Методическая разработка по осетинскому языку в 7 классе на тему «Наречие»
Кодалаева Залина Викторовна,
учитель родного языка
МБОУ СОШ №24 им. Бутаева К.С.
Пояснительная записка к уроку
Тема урока: НАРЕЧИЕ.
Тип урока: освоение нового материала
Форма урока: урок – исследование
Реализуемый уровень обучения: базовый
Необходимые технические средства и материалы для проведения урока : ноутбук, мультимедийный проектор, маркерная доска
Представляемая идея, замысел разработки:
Данный урок разработан в соответствии с Федеральным государственным образовательным стандартом начального общего образования (ФГОС НОО).
На уроке формируется совокупность универсальных учебных действий (УУД).
На уроке используются технологии, которые способствуют формированию и развитию у обучающихся умения учиться, учиться творчески и самостоятельно: системно деятельностный подход, концептуально базирующийся на обеспечении соответствия учебной деятельности младших школьников их возрасту и индивидуальным особенностям, является одним из эффективных в обучении, в том числе и на уроках родного языка.
На уроке применяются исследовательская деятельность с использованием дидактического материала и проводимая в различных формах с помощью средств мультимедиа. Они повышают качество образовательного процесса: позволяют вовлечь всех обучающихся в активную познавательную деятельность, способствуют развитию у школьников интереса к учебному предмету, созданию у них эмоционального настроя к учению, дают возможность раскрыть и обобщить изученный материал, осознанно применить приобретенные знания, проявить личностные качества.
Технологические подходы по реализации идеи урока: технология использования в обучении игровых методов; проблемнодиалогическая технология (обучающиеся самостоятельно решают познавательные задачи, создают и решают проблемную ситуацию); информационнокоммуникативные технологии; здоровьесберегающие технологии.
Самоанализ представленного урока
Целью данного урока является: создать условия для ознакомления с наречием как частью речи и для организации исследовательской деятельности учащихся с целью определения наречия как неизменяемой части речи; развивать умение находить наречия в тексте; совершенствовать умения задавать вопросы к наречиям и определять, каким членом предложения они являются; создать условия для формирования у учащихся практического умения выделять в тексте словосочетания, в которые входит наречие; содействовать воспитанию интереса к родному языку, культуры учебного труда на уроке.
По типу урока это урок открытия нового знания, при использовании проблемно диалогической технологии. Форма урока: урок – исследование. В соответствии с темой урока, целью и задачами были выбраны формы организации учебной работы: индивидуальная, парная и групповая. А также использовано оборудование: ноутбук, мультимедийный проектор, маркерная доска.
Структура урока.
Соответствие урока требованиям ФГОС: 1. Ориентация на новые образовательные результаты 2. Нацеленная деятельность на формирование УУД
Планируемые результаты:
предметные: познакомятся с наречием как частью речи; научатся находить наречия в тексте; задавать вопросы к наречиям и определять, каким членом предложения они являются; выделять в тексте словосочетания, в которые входит наречие; употреблять наречия в письменной и устной речи; выполнять морфологический разбор слова; классифицировать слова на группы по грамматическим признакамличностные: ориентироваться на содержательные моменты школьной действительности и принимать образец «хорошего ученика»; проявлять этические чувства (стыд, совесть, доброжелательность и эмоциональнонравственная отзывчивость), сочувствие и сопереживание; понимать чувства одноклассников, собеседников; иметь установку на здоровый образ жизни и реализовывать ее в реальном поведении и поступках; проявлять бережное отношение к материальным и духовным ценностям.
