæм вæййы?

 

 

---Уæдæ ма мын зæгъут, басня «Бирæгъ æмæ хърихъуппы» зондамынд кæм ис?

 

 

--- Куыд æй æмбарут?

 

 

--- Цавæр æмбисæндтæ ма зонут зыды тыххæй?

 

 

- Фæсномыг мидис кæмæн ис, ахæм къаннæг прозæйæ кæнæ æмдзæвгæтæй фыст уацмыс.

 

- Фылдæр хатт цæрæгойтæ, æнæуд предметтæ дæр вæййы.

 

 

 

 

 

 

 

 

- Хетæгкаты Къоста

 

 

 

 

Скъоладзаутæ дæттынц дзуаппытæ

 

 

 

 

- Зондамынд

 

- Йæ райдайæны кæнæ йæ кæрон

 

- Райдайæны:

«Алчи зыдгæнæджы бирæгъ фæхоны».

 

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

 

«Зыд лæг æмæ зыд бирæгъæй уæлдай нæй».

«Зыд лæг алцæуыл дæр зыд кæны».

«Зыд лæгæн зыд лæвæрд ис».

«Зыд лæгæн йæ комдзаг йæ хъуыры бадаг у».

 

Зонадон: (зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, классификаци)

 

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

 

Удгоймагон: (æнкъарын басняйы ахадындзинада царды)

 

 

Ног æрмæгыл куыст.

Басняйæн анализ скæнын, текстыл æнцойгæнгæйæ.

--- Ныр та сбæрæг кæнæм, басня куыд бамбæрстат, уый. Бакусæм къордты.

(Метод «6 худы». Кълас дих цæуы 6 къордыл. Алкæцы къорд дæр æвзары иу худ , ахуыргæнæг сæ уары, кæнæ хæлттæ æппарынц. Худты алы хуызæн дæр ис йæхи хæс:

Урс –иууыл нейтралон. Ацы къорды уæнгтæ архайынц æрмæстдæр фæкттæй.

Бур – хъæлдзæг, позитивон. Ацы къорды архайджытæ агурынц æрмæстдæр хорздзинад.

Сау – негативон, агурынц æппæрццаг бынæттæ

Сырх – эмоцитæ, хъуыдытæ, æнкъарæнтæ. Ацы къорд дзуры æрмæстдæр, цавæр æнкъарæнтæ æвзæрын кæны фарста, æнæ хатдзæгтæй.

Кæрдæгхуыз – сфæлдыстадон, креативон. Ацы къорд проблемайы аскъуыдздзаг кæнынæн ног фæндæгтæ агуры.

Цъæх - уый дæр нейтралон, хатдзæгтæ, аргъ кæнын.

Сывæллæттæ сæ худты хуызмæ гæсгæ сæхи æрцæттæ кæнынц уыцы хаххыл хъуыды кæнынмæ.)

Ахуыргæнæг айуæрста худтæ æмæ сын радта хæслæвæрдтæ:

 

Урс - рольтæм гæсгæ бакæсын басня

 

Бур – радзурын, хорзæй цы ис басняйы

 

 

 

 

Сау - радзурын, æвзæрæй цы ис басняйы

 

 

 

 

 

Сырх – цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта басня? Уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

 

 

 

Кæрдæггъуыз – абон актуалон у ацы басня æвæ нæ?

 

 

 

 

Цъæх – цавæр зондамынд ис басняйы?

 

 

 

 

---Басняйæн анализ скодтам, ныр та равзарæм бирæгъ æмæ хърихъуппы фæлгæнцтæ.

(къордтæ сæ худтæ ивынц æмæ сын ахуыргæнæг дæтты ног хæслæвæрдтæ)

 

Урс – сыфыл дзырдтæ фыст (зыд, фæлмæнзæрдæ, сæрæн, æдзæсгом, уæздан, тугдзых, æнæгъдау). Ссарын бирæгъ æмæ хърихъуппы миниуджытæ æмæ сæ хицæн къордтæй ныффыссын.

 

Бур - ссарын хорз миниуджытæ бирæгъмæ.

 

 

Сау – ссарын æвзæр миниуджытæ хърихъуппмæ.

Сырх – цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодтой бирæгъ æмæ хърихъупп?

 

 

 

 

 

Кæрдæгхуыз – рацаразын басня, æндæр кæрон ын æрхъуыды кæнын.

 

 

 

 

 

Цъæх – жюри, аргъ кæнынц къордты дзуæппытæн.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Къордтæ цæттæ кæнынц цалдæр минуты æмæ дзаппытæ дæттынц:

 

 

Урс – рольтæм гæсгæ кæсынц басня

Бур – хърихъупп фервæзын кодта бирæгъы, кæд йе՚знаг уыд, уæддæр ын фæтæригъæд кодта

 

Сау – бирæгъ адæмæн

«тугуарæн кодта», бузныджы бæсты, хърихъуппмæ æртхъирæнтæ кодта

 

Сырх – нæ зæрдæмæ фæцыд: у цыбыр, æнцонæмбарæн, ис дз зондамынд.

 

Кæрдæггъуыз – Ацы басня абон дæр актуалон. Абон дæр ис бирæгъы хуызæн зыд, æдзæсгом æмæ æнæгъдау адæм.

 

Цъæх – Зыд кæнын тынг æвзæр миниуæг у, стæй хордзинадæн хъуамæ аргъ кæнай.

 

Къордтæ цæттæ кæнынц цалдæр минуты æмæ дзаппытæ дæттынц:

 

 

Урс – бирæгъ - зыд, æдзæсгом, тугдзых, æнæгъдау; хърихъупп – фæлмæнзæрдæ, сæрæн, уæздан.

 

Бур – нæ бахордта хърихъуппу, фæтæригъæд ын кодта.

Сау – мызд æркуырдта.

 

Сырх – дыууæмæ дæр ис хорз æмæ æвзæр миниуджытæ, фæлæ уæддæр хърихъуппмæ хорз миниуджытæ ис бирæ фылдæр, бирæгъ та у тынг æнад.

Кæрдæггъуыз – Бирæгъ тынг фæбузныг хърихъуппæй æмæ дзырд радта, кæй сраст уыдзæн, кæй нал хъыгдардзæн адæмы.

 

Цъæх – аргъ кæнынц алы къорды дзуаппæн дæр

 

Зонадон: (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци текстты ссарын æмæ радзурын зонын)

 

 

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

 

 

Удгоймагон: (этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын)

 

Рефлекси.

 

 

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

 

 

--- Цавæр хатдзæгтæ скодтат уæхицæн ацы урочы?

 

- Зыд кæнын хорз нæу: бирæгъ йæ фырзыдæй фæцæймарди. Стæй хорздзинад хъуамæ æмбарай. Исчи дын хор куы скæна, уæд ын «бузныг» уæддæр зæгъ.

Зонадон:

(басняйы мидис зæрдыл æрлæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын)

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын)

Удгоймагон:

(хорз æмæ æвзæр æвзарын)

Хатдзæгтæ скæнын.

 

--- Уæ зæрдæмæ фæцыд урок? Цæмæй?

 

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ

 

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын )

 

Удгоймагон: (æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын)

 

Хæдзармæ куыст

Хетæгкаты Къостайы баснятæ «Хъазтæ», «Халон æмæ рувас», «Булкъ æмæ мыд» бакæсын.

 

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

 

 


 

Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.