Урок «Миногонæй рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Удварны миниуджытæ»
Урочы темæ: « Миногонæй рацыд æрмæг фæлхат кæнын. Удварны миниуджытæ»
Урочы нысантæ: 1) Миногонæй рацыд æрмæг сфæлхат кæнын;
2) Ног дзырдты нысаниуæг бацамонын;
3) Хъомыладон куыст бакæнын.
Урочы фæлгонц: презентации, карточкæтæ, цæстуынгæ æрмæг.
Урочы эпиграф: « Бæласы фидауц йæ къалиутæ сты
Адæмагæн та йæ удыхъæд»
Урочы цыд!
Организацион хай! ( слайд1.)
Сывæллæтты цæттæдзинад урокмæ бæрæг кæнын.
Урочы темæйыл куыст.
Мотивацион уавæр. (слайд 2.)
- Абон мах, сымахимæ нæ урочы абалц кæндзыстæм миниуджытæ кæм уæй кæнынц ахæм дуканимæ.
Ракæсут- ма, Чи уæ цавæр миниуæг балхæнид йæхицæн? ( сывæллæтты радыгæй фæрсын), Цæмæн?
Хъазт « Зæрдæтæ».
Нæ дуканийы дзырдтæм гæсгæ бацæттæ кодтон дыууæ зæрдæйы. Уыдонæй иу у тархуыз иннæ та ирдхуыз. Сымахмæ гæсгæ цæмæн сты ахæм хуыз? ( тар зæрдæйы ис æвзæр миниуджытæ, ирд зæрдæйы та – хорз миниуджытæ).
Бацæттæ ма кодтон миниуджыты чыргъæд дæр, зæгъут ма мын ацы миниуджытæй чи кæцы зæрдæмæ хауы? ( сывæллæттæ ныхасынц миниуджытæ).
Хорз сбæрæг, сæ кодтам ! Райсæм ма нæ тар зæрдæ æмæ йæ аскъуынæм, ацы æвзæр миниуджытæн нæ зæрдæты бынат куыд нæ уа афтæ! Ирд зæрдæйы миниуджытæ та нæ зæрдæты арф сæвæрæм , куыд никуы сæ рох кæнæм афтæ.
-Ныр та ма мын зæгъут, ацы дзырдтæ цавæр ныхасы хаймæ хауынц? (Миногонмæ)
- Цавæр миниуджытæ бæрæг кæнынц? (Удварны миниуджытæ)
Уæдæ нæ абоны темæ у « Миногонæй рацыд æрмæг фæлхат кæнын». Нæ ныхасы темæ та «Удварны миниуджытæ». (слайд 3.), (слайд 4.), (слайд 5.)
Урочы кæрон нæ хъæудзæн баххæст кæнын мæнæ ацы тæблицæ ( слайд 6). Уымæн та нын æххуысс уыдзысты нæ дарддæры куыстытæ.
Текстимæ куыст. Текст « Дыууæ Уызыны» (слайд 7)
Ацы тексты мах фембæлдзыстæм зынæмбарæн дзырдтимæ.
Дзырдуат:
Хоргалм – медяница
Æппынæдзух – все время
Æххормаг – голодный
Æмпъузын - штопать
Ацы дзырдтæ уæ дзырдуæтты афыссут.
- Уæ разы уын æрæвæрдтон текст. Текст хуыйны « Дыууæ уызыны»
Аив кæсын текст. (сывæллæттæ хинымæры сæхæдæг мæ фæстæ кæсынц текст.)
1) Уызынæн йæ хæдзар уарыны дон аласта. Хоргалм ын фæтæригъæд кодта æмæ йæ рæстæгмæ цæрынмæ æрбауагъта. Бонтæ цыдысты, уызын хоргалмы хæдзарæй цæуынвæнд нал кодта. Хоргалмы лæппынтæ сæхицæн бынат нал ардтой – уызыны судзинтæ сæ хъыгдардтой æппынæдзух.
Уæд хоргалм загъта уызынæн: «Æз дæ ардæм æрбауагътон рæстæгмæ. Ныр дæ судзинтæй мæ лæппынты бон нал у, æмæ дæ курын, ардыгæй ацу». Уызын загъта: «Кæд искæмæй исты риссы, уæд ацæуæд. Мæнæн ам дæр æвзæр нæу».
«Хорздзинад бæсты нæ цæуы»
2) Цардис тынг хæларзæрдæ уызын. Никæмæн ницы æвгъау кодта. Уыдис тынг рæдау. Суанг ма йæ кæрцы судзинтæ дæр байуæрста хъæды цæрæгойтæн: кæй йæ кæрц æмпъузынæн хъуыд, кæй та зымæгмæ дыргътæй хæлттæ кæнынмæ.
Уалынмæ ралæууыд зымæг. Тынг уазал уыдис уызынæн æнæ йæ кæрц. Ихæн æмæ æххормагæй марди. Фæлæ йыл ахæм рæстæг бирæ нæ ахаста. Иу бон ын йæ дуар чидæр æрбахоста. «Уызын, хæдзары дæ? Ай дын мæ лæвар», - æрбадзырдта йæм дуарæй æхсæрсæттæг. Дуары раз февзæрд йæ судзин зокъоты халимæ.
