Технологическая карта урока по осетинскому языку на тему «Миногон»

0
0
Материал опубликован 30 March 2022


 

Кълас: 4 ( ирон æвзаг)

Ахуыргæнæг: Козаты Фатимæ Ивановна

Темæ: « Миногон»

Æрдзы ивддзинæдтæ

Урочы нысантæ.

1. Миногонты тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын, равзарын миногоны грамматикон æууæлтæ æмæ хуызтæ.

2.Раст сæ пайда кæнын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы; скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыгдæр кæнын .

3. Мадæлон æвзагмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.

Урочы хуыз.

ног зонындзинæдтæ райсыны урок

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

Презентацитæ, интерактивон фæйнæг, магнитофон.


 

Урочы структурæ

 

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

 

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

 

-Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ, æмæ нæм алыбоны æгас цæут. Тынг æхсызгон нын у, абон нæм кæй саккаг кодтат, уый.

- Нӕ уазджытӕн зӕгъӕм, уӕ бон хорз.

Слайд1

-Зӕгъут ма мын ныртӕккӕ цавӕр афӕдзы афон у ?

-Зымӕджы фӕстӕ цавӕр афӕдзы афон ралӕудзӕн?

-Уалдзӕджы фӕстӕ та цавӕр афӕдзы афон ралӕудзӕн?

-Сӕрды фӕстӕ та цавӕр афӕдзы афон ралӕудзӕн?

-Къуырийы бонтӕм гӕсгӕ ныртӕккӕ цавӕр къуырийы бон у?

-Райсом та цавӕр къуырийы бон уыдзӕн?

-Знон та цавӕр къуырийы бон уыди?

-ᴁмӕ цымӕ боныхъӕд та цавӕр у?

-Цавӕр боныхъӕдыл ӕрдзырдтам?

-Зымӕгон боныхъӕдыл.

2.Дзырдбыд саразын.

-Уӕд ма мын зӕгъут ӕппӕты уазалд æр афӕдзы афон цавӕр у?

-Зымӕджы арӕх цы фӕуары?

-Гыццыл сывӕллӕттӕн цы балхӕдтой (санки)?

-Зымӕджы хъармбӕстӕм чи нӕ атӕхы ахӕм маргъ.

-Цӕгатӕй радымдта?

-Зымӕджы сывӕллӕттӕ уарзынц бырын….

-Хъызт аразы рудзгуытыл рӕсугъд ...

-Цавӕр дзырд уыд нӕ дзырдбыды?

ӕдӕ абон цæуыл дзурдзыстæм?

ӕдӕ мах абон дзурдзыстӕм миногоныл.

-Сывӕллттæ,цы зонӕм миногоны тыххӕй?

Йæ миниуджытæ ма йын ранымайут.

Цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты?

-ᴁмӕ нӕ миногон та цӕмӕн хъӕуы ууыл мах абон æрдзурдзыстæм

 

 

 

 

дзуапп дæттынц

 

 

 

-Ныртӕккӕ у зымӕг.

 

-Уалдзӕг.

 

-Сӕрд.

 

-Фӕззӕг.

 

-Къуырийы бонтӕм гӕсгӕ абон у дыццӕг.

 

-Райсом уыдзӕн ӕртыццӕг.

 

-Къуырийы бонтӕм гӕсгӕ знон уыди къуырисӕр.

 

-Асӕст,уазал,мит,бырынцъаг,цъыф.

-Зымӕгон боныхъӕдыл.

-Зымӕг.

-Мит.

-Дзоныгъ.

 

-Халон.

 

-Дымгæ.

 

-Къахдзоныгътыл.

-Нывтӕ.

 

-Миногон.

 

-Миногоныл.

 

-Миногон у ахӕм сӕрмагонд ныхасы хай,кӕцы ӕвдисы предметӕн йӕ миниуӕг.

-Ас,формæ,хуыз,ад,хъæд

 

Дзуапп дӕтты фӕрстытӕн :цавӕр?,цы хуызӕн?,кӕцы?

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),

 

удгоймагон

(иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)

 

 

Ног æрмæг

 

 

 

 

 

Слайд 2

Аргъау хæсимæ(экраныл жирафы ныв).

Бафарста жираф хъæддаг

цæрæгойты иухатт:

Цавæр вæййы зымæг?

Зымæг вæййы тынг зын æмæ æххормаг (Рувас).

æмæ даргъ (Бирæгъ).

Зымæг у уазал, хъызт (Тæрхъус).

Зымæг цыбыр у, æрмæст вæййы иу æхсæв (Арс).

-Цавæр миногонтæ фехъуыстат?

Алыхуызæн цæмæн хъуыды кæнынц сырдтæ?

Уый базоныны тыххæй цæуæм балцы зымæгон хъæдмæ.

