Урок осетинского языка на тему «Ирахуырады дӕснытӕ» (9 класс)
Пояснительная записка к презентации
18.02.2021 аз
Гом урок 9 «Б» къласы
Темæ «Ирахуырады дæснытæ».
Ахуыргӕнӕг Дзобелаты В.Дз.
Урочы нысантæ:
1. Номдарæй рацыд æрмæг фæхат кæнын.
2. Скъоладзауты дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл бакусын, литературон
æвзаджы нормæты домæнтæ æххæст кæныныл цалх кæнын.
3. Цымыдисдзинад гуырын кæнын рæзгæ фæлтæртæм ирахуырады дæсныты цард æмæ наукон куыстытæм, мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын, йæ бахъахъхъæныныл архайыныл ахуыр кæнын.
Универсалон ахуырадон архæйдтытæ: миддуне хъæздыг кæнын, логикон, коммуникативон.
Урочы фæлгонц: презентативон æрмæг, карточкæтæ хæслæвæрдтимæ.
По Эпиграф. Уындзынæн æз дунейы рухс,
Мæ цард уыдзæн амондæй диссаг,
Куы ахса ирон дзырд мæ хъус ,
Нæ уды фарн не ᾿гъдау куы ᾿вдиса…
Урочы цыд.
I . Мотиваци. Кæсын. Цæуыл цæуы ныхас ацы цыппархъоны?
Æз дæ ныфсæй дæн хъаруджын,
Ды мæ хотыхты цыргъдæр.
Ахъардтай дзырдгай мæ туджы.
Мады ̓хсырау дæ сыгъдæг. Пухаты Алыкси
– Нæ абоны урочы мах дзурдзыстæм нæ ирон мадæлон æвзагыл.
–Æрхæццæ кæны цавæр бæрæгбон?
–Мадæлон æвзаджы æппæтдунеон бæрæгбон.
Бæрæгбоны истори. Генеральной конференцией ЮНЕСКО в 1999 году решением 30-й сессии был учрежден Международный день родного языка.
Международный день родного языка отмечается с 2000 года ежегодно 21 февраля. Цель праздника – содействовать сохранению исчезающих языков, культур исчезающих народностей. Языковеды пытаются не упустить время и успеть задокументировать то множество языков, которое пока еще сохраняется. Ведь, по мнению ученых через сто лет исчезнут от 3 до 6 тысяч ныне существующих языков.
Среди исчезающих языков они назвали и наш осетинский язык.
II. Презентаци «Ирахуырады дæснытæ»-йы æрмæг кæсынц ахуыргæнинæгтæ радыгай.
Ахуыргӕндты мыггӕгтӕ ӕмӕ нӕмттӕ фыссын.
III. Текстыл куыст(кусынц къæйттæй).
Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Всеволод Федыры фырт Миллер(1848 – 1913)
Всеволод Федыры фырт Миллер, зынгæ уырыссаг ахуыргонд, ирайнаг æвзæгтæ иртасгæйæ, йе ̓ргом аздæхта ирон æвзагмæ дæр.
1879 азы ирон фольклор æмæ этнографи лæмбынæгдæр базонынмæ фыццаг хатт æрцыдис Цæгат Ирыстонмæ. Æрзылдис бирæ хæххон æмæ быдираг хъæуты. Уыдис Алагиры, Дæллагхъæуы, Хæрисджыны, Дыгуры, Æрыдоны. Уыд Хуссар Ирыстоны: Цхинвалы, Дзауы, Хуыцъейы, Гуфтайы.
Ирон дзырдарæхст лæгтæй Миллер базыдта бирæ цымыдисаг аргъæуттæ, таурæгътæ, зарджытæ. Стыр куысты йын зæрдиаг æххуыс бакодтой ирон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæ: Æмбалты Цоцко, Кокиты Савва, Собиты Инал, Хъаныхъуаты Алмахсид æмæ æндæртæ.
1881 – 1887 азты Миллер æртæ хайæ рауагъта мыхуыры йæ «Ирон этюдтæ». Уым сты ирон аргъæуттæ æмæ таурæгътæ, ирон æвзаджы грамматикæ æмæ ирон историйы фарстатæ. Уыцы аз немыцаг æвзагыл мыхуыры рацыд чиныг «Ирæтты æвзаг».
Ирон æвзаг ирайнаг æвзæгты къордæй кæй у, уый бæлвырдæй равдыста ахуыргонд: Миллер раиртæста ирон æвзаджы историйы бирæ вазыгджын æмæ ахсджиаг фарстатæ, рабæрæг кодта сæдæгай дзырдты этимологи.
Всеволод Федыры фырт бирæ азты дæргъы фæкуыста «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуатыл», фæлæ йын йæ рауадзын нæ бантыст. Миллеры амæлæты фæстæ дзырдуат рауагъта уырыссаг академик А.А. Фрейман. Дзырдуат конд у æртæ егъау чиныгæй. Мыхуыры рацыдис 1927 – 1937 азты.
Ирон адæм сæ зæрдыл дарынц Всеволод Федыры фырт Миллеры ном.
Дзырдуат:
Дзырдарæхст – красноречивый.
Егъау – большой, крупный.
Цымыдисаг – интересный, удивительный.
Минæвæрттæ – здесь: представители.
Беседæ текстмæ гæсгæ.
