12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Болотаева Бэлла Федоровна74
Россия, Северная Осетия-Алания респ., Бирагзанг
0

Обобщение педагогического опыта учителя осетинского языка и литературы «Информационно-коммуникативные технологии в преподавании осетинского языка и литературы»

 

 

 

Обобщение педагогического опыта

учителя осетинского языка и литературы

Болотаевой Бэллы Федоровны

 

 

«Информационно-коммуникативные технологии в преподавании осетинского языка и литературы»

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Скъолайы хӕс у культурон ӕмӕ ахуыргонд адӕм бацӕттӕ кӕнын. Уыцы хъуыддаг ӕххӕстгонд ӕрдӕудзӕн уӕд, ӕмӕ фӕсивӕд куы тырной наукӕйы хъӕздыгдзинӕдтӕ базонынмӕ. Наукӕйӕн та базонӕн нӕй, адӕймагӕн йӕ бон хъуыды кӕнын куы нӕ уа, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕнӕджы сӕйрагдӕр хӕс у скъоладзауты хъуыды кӕныныл сахуыр кӕнын.

Коммунизм аразджытӕ хъуамӕ фӕразой царды ӕмӕ куысты фарстатӕ раст лыг кӕнын, скъола сын ды зонындзинӕдтӕ радта, хъуамӕ уыдонӕй зоной пайда кӕнын.

Скъоладзауӕн хъуамӕ йӕ бон уа хъуыды кӕнын, искӕцы фӕзындӕн анализ скӕнын. Ады хъуыддагыл скъоладзаутӕ хъуамӕ ахуыр кӕной ирон ӕвзаджы урокты дӕр. Ирон сывӕллӕттӕ кӕд уырыссаг ӕвзаг ахуыр кӕнынц, уӕддӕр хъуыды фыццагдӕр фӕкӕнынд сӕ мадӕлон ӕвзагыл, стӕй йӕ уыйфӕстӕ фӕзӕгъынд уырыс­саг ӕвзагыл. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг хъуыддаг у ирон ӕвзаджы урокты хӕрзхъӕддзинад.

Скъоладзаутӕ грамматикӕйӕ цы ӕрмӕг ахуыр кӕнынц, уый хъуамӕ механикон ӕгъдауӕй ма бахъуыды кӕной, фӕлӕ йӕ бамбарой анализ ӕмӕ синтезы руаджы, зоной грамматикон ӕууӕлтӕм гӕсгӕ ныхасы хӕйттӕ классификади кӕнын.

Суанг 5-ӕм къласӕй фӕстӕмӕ ӕз скъоладзаутӕн арӕх фӕдӕттын, хъуыды кӕныныл сӕ чи ӕфтауа, ахӕм фӕлтӕрӕн куыстытӕ. Уыдон ӕххуыс вӕййынц, цӕмӕй, грамматикӕйӕ цы ахуыр кӕнынц, уый бӕлвырд бамба­рой ӕмӕ дзы фысгӕ-фыссын пайда кӕнын зоной.

Арӕх рауайы афтӕ, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фӕзонынц раиртӕст, фӕлӕ дзы фысгӕ-фыссын пайда кӕнын нӕ фӕзонынц ӕмӕ ӕруадзынд рӕдыдтытӕ. Уый уымӕн афтӕ вӕййы, ӕмӕ хъуыды къухы не 'ййафы. Цӕмӕй хъуыды къухы ӕййафын байдайа, уый тыххӕй та хъæуы дзӕвгар рӕстӕджы дӕргъы фӕлтӕрӕнтӕ ӕххӕст кӕнын.

5-ӕм ӕмӕ 6-ӕм кълӕсты ахуыргӕнинӕгтӕ арӕхдӕр рӕдыдтытӕ ӕруадзынц дӕргъвӕтин ӕмхъӕлӕсонтыл, ӕмхъӕлӕсонты ӕмхуызонадыл, мивдисджыты ивгъуыд афоныл ӕмӕ ӕнд. Цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы растфыссынады ӕгъдӕуттӕ хорз базоной ӕмӕ сыл рӕдыдтытӕ мауал кӕной, уый тыххӕй ӕгъгъӕд нӕ вӕййынц, программӕмӕ гӕсгӕ сын цы сахӕттӕ лӕвӕрд цӕуы, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ сыл ӕз афӕдзы дӕргъы рӕстӕгӕй- рӕстӕгмӕ фӕаразын фӕлтӕрӕн куыстытӕ.

Зӕгъӕм, 5-ӕм къласы ӕмхъӕлӕсонты ӕмхуызонад куы базонынц, уӕд сын урочы райдайӕны раттын ахӕм куыст: дзырдтӕ сӕ растфыссынады ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ ныффыссын дыууӕ цӕджындзы. Ӕз кӕсын: марзтон, кастӕн, хызтон, уарзтон, хастон, фастон, фӕрӕзтон, састон, карстон, фыстон, ӕмбӕрзтон.

 

Скъоладзаутӕ фыссынц:

 

«з»

марзтон

хызтон

уарзтон

фӕрӕзтон

ӕмбӕрзтон

кастӕн хастон фастон састон фыстон

 

 

 

«с»

 

 

 

 

Фыст куы фӕвӕййынц, уӕд ӕнӕмӕнг сбӕлвырд кӕнӕм, йӕ куыст чи куыд баххӕст кодта, уый.

Ацы куыст ӕххӕст кӕнгӕйӕ, ахуыргӕнинӕгты зонын хъӕуы, дзырдты растфыссынад сбӕрӕг кӕнынӕн цавӕр мадзал ис, уый (ома дзырдтӕ аивын афтӕ, цӕмӕй зылангон з бӕлвырд хъуыса). Хъуамӕ хорз иртасой зылангон ӕмӕ ӕзылангон мыртӕ. Ӕмӕ сын уымӕн та фӕахъаз вӕййы, фонетикон ӕвзӕрст арӕх кӕй фӕкӕнӕм, уый.

Ӕмхъӕлӕсонты ӕмӕ ӕрдӕгхъӕлӕсонты дӕргъвӕтинкӕнынады ӕгъдӕуттӕ куы сахуыр кӕнӕм, уӕд скъоладзаутӕн арӕх фӕдӕттын ахӕм куыстытӕ:

1. Ӕз кӕсын дзырдтӕ: худын, зарын, садзын, фидын, ризын, ласын, дон, бур, уасын, уарын.Скъоладзаутӕ сӕ хъуамӕ фыссой разӕфтуантæ ӕфтаугӕйӕ: ныххудын, ныззарын, ныссадзын, ныффидын,нырризын, нылласын, ныддон, ныббур, ныууасын, ныууарын.

Дзырдтӕ фыссын суффикстӕ-аг кӕнӕ-он сӕм ӕфтаугӕйӕ: дзырд, хох, раз, хъӕд, балц, дис, фале: дзырддаг, хӕххон, раззаг, хъӕддаг, бӕлццон, диссаг, фаллаг.

Темӕйы кӕрон сын раттын ӕмхӕццӕ фӕлтӕрӕн.

Ӕмхӕццӕ лӕвӕрд дзырдтӕ адих кӕнын сӕ растфыссынады ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ.

Ӕз кӕсын: ӕрттивын, хуссар, раззаг, ныххудын, дис­саг, лӕууын, уӕййаг, ныззарын, ныккӕсын, сӕууон, хъӕддаг, ныхъхъусын, ӕппӕт, коммунизм. Скъоладзаутӕ фыссынц:

«ны» «аг», «он» ӕрдзӕй дӕргъвӕтин

ныккӕсын хъӕддаг ӕрттивын

ныххудын раззаг хуссар

ныззарын диссаг ӕппӕт

ныхъхъусын сӕууон коммунизм

уӕййаг

Уыйфӕстӕ дзырдты алы хицӕн къордӕн дӕр скъоладзаутӕ дзурынц йӕ растфыссынады ӕгъдау. Ацы куыст ӕххӕст кӕнгӕйӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ хорз зоной дзырдарӕзт.

Ахӕм куыстытӕ ма раттын номдарты бирӕон нымӕцы растфыссынадыл кӕнӕ мивдисджыты растфыссынадыл дӕр.