Универсальные учебные действия:
Познавательные: ориентироваться в учебнике: определять умения, которые будут сформированы на основе изучения данного раздела; определять круг своего незнания; понимать заданный вопрос, в соответствии с ним строить ответ в устной форме; составлять устно монологическое высказывание по предложенной теме (рисунку); регулятивные: самостоятельно формулировать задание: определять цель, планировать алгоритм выполнения, корректировать работу по ходу выполнения, самостоятельно оценивать; использовать при выполнении задания справочники и словари; определять самостоятельно критерии оценивания, давать самооценку; коммуникативные: отстаивать свою точку зрения, соблюдая правила речевого этикета; аргументировать свою точку зрения с помощью фактов и дополнительных сведений; критично относиться к своему мнению; уметь взглянуть на ситуацию с иной позиции и договариваться с людьми, придерживающимися другого мнения; понимать точку зрения другого. 3.Использование современных образовательных технологий проблемнодиалогической технологии, ИКТ, технология здоровьесбережения
Содержание урока:
Каждый этап урока был нацелен на достижение определённого результата. Этап Результат Форма достижения
1. Организационный момент
Цель: Создание условий для осознанного вхождения учащихся в пространство деятельности на уроке.
2.Актуализация знаний
Цель: Повторение изученного материала, необходимого для «открытия нового самостоятельная работа Готовность к деятельности, положительная эмоциональная направленность. Актуализация изученных способов действий, развитие мыслительных операций. Фронтальная работа Самостоятельная работа. Взаимопроверка.
3. Сообщение темы урока. Определение целей урока Цель: Мотивация к пробному учебному действию, выявление и фиксация затруднений в индивидуальной деятельности каждого.
4. Объяснение нового материала. Наблюдение и исследование языкового материала. Организация Цель: коммуникативного взаимодействия построения способа действия. для нового
5. Дальнейшая работа по закреплению и обобщению приобретенных знаний и умений.
Цель: Построение нового способа действия, зафиксировать во внешней речи новое учебное действий. Фиксация во внешней речи причины затруднения. Проблемный вопрос Формулировка учебной задачи как темы урока Предположение Целеполагание Сформулированное правило, представленное в громкоречевой форме и графической .
Анализ объектов с опорой на визуализацию Выполненное задание. исследовательская деятельность работа в парах работа в группах инструкция предъявление результата схемамодель правила чтение, наблюдение, сравнение, анализ, диалог, монолог, слушание схемымодели правил работа с текстом учебника работа в тетради на печатной основе работа в парах самопроверка по слайду взаимопроверка
7. Итог урока. Рефлексия
Цель: Осознание учащимися своей учебной деятельности, самооценка деятельности Зафиксированное учебное действие, оценка собственной деятельности. Лист самооценки «Дерево знаний»
Считаю, что заявленной цели и поставленных задач проведённый урок достиг.
Доброжелательная обстановка, позитивный настрой на урок, подбор заданий помог каждому ребёнку на занятии продвинутся в своём индивидуальном развитии.
Методическая разработка по осетинскому языку в 7 классе.
Грамматическая тема: «Фæрсдзырд» (Наречие)
"Адæймаг йæ хорз хъуыддæгтæй фидауы"
Урочы нысантæ :
Фæрсдзырд ныффидар кæнын.
Ныхасы рæзтыл куыст: Сывæллæтты лексикæйы хъæздыгдзинадыл кусын. Ахуыр кæнын хибарæй хъуыды кæныныл,хатдзæгтæ кæнын æмæ хи хъуыды æргом кæнын.
Хъомыладон хæс: Ирон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын. Разæнгард кæнын æрдз хъахъхъæнын.
Хъомыладон куыст бакæнын-бацамонын, Адæймаджы хорз хъуыддаегтыл аердзурын.
Цæстуынгæ æрмæг урокмæ :
Фæрсдзырд æвзарыны схемæ.
Сюжетон ныв «Æрдзы хъæбысы».
Интерактивон фаейнаегаей пайда каенын
Урочы цыд :
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. (фæрстытæ раттын рацыд æрмæгæй).
Тематикон диктант.