 

 

 

 

дзуапп дæттынц

 

 

 

 

 

 

 

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци; проблемон фарст æвæрын, æнкъарын ирон æвзаджы ахадын-дзинад нæ адæмы царды)

 

 

коммуникативон

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын)

 

Ног æрмæгыл куыст.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Чиныгимæ куыст

 

 

 

 

Фонетикон куыст.

Улæфæн минут.

 

10. Базонут цавæр цæрæгой у:

Слайд 3

Сырд цæры хъæды.

Ис ын хъустæ, цæстытæ, къæдзил, дæндæгтæ.

-Цы нæ фаг кæны тексты? (миниуджытæ)

Тæрхъусы миниуджытæ:

стыр хъуыстæ

зылын цæстытæ

гыццыл къæдзил

цыргъ дæндæгтæ...

 

 

 

Къордты куыст.

 

1-аг къорд : æрфыссын бирæгъы миниуджытæ

2-аг къорд: арсы миниуджытæ

 

-Цæмæн пайда кæнæм миногонтæй нæ ныхасы?

- Лæмбынæг ма мæм байхъусут æмæ мын зæгъут цавæр ныхасы хайы кой кæнын æз?

Слайд 4

 

1. Дунейыл мæнæй фылдæр нæй,

Цæрын æмбæлттимæ æнгом,

Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр,

Хæссын æз предметæн йæ ном.

(номдар)

- Цы хонæм номдар?

- Уырыссагау та цы у номдар?

 

2. Дæн сæрыстыр æз мæхицæй,

Ном, æууæл æмæ нымæц,æвдисын

Цæрын сымахимæ æмхицæй,

Æппын нæ зонын æз фæлмæц.

(НОМИВÆГ)

 

- Цы у хонæм номивæг?

-Уырыссагау номивæг куыд хонæм?

 

3 .Æрхайд æмæ ми æвдисын,

Мæнæн у æлкæддæр мæ хæс,

Номдартæм мæхи фæисын,

Дæн сын алкæд коммæгæс.

(МИВДИСÆГ)

 

-Цы хонæм мивдисæг?

-Уырыссагау мивдисæг куыд хуыйны?

 

4. Йе ууæл номдарæн æвдисын,

Уый цæмæй зына æргом,

Бирæ хæстæ химæ исын,

Æлкæддæр дæн семæ баст.

(МИНОГОН)

 

-Уæдæ абон мах нæ урочы бæлвырдæр нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм миногонты тыххæй цы зонындзинæдтæ райстам уыдон.

 

-Цы у миногон?

-Цы æвдисы миногон?

-Уырыссагау цы хонæм миногон?

 

 

хъусынц

 

 

 

 

 

фысссынц

хæслæвæрд, тетрæдты сæ æххæст кæнынц.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

хъусынц аудиоæрмæгмæ

 

дзуапп дæттынц

 

 

 

 

 

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын)

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын).

 

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Слайд 5

-Ацы нывтæ иу номæй куыд схонæн ис?(халсартæ.)

 

-Алы халсарæн дæр ма ныффыссут фæйнæ миниуæджы.

-Цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц ацы дзырдтæ?

 

Нана цæхæрадонæй æрбахаста сырх пъамидортæ.

 

-Цавæр ныхасы хаимæ баст у миногон?

-Ацы хъуыдыйады миногон цы æвдисы?

дзуапп дæттынц текстæй пайдагæнгæйæ

 

 

 

 

 

æвдисынц æмæ дзурынц сæ презентациты æрмæг

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),

удгоймагон

(мадæлон æвзаджы аивдзинад;

мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)

 

Рефлекси.

 

 

 

 

 

 

 

 

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

 

 

 

 

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

 

Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта нæ абоны урок?

Цавæр хатдзæгтæ скодтат?

Бæрæггæнæнтæ сæвæрут уæхицæн ацы дыууæ хъуыдыйадæй иуæй пайда

кæнгæйæ:

 

-Бæлвырддæр кæцы ныхасы хайыл æрлæууыдыстæм?

-Цæмæн нæ хъæуы миногон нæ ныхасы мидæг?

-Цавæр урочы хай фæцыдис уæ зæрдæмæ тынгдæр?Цæмæн?

-Нæ урок кæронмæ æрхæццæ,бузныг уын сывæллæттæ.

 

 

 

 

 

дзуапп дæттынц, аргъ кæнынц сæ куыстæн

 

Æз ацы урочы бакуыстон хорз.

 

 

Æз ацы урочы бакуыстон тынг хорз

 

 

Зонадон

(анализ,алыхуызон хъуыдытæ ныма-йын æмæ афтæ-мæй æмгуыст кæнын),

коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаф-фæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

удгоймагон

(хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)

Хæдзармæ куыст.

1. Ног дзырдтæ сахуыр кæнын.

2.Афæдзы афонтæй иуы тыххæй ныффыссын чысыл сочинении.

 

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

 


 


 


 


 

в формате Microsoft Word (.doc / .docx)
Комментарии
Комментариев пока нет.