Фӕйнӕгыл ныффыссын бакусинаг иомдартӕй саразын бирӕон иымӕц:

хӕдзар ӕмбал кӕрон хӕдон куырой ӕгъдау къанау

Кӕнӕ та ахӕм бакусниаг мивдисджытӕй саразын ивгъуыд афон:

ивын рувын зӕгъын

лидзын — рӕмудзын

Саразын суинаг афон мӕнӕ ацы мивдисджытӕй:

лидзын — бадын — хӕцын бӕттын сӕттын

Ахуыргӕнинӕгтӕ ацы куысты хуызтӕ куы баххӕст кӕнынц, уӕд дзы ӕнӕмӕнг бахахх кӕнынц, дзырд цы орфограммӕйыл фӕцӕуы, уый бын. Уый ӕххуыс вӕййы, цӕмӕй, рӕдыд чи скодта, уый ма иу хатт ӕркӕса йӕ фыстмӕ ӕмӕ фена йӕ рӕдыд. Уыйфӕстӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фӕзӕгъынц раиртӕст.

Арӕх вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дзырд тӕ хицӕнӕй раст ныффыссынц, фӕлӕ уыцы дзырдтӕ текстмӕ куы бахауынц, уӕд дзы скӕнынц рӕдыдтытӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕст хицӕн дзырдтӕ фыссын ӕгъгъӕдыл нӕфӕнымайын. Раттын сын уыцы д'зырдтӕ хъуыдыйӕдтимӕ ӕмӕ саразын цыбыр ӕмбарынгӕнӕн диктанттӕ, кӕнӕ та ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхӕдӕг уыцы дзырдтимӕ ӕрхъуыды кӕнынц хъуыдыйӕдтӕ. Хуыздӕр хъуыдыйӕдтӕ ныффыссынц фӕйнӕгыл, стӕй та тетрӕдты ӕмӕ сӕ равзарынц. Кӕнӕ та лӕвӕрд дзырдтимӕ ныффыссынц сочинени-миниатюрӕтӕ.

Ацы куысты хуызтӕ сеппӕт дӕр ӕххуыс сты скъоладзауты растфыссынад фӕхуыздӕрӕн. Уымӕн ӕвдисӕн у уый, ӕмӕ 5-ӕм, 6-ӕм кълӕсты скъоладзаутӕ райдианы арӕх фӕкӕнынц рӕдыдтытӕ уӕлдӕр амынд растфыссынады ӕгъдӕуттыл, фӕлӕ афӕдзы кӕронмӕ рӕдыдтытӕ зынгӕ фӕкъаддӕр вӕййынц. 7-ӕм, 8-ӕм кълӕсты та мӕм ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕн ӕппындӕр нал вӕййы.

Скъоладзаутӕ ацыд ӕрмӕг куыд бамбӕрстой, уый сбӕрӕг кӕнынӕн тынг ӕххуыс у перфокартӕтимӕ куыст. Хӕрз цыбыр рӕстӕгмӕ (5—7 минутмӕ) сбӕрӕг кӕнӕн ис, ӕнӕхъӕн кълас ӕрмӕг куыд базыдта, уый.

Ахуыргӕнӕг фены, кӕцы скъоладзауӕн цӕмӕй баххуыс хъӕуы, уый ӕмӕ йӕ дарддӕры куыст дӕр аразы уымӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, 7-ӕм къласы хуымӕтӕг хъуыдыйады хуызтӕ куы ацыдыстӕм, уӕд скъоладзаутимӕ бакодтон ахӕм куыст. Фӕйнӕгыл ныффыстон:

Номхуындон хъуыдыйад.

Ӕххӕст хъуыдыйад.

Ӕнӕххӕст хъуыдыйад.

Ӕнӕцӕсгом хъуыдыйад.

Ӕбӕлвырд цӕсгомон хъуыдыйад.

Ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодтон, куыд сӕ кусын хъӕудзӕн, уый, ома галиуырдыгӕй ӕмӕ уӕлейы цы номыртӕ ӕвӕрд ис, уыдоны комкоммӕ кӕй нысан кӕндзысты хъуыдыйады хуызтӕ.

 

Куы сӕм ӕркастӕн, уӕд бӕлвырд уыди, скъоладзаутӕй хъудыйады хуызтӕ раст чи не сбӕрӕг кодта, уый, ӕмӕ зыдтон, дарддӕр сын цӕмӕй баххуыс хъӕуы.

Ахӕм куысты хуызтӕ саразӕн ис грамматикӕйы ӕлы дӕр темӕтыл дӕр. Перфокартӕтыл ацы куысты хорздзинад ис уый мидӕг, ӕмӕ кълас иууылдӕр кӕй кусынц, уымӕй алы ахуыргӕнинаг дӕр кусы йӕхӕдӕг, хъуыды кӕны ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ равзары фондз хъуыдыйады.

Ахӕм куыстытӕ сарӕзтон уӕлӕмхӕст хъуыдыйӕдты хуызтыл, ныхасы хӕйттыл ӕмӕ ӕндӕртыл. Ахуыргӕнинӕгтӕ бирӕ фӕрӕвдздӕр сты синтаксисон ӕмӕ морфологон ӕвзӕрст кӕнынмӕ.

НОГ ӔРМӔГ БАЦАМОНЫН ӔМӔ ЙӔ НЫФФИДАР КӔНЫН.

Ахуыргӕнӕджы хӕс у скъоладзаутӕн фидар зонындзинӕдтӕ раттын. Уыцы хъуыддаг йӕ къухы бафтдзӕн, йӕ уроктӕ эффективон куы уой, уӕд.

Методтӕ алыхуызон саразын, урочы цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй раст пайда кӕнын ӕххуыс у скъоладзауты активизаци кӕнынӕн ӕмӕ сӕ зонындзинӕдтӕ бӕрзонддӕр ӕмӕ фидардӕр кӕнынӕн. Ног ӕрмӕг амонгӕйӕ ӕз фӕархайын, цӕмӕй скъоладзаутӕ сӕхӕдӕг фылдӕр хъуы­ды кӕной ӕмӕ раиртӕстытӕ дӕр сӕхӕдӕг аразой.

5-ӕм къласы хъӕлӕсонты ӕлвӕстад ӕмӕ рахауд амонгӕйӕ бацархайдтон ууыл, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхӕдӕг саразой раиртӕст. Фӕйнӕгыл ныффыстон примертӕ:

фӕ + ӕвналын = февналын фӕ + ӕлвасын = фелвасын фӕ + ӕмбарын = фембарын

а +ӕвналын = авналын ны + ӕлвасын = нылвасын ба + ӕмбарын = бамбарын ра + ӕрвитын = рарвитын

Ахуыргӕнинӕгтӕн загътон: «Бакӕсут-ма ӕмӕ зӕгъæт, цы бафиппайдтат фыццаг дзырдты къорды? Дыккаг дзырдты къорды та?»

Ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнцонӕй сарӕзтой сӕхӕдӕг раиртӕстытӕ, стӕй баххӕст кодтой фӕлтӕрӕн куыстытӕ. Афтӕмӕй ӕз федтон, ног ӕрмӕг амонгӕйӕ ахуыргӕнинæгтӕ хатдзӕгтӕ сӕхӕдӕг куы агурой, раиртӕстытӕ куы аразой, уӕд ӕнцондӕрӕй кӕй бамбарынц ӕрмӕг ӕмӕ сӕ зонындзинӕдтӕ кӕй вӕййынд фидардӕр. Уыимӕ ахӕм уроктӕм ахуыргӕнинӕгтӕ вӕййынц уӕлдай разӕнгарддӕр, фӕкусынц активондӕрӕй.

Фӕлӕ алы хатт ног ӕрмӕг афтӕ раттӕн пӕй. Зынӕмбарӕн ӕрмӕг скъоладзаутӕп бынтондӕр сӕхи бар бакӕн, уый раст нӕу.

6-ӕм къласы ахуыргӕнннӕгтӕн зын бамбарӕн вӕййы фӕрсдзырд. Фӕрсдзырд у стыр ӕмӕ ваЗыгджын ныхасы хай. Скъоладзаутӕ йӕ арӕх ӕмхӕццӕ фӕкӕнынц ӕндӕр ныхасы хӕйттимӕ (номдартимӕ, миногонтимӕ). Цӕмӕй уыцы хъуыддагӕй хызт ӕрцӕуой, уый тыххӕй сӕ ӕз рагацау цӕттӕ кӕнын райдайын фӕрсдзырд раст бамбарынмӕ.

