Конспект урока на осетинском языке «Мадæлон æвзаджы Æппæтдунеон бæрæгбон»
Мадæлон æвзаджы Æппæтдунеон бæрæгбон
Нысан: 1. Скъоладзаутæн бамбарын кæнын мадæлон æвзаджы ахадындзинад царды.
2. Ахуыргæнинæгты зæрдæты райхъал кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад, аудындзинад æмæ йæ сомбоныл хъуыды кæнын.
(зæлы ирон музыкæ)
1-аг амонӕг Сты зондæн уацхæссæг
Æппæт дунейы ´взæгтæ;
Нæ дзы ´взары хæстæг æмæ дæрддаг,
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ,
Æрмæст дæр ды, мæ Мадæлон æвзаг!
2-аг амонӕг Абон æппæт дунейы адæмыхæттытæ бæрæг кæнынц сæ мадæлон æвзаджы бон.
Язык наш прекрасный –
Богатый и звучный.
То мощный и страстный,
То нежно певучий.
В нём есть и усмешка,
И меткость, и ласка.
– Написаны им
И рассказы, и сказки –
Страницы волшебных,
Волнующих книг!
Люби и храни
Наш великий язык!
С рождения ребенок слышит звуки родного языка. Мать поет ему колыбельные, бабушка рассказывает сказки. Ещё не зная слов, малыш по звукам голосов узнаёт близких ему людей, а затем постепенно начинает овладевать речью. К семи годам, как выяснили учёные, ребёнок запоминает больше слов, чем за остальную часть жизни.
1-аг амонӕг Уæдæ цавæр бæрæгбон фидауы æнæ фæндырæй, æнæ зарæгæй.
Фандыры цацъд
Æмдзæвгæ: «Фæндыр- фыдæлты хæзна
Нæртон фæндыр, дæ рæсугъд зæлтæ
Сты лæджы удæн зынаргъ.
Ирон лæппутæ æмæ чызджытæ,
Зард, кафтæй фидаут сымах.
Нæртон фæндыр, зæрдæйы тæгтæй
Дæу сарæзта Сырдон кæддæр.
Гъе, уымæн агайыс мæ зæрдæ,
Кæд не мбарыс мæ рыст, уæддæр.
Ды ног чындзау ирон хæдзарæн
Йæ фидыц, йе хсинаг куы дæ.
Дæу фæрцы уарзæттæ сæ сæнттæ
Фæцæгъдынц зарджыты, бæргæ.
Нæртон фæндыр, дæ кад, дæ намыс
Æнустæм цардамонд хæссæнт,
Дæу фæрцы базыртæ æрзайынц,
Ды дæ æвдадзы хос мæнæн.
( Гæбуаты Галинæ )
1-аг амонӕг Мадæлон æвзаг… Цымæ дыл чи сæвæрдта ахæм фæлмæн æмæ буц ном? Цæмæн дын равзæрстой ахæм зæрдæмæ хæстæг, ныййарæгимæ æнгом баст ном?
1-аг амонӕг Хъæздыг æмæ æвидигæ у мадæлон æвзаг ирон адæмæн. Мадæлон æвзаджы ахадгæ къæбицæй айдæнау зынынц адæмы æппæт культурæ æд цин, æд маст, къуыхцытæ æмæ æнтыстытимæ. Ныййарæджы номимæ баст у алы адæмон æвзаг дæр. Ирон адæм æй хуымæтæджы йæ номæй нæ рахуыдтой. Уымæй йæ базонæм, æппæты фыццаг уымæй фехъусæм йæ зæлланггæнаг мырты зард. Уый фæрцы сын банкъарæм сæ тых, сæ намыс..
Æмдзæвгæ: «Мадæлон æвзаг».
Фыдæлты буц æвзаг – нæ зæрдæ.
Нæ зонд, нæ цыт æмæ нæ намыс,
Дæу радта Хуры цот, цæхæртæ
Зынг хурау уый тыххæй ныр калыс.
Фæлмæн дæ булæмæргъы зардау,
Хъæздыг – ныййарæг мады уарзтау,
Æнæсайд – дард аланты ардау,
Цæры нæ зæрдæты дæ уаз тау.
