Урок «Бæрæггæнæн»

2
1
Материал опубликован 25 December 2021

Ныхасы темæ: Цæрæгойтæ-нæ хуыздæр хæлæрттæ.

 

Грамматикон темæ: «Бæрæггæнæн» 5 кълас

Урочы нысан:

- бацамонын бæрæггæнæны нысаниуæг, сæ арæзты хицæндзинæдтæ, синтаксисон роль;

- бакусын ныхсы рæзтыл;

- рæзын кæнын ахуырдзаутæм цæрæгойтыл аудындзинад;

.

Техникон фæрæзтæ: ахуыргæнæн чиныг, интерактивон фæйнæг, тетрæдтæ.

Педагогон фæрæзтæ: индивидуалон куыст, къордты куыст, хъазты технологи

 

Этапы нысан

Ахуыргæнæджы архайд

Ахуырдзауты архайд

Технологитæ

Компетенцитæ (арæхстдзинæдтæ)

 

1. Оргмомент(2 мин)

 

Скъоладзауты сразæнгард кæнын урок райдайынмæ

Уæ бон хорз! Уæ кæрæдзийæн дæр ма салам раттут!

Мæнæн тынг æхсызгонд у,абон ахæм хъæлдзæг кæй стут,уый.Мæн уырны,ацы урочы нæ къухты бирæ кæй бафтдзæн базонын дæр æмæ бакусын дæр!

 

 

Сывæлæттæ дæттынц кæрæдзийæн салам. Сæхи урочы райдианмæ бацæттæ кæнынц.

 

Цæттæдзинад ахуырадмæ, урочы кусынмæ

 

2. Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг кæнын (5 мин)

 

Мотивацион уавæр сæвзæрын кæнын урочы: 1.Ныхасы темæ сбæрæг кæнынæн.

 

 

 

2.Грамматикон темæ сбæрæг кæнын.

Текст «Æмбаргæ куыдз»

1.Цавæр цæрæгойыл дзурдзыстæм абон?

2.Цæуыл ахуыр кæнынц кинологтæ куыйты?

3.Фыдыбæстæйы Стыр хæсты куыд æххуыс кодтой куыйтæ адæмæн?

Æвдисын предметты нывтæ, фыццаг дамгъæты фæрцы райгом кæнын æмбæхст дзырд

Æххæст кæнын хæслæвæрд

 

 

 

 

 

 

Хъазты технологи

 

Проблемон уавæр саразын

 

 

Дзырдбыд

Цæттæ кæнын ахуырдзауты ныхасы архайынмæ, ныхас кæнын, хатдзæгтæ кæнын зонын

 

 

Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг кæнын, кæцытыл дзуапп лæвæрд æрцæудзæн урочы дæргъы

Куыд уæм кæсы нæ урочы нысан цавæр уыдзæн?

Бæрæг кæнынц урочы хæстæ

Проблемон ситуации

 

Критикон хъуыдыкæнынад

Хи хъуыды дзурыны хъомад. Иумæйаг куысты архайыны хъомад. Коммуникативон арæхстдзинад.

 

 

Ныффыссын нымæц, темæ, урочы эпиграф

Æрмæгыл кусгæйæ , цы уыдзæн скъоладзаутæн цæлхдур, уый сбæрæг кæнын

Тетрæдты фыссынц нымæц, темæ, урочы эпиграф

Критикон хъуыдыкæнынад

Логикон хъуыдыкæнынады рæзт

 

 

 

3. Ног æрмæг. Хæслæвæрдтæ æрмæгмæ.(10 мин)

 

 

 

 

Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын

Байуарын сыфтæ хæслæвæрдтимæ «Раст у. Раст нæу»

Зæрдыл æрлæууын кæнынц хъуыдыйады сæйраг уæнгтæй æмæ хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæй рацыд æрмæг.

Критикон хъуыдыкæнынад.

 

Логикон хъуыдыкæнынад.

Æвзагон æмæ лингвистикон арæхстдзинæдтæ. Зонын теории, практикон æгъдауæй дзы пайда кæнын.

 

Бæрæггæнæны фæрстытæ, синтаксисон роль.

Хъусы дзуæппытæм, рæдыдтæ раст кæныны бар дæтты ахуырдзаутæн.