Фӕрсдзырд сахуыр кӕпыны размӕ урокты мӕ хъус фылдӕр фӕдарын морфологон ӕвзӕрстмӕ, цӕмӕй ӕнӕкъуылымпыйӕ иртасой ацыд ныхасы хӕйттӕ. Ӕрмӕстдӕр уӕд райдайын амонын фӕрсдзырды пысаниуӕг.

Ног ӕрмӕг бацамоныны тыххӕй фӕйнӕгыл ныффыссын хъуыдыйӕдтӕ:

Советом адӕм зӕрдиагӕй фӕллой кӕнынц.

Валентинӕ Терешкова ныфсджынӕй атахтп космосмӕ.

Ӕрӕджы нӕ Коммуннстон партн рахаста хорз уынаффӕтӕ.

Фӕстӕдӕр мах цӕрдзыстӕм ноджы хуыздӕр.

Ам зымӕг куы вӕййы, уӕд иу хъарм бӕстӕ зонын.

Скъоладзаутӕн бахӕс кӕнын, цӕмӕй ацы хъуыдыйӕдтӕ равзарой ныхасы хӕйттӕм гӕсгӕ ӕмӕ дзы бахахх кӕной, кӕй пӕма зонынц, уыцы дзырдтӕ. Уыдоп бахахх кодтой дзырдтӕ: ныфсджынӕй, зӕрдиагӕй, ӕрӕджы, фӕстӕдӕр, ноджы хуыздӕр, ам, уӕд.

Дарддӕр бахӕс кодтоп ахуыргӕнпнӕгтӕн, цӕмӕй дыгай хӕххытӕ бакӕной, фӕрсдзырдтӕ цы дзырдгимӕ баст сты, уыдон дӕр. Бахахх кодтой: фӕллой кӕнынц, атахти, рахаста, цӕрдзыстӕм, вӕййы, зонын.

Уыйфӕстӕ фӕрстыты руаджы скъоладзауты ӕркодтон раиртӕстмӕ.

Фарст: Цавӕр пыхасы хӕйттимӕ бает сгы ног дзырдтӕ?

Дзуапп: Мивдисджытимӕ.

Фарст: Цы ӕвдпсынц уыцы дзырдтӕ архайдӕн?

Фарст: Куыд' ис аивӕн фӕрсдзырды? Бафӕлварут- ма йӕ аивын.

Уыйфӕстӕ скъоладзаутӕ хи ныхӕстӕй зӕгъынц раиртӕст, стӕй йӕ кӕсынц чиныджы, хъуыды кӕнынц, фӕрсдзырдтӕ кӕм уа, ахӕм хъуыдыйӕдтӕ.

Ӕрмӕг ныффидар кӕныны тыххӕй ма радтон иу бакусинаг. Хъуамӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баххӕст кодтаиккой хъуыдыйӕдтӕ фӕрсдзырдтӕй:

Тетрӕдты фыссын хъӕуы (куыд?)..,

Хуым фӕкӕнынц (кӕд?)...

... та халон, цыма дзы хъалон нӕ фыййау дардта, цыхты къӕртт ссардта.

Скъоладзаутӕ раст баххӕст кодтой хъуыдыйӕдтӕ, бакастысты сӕ.

Уый фӕстӕ фӕйнӕгыл сауыгътон Решетниковы ныв «Прибыл на каникулы». Сарӕзтон цыбыр беседӕ нывмӕ гӕсгӕ. Радтон фарстатӕ.

Афӕдзӕн йӕ кӕцы афон ӕвдыст цӕуы нывы?

Цӕмӕй бӕрӕг у?

Кӕцӕй ӕрцыд суворовон?

Цы дзуры йӕ бабайӕн?

Цӕуыл дзурӕг у лӕппуйы цӕсгом, йӕ цӕстӕнгас?

Цы ми кӕндзӕн дарддӕр та?

Куыдӕй аздӕхдзӕн фӕстӕмӕ йе скъоламӕ?

Раттут лӕппуйӕн ном.

Беседӕйы фӕстӕ фӕйнӕгыл ныффыстон фӕрсдзырдтӕ: зымӕджы, хъӕлдзӕгӕй, хорз, раст, ныр, уӕд, ам, ӕвӕлладӕй, зӕрдӕрухсӕщ амондджыНӕй.

Ахуыргӕнинӕгтӕн бахӕс кодтон, нывӕй пайда кӕнгӕйӕ лӕвӕрд фӕрсдзырдтимӕ радзырд ныффыссын.

«Ӕрцыдис каникулты».

(Решетников).

Уый уыдис зымӕджы. Ног азы размӕ Ваня ӕрцыдис йӕ бабамӕ суворовон скъолайӕ. Уый ӕрцыдис тынг хъӕлдзӕгӕй, уымӕн ӕмӕ фӕлварӕнтӕ хорз радта.

Зӕронд баба йын йе 'рцыдмӕ сарёезта ёлкӕ. Уӕд Ва­ня иоджы тынгдӕр бахъӕлдзӕг. Ныр зӕрдӕрухс ӕмӕ амондджынӕй арвитдзӕн ам йӕ каникултӕ.

(Каникулты фӕстӕ Ваня ӕвӕлладӕй райдайдзӕн ахуыр кӕнын. Афтӕ амондджынӕй цӕрынц мах бӕстӕйы сывӕллӕттӕ.

Скъоладзауты сочиненитӕ уыдысты алыхуызон, алчи дӕр куыста йӕхӕдӕг. Цалдӕрӕй сӕ бакастысты, стӕй сын ӕрӕмбырд кодтон сӕ тетрӕдтӕ ӕмӕ сын иннӕ урокмӕ сӕвӕрдтон бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Ахӕм куыст бакодтон, фӕрсдзырдты растфыссынад ныффидар кӕныны тыххӕй ды урок сарӕзтон, уым дӕр.

Урок райдыдтон ӕмбарынгӕнӕн диктантӕй:

1. Куыдфӕнды схъызӕнт нӕ бӕстӕйыл бонтӕ, арв махыл уыдзӕнис кӕддӕриддӕр дъӕх. 2. Фалӕрдӕм лӕбырынд сау дуры дӕндтӕ.

Ацы хъуыдыйӕдты скъоладзаутӕ бамбарын кодтой фӕрсдзырдты растфыссынад, загътой раиртӕстытӕ.

Рагагъоммӕ фӕйнӕгыл бадӕттӕ кодтон ахӕм кусинӕгтӕ.

Баххӕст кӕнын фӕрсдзырдтӕй ацы текст:

... дын ӕм рувас

... рауад...

... минас

йӕ былтыл ауад.

Бахахх кӕнын фӕрсдзырдты бын ӕмӕ зӕгъын сӕ растфыссынад.

Нӕ сӕртӕ, дӕй, бӕрзонддӕр сисӕм!

Ӕфхӕрд цы лӕг ныббара знагӕн, Дӕлдӕр ныххауӕд уый, дӕлдӕр!

Ныййарӕг йӕ уаты фӕлладӕй ӕрбады, йӕ уарзон хъӕбулы фӕмысы ӕдзух, дыма йӕ сывӕллоны абон рӕвдауы, цыма йын ӕхсызгонӕй исы, йӕ къух.

Ады куыстытӕ баххӕст кӕныны фӕстӕ фӕйнӕгыл бакодтон Лактионовы ныв «Письмо с фронта». Сарӕзтон цыбыр беседӕ нывы тыххӕй. Радтон фарстытӕ:

Каецы рӕстӕг ӕвдыст цӕуы нывы?

Каей уынут нывы?

Цы ӕрбахаста ӕфсӕддон?

Кӕм уыдис ӕфсӕддон?

Бинонты цӕстӕнгас.

Цы хъуамӕ фыстаид ӕфсӕддон йӕ писмойы?

Цавӕр ахорӕнтӕй пайда кӕны нывгӕнӕг ӕмӕ цӕмӕн?

Цы нысан кӕны хуры ӕрбакаст?

Нывы мидис куы бамбӕрстой скъоладзаутӕ, уӕд сын бахӕс кодтон лӕвӕрд фӕрсдзырдтимӕ нывмӕ гӕсгӕ радзырд саразын. Фӕйнӕгыл сын ныффыстон фӕрсдзырдтӕ: иухатт, сабыргай, тагъд-тагъд, хъӕлдзӕгӕй, лӕмбынӕг, хъӕбатырӕй, кӕддӕриддӕр.