Мит уары. Куы – фæрсмæ, куы – уырдыгмæ. Дымгæ йæ кæцырдæм ахоны, уыцырдæм азилы. Йæхи бар куы аззайы, уæд хæмпус тъыфылтæ æсмурдыг фæраст вæййынц æмæ гæлæбутау æнæ уынæрæй се’мбæлтты фарсмæ æрбадынц.
Мит алкæмæ дæр æмхуызон цæстæй кæсы. Зæххы алы гæппæлыл дæр æмхуызон уары йæхи. Йæ ахорæнæй никæй зæрдæхудты цæуы. Цæуыл æмбæлы, уый урс-урсид хуыз райсы.
Дзасохты Музафермæ гæсгæ.
Бацамонын фæрсдзырдты, цавæр фæрстытæн дæттынц дзуапп, сæ бæрцбарæнтæ.
-Ахуыргæнæг : Сбæрæг кæнæм, нæ тематикон диктант цавæр ныхасы хайыл дзуры, уый. Ацы фарстæн нын дзуапп раттынæн феххуыс уыдзысты фæрстытæ : Куыд? Куыдæй? Кæдмæ? Кæдæй? Кæдæм? Кæуæй? Кæм? Цæмæн? Цæй тыххæй? цæмæ гæсгæ? Кæд? Цас? æ.а.д.
-Ахуыргæнæг : Фæрсдзырд у æнæивгæ сæрмагонд ныхасы хай, æвдисы архайды æууæл (рæсугъд кафын, сындæггæй цæуын, сабыргай дзурын), æууæлы æууæл (тынг хорз ахуыр кæнын, диссаджы рæсугъд æрдз), стæй, архайд цы фадæтты цæуы, уый (афон, бынат, æфсон, нысан).
Хъуыдыйады фæрсдзырд арæхдæр вæййы фадатон дзырд.
Ирон адæм ныртæккæ дæр цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц бирæ рагон æгъдæуттæ.
Фæлæ ма урс митыл фæдтæ хорз зындысты.
Лæг арæхстгай ныххыст къардиумæ.
Сывæллæттæ, бахахх кæнут фæрсдзырдтæ. Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ фæрсдзырдтæ дих кæнынц цалдæр къордыл.
-Ахуыргæнæг : фæйнæгыл таблицæмæ кæсæм æмæ йæ амонæм :
Фæрсдзырдтæ | Фæрстытæ | Дæнцæгтæ |
Архайды хуызы | Куыд? Куыдæй? | Лæмбынæг кæсы. |
Бæрцон | Цас? Цæйбæрц? | Бирæ кæсы, дзæвгар зоны. |
Къæнхæны | Куыд? Цас? | Тынг рæвдз кæсы, иттæг хорз ахуыр кæны. |
Афоны | Кæд? Кæдæй? Кæдмæ? | Абон цæуæм, рагæй нырмæ зонынц. |
Бынаты | Кæм? Кæдæм? Кæцæй? | Хæрдмæ скаст, дард цæры. |
Æфсоны | Цæмæн? | Æфсæрмæй баззадис. |
Нысаны | Цæмæ? Цæмæн? Цæй тыххæй? | Барæй ныффыста, фыдæнæн худы. |
Скъоладзаутæ æвзарынц фæрсдзырд, амонынц сын сæ нысаниуджытæ.
-Ахуыргæнæг : Æркæсæм-ма 160-æм фæлтæрæнмæ æмæ сбæрæг кæнæм, фæрсдзырдтæ цывæр хауынц. Иугай дзурынц æмбарын кæнынц фæрсдз.
1. Дзуры арæхстгай (куыд?)
2. Иу гыццыл рауадыстæм (цæйбæрц?)
3. Иттæг хорз бæрæггæнæн (куыд?)
4. Баззадис дысон (кæд?)
5. Бынты абырыдис (кæцæй?)
6. Фыр цинæй зары (цæй тыххæй?)
7. Барвæндæй ацыдис (куыд?)
Сбæрæг сын кæнæм сæ нысаниуджытæ.
Дзуапп дæттынц ахуырдзаутæ.