Афтæ йын иннæ сырдтæ дæр йæ судзинтæ хуынтимæ хæссын райдыдтой. Чи йын фæткъуытæ хаста, чи – гагадыргътæ, чи та уырыдзытæ. Уызын йæ хъарм кæрцы йæхи æрбатыхта. Йæ зымæг алцæмæй æххæстæй арвыста.
«Раттаджы къух райсаг у»,
Ацы тексты иутæ агурынц дзырдбæстытæ миногонтæ номдартимæ бастæй, иннæтæ – æппæрццæг миниуджытæ, аннæтæ – æвæрццæг миниуджытæ, иутæ та хъуыдыйад уæнгтæм гæсгæ æвзарынц.(скъоладзауты дзуæппытæ).
- Ныр та ма мын зæгъут, ацы æмбисæндтæй кæцыйæн дзуапп даты 1-аг текст: (слайд 8.)
«Хорздзинад бæсты нæ цæуы»,
«Хорздзинад нæ рох кæны».
Дыккаг текст та: (слайд 9.)
«Адæм кæрæдзи фæрцы цæрынц»,
«Раттаджы къух райсаг у»,
«Хорздзинад бæсты нæ цæуы».
Интерактивон фæйнæгыл куыст. (слайд 10.)
- Уæ размæ уын рахастон хъуыдыйæдтæ, кæцытæ баххæст кæнын хъæуы миногонтæй. Чи рауайдзæн фæйнæгмæ æмæ баххæст кæндзæн фыццаг хъуыдыйад. (афтæ цалдæр скъоладзауы æххæст кæнынц хæслæвæрд)
- Кæцы хъуыдыйæдтæ уæ зæрдæмæ фæцыдысты æмæ цæмæн ?
(ацы текст у рæсугъддæр æмæ æнцонæмбарæн)
- Цавæр ныхасы хаймæ хауынц ацы дзырдтæ?
(Минигонмæ)
- Тексты мидæг цæмæ хъæуынц?
(нæ ныхас нын кæнынц ирддæр æмæ хъæздыгдæр)
- Цы æххуыс сты миногонтæ?
(минигонтæ нын рæсугъд кæнынц нæ ныхас.)
- Хъуыдыйæдтæй дæ зæрдæмæ кæцытæ фæцыдысты , уыдон ныффыссут уæ тетрадты.
Улæфты рæстæг (физминуткæ) (слайд 11.)
Сценкæ.
- Ацы гыццыл сценкæмæ бакæсгæйæ федтам цавæр дыууæ фæлгонцы?
( Марат æмæ Зæринæйы фæлгонцтæ)
- Цавæр у Марат? Цæмæн?
( Чъынды, хиуарзон) ( нæ радта кърандас, чингуытæ хæссынмæ нæ аххуысс кодта)
- Цавæр у Зæринæ? Цæмæн?
( Зæринæ у Хæларзæрдæ , Цæстуарзон)
- Чи фæцыд уæ зæрдæмæ? Цæмæн?
( Зæринæйы хуызæн, ахæм акдæймаджы фæуарзынц бирæ)
Чиныгимæ куыст.
- Ныр та ма байгом кæнæм на чингуытæ 70-æм фарсыл, æмæ баххæст кæнæм 185-æм фæлтæрæн.
- Тамилæ , бакæс ма цы кæнын дзы хъæуы.
Бакæсут æмбисæндтæ. Сæ мидис сын раргом кæнут. Зæгъут, йæ хъуыдымæ гæсгæ дзы нæ сценкæмæ хæстæгдæр кæцы у.
Рефлекси (слайд 12.),
- Уæдæ ма ныр баххæст кæнæм нæ таблицæ. (æххæст кæнæм нæ тæблицæ);
(слайд 13.) - Ногæй ма ракæсут нæ дуканимæ, нæ тæрхæгтыл ма цавæр миниуджытæ сæвæриккам уæй кæнынмæ? Цæмæн? (скъоладзауты дзуæппытæ)
(ахæм миниуджытæ фылдæр куыд уой, адæм сæ фылдар куыд пайдæ кæной,)
Хатдзæгтæ скæнын.
- Алы стъолыл дæр ис смайликтæ æртæ хуызы, уыдонæй:
- Æрвхуыз нысан кæны рæстæмбис бæрæгггæнæн;
- кæрдæгхуыз хорз бæрæггæнæн;
- сырххуыз иттæг хорз бæрæггæнæн.
Алчидæр ма уæ йæхицæн сæвæрæд бæрæггæнæн.
Хæдзармæ куыст раттын. (слайд 14.)
71-æм фарсыл, 189 – æм фæлтæрæн баххæст кæнын ( ам хъæуы хъуыдыйæдтæ рафыссын æмæ дзы миногонтæ фæбæрæг кæнын.
Текстæй дыууæ миногоны морфологион æвзæрст ракæнут.
Цы æмбисæндтæ равзæрстам уыдон хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ равзарут
Бузныг! (слайд 15.)