Бар сын радтон нӕмттӕ равзарынӕн дӕр. Хорз сарӕхстысты ацы куыстмӕ дӕр та, алчи дӕр ӕй ныффыста йӕхимӕ гӕсгӕ.


 

ХӔДЗАРМӔ КУЫСТЫТӔ.

Хӕдзармӕ куыст дӕтгӕйӕ ӕгъгъӕдыл нӕ фӕнымайын, грамматикӕйы чиныджы цы фӕлтӕрӕнтӕ ис, уыдон. Уыдон сты иудадзыг иухуызон, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ скъоладзаутӕ фӕлмӕцынц, стӕй ӕдзух уыдон ӕххуыс нӕ вӕййынц ӕрмӕг ныффидар кӕнынӕн, ног домӕнтӕм гӕсгӕ арӕзт не сты.

Ӕвзаг хуыздӕр базоныны куыст хъуамӕ цӕуа грамматикӕйы урокты дӕр ӕмӕ литературон кӕсынады урокты дӕр. Уымӕ гӕсгӕ грамматикӕйӕ куыстытӕ ӕнгом бӕттын хъӕуы литературӕимӕ.

Уымӕ гӕсгӕ арӕх фӕдӕттын ахӕм фӕлварӕп куыстытӕ, кӕцытӕ баст вӕййынц, литературӕйӕ цы ӕрмӕг базыдтой, уыимӕ. Зӕгъӕм, 7-ӕм къласы хъуыдыйады сӕйраг уӕнгтӕ цӕугӕйӕ, радтон ахӕм хӕдзармӕ куыст: Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстадӕй цы ӕмдзӕвгӕтӕ сахуыр кодтой, уым ссарын хъуыдыйӕдтӕ сӕйраг уӕнгтимӕ ӕмӕ сӕ рафыссын. Сӕйраг уӕнгты бын бахахх кӕнын, сӕ сӕрмӕ сын фӕнысан кӕнын, цавӕр пыхасы хӕйттӕй арӕзт сты, уый.

Ахуыргӕнинӕгтӕ рафыстой хъуыдыйӕдтӕ «Сидзӕргӕс»-ӕй, «Хъуыбады»-йӕ, «Катай»-йӕ, «Балцы зарӕг»- ӕй, «Ныфс»-ӕй, «Чи дӕ?»-йӕ ӕмӕ ӕнд. Рауадис афтӕ, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрмӕст грамматикон ӕгъдӕуттӕ нае ныффидар кодтой, фӕлӕ сарӕзтой Къостайы сфӕлдыстадыл афӕлгӕст. Уый хорз ӕххуыс у литературон ӕрмӕг ныффидар кӕнынӕн.

Хуымӕтӕг хъуыдыйады хуызтӕ цӕугӕйӕ та литературӕйӕ ахуыр кодтам Нигеры биографи. Ам дӕр та бабастон грамматикӕ литературӕимӕ. Радтон сын ахаем куыст: саразын Нигеры биографийыл дыууӕ ӕххӕст ӕмӕ дыууӕ ӕнӕххӕст хъуыдыйады. Алчи дӕр йӕхӕдӕг куыд куыста, уымӕ гӕсгӕ хъуыдыйӕдтӕ уыдысты фыссӕджы царды алы цаутӕй. Ацы урочы ныхас ӕрцыд ӕнӕхъӕн биографийыл кӕронмӕ. Уыйфӕстӕ литературӕйы урочы ахуыргӕнинӕгтӕ лӕвӕрдтой хуыздӕр дзуаппытӕ фыссӕджы биографийӕ.

Номхуындон хъуыдыйӕдтӕ амонгӕйӕ урочы радтон ахӕм текст.

Ӕрыдоны семинар. Ахуыргӕнинӕгты литературон къорд. Журнал «Фидиуӕг». Фӕлдахӕм фӕрстӕ. Радзырд «Мӕгуыр Голо». Йӕ быны фыст Нигеры фӕсномыг «Сау лӕппу».

Ацы скъуыддзаг сын ӕххуыс уыди Нигеры биографийӕ уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг базонынӕн.

Хӕдзармӕ куыстӕн сын бахӕс кодтон, Нигеры поэмӕ «Бадилон симд»-мӕ гӕсгӕ саразын, номхуындон хъуыдыйӕдтӕ кӕм уа, ахӕм скъуыддзӕгтӕ.

Скъоладзаутӕ сарӕзтой скъуыддзӕгтӕ.

«Рӕсугъд уӕрӕх кӕрт. Хъӕлдзӕг аив фӕсивӕд. Къӕрццӕмдзӕгъд хъазт.

Ӕфснайд, райдзаст уат. Дзаг фынгтӕ. Урсзачье зӕрӕдтӕ. Гаджидӕуттӕ, арфӕтӕ».

Ахӕм куыстытӕ пайда сты литературон ӕрмӕг фидардӕрӕй зонынӕн, ныхасы рӕзт фӕхуыздӕрӕн, скъоладзауты куыст кӕны активондӕр, ӕнгомдӕр баст цӕуынц литературӕ ӕмӕ грамматикӕ.

Ныртӕккӕ скъолайы сӕйрагдӕр хӕс у ахуыргӕнинӕгтӕн фидар зонындзинӕдтӕ дӕттын, цардмӕ сӕ цӕттӕ кӕнын.

Мах, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты, къухы ис тыхджып идеологоп ӕмӕ политикоп хотых аивад ӕмӕ литературӕ.«Литературӕйы уроктӕ хъуамӕ ӕххуыс кӕной скъоладзауты зондахаст фидар кӕнынӕн, хъуамӕ скъоладзауты зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕной пат­риотизм, цӕмӕй скъоладзаутӕ куыстмӕ дарой хуыздæр цӕстӕнгас, адӕмты 'хсӕн фидар кӕной хӕлардзинад, фӕзмой литературӕйы хуыздӕр геройты миниуджытӕ ӕмӕ сӕ сӕ зӕрдӕмӕ исой» (Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы программӕтӕ).

Фӕстаг азты ахуыргӕнджытӕ агурын байдыдтой, ног дуджы домӕнтӕн дзуапп чи дӕтта, ахӕм ног фӕрӕзтӕ ахуырады ӕмӕ хъомылады.

Хъуысы уроктӕй техникон фӕрӕзты — кино, радио, компьютер ӕмӕ ӕндӕрты уынӕр.

Ахуыры азы райдайӕны лӕмбынӕг сахуыр кӕнын программӕ. Сбӕрӕг кӕнын, цавӕр уацмыстӕ бауыдзӕн мӕ бон компьютерыл равдисын, уый. Мӕхимӕ ис компьютер, ӕмӕ мӕ хъус фӕдарын, цы мӕ бахъӕудзӕн ирон литературӕйы урочы, ахӕм уацмыстыл дзы куы сæмбæлын. Ӕмӕ сӕ уыйфӕстӕ пайда кӕнын мӕ куысты.

Урочы размӕ ахъуыды кӕнын, урочы кӕцы этапы цы спайда кӕндзынӕн, ууыл. Пайда кӕнӕн та сӕ ис урочы алы этапы дӕр: ног ӕрмӕг амонгӕйӕ дӕр, ӕрмӕг фидар кӕнгӕйӕ дӕр, кӕронбӕттӕн урочы дӕр.

6-ӕм къласы программдемӕ хауынц ирон героикон зарджытӕ «Антъоны зарӕг», «Чермены зарӕг», «Таймуразы зарӕг» ӕмӕ ӕнд.).

Ирон героикон зарджытӕ ӕвдисынц царды ӕцӕгдзинад, сӕрибарыл тохы истори, ирон адӕмы ӕрвылбоны цард, сӕ зондахаст, сӕ хъуыдытӕ, сӕ бӕллицтӕ.

Ирон адӕм бирӕ уарзынц сӕ героикон зарджытӕ, фехъусӕн сын ис Ирыстоны алы къуымты дӕр куысты рӕстӕджы дӕр ӕмӕ фӕлладуадзыны рӕстӕджы дӕр, куывдты ӕмӕ чындзӕхсӕвты.

