12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовала
Годзоева Анжела Александровна69
Учитель Осетинского языка и литературы
Россия, Северная Осетия-Алания респ., Ирафский район, с. Сурх-Дигора





Сырх-Дыгуры муниципалон бюджетон иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы ахуыргæнæг Годзойты Анжела Алыксандры чызг.





Мадæлон æвзаг-мадау адджын!











Темæ: «Мадæлон æвзаг-мадау адджын!»

Нысан: Бавдисын авзаджы бынат адæймаджы царды æмæ æхсæнады;æвзагмæ рæзын кæнын уарзондзинад.

Бæрæгбон райдыдта Ирыстоны гимнæй ( кæсджытæ лæууынц).

Уыртаты Сæрмæты æмдзæвгæ «У ирон!»,кæсы йæ 5-æм къласы ахуырдзау Гобеты Алик.

Кæд ирон мыггаг хассыс,

Кæд ирон зæххыл цæрыс,

Зон ирон лæджы æгъдау !

Зон нæ фыдæлты æвзаг!

Кафгæ рацу махмæ тагъд,

Рагон симд æрсимæм мах

Уадз , цæгъдæд æнусты цагъд,

Уадз хъуысæд нæ Иры зард!

Кафт «Симд»

1-аг амонæг: Фарн уæм бадзурæд æмæ фæрнæйдзаг ут, зынаргъ æмбæлттæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Дыууæ мин æртыккæгæм азæй нырмæ бæрæг кæнæм Ирон æвзаджы бон. Хуымæтæджы æвзæрст не’рцыд бæрæгбонæн 15 май. Мин астсæдæ нæуæдз фарæстæм азы 15 майы мыхуыры рацыдис, Къоста йæ зæрдæйы тæгтæй цы чиныг ныффыста, уый-«Ирон фæндыр».

2-аг амонæг: Нæ мадæлон æвзагæн сæрмагонд бæрæгбон кæй фæзындис , уый нын хæссы уæлдай æхсызгондзинад. Абон у , ирон адæмы хæстæгдæр æмæ æнгомдæр чи кæны , ахæм бон , махæй алчидæр ноджы арфдæр банкъары , иу адæм , иу туг кæй стæм , уый. Фæлæ уæддæр бæрæгбоны сæйрагдæр нысан уый мидæг ис, цæмæй , абон аргъ кæнгæйæ , хъуыды кæнæм нæ адæмы фидæныл. Адæмæн та бæласау йæ уидæгтæ сты йе’взаг , æмæ йæ фидæн дæр, æнæмæнг , баст у йе’взаджы цардхъомдзинадимæ…

1-аг амонæг: Зын фæндæгтыл фæцыдысты нæ рагфыдæлтæ , фæлæ нæ асаст сæ ныфс, нæ фесæфтой, никуы фегад кодтой ирон лæджы ном, ныууагътой нын , æппæт адæмы дæр дисы чи’фтауы , ахæм кад, намыс, æгъдау æмæ æвзаг.

Æмдзæвгæ «Дыууадæс дзырды»,кæсы йæ 8-æм къласы ахуырдзау Гобеты Азамат.

2-аг амонæг:Æвзаг у ,ивгъуыды, абоны æмæ фидæны фæлтæрты кæрæдзиуыл æнгом чи бæтты, ахæм цардæгас тых. Уый адæмы канд цæрæццаг нæ кæны – уый йæхæдæг адæмы цард у, йе’вдадзы хос. Мадæлон æвзаг куы фесæфы , уæд адæмæн сæ мыггаг дæр сыскъуыйы .

æмдзæвгæ «Мадæлон æвзаг», кæсы йæ 5-æм къласы ахуырдзау Рæмонты Сослан.

Бакасæм цыбыр юмористон сценкæ:»Ирон нæ жони»-мæ,æвдисынц æй 8-æм къласы ахуырдзаутæ.

1-аг амонæг :Кæд ирон дæн,уæд ме`взаг куыд хъуамæ ферох кæнон! Ирон æвзаг ,ды ,мæ мады зæрдæйæ чи равзæрд, уый дæ! Дæу рохгæнæн ницы хуызы ис ! Æнæ дæу нæ ничиуал зондзæн, чи стæм æмæ кæцон стæм?! Æнæ уырыссаг æвзаг нын нæй цæрæн! Уый нæ иумæйаг æвзаг у. Уырыссаг æвзаг куы нæ зонæм ,уæд дард фæндæгтыл нæ ацæудзыстæм. Фæлæ нæ мадæлон æвзаг махæн мады ад кæны æмæ уымæн рохгæнæн нæй!

Плиты Ильяйы æмдзæвгæ «Ме взаг» ,кæсы йæ 5-æм къласы ахуырдзау Ортабайты Аврам.

Æз æнæ дæу, цæй , зæгъ – ма, цы дæн?

Ницы ! Ницы у мæ цард , мæ бон дæр .

Ме стыр ныфс , мæ цардамонд ды дæ,

Ард хæрын кæддæриддæр дæ номæй .

Авгау дын æрхауынæй тæрсын ,

Зæл æнустæм ацы хæхтæм риуæй !

Æз дæ фарн сæрыстырæй хæссын,

Мæн хъæуы мæ цард æрмæст дæуимæ.