-Ахуыргæнæг : скæнæм хатдзæгтæ : 1) Цы базыдтам фæрсдзырдты тыххæй, сæ нысаниуджытæм гæсгæ цавæртæ сты?
Дзуапп :
Архайды хуызы.
Бæрцон.
Къæрхæны.
Афоны.
Бынаты.
Æфсоны.
Нысаны.
2) Цавæр фæрстытæн дæттынц дзуапп?
3) Дзырд «æмбæлттæн» ссарут йæ синоним.
-Ахуыргæнæг : байхъусæм æмæ бакусæм нæ темæйыл «Адæймаг йæ хорз хъуыддæгтæй фидауы»
Йæ хъуыды йын цæмæй бамбарæм, уый тыххæй бакæсæм Чеджемты Георы радзырд «Хæххон стъалы» - йæ скъуыддзаг :
-Уырны мæ, уырны, нæ гыццыл Аланæй адæймаг рауайдзæнис… Уымæн æмæ æгъдауджын, ныфсджын æмæ сæрæн у (зæронд Асланбеджы ныхæстæ).
1) Раст зæгъы Асланбег?
2) Зымæгон хъæдмæ ныфсхастæй ауыдис Алан сагты ирвæзын кæнынмæ.
3) Цæмæн рамæсты Алан йæ сыхаг лæппутæм?
4) Цавæр удвæрны миниуджытæ ис Аланмæ?
5) Аланы цæнтæнгас гæсгæ бамбарын кæнут?
-Кæимæ ныхас кæныс, мæ хъæбул?
-Мæ райгуырæн хæдзаримæ, мæ уарзон хæхтимæ!
-Æмæ дын дæ ныхас æмбарынц?
-Мах æнæ ныхасæй дæр кæрæдзийы æмбарæм.
Сывæллæттæ сæ хъуыдытæ дзурынц.
1)Раст бакодта Алан?
2) Куыд бамбарын кодта уæзданæй Афæхъæйы лæппутæн сæ рæдыд?
Хатдзгтæ скæнын :
Радзырды сæйраг хъуыды бамбарын кæнын :
Цæмæн схуыдта фыссæг чысыл Аланы хæххон стъалы?
Цавæр удвæрн ис Аланæн?
Ранымайут сæ :
фæлмæнзæрдæ
уарзæгой
æгъдауджын
куыстуазæг
рæстæг
намысджын
уæздан
хиуылхæцгæ
Фæйнæгыл фыст дзырдтæ раст фæткыл равæрын, цæмæй сæ хъуыдыйад рауайа
Уды, рæсугъддзинад, адæймаджы.
Дзуапп : Адæймаджы уды рæсугъдзинад.
-Ахуыргæнæг : куыд хъуыды кæнут, сывæллæттæ, æмбалæн æххуыс кæнын хъæуы, æмбалдзинадæн аргъ кæнын, кайдзог цæуын æвзæр у, фæстæмæ дзурын æнæгъдаудзинад у, хистæрты зондамындмæ байхъусын.
Сывæллæттæ цæвиттонтæ хæсынц.
Атасындзæг кæнут уæ тетрадты номивæг уый
Хауæнтæ | æххæст | цыбыр |
Номон | уый | - |
Гуырынон | уый | йæ |
Дæттынон | уымæн | йын |
Иртæстон | уымæй | йæ |
Арæзтон | уымæ | йæм |
Æ.-б. | ууыл | йыл |
Цæдисон | уыимæ | йемæ |
Хуызæнон | уыйау | - |
Нывмæ гæсгæ куыст «Æрдзы хъæбысы».
Нывмæ гæсгæ скæнут дзырдбæстытæ.
Бацамонут дзы ныхасы хæйттæ.
Фæрсдзырдтæн сæ фæрстытæ сбæрæг кæнут.
-Ахуыргæнæг :
Фæрсдзырдтæн ис бæрцбарæнтæ :
Бындурон бæрц – рæсугъд кафын.