Героикон зарджыты хъомыладон ахадындзинад у тынг стыр. Тлаттаты Чермены, Кодзырты Таймуразы, Дриаты Антъоны обрӕзтӕ разӕнгард кодтой Ирыстоны хъӕбулты ӕнӕмӕлгӕ хъӕбатырдзинӕдтӕм Фыдыбӕстӕйы хӕсты рӕстӕджы. Уымӕ гӕсгӕ зарынц абон Ирыстоны Хъалӕгаты фондз ӕфсымӕры зарӕг, Ӕхсараты Энверы зарӕг, Ботъоты Гӕмӕты ӕмӕ, йӕ хъӕбатырдзинадӕй Ирӕн ном чи скодта, йӕ риуыгуыдырӕй знаджы бырст чи баурӕдта, ӕндӕр ахӕмты зарджытӕ.

Героикон зарӕг куы райгуыры, уӕд адӕм фӕзонынц геройы сгуыхтдзинады, ӕмӕ фӕмарды бӕлвырддзинӕдтӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зарӕг вӕййы цыбыр.

Героикон зарджытӕ ахуыр кӕнгӕйӕ, ахуыргӕнӕджы ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы, адӕммӕ уыцы геройты тыххӕй цы тауырӕгътӕ вӕййы, уыдонӕй пайда кӕнын, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ базоной, герой цавӕр уавӕрты фесгуыхт ӕмӕ куыд фӕмард, уый.

Цӕмӕй урок зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр рауайа, уый тыххӕй ӕз бацӕттӕ кодтон цыбыр лекци-концерт.

Ирыстоны бирӕ уыдис, революцийы агъоммӕ се 'фхӕрджыты ныхмӕ чи тох кодта, ахӕм хъайтартӕ. Уыдоны нӕмттӕ ӕнустӕм дӕр баззадысты, адӕм сыл цы зарджытӕ сарӕзтой, уымӕй.

Афтӕ, зӕгъӕм, «Чермены зарӕджы» ӕвдыст ӕрцыд, мӕгуыр фӕллойгӕнӕг адӕмы минӕвар Чермены тох Тлаттаты уӕздӕтты ныхмӕ. Чермен цардис XVIII ӕнусы кӕрон ӕмӕ XIX ӕнусы райдайӕны. Адӕмон тауырӕгъмӕ гӕсгӕ уыдис Тлаттаты Бестолы номылусы фырт кӕвдӕсард. Зарӕджы дзырд цӕуы, Тлаттатӕ зӕххытӕ сӕхимидӕг кӕй байуӕрстой, фӕллойгӕнӕг адӕмӕн дзы ӕппындӕр кӕй нӕ бахай кодтой, Черменӕн та, куыд кӕвдӕсард, афтӕ «цъыфдзӕстытӕ», «гӕмӕхтӕ»,кӕй радтой, ууыл.

Чермен цуанӕй ӕрыздӕхгӕйӕ базыдта хабар йӕ мадӕй. Мад ын уайдзӕф кӕны, кӕй 'йӕ ницӕуыл нымайынц, уый тыххӕй, ома «лӕг у, зӕгъгӕ, нӕ загътой». Фаелæ,. Чермен йӕ сӕрмӕ ӕгаддзипад нӕ хӕссы. Уый нӕ ныббарста ӕлдӕртты фыдраконддзинад, ӕрӕмбырд код­та хъӕуы мӕгуырты, байуӕрста ӕмӕ сын байтауын код­та Тлаттаты зӕххытӕн сӕ хуыздӕрты. Чермен уыдис тынг хъӕбатыр (фӕйнӕгфарс), ныфсджын, тыхджын, хӕрзконд.

Ӕлдӕрттӕ нӕ бауӕндыдысты Чермены ныхмӕ ӕрлӕууын, фӕлӕ йыл сфӕнд кодтой хинӕй рацӕуын: басайдтой йӕ хъӕдмӕ ӕууӕнкӕй ӕмӕ уым йӕ алыварс ӕртыхстысты. Фӕлӕ Чермен ам дӕр та йӕ цард аслам нӕ радта, йе знӕгтӕй бирӕты фӕцагъта.

«Чермены зарӕг» у адӕмы уарзондӕр зарджытӕй иу. Чермены номимӕ баст сты хъӕбатырдзинад, райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинад, адӕмӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ уы- дон сӕрыл тох кӕнын. Цӕгат Ирыстоны мидхӕсты рӕстӕджы фӕзынд революцион къорд, кадхыйӕн йӕ ном схуыдтой «Чермен» («Кермен»), къорды уӕнгты та хуыдтой керменисттӕ.

Чермены ном цӕрдзӕни бирӕ ӕнусты дӕргъы.

Уыцы раныхасы фӕстӕ ахуыргӕнинӕгтӕ байхъуыстой «Чермены зарӕг»-мӕ.

1905—1907 азты Уӕрӕсейы революцийы уылӕнтӕ ӕр- бахӕццӕ сты Ирыстонмӕ дӕр. Фӕзындис революцион разамонджытӕ ирон адӕмы ӕхсӕн. Уыцы рӕстӕджы фӕзындис бирӕ героикон зарджытӕ. Сӕ зынгӕдӕртӕй иу у «Дриаты Антъоны зарӕг». Антъон царди Хуссар Ирыстоны. Дзауы фӕллойгӕнджыты йӕ алыварс ӕрӕмбырд кӕнгӕйӕ, уый тох кӕны ӕлдӕртты ӕмӕ бынӕттон хицӕутты ныхмӕ. Уыцы тохы фӕмард Антъон, ӕмӕ йыл адӕм сарӕзтой зарӕг.

Дарддӕр ахуыргӕнинӕгтӕ хъусынц «Антъоны зарӕг»-мӕ.

Уыйфӕстӕ сын райгом кӕнын кодтон сӕ чингуытӕ, ӕмӕ бакастысты зарджыты тексттӕ. Ам сын бамбарын кодтон, зарджыты кӕй ис, сӕ хъуыдыимӕ ӕппындӕр баст чи нӕу, ахӕм рӕнхъытӕ. Уыдон сты параллелизмтӕ ӕмӕ хъӕуынц строфатӕ баххӕст кӕнынӕн ӕмӕ рифмӕйы тыххӕй. Хӕдзармӕ куыстӕн сын радтон «Кодзырты Таймуразы зарӕг», «Плиты Иссӕйы зарӕг», «Хъалӕгаты фондз ӕфсымӕры зарӕг» бакӕсын. Дыккаг урочы сарӕзтон беседӕ, цы зарджытӕ базыдтой, уыдоны фӕдыл. Бафарстон сӕ, хибарӕй кӕй бакастысты, уыцы зарджытӕй дӕр. Бӕлвырддӕр ӕрлӕууыдтӕн «Плиты Иссӕйы зарӕг»-ыл. Радзырдтон Хъалӕгаты фондз ӕфсымӕры сгуыхтдзинӕдты тыххӕй, кӕцытӕ сӕ рӕзгӕ цард радтой Райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд, цӕмӕй сӕ уарзон адӕм ма хъӕрзой знаджы цырыхъхъы бын.

Урочы кӕрон ахуыргӕнинӕгтӕ байхъуыстой музыкалон-литературон композицимӕ Берозты Тотрадзы тыххӕй.

Ам ныхас цӕуы мӕгуыр хӕххон лӕг Берозты Тотра­дзы тыххӕй. Бухъзӕрдӕ бадилатӕ сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн хъавыдысты зӕронд лӕгӕй ахъазынмӕ, фӕлӕ Тотрадз йӕхи хынджылӕггагмӕ не 'руагъта. Бирӕты дзы ӕрфӕлдӕхта йӕ рӕстдзӕвин ӕхстӕй. Фӕстагмӕ йӕхӕдӕг дӕр фӕмард.

Ахуыргӕнинӕгтӕ тынг ӕнувыдӕн хъуыстой композицимӕ, бӕрӕг уыдис, кӕй сӕм гуырын кӕны арф эмоционалон ӕнкъарӕнтӕ. Уымӕй уӕлдай сын сӕ хъус ӕрдарын кодтон актеры аив кастмӕ.

Хӕдзармӕ куыстӕн сын радтон аив кӕсын зонын зарджыты тексттӕ.

Иннӕ урочы ахуыргӕнинӕгтӕ зынгӕ хуыздӕр кастысты зарджытӕ. Уымӕй уӕлдай ма цалдӕр скъоладзауы ныффыстой радзырдтӕ, урокты дзырд цы хъуыддӕгты фӕдыл цыдис, уыдоныл.