Рæдау æфсинау нæм æрхастай
Æфсарм, Æгъдау æмæ Сæрыстыр.
Дæу дугты уадтымыгътæ хастой –
Æндонау нарты гуырдтау сæрст дæ.
Ды дæ нæ хæзнадон, нæ хъуыды,
Нæ цин, нæ хъыгтæ дыл æууæндæм.
Дæуæн дæ алы дзырд налхъуыт у,
Æмæ сæ зарджытæ нывæндæм.
( Уалыты Лаврент)
2-аг амонӕг Адæймаг цы хæрзтæ сфæлдыста, уыдонæн сæ сæр у æвзаг. Æвзаджы фæрцы, иу фæлтæр иннæ фæлтæрæн дæтты йæ зонынад.
1-аг амонӕг Æвзаджы фæрцы адæм æмбарынц кæрæдзи, æнцонæй базонынц цæрыны фæрæзтæ æмæ аразынц цард
2-аг амонӕг Æвзаджы фæрцы адæмæн ис æгъдау, истории.
1-аг амонӕг Ирон æвзаг, ирон фарн. Ирон æвзаг нæ фæхицæн кæнын нæ уадзы, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы историйæ. Нæ ирон фарны ис нæ удыхъæды адæймагдзинад æмæ нæ рæстдзинад. Раздæр адæм хъуыды кодтой зæхх – лæууы æртæ пылыл. Зæхх нæ, нæ ирондзинад лæууы æртæ пылыл: ирон æвзаг, ирон фарн, ирон æгъдау.
2-аг амонӕг Фыдыбæстæ… Ныййарæг зæхх… Мадæлон æвзаг! Фыдæлтæй нын цы стыр хæзнатæ баззад, уыдон. Куыд адджын æмæ куыд хæстæг сты зæрдæмæ ацы ныхæстæ! Цыдæр хъармдзинад бауадзынц адæймаджы буары, цæстытыл ауайынц бæрзонд хæхтæ, дидинæгджын фæзтæ, хæл-хæлгæнаг дæтты уынæр, цъиуты зард. Уый Ирыстоны алæмæты æрдз. Уый Иры зæххыл хъуысынц нæ рæсугъд ирон æвзаджы мыртæ.
Зарæг: «Мæ Ирыстон».(Слайдтæ).
Мӕ ирд стъалы Дарчиты Дауыт
Ды –чындздзонау абон райдзаст,
О мӕ рухс бӕстӕ, мӕ Ир!
Хур мӕ сӕрмӕ ирдӕй ракаст,
Хорау рафтыдтай ӕфсир.
Зӕрдӕ хъазы цины малы,
О куыд хорз дӕ, куыд, мӕ зӕхх!
Ды мӕнӕн - мӕ ирд ыстъалы,
Ды мӕнӕн бӕрзӕндты тӕх
Худынц мидбылты дӕ хӕхтӕ,
Цъӕх быдыртӕй райы цӕст,
Калынц дидинӕг нӕ рӕгътӕ,-
Цардӕй, амондӕй - ӕфсӕст
Буц дӕн ӕз дӕ цыт, дӕ кадӕй,
Хуры цӕстау – рухс дӕ ном.
Уарзондӕр мын дӕ мӕ мадӕй,
Ирд у, райдзаст у дӕ сом.
Зӕрдӕ хъазы цины малы,
О куыд хорз дӕ, куыд, мӕ зӕхх!
Ды мӕнӕн - мӕ ирд ыстъалы,
Ды мӕнӕн бӕрзӕндты тӕх
1-аг амонӕг Æвзаг у царды ахсджиагдæр фæрæз, нæ ирон адæмы иузæрдиондзинады æвдисæн, райгуырæн бæстæмæ нæ зæрдæйы цин, нæ уарзондзинады æвдисæн.
2-аг амонӕг Мадæлон æвзаг! Цас рæсугъд æмæ аив хъуыдытæ сæвзæрын кæны адæймаджы зæрдæйы. Куыд зынаргъ у. Цы диссаг у йæ ахадындзинад.