– Чи уыдис Всеволод Федыры фырт Миллер?
– Кæд æмæ цæмæ ссыдис Цæгат Ирыстонмæ?
– Кæмыты уыдис ахуыргонд?
– Ирон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæй кæимæ базонгæ ис?
– Куыд хуыйны Миллеры сæйраг чиныг? Цавæр æрмæг ис чиныджы?
– Индоевропæйаг кæцы æвзæгты къордмæ ахаста Миллер ирон æвзаг?
– Цы зонæм ахуыргонды «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуаты» тыххæй?
Ссарын уӕлдай дзырд.
Фыдыбӕстӕ, Райгуырӕн бӕстӕ, фыдӕлты уӕзӕг, райгуырӕн къона.
Идоевропейаг ӕвзӕгты бинонтӕ, алтайаг ӕвзӕгты бинонтӕ, урайлаг ӕвзӕгты бинонтӕ, кавказаг ӕвзӕгты бинонтӕ.
Абайты Васо, Всеволод Миллер, Кцойты Арсен, Тыбылты Алыксандр.
4. Хæс: тексты ссарын сæрмагонд номдартæ, зæгъын, цæй нæмттæ сты?
Всеволод Федыры фырт Миллер, А.А. Фрейман, Æмбалты Цоцко, Кокиты Савва, Собиты Инал, Хъаныхъуаты Алмахсид.
Цæгат Ирыстоны хъæутæ: Алагиры, Дæллагхъæуы, Хæрисджыны, Дыгуры, Æрыдоны.
Хуссар Ирыстоны: Цхинвалы, Дзауы, Хуыцъейы, Гуфтайы.
Релаксаци. Поппури «Бӕрӕгбонӕн».
Бæрæггонд хъуыдыйадæн скæнын æххæст синтаксисон æвзæрст.
1879 азы ирон фольклор æмæ этнографи лæмбынæгдæр базонынмæ фыццаг хатт æрцыдис Цæгат Ирыстонмæ.
IV. Хатдзæгтæ скæнын.
Зындгонд ахуыргæндты хъуыдытæ нæ ирон мадæлон æвзаджы тыххæй.
– Куыд сæ æмбарæм ацы алæмæтаг ныхæстæ?
«Ирон æвзаг рагон æмæ тынг рæсугъд æвзаг у, бирæ бакастæн уый тыххæй. Ноджы йæм куы хъусай, уæд ын æвæджиауы мелоди ис, æмæ йын куыд ис æнæ уарзгæ?
Мадæлон æвзаг чи нæ уарзы, уый йæ национ культурæйæ æнæ хай у». Уайльт. Великобритани
«Хъуамæ алчидæр æмбара: æвзаджы фесæфт у адæмы фесæфт. Нæй æвзаг – нæй адæм». Абайты Васо.
V. Рефлекси.
) – фундаментальная работа по фольклору, языку, происхождению, древней средневековой истории алан-осетин.
вековой
Хъуыдыйад |
Раст у |
Раст нæу |
Ирон æвзаджы грамматикон терминтæ «хауæнтæ, мивдисæджы æххæст æмæ æнæххæст хуыз, нырыккон, ивгъуыд, суинаг афонтæ» фыццаг хатт спайда кодта Андрей Шегрен. |
|
|
Всеволод Миллеры æнæмæлгæ куыст «Осетинские этюды» у фундаменталон куыст ирон фольклор, ирон æвзаджы равзæрды, нæ рагфыдæлтæ скифтæ – сæрмæттæ – аланты историйæ. |
|
|
Ирон æазаг хауы индоевропæйаг ирайнаг æвзæгты къордмæ. |
|
|
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг у Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. |
|
|
Фыццаг ахуыргæнæн чиныг ирон æвзагæй Ирыстоны скъолатæн сарæзта Æлборты Барысби. |
|
|
Ирон æвзаджы «Историон-этимологион дзырдуат» сарæзта Абайты Васо. |
|
|
Сидахъты Симон «Дзур иронау»
Дзур-иу , дзур иронау, кæд ирон дæ, уæд!
Иры намыс, йе ᾿гъдау мин азы цæрæд.
Дзур-иу , дзур иронау, кæд ирон дæ, уæд…
Ды иронæй ацæр, буц куыд уой дæуæй.
Лæг цы тугæй равзæрд, уымæн ивæн нæй.
Адæмы ᾿хсæн ма уæд Иры кад дæлдæр –
Тох, фæдис кæм хъæуа. – уым ирон лæгдæр.
Хæсты арт – фæндæгтыл сыгъд, хæцыд ирон,
Уæд ирон æвзагыл стыр зæрдæ куыд уон!?
Ир – Алантæн се ᾿взаг æрдзæй лæвæрд ном.
Аскъуыд, зæгъгæ, уый таг – нал и уæд ирон.
Ахуыргӕнӕг. Уӕдӕ мах хъуамӕ бахъахъхъӕнӕм, нӕ фӕдонтӕм фӕхӕццӕ кӕнӕм нӕ мадӕлон ӕвзаг, махмӕ йӕ куыд ӕрхӕццӕ нӕ фыдӕлтӕ: скифтӕ – сӕрмӕттӕ – алантӕ.
VI. Хӕдзармӕ куыст: ныффыссын 5 ӕмбисонды мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй.
VII. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.