Техникон мадзӕлттӕй нрон литературӕйы урочы пайда кӕнын у стыр ахъаз урочы хӕрзхъӕддзинадӕн, эстетикон хъомыладӕн. Ӕз фӕархайын ууыл, цӕмӕй скъоладзаутӕ арӕхдӕр хъусой актеры дӕсны дзырдмӕ, музыкӕмӕ.

Гъе, ӕрмӕст литературӕйы уроктӕ техникон мадзӕлттимӕ фӕаразын арӕхстгай, фӕлладуадзӕн урок дзы куыд нӕ рауайа, афтӕ, фӕархайын ууыл, цӕмӕй скъоладзаутӕ ӕнӕхъӕн урочы дӕргъы кӕной хъуыды, кусой литературон уацмысыл.

Дӕлдӕр рздзурдзынӕн, ахӕм уроктыл куыд фӕкусын, уый.

ХЪУЫБАДЫ.

Ног ӕрмӕг бацамоныны агъоммӕ сарӕзтон дыбыр беседӕ Къостайы сывӕллоны бонтыл. Зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам цитаттӕ «Чи дӕ»-йӕ:

Мӕн иу ус фӕхаста... Сывӕллон ахуыр, Иӕ дзидзи нӕ ласта Мӕ дзыхӕй, мӕгуыр. Куыд фӕрӕзта уыйас Ӕппӕтӕй дӕр фаг! Фӕцардтӕн ӕм иу аз, Фӕдӕн ӕм дыккаг.

Дыккаг ус ӕрхаста... Ӕркодтой мӕн дӕр... Мӕ «чындз» мӕ нӕ уарзта, Фыдсыл уыд кӕмдӕр! Йӕ рард дӕр ысхуыстӕй, Иӕ рӕвдыд дӕр — над, Иӕ «цу-ма» рӕхуыстӕй, Гъе, уый, дам дын мад!

Ацы скъуыддзӕгтыл ӕрлӕугӕйӕ, бамбарын кодтон, Къостайы сфӕлдыстады сидзӕры обрӕз афтӕ стыр бынат цӕмӕн ӕрцахста, цӕмӕн дзуры зӕрдӕрисгӕйӕ сидзӕры тыххӕй. Бамбарын кодтон дзырдтӕ: уысмӕн, къӕрит, сӕндон, ныхас.

Уыйфӕстӕ аив бакастӕн ӕмдзӕвгӕ «Хъуыбады».

Ӕрмӕг фидар кӕныны рӕстӕджы скъоладзаутӕй

Домдтон аив кӕсын, ӕрхæцӕн нысӕнттыл раст лæууын.

Стӕй радтон фӕрстытӕ:

Чи уыд Хъуыбады?

Куыд хъомыл кодта?

Куыд цардис фыййауӕй?

Цӕмӕн фӕлыгъд йӕ хъӕуӕй?

Куыд.уыд йӕ дард уыйфӕстӕ та?

Цӕмӕ рхауд йӕ зӕронд?

Цӕмӕн ӕрыздӕхт фӕстӕмӕ йӕ хъӕумӕ?

Ссарын дзы адӕмон ӕмбисӕндтӕ. Ӕмбисӕндтӕн зӕгъын сӕ нысаниуӕг.

Урокӕй ма 5—7 минуты бӕрц куы уыди, уӕд байхъуыстам Хъуыбадыйы зарӕгмӕ.

Бафарстон скъоладзауты, куыд сӕм фӕкасти ацы музыкӕ, цӕмӕн афтӕ ӕнкъард у?

Стӕй сын бамбарын кодтон, Къостайы уацмыстӕ кӕй сты тынг музыкалон ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ кӕй систы зарджытӕ. Хӕдзармӕ куыст сын радтон ӕмдзӕвгӕ «Хъуыбады» аив кӕсын ӕмӕ хи ныхӕстӕй дзурын зонын. Аивадон мадзӕлттӕ (эпитеттӕ, барӕнтӕ) дзы ссарын. Хъуыбадыйы миниуджытыл ахъуыды кӕнын.

6-ӕм къласы ахуыр кӕнынц Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕ «Сидзӕргӕс». Ацы ӕмдзӕвгӕимӕ ахуыргӕнинӕгтӕ зонгӕ вӕййынд суанг райдиан скъолайӕ фӕстӕмӕ, арӕх ӕвӕрд фӕцӕуы скъолайы сценӕйы дӕр.

Урочы райдианы сарӕзтон беседӕ Къостайы радзырд «Дзӕбидырдзуаны»-йӕ (ахуыр ӕй кодтой 5-ӕм къласы).

Тынгдӕр сын сӕ хъус ӕрдарын кодтон адӕмы тыхст уавӕртӕм.

«Цардысты уыцы хъӕуы ирӕттӕ. Цардысты тынг мӕгуыр, уый тыххӕй ӕмӕ сын нӕ уыд нӕдӕр хуымгӕнды, нӕдӕр хосгӕрсты зӕхх. Лӕгтӕ-иу цыдысты дзӕбидыр

дзуаны, устытӕ та кодтой хӕдзары куыст».

Ацы скъуыддзагӕй бӕрӕг у, Тедо цуаны цӕмӕн цыди, уый. Ӕмӕ ӕрмӕст Тедо нӕу афтӕ мӕгуыр. Мӕгуыр сты Зебаты хъӕуы цӕрджытӕ иууылдӕр.

«Сӕгътӕ дардтой хъуццыты бӕсты, хӕрджытӕ та бӕхты ӕмӕ галты бӕсты. Дыууӕ хӕрӕджы кӕмӕ уыдис, уый хуындис хъӕздыг. Маргъы мыггагӕй ӕгас хъӕуы уыдис лӕгуын уасӕг ӕмӕ ӕртӕ фыдуынд карчы».

Ацы скъуыддзӕгтӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дзырдтой наи­зусть.

Дарддӕр сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой Тедойы сӕтӕйдзаг хатӕн, фӕнычы фых лауаситӕ, Залийы сагъӕсӕй дзаг ӕнгӕс, Тедо йе 'мбӕлттимӕ гӕдыйау кӕуылты хылдис, уыцы мыствӕндаг. Тедо уыдис сӕрӕн цуанон. Уый иу фехстӕй раппӕрста дыууӕ дзӕбидыры. Цуанон бацин кодта, фӕлӕ йӕ цин бирӕ нӕ ахаста. Чысыл фӕстӕдӕр цуаноны сӕрмӕ фӕзындис дзӕбидыртӕй иу. Тедо федта, куыд агӕпп кодта дзӕбидыр, йӕ сӕрмӕ куыд фезмӕлыд иу дур, дыккаг, ӕртыккаг. Алы дурӕн йӕ фӕдыл хаудысты ӕндӕртӕ къордгай. Дурзӕйы гуыр-гуыр ӕмӕ къӕр-къӕр бӕстӕ ныццарыдта ӕмӕ хъуысти дардмӕ.

Фесӕфт диссаджы сӕрӕн цуанон. Ууыл фӕвӕййы радзырд. Дарддӕр пын фыссӕг пицыуал зӕгъы. Фӕлӕ пӕ рох кӕнынц адӕймаджы зӕрдӕйӕ Тедойы бинонтӕ: Зали ӕнӕбон сылгоймаг йӕ фыртимӕ кӕнӕ зӕронд даринаг фыд Зурапп.

Куыд хъуамӕ цӕрой дарддӕр йӕ мӕгуыр бинонтӕ сӕ дарӕджы фесӕфты фӕстӕ? фӕрсын скъоладзауты. Цы хуызы уайы уӕ цӕстытыл Зали? Цы хъуамӕ кӕнид, сывӕллӕттӕ ма йын фылдӕр куы уаид, уӕд?

Афтӕ беседӕйы руаджы ахуыргӕнинӕгты цӕстытыл ауайын кодтон саударӕг Залийы обрӕз. Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ дзуаппыты дзырдтой бинонты тыхст царды тыххӕй, ахӕм цардӕй бирӕ кӕй нӕ бафӕраздзысты, кӕй ныннизджынтӕ уыдзысты ӕмӕ кӕрӕдзийы фӕдыл кӕй мӕлдзысты, уый.

Афӕдзы афонтӕй сын кӕцыйы уыдаид уӕлдай зындӕр цӕрӕн? фӕрсын дарддӕр.