1-аг амонӕг Адæймаг æцæгæлон ран куы фехъусы йæ мадæлон æвзагыл ныхас, уæд ыл цыма æнтæф бон сатæг дымгæ сæмбæлд, цыма йыл ныййарæг мад баузæлыд, уыйау æхсызгон вæййы.
2-аг амонӕг Æвзаг у не стырдæр аудинаг нæ нацийы историон æмæ ирон адæмы культурон хæзна.
МАДÆЛОН ÆВЗАГ
Уадз, равзæрæд сæдæ 'взаджы мæ комы,
Хуыцау мын раттæд минмырон хъæлæс,
Цæмæй дæттон сæдæ нуазæны куывды,
Цæмæй ныззарон булæмаргьау æз.
Цæмæй нæ хæхтæм хорз уазæг куы 'рцæуа, –
Æфсымæр ын йæхи 'взагыл зæгъон.
Цæмæй фыдгæнæг мах бæстæм куы цæуа, –
Йæ ныхмæ кард йæхи 'взагыл цæгьдон...
Фæлæ уæддæр, уæззау тохтæм цæугæйæ,
Нæ фыдæлтæ цы 'взагыл хордтой ард,
Цы 'взагыл хъусын Терчы ирд уылæнтæм,
Кæй фæрцы ис нæ хорз æгьдæуттæн цард,
Цы 'взагыл кодта хъарджытæ ныййарæг,
Йæ дарæгæй йæм сау гæххæтт куы 'рцыд,
Цы 'взагыл дзурæм: «Фесгуыхт та ирон лæг!» –
Зæгьут-ма, уый куыд бамыр уыдзæн, куыд?!
1-аг амонӕг Ахсджиаг у мадæлон æвзаг, хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг. Уый афтæ куы нæ уа, уæд мах абон куыд хъусиккам, æмбариккам ирон адæмы уарзон фырт, нæ сæрхъуызой- Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ?
2-аг амонӕг Æвæдза ирон адæм тынг амондджын сты , уымæн æмæ нын ис æмбисонды тырыса – Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адæмы ном, сыгъзæрин дамгъæтæй йæ ныффыста Кады тырысайыл. Махæй æнамонддæр уæд нæ уыдзæн æмæ искуы тырыса дæлæмæ куы руадзæм.
Æмдзæвгæ: «Нæ Иры намыс». (Слайдтæ Къостайы къамтæ).
Къоста, Къоста, Ирыстоны кад,
Ирон æвзаджы цæстуынгæ бæркад,
Дæ зарæг ногæй нæ хъустыл ауад,
Дæ ныфс фæлтæртæн дæнцæгæн баззад.
Къоста, Къоста, нæ Иры стъалы,
Мæйдар æхсæв дæр цæхæртæ калы.
Дæ «Ирон фæндыр»-не стырдæр хæзна,
Дзыллæты фарнæн бонногдæр кæна.
Къоста,Къоста,нæ Иры намыс,
Адæмты ныр дæр дисы æфтауыс,
Дæ зарæг кæмтты æдзух нæрдзæн,
Дæ ном æнустæм немæ цæрдзæн!
1-аг амонӕг Алы æвзаджы хъысмæт дæр аразгæ у йæ адæмæй. Уыдон сты йæ сафæг дæр æмæ йæ аразæг дæр.
Видеоклип: Кæд дæхи хоныс ирон, уæ дæ мадæлон æвзаг зон».
2-аг амонӕг Мах хъуамæ бахъахъхъæнæм цæсты гагуыйау нæ фыдæлты хæзна – нæ мадæлон æвзаг, уæм сæрыстыр нæ Ирыстонæй, не гъдау, нæ адæмæй.
Æмдзæвгæ: « Ирон æвзаг».
Сабийæн авдæнмæ дзидзи мад дары.
Мидбылты худгæ йын «А-лол-лай» зары.
Саби дæр раст цыма зарæг æнкъары,
Мады ныхæстимæ не взаг æмбары.
Байрæз мын, байрæз, мæ зæрдæйы уидаг,
Сомбон нæ Ирæн куыд уай ды ысуинаг
Макуы сив мады æвзагыл дæ зæрдæ,
Ничи дыл зæгъдзæн, мæ хур, уæд «æвзæр дæ».
