Занятие «Мадæлон æвзаг — мадау адгин æй!»
Мадæлон æвзаг –мадау адгин æй!
«Куд уарзон дæ, куд адгин дæ
Ду, нæ мадæлон æвзаг!
Нæ хæзнадонæ, нæ фарнæ дæ,
Хонунцæ дæ алайнаг».
АМОНÆГ: Уæ бонтæ хуарз (фарнæ уæмæ бадзорæд) нæ хъазар иуазгутæ æма нæ минкъи бæдæлттæ (нæ исонбон,нæ ирæзгæ фæлтæр.)! Ацибон , хъæбæр устур бæрæгбон æй ! Иристони цæргутæ бæрæг кæнунцæ « Мадæлон æвзаги бæрæгбон»!
Дуйнебæл цæруй берæ адæмихæттитæ, уонæй алкæмæндæр ес хецæн æвзаг –æхе мадæлон æвзаг. Нæ хестæртæ уотæ фæззæгъунцæ : « Мадæ æма маддæлон æвзаг еу адæ кæнунцæ !»
(интерактивон фæйнæгбæл равдесун Хидирти Ехьяй æмдзæвгæ – «Не взаг» )
АМОНÆГ: Алкедæр уи фæуидтайта дидингути будуртæ, рæссугъд гъæддæ, зад мæнæути хумтæ? Е æй нæ Дигоргом- нæ райгурæн бастæ- зæнхи федауцæ, дуйней фарни къум! Нæ фиддæлтæмæ райгурæн зæнхæ - мадæ худтонцæ, уомæн æма син мади рæвдуд лæвардта!
Æмдзæвгæ «Райгурæн бæстæ»
О,мæ Райгурæн –мæ бæстæ ,
Уарзондæр дæуæй нæййес!
Дæ бæрзонд хуæнхтæ , дæ фæзтæ
Мæ амонд æма мæ ес !.
(Равдесун нæ Райгурæн бæсти туххæй слайд)
Æмдзæвгæ «Мæ Чикола»
Мæ Чикола -мæ астьонæ,
Мæ Дигорæ-мæ амонд!.
Ду дæ мæнæн мæ уарзондæр ,
Æз дæуæй дæн сæрбæрзонд!
Ду мин адгин ма зинаргъ дæ!
Ду рæсугъд æма кæдзос..
Ду мæ уодæн æ йедагæ,
Дзæбæх куд уæн ,зæрдæрохс!
Зар « ИРИСТОН» ( хестæр къуари сув-тæ )
АМОНÆГ: Саби фиццаг дзурд ци æвзагбæл фегъосуй, авдæнæмæ ин ци фæлмæн æма рæсугъд зартæ фæккæнунцæ, йæ фиццаг къахдзæфти хæццæ ци фиццаг дзурдтæ фæззæгъуй, йетæ фæуунцæ мадæлон æвзагбæл.
Лолитæ кæсуй Сабайти Сулеймани æмдзæвгæ
АМОНÆГ: Мадæлон æвзаг мади адæ кануй, мади æхсири хæццæ адæймаги иуæнгти рацæуй, зæрди бунмæ ниттæдзуй, хори тунау никкæсуй йæ къумтæмæ æма сæ ниррохс кæнуй!
( «Дзай-дзай дъæкъолæ» кафунцæ æма зарунцæ сув-тæ)
АМОНÆГ: Дигорон æвзаг – фидæлти хæзна- æй хъæбæр рагон, гъæздуг æма къабазгин. Хумæтæги нæ финсуй нæ уарзон дигорон финсæг Бабочити Руслан:
Ци рагон дæ, ци фæлсугъд дæ,
Ци дессаг дæ, о не взаг,
Хуматæги а рæсугъди,
Нæ хонунцæ алайнаг.
Сув-тæ дзорунцæ æмдзæвгитæ:
Нæййес дуйнебæл рæсугъдæр,
Мах æгъдауай уæздандæр,
Нæ адæмæй тухгиндæр,
Аланти взагай гъаздугдæр.
Нæ мадæлон æвзаг-
Исафунæй ин тæссаг.
Хъæбæр устур ходуйнаг,
Æностæмæ фæсмойнаг.
Нæ фæсевæдмæ радзорæн,
Не взаг бæрзондмæ исесæн,
Къостай стъалу иссерæн.
