Технологическая карта к уроку осетинского литературного чтения Хуыгаты Ленæ. «Авджы сæстытæ»

0
1
Материал опубликован 29 January 2022

*Технология проектирования современного урока при реализации

требований ФГОС ООО

(Методические рекомендации)

Этап 1: Мотивирование к учебной деятельности

 

Компоненты

урока

Традиционный урок

Урок современного типа

Тема урока Хуыгаты Ленæ. «Авджы сæстытæ»

Учитель сообщает тему

формулируют сами учащиеся

 

 

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, ныртæккæ нæм уыдзæн ирон кæсыны урок. Байхъусут зарæгæй скъуыддзагмæ æмæ сбæрæг кæнут абоны урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый.

 

(Зæлы Чеджемты Æхсары ныхæстæм гæсгæ фыст зарæг «Сызгъæрин базыртæ.»)

 

Скъоладзау: Абоны урочы дзурдзыстæм ныййарджыты тыххæй. Дарддæр нæ куыст ахæццæ кæндзыстæм Хуыгаты Ленæйы аргъау «Авджы сæстытыл.»

 

- «Авджы сæстытæ» цавæр аргъау у, литературон æви адæмон?

- Цæмæй бæрæг у?

 

 

 

 

Цели и задачи урока: Радзырд «Авджы сæстытыл» дарддар куыст ахæццæ кæнын; Скъоладзауты раст хатдзæгтæ кæныныл æфтауын, уацмысæн анализ кæнын. Сабиты зæрдæты ныййарджытæм уарзондзинад рæзын кæнын.

 

 

Учитель формулирует и сообщает

 

- Цæмæй аргъауы мидис хуыздæр бамбарæм, уый тыххæй нæ размæ цавæр хæстæ æвæрæм?

 

 

 

 

 

Этап 2: Построение нового знания

 

Компоненты

урока

Традиционный урок

Урок современного типа

Планирование

деятельности по

изучению новой

темы

 

Учитель сообщает учащимся, какую

работу они должны выполнить,

чтобы изучить новую тему

 

Планирование учащимися способов

достижения намеченной цели по

построению нового знания

Практическая

деятельность

учащихся

Под руководством учителя

учащиеся выполняют ряд

практических задач (фронтальный

метод

2. Дзырдуатон куыст.

- Аргъау бакæсыны размæ уал бакæнæм дзырдуатон куыст.

æгъуыссæг æхсæвтæ – æнæхуыссæг æхсæвтæ, бессонные ночи
зæнæг- цот
азым- аххос
чырын- сундук
хæрнæг- хист

къуыппæнзарæг – худинаджы зарæг

 

- Ныр та зæрдиагæй хъусут текстмæ æмæ фæрстытæн дзуæппытæ дæттынмæ уæхи æрцæттæ кæнут.


3. Сывæлæтты бакаст.

4. Фæрстытæ текстмæ:
- Цæуыл сагъæс кодта фыд, йæ бинойнаг куы амард, уæд?

(Ус дæр нал ракуырдта, мæ фыртты мын куы нæ рæвдауа,зæгъгæ. Схъомыл сæ кодта йæхæдæг.)

 

- Фыд иунæгæй куы баззад, уæд æм фырттæ куыд кастысты?
(Фырттæй алчидæр бинонтæ æрхаста æмæ йæхи царды куыст кодта.)
- Цавæр хин хъуыды равзæрд фыдмæ?
- Цæмæн райдыдтой фырттæ сæ фыдæн æххуыс кæнын? Бакæсут – ма уыцы бынат рольтæм гæсгæ. - Дарддæр цы æрцыди, уый чи радзурдзæн хи ныхæстæй? - Бакæсут, кæстæр лæппу хæзнаты тыххæй цы ныхæстæ загъта, уыдон . -Зæгъут уæ хъуыдытæ æртæ фырты тыххæй дæр?
Скъоладзау: Дыууæ хистæры- зыдыкатæ.
Ахуыргæнæг: Ноджыдæр- ма сыл цавæр дзырдтæ сбадиккой?
Скъоладзау: Хиуарзон, æнæрхъуыды, æнæуæздан, хæлæфойтæ.
Ахуыргæнæг: Уæдæ кæстæры тыххæй та цы зæгъдзыстут?
Скъоладзау: æрхъуыдыджын, æмбаргæ, хиуылхæцгæ.
Ахуыргæнæг: Аргъауæй кæцы ныхæстæ райстат уæхицæн зондæн? - Сымах та куыд æххуыс кæнут уæ хистæртæн?