Нывтæм агурынц бæрæггæнæнтæ.

Хибарæй куыст. Кæрæдзийы куыстæн аргъ кæнын. Рæдыдтæ бæрæг кæнын æмæ раст кæнын. Ныхасы рæзтыл кусын.

 

Æвзагон æмæ лингвистикон арæхстдзинæдтæ. Зонын теории, практикон æгъдауæй дзы пайда кæнын. Бæрæггæнæнтæ агурын, хæслæвæрдтæ æххæст кæнын.

 

 

4. Райдиан басгæрст(7 мин)

 

 

 

 

Ныхасы рæзтыл куыст

Бæрæг кæны, куыд арæхсынц скъоладзаутæ бæрæггæнæнтæй пайда кæнын, дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ аразгæйæ.

Хицæн дзырдтæй аразынц хъуыдыйад. Бæрæг кæнынц бæрæггæнæнтæ.

Къордтæй куыст

. Зонындзинæдты актуализации.

 

 

5. Ног æрмæгæй зонындзинæдты систематизаци.(7 мин)

 

 

 

 

Бæрæггæнæнæй рацыд æрмæг æмиуад æмæ систематизации скæнын

Бамбарын кæны урочы нысан æмæ йæ фæстиуджыты бастдзинад.

Архайдтæ зæрдыл лæууын кæнынц. Архайды фæстиуджытæн аргъ дæттынц. Æрмæг систематизаци кæнынц. 1.Бæрæггæнæн бæрæг кæны предметы æууæл (хуыз, ас, ад, хъæд æмæ а.д.)

2. Загъд æрцæуы миногонæй, номдарæй, номивæгæй, нымæцонæй.

3. Домы фæрстытæ: Цавæр? Цыхуызæн? Кæцы? Кæй? Цæй? Цалæм?

4).Баст вæййы номдаримæ.

 

Къордтæй куыст

 

 

 

 

 

Алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын. Иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын. Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы

 

Æрмæг бафидар кæныныл куыст

Хъусы. Æххуыс кæны.

Текстимæ кусынц. Сæ хъуыдыты растдзинадæн аргументтæ хæссынц.

 

 

Диаграмма Венна

Текстæй хъæугæ æрмæг исын. Бæлвырд кæнын. Зындзинæдтæ хибарæй аиуварс кæнын. Искæй куысты рæдыдтæ сбæлвырд кæнын, аргъ скæнын.

 

6. Хатдзæгтæ (3 мин)

 

 

 

 

Ныхасы рæзтыл куыстæй хатдзæг скæнын

Эпиграфы мидис райхалыны æххуыс кæны

Этикон æмæ моралон хатдзæгтæ кæнынц урочы архайдтытæй

Хибарæй æмæ къордты куыст

Хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын. Моролон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын къордты кусгæйæ.

 

7. Урочы фæстиуджытæн аргъ скæнын.(4 мин)

 

 

 

 

Рефлекси

Æргом кæны, цæлхдур иуварс кæнгæйæ сæм зындæр цы фæкаст, урочы сын цымыдисагдæр цы уыд

Сæ куыстæн, сæ æмбæлтты куыстæн аргъ кæнынц, сæ размæ ног нысантæ æвæрынц

Ахуырдзауты дзургæ дзуæппытæ

Ахуырадон архайды анализ. Удгоймагон арæхстдзинæдтæ. Коммуникативон арæхстдзинæдтæ.

 

 

 

 

 

 

 

Бæрæггæнæнтæ

Æвæры бæрæггæнæнтæ, цыбыр анализ ахуырдзауы куыстæн кæнгæйæ

Бæрæг кæнынц къордты куыстæн аргъ

Рефлекси

Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы

 

8. Хæдзармæ куыст(1 мин)

 

 

 

 

Хæдзармæ куыст

Дæтты хæдзармæ куыст, æмбарын кæны хæслæвæрдтæ

Чиныджы æрмæгмæ кæсынц

Чиныгимæ куыст

Регулятивон арæхстдзинæдтæ

 

 

 

 

 

Конспект

 

 

 

Грамматикон темæ: Бæрæггæнæн

Ныхасы темæ: Цæрæгойтæ-нæ хуыздæр хæлæрттæ.

Урочы хуыз: Ног æрмæг амоныны урок.