2-аг амонæг. Ды, нæ мадæлон рæсугъд зæлланггæнаг ирон æвзаг. Ды дæ не стыр ныфс ,не стыр хæзна , нæ раздзог. Дæ рæсугъд уæздан бæркадджын ныхасæй на адæмæн хастай æмæ хæссыс растдзинад, амонд æмæ фарн Дунейы стырдæр ахуыргæндта дæумæ цымыдис кодтой æмæ кæнынц.Нæ рагфыдæлтæн дæ фæрцы сæ тугдадзинты ирон туг тагъди æмæ, абонмæ дæ руаджы æрхаццæ ирондзинад, ирон фарн, ирон æгъдау.

Зæгъ – ма , цавæр хъуамæ уой ирон чызг æмæ æцæг ирон лæппу?

1 – аг амонæг: Ныртæккæ йæ базондзыстæм.

Æмдзæвгæ «Ирон чызг æмæ лæппу» ,кæсынц æй Рæмонты З. æмæ Хохты М.

2-аг амонæг : Уæдæ куыд нæ уарзæм дæу ,нæ мадæлон ирон æвзаг, кæд æмæ ды дæ Аланты байзæддаг. Нæ абоны ирон адæмæн цард, фарн, амонд, æгъдау, æфсарм, ирондзинад ды радтай. Ды, нæ дзæбæх ирон æвзаг.

Сценкæ «Пæсæйы фæндон».

1 – аг амонæг: Мадæлон æвзаг … Ирон æвзаг…

Йæхи ирон чи хоны, уымæн у адджын, уый йыл æрхъæцмæ нæ лæууы. Искуы дард ран куы уа, уæд æй мысы, æнкъард кæны æнæ ирон ныхас.

Æвзаг у лæугæ хох æмæ цæугæ мæсыг. Хохæн ис бын æмæ бæрзæнд, хуссар æмæ цæгат, скæсæн æмæ ныгуылæн, ис ын афæдзы афонтæ æмæ ивы йæ хуызтæ, фæлæ йæ мидис æмæ йæ цард сты æнусон.

Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ «Мадæлон æвзаг», кæсы йæ 10-æм къласы ахуырдзау Хохты Марик.

Нæ зынаргъ кæсджытæ, нырта бакæсæм нæ курдиатджын ахуырдзаутæм , кæцытæ нын равдисдзысты аргъау «Болгæ», Табуафси.

2-аг амонæг :Æвзаг у адæмы уд æмæ зонд: цалынмæ æвзаг цæра, уæдмæ цæрынц адæм дæр , рæзы æмæ фидар кæны йæ национ культура, йæ национ хиæмбарынад .Уымæн афтæ зынаргъ у алы адæмæн дæр йæ мадалон æвзаг .

1-аг амонæг: «Райгуырæн бæстæйæн æцæгæй уарзæн нæй , дæ адæмы æвзаг куы нæ уарзай , уæд .Йæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ чи у, уыцы адæймаг хъæддаг у.

Цомартаты Дунетханы æмдзæвгæ «Ирон туг» кæсынц æй 10-æм къласы ахуырдзаутæ Гетъоты Миланæ æмæ Габеты Кæмилæ .

Хонгæ кафт.

1-аг амонæг:Бæласæн йæ къалиутæ куы ныццæгъдай , фæлæ йæ уидæгтæ хъыгдард куы нæ баййафой, уæд та зæнг ног къалиутæ рауадздзæн , йæ зæнг ын куы алыг кæнай ,фæлæ йæ уидæгтæ цардхъомæй куы баззайой , хъыгдард куы нæ баййафой, уæд та тау суадздзысты æмæ йын зæнг дæр уыдзæн æмæ къалиутæ дæр .Гъе,фæлæ йын йа уидæгтæ куы ныллыг кæнай , уæд æрцыд йе сæфт .Ахæм хъысмæт ис алы адæмыхаттæн дæр: йæ фидæн аразгæ у йæ уидæгтæй , йе'взаджы цардхъомæй.

Æмдзæвгæ «Ирон æвзаг» (Амилахуанты Т.).

2-амонæг :Замеркæ тæ цæуылдæр мæсты кæны.Цымæ цы кæны?

1-аг амонæг:Ныртæккæ йæ базондзыстæм.

Сценкæ «Сыхæгтæ»

Хохты Марикы музыкалон номыр(Доулист).

2-аг амонæг: Ууыл нæ равдыст кæронмæ æрхæццæ ис, фæлæ ма мæ кæронбæттæны зæгъын фæнды дыууæ ныхасы: махæй алчи дæр хъуамæ зона уырыссаг æвзаг, фæлæ йæхи ироныл чи нымайы , уый иттæг хорз куы нæ зона йæ мадæлон æвзаг , уæд нæ уыдзæн Къостайы аккаг .

Абон махæн зын бауырнæн у, зæгъгæ, искуы ахæм рæстæг уыд æмæ Къоста кæд нæ цард.

Уадз , æмæ макуы уæд ахæм рæстæг , æмæ кæд нæ уа ирон æвзаг, ирон культурæ.

Сымахæн та стыр бузныг.(Тымбыл кафт).











2022 аз

Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.