 

Учащиеся осуществляют поиск

решения и формулируют решение по

намеченному плану (групповой,

индивидуальный методы)

Осуществление

контроля

 

Учитель осуществляет контроль за

выполнением учащимися

практической работы

 

Учащиеся осуществляют контроль

(самоконтроль, взаимоконтроль

 

Этап 3: Применение полученных знаний

 

Компоненты

урока

 

Традиционный урок

Урок современного типа

Закрепление,

актуализация

полученных знаний

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Практическая

деятельность

учащихся

Учитель сообщает учащимся, какую

работу они должны выполнить

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Под руководством учителя учащиеся

выполняют ряд практических задач

(фронтальный метод)

 

 

 

 

 

Учащиеся для выполнения

ситуативного задания осуществляют

выбор уровня и способа деятельности

 

8. -Ирон æвзаджы урочы ныффыстам мини-сочиненитæ ныййарджыты тыххæй. Зæрдæмæдзæугæдæр кæмæн рауадысты, уыдонмæ байхъусæм.

 

(Сочинениты текстытæ æвдыст цæуынц фæйнæгыл, алчи йæхи сочинении кæсы.)

Хъуысаты Камиллæ:

 

t1643457933aa.jpg

Учащиеся осуществляют учебные

действия по созданию и презентации

продукта (групповой метод)

Æмбисæндтимæ куыст. Чиныгæй æмбисæндтæ бакæсын.
Ахуыргæнæг: Ацы æмбисæндтæй аргъауы мидисимæ кæцы тынгдæр баст у?

æ фыдæн цы зæгъай, уый дæ фыртæй фехъусдзынæ.)

 

 

Релаксаци музыкæимæ.

Цæсты хаутæ уæззау кæнынц,

Цæстытæ сæхæдæг æхгæнынц.

Мах æнцад нæ фæллад уадзæм

Уысм æнæдзургæйæ бадæм. (Паузæ)

Мах чысыл нæ фæллад суагътам

Уæларвæй тыхтæ æрбайстам.

Цæстытæ та байгом кæнæм,

Æнæзивæг афыдæбон кæнæм

 

 

Осуществление

контроля

Учитель осуществляет контроль

выполненной учащимися

практической работы

 

 

Текст хæйттыл адих кæнын æмæ йын пълан саразын.

Пълан

1. Бинонты раздæры цард.

2. Фыд рохуаты аззад.

3. Хин хъуыды.

4. Æфсымæртæ базыдтой «хæзнаты» тыххæй.

5. Лæппутæ сæ фыдмæ хъус дарын байдыдтой.

6. Лæг амард.

7. Фырттæ чырын байгом кодтой.

8. Чырыны быныл разындис фыст.

9. Кæстæр лæппу хатдзæг скодта.

10. Цотæн æвдисæндар.

 

 

Учащиеся осуществляют контроль

(самоконтроль, взаимоконтроль)

Ахуыргæнæг:
- Цалдæр скъоладзауæн загъд уыди,цæмæй ссардтаиккой æмбисæндтæ бинонты тыххæй.
Бакæсæм- ма сæ æмæ сын сæ мидис бамбарын кæнæм.

Æмбисæндтæ

Хъулæттæ мады гуыбыны дæр ис.

Мады хъæбыс адджын у.

Мады рæвдыдæй адджындæр ницы и.

Хæфсæн йæ лæппын — хуры тын.

(Сывæллæттæ экранæй кæсынц æмбисæндтæ æмæ сын сæ хъуыды æмбарын кæнынц.

 

Скъоладзауты нывтимæ куыст.

Ахуыргæнæг:
Иуцалдæр скъоладзауы та хъуамæ аргъаумæ гæсгæ нывтæ скодтаикккой æмæ сæм тексты ныхæстæй кæцытæ хауынц, уыдон сын сæ чъылдымтыл ныффыстаиккой.
(Нывтæ æвдыст цæуынц слайдтыл. Сывæллæттæ кæсынц хъæугæ бынæттæ.)

 

Ахуыргæнæг: Куыд уæм кæсы, æрмæстдæр ирон адæммæ ис ныййарджытæн кад кæныны æгъдау? Цæмæй бæрæг у?
Скъоладзау: Иннæ адæмыхæттытæм дæр ис зарджытæ, æмдзæвгæтæ, æмбисæндтæ ныййарджыты тыххæй.
Ахуыргæнæг: Ахæм зарджытæ, æмдзæвгæтæ зæрдæйы уидæгтæй фыст сты. Ныййарджыты дæр æмæ иннæ адæмы дæр зæрдиагæй куы нæ уарзай, уæд уыцы ныхæстæ сæрмæ не `рбацæудзысты. Иуæй – иу зарджыты ахæм зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ вæййы, æмæ уыдонмæ хъусгæйæ адæймагæн йæ цæссыджытæ æрызгъæлынц.