Дар-иу дæ зæрдыл нæ рагфыдæл Нарты !
Уыдон Куырдалæгон бахсыста й арты.
Уыдоны фарнæй мын хайджын куыд фæуай,
Ирæн мын разагъды сахъгуырд куыд ысуай!
1-аг амонӕг Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ ирон æвзаг сæ сæрмæ нал хæссынц. Уыдон сты æнæфенд, цыбыр зонды хицау. Йе взагыл былысчъил чи кæны, уымæй хорз адæймаг никуы рауайдзæн., уымæ хорз фидæн не нхъæлмæ кæсы, мæнæ бæласыл бадгæйæ, къалиу йæ быны, чи лыг кæны, уый хуызæн.
Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ,
Нæ дзы взæры хæстæг æмæ дæрддаг.
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ,
Æрмæстдæр ды, нæ мадæлон æвзаг.
Куы нæ уа не взаг, нал уыдзыстæм мах дæр,
Нæхи сæфтмæ цæмæ бæллæм, зæгъ-ма!
Фæдисонау цæгъдæм дзæнгæрæг Ирыл:
О, бахъахъхъæнæм не стырдæр хæзна .
Сценкæ. (Сценка – сывæллон йæ куклайæн ныхæстæ кæны:).
Дзур, мæ къона, дзур иронау,
Азтæ атæхдзысты бонау.
Хорз лæг уыдзынæ кæддæр,
Бахъæудзæн дæ уæд мæ сæр.
Базон кафын æмæ зарын,
Зон дæ адæмы нымайын.
Ма у не'гъдæуттæн ызнаг.
Уарз дæ мадæлон æвзаг.
(Дауырæ «Мадæлон æвзаг»)
2-аг амонӕг Уæдæ не взаджы хъысмæт аразгæ у не ппæтæй дæр æмæ йыл хъуамæ иумæ зæрдиагæй кусæм.
1-аг амонӕг Уарзæм нæ мадæлон æвзаг, мадæй зынаргъдæр нæй, мады руаджы базонæм, цы взагыл дзурæм, уый æмæ йын кад кæнын хъæуы цæрæнбонты.
Æппæт архайджытæ дæр рацыдысты æмæ иумæ дзурынц радгай куплетгай мадæлон æвзаджы тыххæй.
Хабиева Е.
На нашей планете живут люди с разным цветом кожи, с разной историей, разными обычаями и традициями и говорят на разных языках. Среди языков есть родственные, у них много одинаковых или похожих слов. Каждый народ бережёт свой язык, свою речь – это его культура. Пока человек хранит свою речь, свою культуру – он является полноценным представителем своего народа. Поэтому все народы очень бережно относятся к своим культурным ценностям и к своему родному языку. Сберечь язык - важная задача. Так как язык нам дорог как родная мать, наши предки назвали его родной язык. К сожаленью, мы живем в такое время, когда не ценят родной язык, родное слово. Ведь только тот человек способен учить другие языки, кто знает в совершенстве свой родной язык, читает и интересуется культурой своего родного народа, любит и гордится своим родным языком. У кого есть родной язык – есть свое национальное лицо, есть свое «я», как человек есть уважение к себе. Мы обязаны сберечь свой родной язык, передать его нашим потомкам, ведь это часть жизни.
Напутствие:
Любите свой родной язык,
говорите правильно и красиво,
не засоряйте речь грубыми и бессмысленными словами.
В нём наше прошлое, настоящее и будущее!
Народ жив, пока живы его культура и язык!
1-аг амонӕг Нӕ абоны бӕрӕгбон кӕронмӕ ӕрбахӕццӕ ӕмӕ нӕ фӕнды зӕгъын
2-аг амонӕг Къостайы тугӕй фыст ныхӕсты
Ӕз федтон ивгъуыд дуджы уаг
1-аг амонӕг Куыд хорз,куыд кадджын дӕ мӕ цӕсты
Нӕ ирон мадӕлон ӕвзаг!
Кафт «Хонгæ»
Потамошнева Наталья Алексеевна