Урочы нысантæ: 1.Бацамонын, цы у бæрæггæнæн.

2.Хæслæвæрдты фæрцы æрмæг бафидар кæнын.

3. Цæрæгойтыл аудындзинад рæзын кæнын.

Цæстуынгæ æмæ æххуысгæнæн æрмæг: предметон нывтæ, ирон æвзаджы чиныг.

Урочы цыд:

I.Бацæттæгæнæн рæстæг.

1.Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

(Баххæст кæнын хæслæвæрд, байуарын сыфтæ хæслæвæрдимæ)

 


 


 

Ацы хъуыдытæ раст сты æви нæ?

Раст у +

Раст нæу -


 

1

 


 

Хъуыдыйады уæнгтæ нæ домынц фæрстытæ.

 


 

2

Хъуыдыйады уæнгтæ дих кæнынц дыууæ къордыл: сæйраг æмæ фæрссаг.

 


 

3


 

Сæйраг уæнгтæ сты сæйрат æмæ зæгъинаг.

 


 

4


 

Сæйрат арæхдæр загъд æрцæуы мивдисæгæй.

 


 

5

Сæйрат æмæ зæгъинаг сты хъуыдыйады бындур.

 


 

6

Зæгъинаг загъд æрцæуы номдар æмæ номивæгæй.

 


 

7

Сæйрат домы фæрстытæ: цы ми кæны? цы кæны?

 


 

8

Зæгъинаг дзуапп дæтты фæрстытæн: чи? цы?

 


 

9

Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ сты: æххæстгæнæн, бæрæггæнæн, фадатон дзырдтæ.

 


 

10

Æххæстгæнæн загъд вæййы номдарæй æмæ номивæгæй.

 


 

11

Æххæстгæнæн дзуапп дæтты фæрстытæн: Кæдæм? Цавæр? Кæм?

 

 

II.Мотивацион уавæр.

Дзырдуат: кинолог- гр.kynos- куыдз, logos-ахуырад

Æмбаргæ куыдз.

Цъæйы комы цæуынц ирвæзынгæнджыты ахуыртæ. Кинологон службæйы кусджытæ се 'ххуысгæнджытимæ ахуыр кæнынц алыхуызон æрдзон уавæрты æмæ фыдбылызы чи бахауд, уыцы адæмы фервæзын кæнын.

Ахуыргонд куыдз хъуамæ ссара, кæлæддзаг хæдзары бын чи фæци, ахæм адæймаджы. Фæлтæрдджын цыппаркъахыг ирвæзынгæнæг Иргæйы цæф адæймаджы ссарынæн бахъуыд цалдæр минуты.

Ныр та адæймаджы ссарын хъæуы хъæды. Ацы фæлварæнты та лабрадор Иргæ «сæфт» лæджы ссардта минутмæ.

7 азмæ Иргæ бирæ адæмы фервæзын кодта. Йæ бон ссарын у кæйфæндыдæр. Кæй фервæзын кодта, уыдоны 'хсæн уыдысты, йæ хъуыдыдзинад йæхимæ кæмæн нæй æмæ чи фæдзæгъæл, ахæм ацæргæ адæм. Йæ хорз куысты тыххæй Иргæйæн лæвæрд æрцыд майдан дæр.

Иргæ æмбары æрмæстдæр иронау æмæ æппындæр нæ уарзы хъæр æмæ схуыст ныхас. Ацы æнувыд цыппаркъахыг æххуысгæнджытæй арæх аразгæ у адæймаджы цард.

Ахуыргæнæг: Фыдыбæстæйы Стыр хæсты куыйтæ тохы быдырæй рахастой 700 мин цæф салдаты. Хæстон уавæрты бынатмæ фæхæццæ кодтой 200мин бæлвырдгæнæн гæххæтты, 3500 тонн тахæстæрмæджы. Ссардтой 4 милуан минæтæ æмæ халæн гæрзтæ. Æдæппæтæй хæсты архайдтой 60 мин куыдзы.

Цавæр цæрæгойыл дзурдзыстæм абон?

Цæуыл ахуыр кæнынц кинологтæ куыйты?

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты куыд æххуыс кодтой куыйтæ адæмæн?

Эпиграф «Куыдз у адæймаджы æмбал»

 

 

Æмбæхст дзырд.