Ахуыргӕнинӕгтӕ зӕгъынц:

Зымӕджы.

Уыйфӕстӕ ӕз фӕйнӕгыл бакодтон дыууӕ нывы (скодта сӕ 5-ӕм къласы ахуыргӕнинаг Плиты Руслан).

Фыццаджы ӕвдыст цӕуы зымӕгон тымыгъ, раззаг пъланы сындзы къалиуыл баргъӕвст халон, фӕстаг пълаиы зыны Нары хъӕу. Нывы бын фыст:

Халон баргъӕвст сындзыл, Уад тымыгъ хӕссы,

Cay айнӕджы рындзыл Нары хъӕу хуыссы.

Дыккаг нывы ӕвдыст цӕуы хӕххон къӕс. Астӕуӕй къона, йӕ сӕрмӕ аг. Къонайы алыварс бады сидзӕргӕс йӕ сывӕллӕттимӕ. Фӕздӕг ахӕлиу фӕйнӕрдӕм. Нывы бын фыст:

Артдзӕсты кӕрӕтты Фӕныкмӕ ӕнгом Бадынц сывӕллӕттӕ: Чи бӕгънӕг, чи гом.

Нывтӕ куы бакодтон фӕйнӕгыл, уӕд байфтыгътон проигрыватель дӕр., ӕмӕ къласы айхъуыст «Сидзӕргӕс»-ы мелоди. Сывӕллӕттӕ ныхъхъус сты. Зарӕг куы фӕци, уӕд дзы чидӕр сабыргай сдзырдта: «Сидзӕргӕс».

Райдыдтон беседӕ, чи сӕ цы зоны ӕмдзӕвгӕйӕ, уымӕй. Беседӕ фыццаг нывмӕ гӕсгӕ, ома цавӕр рӕстӕджы цӕуы архайд, стӕй та дыккаг нывмӕ гӕсгӕ: цавӕр уавӕры бахаудысты сидзӕртӕ ӕмӕ сын цы сфӕнд кодта сӕ мад? Каем фесӕфт сӕ фыд? Урок рауадис афтӕ, цыма «Сидзӕргӕс» уыд «Дзӕбидырдзуаны» дарддӕр хай.

Сидзӕртӕн сӕ фыд фесӕфт зӕйы бын, ӕмӕ сӕ ныр дарӕг нал ис. Сӕ мадӕн йӕ бон нӕу уал сывӕллоньг хӕссын. Нӕй сӕм хӕринаг ӕмӕ сӕ сайы, цӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ хуыссӕг фӕтых уа ӕмӕ бафынӕй уой.

Уыйфӕстӕ райдыдтам текстыл кусын. Фыццаг мӕхӕдӕг аив бакастӕн текст. Бамбарын сын кодтон дзырд «ӕхсӕлы». Стӕй кӕсынц скъоладзаутӕ, домын сӕ аив каст, ӕрхӕцӕн нысӕнттыл раст лӕууын, логикон цавд раст ӕвӕрын.

Хӕдзармӕ куыст сын радтон: ӕмдзӕвгӕ аив кӕсын ӕмӕ хи ныхӕстӕй дзурын зонын.

Техникон мадзӕлттӕй пайда кӕнӕн ис урокты алы этапты дӕр. Ӕрмӕст ахъуыды кӕнын хъӕуы, кӕд ӕмӕ кӕм хуыздӕр уыдзӕн йе спайда кӕнын. Кӕд «Сидзӕргӕс» ахуыргӕнгӕйӕ проигрывателӕй спайда кодтон ног ӕрмӕгбацамоныны агъоммӕ, уӕд, зӕгъӕм, 6-ӕм къла­сы «Дыууӕ дидинӕджы» цӕугӕйӕ та копьютерæй спайда кодтон ног ӕрмӕг бацамоныны фӕстӕ.

Къласы бакуыстам «Дыууӕ дидинӕг»-ыл, равзӕрстам ын йӕ идейон мидис, йӕ аивадон мадзӕлттӕ. Стӕй бахӕс кодтон скъоладзаутӕн сахуыр кӕнын наизусть хӕххон кӕнӕ быдырон дидинӕджы ныхӕстӕ. Бамбарын сын кодтон, хуыздӕр сӕ чи дзура, уыдон видео ныффысдзынӕн, зӕгъгӕ.

Иннӕ хатмӕ скъоладзаутӕй иутӕ сахуыр кодтой хӕххон дидинӕджы ныхӕстӕ, иннӕтӕ та быдырон дидинӕджы ныхӕстӕ. Равзӕрстон, хуыздӕр чи дзырдта, уыдон ӕмӕ сӕ урочы фӕстӕ ныффыстон магнитон лентыл, стӕй сӕ сӕхимӕ байхъусын кодтон. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ дзырд сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд: бафиппайдтой, ӕгӕр тагъд кӕй дзурынц ӕмӕ мын загътой, иннӕ бонмӕ йӕ хуыздӕр кӕй бацӕттӕ кӕндзысты, куырдтой, цӕмӕй ацы фыст фехалон. Иннӕ урокмӕ ӕцӕгдӕр зынгӕ хуыздӕр сахуыр кодтой скъуыддзӕгтӕ.

Афтӕ сӕхимӕ куы байхъусынц скъоладзаутӕ, уӕц хуыздӕр бамбарынц сӕ касты хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ архайынц се сраст кӕныныл дӕр.

Компьютерæй спайда кӕнын уацмысӕн анализ кӕн гӕйӕ дӕр.

Зӕгъӕм, 8-ӕм къласы Плиты Грисы трагеди «Чермен»-ӕн анализ цы урочы кодтам, уымӕ ӕз бацӕттӕ кодтон Чермены монолог. Кастис ӕй 10-ӕм къласы ахуыргӕнинаг (Культурӕйы хӕдзары драмон къорды архайӕг).

Уымӕй уӕлдай ма самал кодтон иу- чысыл скъуыддзаг, Даккоитӕ Бестолы йӕ фырты фесафыныл кӕм ардауынц, уыцы сценӕйӕ.

Урок сарӕзтон афтӕ. Райдианы зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам, цы у драмон уацмыс, цавӕртӕ вӕййынц драмон уацмыстӕ, цы у трагеди. Радтон ахӕм фӕрстытӕ:

Кӕцы дуг ӕвдыст цӕуы трагедийы?

Цавӕр къордтыл дих кӕнынц трагедийы архайджытӕ?

Чи уыд Чермен? (кӕй-иу хуыдтой кӕвдӕсард?)

Ранымайут-ма Чермены миниуджытӕ.

Скъоладзаутӕ ранымадтой, уымӕй дзы алы миниуӕгӕн дӕр чиныгӕй истой ӕвдисӕндар цитаттӕ.

Чермен уыдис ӕргомдзырд ӕмӕ кӕддӕриддӕр мӕгуыр адӕмы ӕфхӕрджытӕн комкоммӕ дзырдта.- Даккойӕн зӕгъы:

Фӕлӕ ды стигъӕг удхор куы дӕ, бирӕгъ, Лӕгӕн йӕ рихи худинаггӕнӕг!

Уый нӕ тарстис йе 'фхӕрджытӕй ӕмӕ ныфсджынӕй ныхмӕ лӕууыд.

Лӕгдӕр уӕ чи у — рацӕуӕд хӕстӕг!

Чермен нал хӕссы йӕ сӕрмӕ цагъайраджы цард ӕмӕ зӕгъы:

Нӕ, адонимӕ нӕу мӕнӕн цӕргӕ, Ӕфхӕрддзинад мӕ хъару нал у барын... Мӕныл лӕджы бар мауал цӕуа хъуамӕ!

Чермен хорз ӕмбары, кӕй никуы уыдзӕн фидыд мӕгуыр ӕмӕ хъӕздыджы ӕхсӕн. Даккойӕн зӕгъы афтӕ:

Дӕ мыггаг ӕмӕ хистӕртимӕ мах Нӕ кӕрӕдзийӕн кард ӕмӕ фыд ыстӕм; Зынг ӕмӕ донӕн иугӕнӕн куыд нӕй, Куыд нӕй мӕлӕтӕй царды хсӕн лымӕнад, Нӕй уыйау махӕн фидыды нысан: Цагъары ном ӕз нал хӕссын мӕ сӕрмӕ, Мӕ бархи та сын не суыдзӕн фӕндон.