Йæ фарсмæ инæй нивæрæн.
Уадзæ æма æрттева,
Аланти номæй рохс дæтта,
Дуйней хæццæ си дзора,
Кæрæдзебæл нæ бадтæ!
Дигорон æвзаг ци хуарз дæ,
Ци фæлмæн æма ци карз дæ,
Дæхе номæй хуæрун арт,
Дæу æной неций мæ цард!
Æнсувартау зæрдхæларæй ,
Равзурстон дæ мæхецæн,
Кæрæдземæн мугкагмæ дæр
Нæййес махæн фæххецæн!
Дигорон æвзаг - мæ зæрдæ,
Цæстисугау дæ рæсог;
Мæ рагуалдæг дæ мæ сæрдæ,
Ду ме стæг дæ, ду мæ тог.
АМОНÆГ: Адæймагæн фæууй еунæг ниййерæг мадæ æма еунæг маддæлон æвзаг. Уонæн кæрæдземæй рахецæн кæнæн нæййес ,нæййес син баййевæн дæр ! Йетæ арв æма хори хузæн æнцæ – еумæ федаунцæ. Æ мадæлон æвзаг ка нæ зона ,уомæн æнхæст адæймаг исхонæн нæ ес !
Расул Гамзатов дзæгъæли нæ загъта : « Кæд ме взаг нæбал уодзæнæй исон ,уæд æз мæлунмæ абони дæр цæттæ.»
Зар «Минкьи кизгæ»
( цубур равдисти хæццæ)- мобил.эфтауæнæй ист.
АМОНÆГ: Бæласæ хускъæ кæнуй ,кенæ кæлгæ ,æ уедæгтæ ин зæнхи буни ку ракъуæрай ,уæд! Æвзаг мæлгæ кæнуй æ уедæгтæ ин бийнонти астæу ку ракъуæрай ,уæд! Цæмæй нæ маддæлон æвзаг ма фесæфа ,уомæй ибæл федар хуæцун гъæуй ! аргъ ин кæнун гъæуй!гъæуай кæнун æй гъæуй ! Уарзун æй гъæуй!...
Хонгæ кафт (бацæттæг-н къуари сув-тæ)
АМОНÆГ: Исати Мæхæмæт куд загъта,уотæ : «Мах гъæуама архайæн уæбæл ,цæмæй нæ дессаги æвзаг ирæза !»
«Чепена !»(сув-тæ фæллæунцæ тумбул зилди)
АМОНÆГ: Мæ зинаргъ æмзæнхон!
Куд хуæздæр æй зæгъон ?!
Ду куд уарзи дæ мадæ,дæ хори !
Уотæ уарзун нæ хонх,
Нæ будуртæ, нæ дон ,
Уотæ уарзун нæ бæстæ,Дигори !
«Кизгутти кафт» (логоп.гр)
Сабайти Сулеймани æмдзæвгæ Кæсуй Зехъети Тимур .
Цæй-ма ,æнæзевæг
Аланти фæсевæд,
Æрбалæууæн цардмæ æнгон.
Нæ зонгæ æнцойнæ,
Кæнæн нæ фæллойнæ,
Равдесæн нæ хъаурæ æргон.
Нæ райгурæн зæнхæ,
Нæ дарæг,нæ зæнхæ,
Бауарзун афонæй ,гормон .
Нæ цард исаразæн ,
Не взаг дæр бауарзæн
Бахезæн æгадæй нæ ном !
Евунцæ фæлтæртæ,
Нæ сони кæстæртæн
Ма скæнтæ уæ хъаурæ æвгъау .
Цæмæй ирæзæнцæ,
Бæрзонддæр хæссонцæ
Нæ кадæ,хуæрзфæткæ,æгъдау!
Сув-тæ кафунцæ « СИМД»
Равдесун фæйнæгбæл скъуддзаг « Æртæ бæлццонемæй»
АМОНÆГ: Историй идард фæндæгтæбæл, æности сæрти нæ фиддæлтæ махæн ниууагътонцæ устур хæзна æмай Скифтæ, Сæрматтæ, Алантау мах дæр багъæуай кæнæн!!!
Хуцау уи исарази уæд! Уарзетæ нæ райгурæн бæстæ,уæлдайдæр ба нæ мадæлон æвзаг !
Устур кадæ æма ин аргъ кæнетæ!