Ахæм зарæгыл æз нымайын «Помолимся за родителей». Ныхæстæ йын ныффыста Константин Губин, музыкæ та Сосо Павлиашвили.

Телеуынынады цы диссаджы равдыст фæцæуы «Голос» , зæгъгæ, уым архайдта Влади Блайсберг. Уый 25 азы дæргъы æнхъæлдта йæ фыд хæсгæ йæ чи скодта , уыцы лæг у, зæгъгæ. Йе схæссæг фыд куы амарди, уæд ын йæ мад радзырдта, йæ фыд бынтон æндæр чидæр кæй у, уый.

«Голос» - ы архайгæйæ Влади сценæйæ радзырдта йæ фыды ссарын æй кæй фæнды, уый. Снывонд ын кодта зарæг «Помолимся за родителей.»Заргæ та йæ акодта Торнике Квитатианиимæ.

Цыбыр рæстæджы фæстæ Андрей Малаховы студийы фембæлдысты фыд æмæ фырт. Уыцы дыууæ адæймаджы кæрæдзийæ кæй æмæ цæй аххосæй фæхицæн сты, мах абон ууыл нæ дзурдзыстæм. Мæн фæнды, цæмæй сымах уыцы зарæгæй скъуыддзагмæ байхъусат æмæ дзы ссарат нæ аргъауы мидисимæ баст чи у, ахæм ныхæстæ.

(Помолимся за родителей

И тогда помолятся дети за нас.)

 

Ахуыргæнæг: Кæстæр лæппуйы зондахаст, æмбисонды хъуыды æмæ зарæджы автор цыма кæрæдзиимæ ныхас бакодтой, афтæ иу хатдзæгмæ æрцыдысты.

 

10. Аргъауы мидисæй хатдзæгтæ скæнын.

Ахуыргæнæг:

- Аргъау «Авджы сæстытæй» уæхицæн зондæн цы райстат?

Скъоладзаутæ:

( - Ныййарджыты фыдæбон рох кæнын нæ хъæуы.

-Алы адæймаджы дæр зæронд кæнын хъæуы, æмæ дæхæдæг дæ ныййарджытæм цы цæстæй кæсай, дæхимæ дæр дын дæ цот уыцы цæстæй кæсдзысты.)

 

 

 

 

 

 

 

 

Этап 4: Рефлексия учебной деятельности

 

Компоненты

урока

 

Традиционный урок

Урок современного типа

Анализ

результатов

деятельности

 

По итогам выполненной работы

учащимися учитель проводит с ними

работу над ошибками

 

Учащиеся сами формулируют

возникшие затруднения

 

- Æз базыдтон…

- Мæ зæрдæмæ фæцыд…

- Зын мын уыдис…

Соотнесение

результатов

деятельности с

поставленной целью

урока

 

Учитель осуществляет оценивание

учащихся за работу на уроке

 

Учащиеся дают оценку своей

деятельности (самооценивание,

взаимооценивание

Ахуыргæнæг:

 

- Урочы исты зындзинæдтыл сæмбæлдыстут?

- Уæ куыстæн – ма уæхæдæг аргъ скæнут. Цавæр бæрæггæнæнтæ сæвæриккат уæхицæн?

(Сывæллæттæ карточкæтыл æвдисынц йæхицæн чи цы бæрæггæнæн сæвæрдта, уыдон.

Ахуыргæнæджы бæрæггæнæнтæ.

 

Домашнее задание

 

Учитель объявляет и комментирует

домашнее задание (чаще одно для всех)

 

Учащиеся могут выбирать

задание из предложенных

учителем, с учётом

индивидуальных возможностей,

или сформулировать задание

самостоятельно

 

Тыхджындæр скъоладзаутæн : аргъау пъланмæ гæсгæ хи ныхæстæй дзурын, иннæтæн та аив кæсын, фæрстытæн дзуæппытæ дæттын зонын.

 

 


 

 

в формате Microsoft Word (.doc / .docx)
Комментарии

Публикацию оформляют только на русском языке.По правилам сайта.

29 January 2022

Похожие публикации