Дарддӕр ӕз дӕттын фарст:

Цавӕр ахастдинӕдтӕ уыд Бестол ӕмӕ Чермены хсӕн?

Скъоладзауты дзуаппы фӕстӕ байхъуыстой Чермены монологмӕ.

Бӕргӕ мын фыд куы раттаид хуыцау!Цы диссаджы ӕвзыгъд кӕстӕр ын уаин! Лӕгдыхӕй-иу ын рафӕлдахин хох, Ыскӕнин фос, уыгӕрдӕнтӕ йын дасин, Уираг дурыл ӕрзайын кӕнин хор!.. Цы хорздзинад мын бацамонид къухӕй, Ӕмӕ кӕнын цы не суаид мӕ бои! Мӕ бар цӕуид мӕ уӕззау хндвӕллойыл, Ӕнцойбон-иу зӕрдӕрухсӕй ӕз дӕр Мӕ карӕнты хсӕн цардхуызӕй ӕрлӕуунн... Каеннод ма кӕс, цы хуызӕн дӕн: нырма Сӕрак дзабыр нӕма скодтон мӕ къахыл, Куырӕт ӕнӕ 'мпъызт ме рагъыл нӕ уыд, Мӕ худ — сӕгъдзармӕй, цухъа циу нӕ зонын, Мае боны дарӕс, ме хсӕвхуыссӕн — ну...

Дада та 'лдар у! Хорз фыд ма цы вӕййы!.. Мӕнӕн фыд нӕй. Мӕнӕн фыд нӕй! Нӕй, нӕй!

Ацы скъуыддзагмӕ байхъусгӕйӕ ахуыргӕнинӕгты цӕстытыл уӕлдай тыхджындӕрӕй ауайы ӕфхӕрд фырты хъысмӕт, йӕ ӕрхӕндӕг ӕмӕ уыимӕ уарзӕгой зӕрдӕйы уаг, йӕ бӕллицтӕ, йӕ сагъӕс. Уыцы сценӕ Черме­ны уӕлдай тынгдӕр бауарзын кӕяы, ӕнцондӕрӕй йын фӕдӕттынц характеристикӕ, фӕзыны сӕм Чермены аккаг ныхӕстӕ.

Дарддӕр кусӕм Чермены характеристикӕйыл.

Куыд ӕмбары Чермен уӕздандзинад? фӕрсын ӕз. Скъоладзаутӕ ссардтой дзуапп чиныджы:

Ӕмӕ уӕздан зӕгъынӕй у ӕрмӕст?

Цал сидзӕргӕсӕн ацыдыстут зиуы?

Йе цал мӕгуырӕн сарӕзтат хӕдзар?

Цы дӕм кӕсы уӕздандзинад? Ӕфхӕрын,

Тыхмитӕ, давын, магусайы цард,

Куыстыл ӕлгъ кӕнын, искӕй рагъыл бадын,

Гъе уый дын у уӕздандзинад? Нӕ, уый

Ирон дзыллӕ уӕздандзинад нӕ хонынц.

Уӕздандзинад куыстӕй гуыры фыццагдӕр...

Сӕхи фӕхонынц бирӕтӕ уӕздан,

Фӕлӕ сӕм иу уӕздан ми дӕр нӕ вӕййы...

Цыма уӕздан йӕ дарӕсӕй вӕййы!

Нӕ, ӕз уӕздан ӕндӕрхуызон ӕмбарын: Куыстыл ӕмӕ фӕллойгӕнӕг лӕгыл Ӕлгъ чи кӕны, ӕлгъаг йӕхӕдӕг уый у!

Скъоладзаутӕ дарддӕр радзырдтой Чермены хъӕбатырдзинӕдтӕ. Кӕд Черменӕн ӕлдӕрттӕ уыдысты ӕнӕуынон, ӕмӕ семӕ карз тох кодта, уӕд мӕгуыртимӕ та уыдис сывӕллонау фӕлмӕнзӕрдӕ. Чермен уыдис адӕмон герой, мӕгуырты сӕрхъуызой. Уый канд йӕхи амондыл нӕ тох кодта, тох кодта, йӕ алыварс ӕлдӕртты фӕсдуӕртты хъизӕмар чи кодта, уыцы цагъарты амон­дыл.

Тлаттаты уӕздӕттӕн характеристикӕ дӕтгӕйӕ скъоладзаутӕ сӕргом кодтой уыдонӕн сӕ фыдмитӕ, хъал зӕрдӕйы уаг, мӕгуыр адӕмы фӕллойэе куыд хъӕздыг кодтой, куыд сӕ стыгътой, куыд ницӕмӕ сӕ дардтой, уый. Уӕлдайдӕр рахицӕн кодтой Даккойы маргӕйдзаг зӕрдӕйы хатт. Зыд ӕмӕ кӕрӕф, бафсис кӕмӕн нӕй, лӕджы туг дойныйӕн чи нуазы, уыцы Даккойы. Цӕмӕй скъоладзауты цӕстытыл Даккойы обрӕз хуыздӕр ауайа, уый тыххӕй байхъуыстам трагедийӕ иу скъуыддзагмӕ. Дакко (кӕсы йӕ сгуыхт артист Сланты Къоста) ардауы Бестолы, цӕмӕй йӕ иунӕг фыртмӕ йӕ къух сиса. Балбирӕгътау бакъорд вӕййынд Тлаттаты уӕздӕттӕ ӕмӕ фыдвӕнд ныккӕнынц Чермены ныхмӕ,

Ацы скъуыддзагмӕ байхъусгӕйӕ скъоладзаутӕн ӕнцондӕр уыдис адӕмы знӕгты дыдзӕсгомдзинад равдисын. Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ дзуаппыты ӕлдӕртты схуыдтой «балбирӕгътӕ», раргом кодтой, цас фыдзӕрдӕ уыдысты, фӕллойгӕнджыты туг дойныйӕн куыд нызтой, уыдӕттӕ.

Урочы фӕстӕ скъоладзаутӕ мӕ алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ куырдтой, цӕмӕй «Чермен» сӕвӕрӕм сценӕйыл, иуӕй-иутӕ та сразы сты Чермены монолог сахуыр кӕныныл.

Уыцы хъуыддаг уый бӕрӕг кӕны, ӕмӕ ахӕм уроктӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕй цӕуынц, се 'ргом тынгдӕр кӕй здахынц мадӕлон литературӕмӕ. Компьютер у стыр пайда фӕсурокты куыстӕн дӕр.

Кочысаты Розӕйы комеди «Нӕ пъырыстыф сӕрра» ахуыр кӕныны размӕ литературон къордимӕ бацӕттӕ кодтам комеди рольтӕм гӕсгӕ аив кӕсын. Ныффыстон ӕй видеомæ ӕмӕ дзы спайда кодтон урочы. Ахуыргӕнинӕгтӕ текст чиныджы кӕсыны бӕсты фехъуыстой рольтӕм гӕсгӕ аив кастӕй. Уый сын ӕххуыс уыди персонажты характертӕ хуыздӕр бамбарынӕн. Ууыл дзурӕг уыдысты, комедийӕн анализ кӕнгӕйӕ цы дзуаппытӕ лӕвӕрдтой, уыдон.

Компьютер стыр ахъаз сты ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕн сӕ ӕрвылбоны куысты. Уый ӕххуыс у хъомыладон куыст ӕнтыстджындӕрӕй цӕмӕй ацӕуа, уымӕн.

Уыимӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы, цӕмӕй ахуыргӕнӕг йӕ куыст, йӕ предмет бирӕ уарза, цӕмӕй йӕхӕдӕг хайджын уа, ахуыргӕнинӕгты цы миниуджытыл ахуыр кӕны, уыдонӕй.

Ахуыргӕнӕг йӕ предмет куы уарза, йӕ ныхас зӕрдӕйы бынӕй куы цӕуа, уӕд уыцы ӕнкъарӕнтӕ ӕнӕмӕнг бахиздзысты сывӕллӕттӕм дӕр.


 

Опубликовано


Комментарии (3)

Куликова Ирина Геннадьевна, 04.03.22 в 23:38 1Ответить Пожаловаться
Я тоже не понимаю, раз по-прежнему практикуется выкладывание подобных работ, значит предыдущие пропускают?
Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.