б

æ

р

æ

г

г

æ

н

æ

н


 

(Æвдисын предметты нывтæ, фыццаг дамгъæты фæрцы райгом кæнын æмбæхст дзырд)

 

 

 

t1640422963aa.jpgБабыз

Æхсæрсæттæгt1640422963ab.jpg

 

t1640422963ac.jpgРудзынг

 

 

 

t1640422963ad.jpgÆгънæг

 

 

 

 

 

 

 

 

 

t1640422963ae.jpgГГгæгæды

 

t1640422963af.jpgГыркъо

 

 

t1640422963ag.jpgÆхсæрдзæн

t1640422963ah.jpgНуры

 

 

 

t1640422963ai.jpgÆхсæз

 

t1640422963aj.jpgНас

III. Ног æрмæгыл куыст.

1.Сбæрæг кæнын грамматикон темæ.

Бæрæггæнæн- вазыгджын дзырд (бæрæг + кæнын)

2. Саразын дзырдбæстытæ, раттын сæм фæрстытæ, сбæрæг кæнын сæ æууæл.

Урс бабыз (Цыхуызæн?) (хуыз) (урс-миногон)

Гыццыл æхсæрсæттæг (Цавæр?)(ас) (гыццыл- миногон)

Мæ рудзынг (кæй?) (кæй у) ( мæ- номивæг)

Æвзист æгънæг (цавæр?) ( хъæд) (æвзист- номдар)

Фæныкгуыз гæды (цыхуызæн?) (хуыз) (фæныкгуыз- фæнык+хуыз-номдартæ)

Тулдзы гыркъо (цæй?) (цæй у) (тулдз-номдар)

Хъæлдзæг æхсæрдзæн (цавæр?) (хъæд) (хъæлдзæг-миногон)

Судзаг нуры (цавæр?) (ад) (судзаг-миногон)

Æхсæзæм æнус (кæцы?) (рæнхъæвæрд) (æхсæзæм- нымæцон)

Стыр нас(цавæр?) (ас) (стыр- миногон)

3.Скъоладзаутæ кæнынц хатдзæг:

1) Бæрæггæнæн бæрæг кæны предметы æууæл (хуыз, ас, ад, хъæд æмæ а.д.)

2) Загъд æрцæуы миногонæй, номдарæй, номивæгæй, нымæцонæй.

3) Домы фæрстытæ: Цавæр? Цыхуызæн? Кæцы? Кæй? Цæй? Цалæм?

4) Баст вæййы номдаримæ.

4.Раиртæстыл бакусын.

5. Чиныгимæ куыст.

Фæлтæрæн 2

- Абарын дыууæ тексты.

Фæлтæрæнтæ 4, 5

IV. Æрмæг бафидар кæнын.

6. Къордтыл куыст: ссарын бæрæггæнæнтæ, хъуыдыйадæн скæнын синтаксисон æвзæрст

1-аг къорд текст «Æмбаргæ куыдз».

Ацы æнувыд цыппаркъахыг æххуысгæнджытæй арæх аразгæ у адæймаджы цард.

2-аг къорд текст «Æнкъард хабар».(фæлт.2)

Йæ цуры лæгъзхъуын сырх куыдз цæуылдæр катай кæны.

Диаграммæ Венна.

 

t1640422963ak.png

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

V.Урочы кæронбæттæн.

1.Фæрстытæн дзуапп раттын.

-Цы нысан кæны бæрæггæнæн?

-Цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты?

-Цавæр ныхасы хæйттæй загъд æрцæуы?

- Цавæр ныхасы хаимæ баст вæййы?

-Цæмæн хъæуынц мах ацы зонындзинæдтæ?

Эпиграфыл æрдзурын.

2. Рефлекси.

-Æз базыдтон…

-Урочы мæ зæрдæмæ фæцыд…

-Зын мын уыд…

-Сæвзæрд мæм ахæм хъуыды…

 

Хæдзармæ куыст.

Ныффыссын цыбыр нывæцæн «Мæ уарзон хæдзарон цæрæгой».

 

в формате Microsoft Word (.doc / .docx)
Комментарии

По правилам сайта нужна пояснительная записка на русском языке.

25 December 2021

Сборник методических разработок и педагогических идей