Барæн бæрц – рæсугъддæр кафын.
Барæн бæрц фæрсдзырдтæ æвдисынц архайды миниуæджы фылдæр кæнæ къаддæр бæрц :
сабыр дзурын – сабырдæр дзурын,
рæвдз нымайын – рæвдздæр нымайын.
Фæрсдзырдты барæн бæрц арæзт цæуы, бындурон бæрцы фæрсдзырдмæ фæсæфтуандæр æфтаугæйæ :
Аив фыссын – аивдæр фыссын.
Фæрсдзырдты уæлахизон бæрц арæзт цæуы барæн бæрцы фæрсдзырдтæм къæпхæны фæрсдзырдтæм иууыл, уæлдай æфтауыны руаджы :
Рæвдз архайын – иууыл рæвдздæр архайын.
Бахъуыды кæнын :
Нымæцон иу æмæ номдартæй арæзт фæрсдзырдтæ фыссын хъæуы хицæнæй :
Иу бон
Иу хатт
Иу райсом
Разæфтуантæ æм-, фæс-, дæл-, уæл-, мид- æмæ æндæрты руаджы арæзт дзырдтæ фыссын хъæуы æмхæстæй :
Æмхъæлæсæй
Фæссихор
Дæлбыл
Уæлхæдзар
Мидбылты
Дзырды бындур дывæр кæныны фæрцы цы вазыгджын фæрсдзырдтæ арæзт цæуынц, уыдон фыссын хъæуы дефисимæ :
Хъæуи-хъæу
Фæрсæй-фæрстæм
-Ахуыргæнæг : фæрсдзырдтæ арæзт цæуынц номдартæй ( Сывæллæттæ уæлвæндаг сарæзтой Митын лæг.);
миногонтæй (тагъд згъоры, цырдгомау цæуын.);
нымæцонтæй (фыццаджыдæр, дæ хæс у ахуыр кæнын, иугай цæуынц.);
номивджытæй (ацырдæм рацæут, сæхимæ ацыдысты.).
фæрсдзырдтæй арæзт фæрсдзырдтæ фæсæфтуанты руаджы : -гомау, -ау (æввахсгомау, бæрзондгомау, фæстиау, фæлиау).
Куыд равзарын хъæуы фæрсдзырд.
Иумæйаг грамматикон нысаниуæг (архайды æууæл æвдисы æви æууæлы æууæл).
Райдианы формæ (кæд фæрсдзырд барæн бæрцы кæнæ уæлахизон бæрцы ис, уæд).
Хуыз нысаниуæгмæ гæсгæ.
Бæрцбарæн (кæд ис, уæд).
Синтаксикон функци (цавæр хъуыдыйады уæнг у).
Кавказаг адæммæ рагæй дæр уазæг Хуыцауы лæварæй кадджындæр у.
Рагæй – фæрсдзырд, æвдисы архайды æууæл; кадджындæр у кæдæй, рагæй; афоны фæрсдзырд; хъуыдыйады у афоны фадатон дзырд.
Дзырдтæ : Кавказ, уазæг, адæм – сæвæрут цавд.
Урокæн хатдзæг скæнын.
Хæдзармæ куыст :
1. Нывмæ гæсгæ чысыл нываецаен ныффыссын
2. Рафыссут хъуыдыйæдтæ фæрсдзырдтимæ.
3. Радзурут уæ хорз хъуыддæгтыл, удварны æууæлтæ ранымайут.
Литературае:
Бибаева М.В. Осетинский язык. 7 класс. / Бибайты М. . - Дзӕуджыхъӕу : СЕМ, 2021.- 193 с.
Колиева И.Н. Ирон ӕвзаг. 7 [Текст] / Колыты Иринӕ. - Дзӕуджыхъӕу : СЕМ, 2021. – 188 с.
Таказов Ф.М. Самоучитель осетинского языка. Часть 1. Издательство «МОН»