Иумæйаг темæ «ТРАНСПОРТ»

0
0
Материал опубликован 18 April

Иумæйаг темæ:

«ТРАНСПОРТ»
Подготовила воспитатель: Амбалова Фатима





t1744941612aa.png























 
Иумæйаг темæ: «транспорт»
нысантæ:
- Сабиты транспорты хуызтимæ базонгæ кæнын, сæ сæйраг
æууæлтæ сын куыд иртасой; цы сæйраг миниуæг сæ иу кæны,
уый дæр куыд зоной.
- Логикон хъуыдыкæнынады бындуртæ, ныхас кæныны,
лæмбынæг уæвыны арæхстдзинæдтæ сæм рæзын кæнын.
- Цæмæй кæрæдзийыл фембæлынмæ æхсызгонæй тырной,
уыцы хуызы сæ хъомыл кæнын.
Архайæн фæрæзтæ
Цæстуынгæ: нывгæндтæ транспорты алы хуызты хуызистытимæ:
машинæтæ фæндагыл цæугæйæ, машинæтæ гаражы; машинæйы
хæйтты хуызистытæ – кабинæ, руль (аразæн), бадæн, цæлхытæ.
Ахуыры нывæст
Хъ. Лæппутæ æмæ чызджытæ, цæй æмæ нæ цæстыл ауайын кæнæм,
цыма поезды цæуæм ныр. Йæ цæлхытæ гыбар-гыбур кæнынц.
Нæ поезд та тæхы,
Йæ цæлхытæй зæгъы:
«Сывæллæтты ласын
Æппæты фылдæр уарзын.
Сæ фæндаг дардмæ дарынц
Æмæ фырцинæй зарынц».
(А. Ануфриева)
Сабитæ дæр хъомылгæнæджы
фæстæ ныхæстæ дзурынц æмæ
сæ архайдæй æвдисынц.
Хъ. Хъазæн чындз Алинæйы фæнды йæ нанамæ ацæуын. Фæлæ йæ нана цæры тынг дард. Зæгъут-ма йын уæд – цæуыл ацæуа?
(Сабитæ дæттынц алы дзуаппытæ.)
(Хъомылгæнæг равæрдта, сабитæ цы транспорты кой кæнынц, уыдоны хуызистытæ.)
Хъ. Сымах ранымадтат автобус, машинæ æмæ æнд. Уыдон иууылдæр
цæуынц зæххыл. Сымах та рæвдауæндонмæ цæуыл æрбацæут? Уæ
нанатæм та уазæгуаты цæуыл абалц кæнут?
Ныр та æркæсæм, нæ къорды цы машинæтæ ис, уыдонмæ. Абарæм сæ
кæрæдзиуыл – æмхуызон цæмæй сты æмæ хицæн цæмæй кæнынц?
– Лæмбынæгæй хъусын, стæй сын сæ тыгъдадон хъуыдыкæныны
ахаст рæзын кæнын, анализ кæныныл сæ амидин кæнын.
– Иумæйаг хъæзтыты архайынмæ куыд бæллой, уыцы хуызы сæ
хъомыл кæнын.
Архайæн фæрæзтæ
райуаринаг:
сабиты нымæцмæ гæсгæ нывгæндтæ – алы фæлысты
дæр фæйнæ цыппар нывгонды: чысыл лæппу, æвзонг гуырд,
æххæст лæг, зæронд лæг; гыццыл чызг, æвзонг чызг, сылгоймаг,
зæронд ус.
Алы сывæллонæн дæр – къонверт 2–3 хайыл лыггонд геометрион
гуырнывимæ
(зиллакк кæнæ квадрат).
Ахуыры нывæст
Хъ.
Нæ къорды ис бирæ сабитæ.
Хиæрæмбарыны минуткæ
Чызджытæ мæ лæппутæ
Хæрдмæ кæнынц гæппытæ,
Æмдзæгъд кæнынц гуккытæй,
Къæхтæй кæнынц тъуппытæ,
Æрныкъулынц цæстытæ,
Баулæфынц уыйфæстæ.
Хъ. Цал къухы нын ис?
с. Дыууæ.
Хъ. Ай кæцы къух у?
с. Рахиз.
Хъ. Ай та кæцы къух у?
с. Галиу.
Хъ. Иу галиу къух æмæ иу рахиз къух. Иу æмæ иу сты дыууæ. Къухтæ
нын цал ис, уал хатты æркъæрцц кæнæм нæ къухтæй.
(Сабитæ дыууæ хатты æркъæрцц кæнынц.)
Хъ. Цал къахы нын ис алкæмæн дæр?
с. Дыууæ.
Хъ. Ай кæцы къах у?
с. Рахиз.
Хъ. Иу галиу къах æмæ иу рахиз къах. Æртъуппытæ-ма кæнут,
къæхтæ уын цал ис, уал хатты.
Хъ. Бафæлварут-ма нывтыл уæхи армытъæпæнтæ æрæвæрын.
Сабитæн байуарын хъæуы нывлыгтæ, ис сыл дыууæ армы хуызвысты
алырдæмты здæхтæй. Нывлыгтæ иууылдæр фæйнæхуызæттæ сты,
фæлæ дзы хъуамæ уа мæнæ ахæм (кæс къухы нывтæм). Сабитæ
сæ къухтæй хахнывтæ æрæмбæрзынц, фæлæ фæстаг нывлыджы
фæцарæхсын хъæуы, цæмæй армытъæпæн фæуæлгоммæ кæной.
Кæд æмæ исчи нæ арæхса сабитæй, уæд иннæтæм хъуамæ фæдзура,
цæмæй йын феххуыс кæной.
Хъомылгæнæгæн дæр æмбæлы æххуыс кæнын.
Хъ. Сæрæнтæ стут! Раст архайдтат.
Хатдзæг
Хъ
. Абон бирæ ногдзинæдтæ базыдтат! Сахуыр стут 2-йы онг
нымайын. Цал нын ис къухтæ?
с. Дыууæ.
Хъ. Цал нын ис къæхтæ?
с. Дыууæ.
Хъ. Фылдæр кæцытæ сты: къухтæ æви къæхтæ?
с. Æмбæрц сты.
Хъ. Раст загътат. Къухтæ цал сты, къæхтæ дæр уал – æмбæрц. Нæ
къæхтæ æмæ къухтæ кæд кодтой зарядкæ сабидоны?
с. Райсомæй.
Хъ. Нæ хæдзæрттæм та кæд ацæуæм?
с. Изæрæй.
Хъ. Тынг хорз!

t1744941612ab.jpg

t1744941612ac.gif













t1744941612ad.jpg















в формате Microsoft Word (.doc / .docx)
Комментарии
Комментариев пока нет.