12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовала
Валиева Илона Тенгизовна28
Мой родной язык! Ты – память, история и могущество моего народа! В моем родном языке отображаются обычаи, традиции, быт моего народа, его ум и опыт, красота и сила души. Не зря говорят, что «родина начинается с колыбельной, с той, которую поют на родном
Россия, Северная Осетия-Алания респ., Владикавказ
0

«Царды цалхӕн бауромӕн нӕй. Дидинджытӕ дидинӕг ракалдтой. Символон фӕлгонцтӕ Цӕгӕраты Максимы радзырд «Фӕстаг ӕхсӕв»-ы».

11

 

3-ӕм астӕуккаг скъолайы

ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг

Уалыты Илонӕ Тенгизы чызг

ирон литературæйы урок


 

Урочы темӕ: «Царды цалхӕн бауромӕн нӕй.

Дидинджытӕ дидинӕг ракалдтой.

Символон фӕлгонцтӕ Цӕгӕраты Максимы радзырд «Фӕстаг ӕхсӕв»-ы».


 

г. Дзӕуджыхъӕу

 

Урочы темӕ:ЦАРДЫ ЦАЛХÆН БАУРОМÆН НÆЙ. ДИДИНДЖЫТÆ ДИДИНÆГ РАКАЛДТОЙ.

Символон фӕлгонцтӕ Цӕгӕраты Максимы радзырд «Фӕстаг ӕхсӕв»-ы.

Урочы нысан:

1. Ахуыргӕнинӕгтӕн радзурын Цӕгӕраты Максимы цард ӕмӕ сфӕлдыстад.

2. Ахуыргӕнинӕгты фӕлтӕрын хъуыды кӕныныл, хатдзӕгтӕ кӕныныл, хи цӕстӕнгас ӕвдисыныл, уагъдибарӕй сӕ зонындзинӕдтыл кусыныл.

3. Фыссӕгмӕ уарзондзинад сӕвзӕрын кӕнын скъоладзауты зӕрдӕты, йе сфӕлдыстадмӕ,патриотизм,нӕ бӕстӕй сӕрыстыр уӕвын, адӕмты хӕлардзинад ӕмӕ сабырдзинадыл тох.

Урок хуыз: урок – беседӕ

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг:

Максимы къам.

Хрестомати ӕмӕ ахуыргӕнӕн чиныг.

Йӕ радзырд «Фӕстаг ӕхсӕв», йӕ уацмысты ӕмбырд-

гонд, газетты ӕрмӕг.

Урочы цыд:

Организацион хай.

Уӕ бон хорз, мӕ зынаргъ сывӕллӕттӕ!

Æгас цӕут, нӕ буц уазджытӕ!

Уӕ куыст арфӕйаг уӕд!

Ацы уалдзыгон бонтӕ диссаг сты, уыдон зӕрдӕмӕ хӕстӕгдӕр сты. Хур дӕр нӕ ӕндӕрхуызон фӕтавы. Уый уымӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн дуне, уӕлдайдӕр та Уӕрӕссе, уыйимӕ нӕ гыццыл Ирыстон дӕр фӕбӕрӕг кӕнынц афӕдзы стырдӕр ӕмӕ кадджындӕр бӕрӕгбӕттӕй иу «Уӕлахизы бон».

Уалдзӕг куы ралӕууы, уӕд бӕстӕ дидинӕг акалы. Дидинӕг у царды гуырӕн, царды райдиан.

Абон куыстмӕ цӕугӕйӕ мӕ цӕст ахастон мӕ дидинджытыл ӕмӕ дзы ратыдтон. Ирон адӕммӕ фыдӕй фыртмӕ баззади уазӕджы буц кӕнын уазӕгӕн аргъ кӕнын, нӕ буц кӕстӕртӕ сымахӕн балӕвар кӕндзысты дидинджытӕ. Ацы дидинджытӕ куыд рӕсугъд сты, ахӕм рӕсугъд, уӕд уӕ цард дӕр!

Нӕ урок дидинджыты бастӕй дзӕгъӕлы нӕ райдыдтам.

Уый у нӕ урочы интригӕ.

II. Ног ӕрмӕг.

Кинонывты скъуыддзӕгтӕ равдисын: «Сын Иристона», «Возвращение Коста», «Костры на башнях».

Кӕй федтат кинонывы?

Зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ, зӕрдӕйы бӕллиццтӕ, зӕрдӕйы монцтӕ нӕ бон дзырдты фӕрцы зӕгъын куы нал вӕййы, уӕд байгом вӕййынц аивады рӕдау дуӕрттӕ. Афтӕ Цӕгӕраты Максимӕн дӕр байгом ис йӕ курдиат киноаивадмӕ. Ацы кинонывтӕ иууылдӕр зондзыстут. Уыдонмӕ сценарийтӕ ныффыста Цӕгӕраты Максим.

Уӕдӕ абон дзурдзыстӕм Цӕгӕраты Максимы сфӕлдыстадыл ӕмӕ йӕ радзырд «Фӕстаг ӕхсӕв»- ыл. Фӕбӕрӕг кӕнӕм нӕ абоны темӕ: ЦАРДЫ ЦАЛХÆН БАУРОМÆН НÆЙ. ДИДИНДЖЫТÆ ДИДИНÆГ РАКАЛДТОЙ.

Символон фӕлгонцтӕ Цӕгӕраты Максимы радзырд «Фӕстаг ӕхсӕв»-ы.

Æз радтон гыццыл проектон куыст сывӕллӕттӕн ӕмӕ йӕ баццӕттӕ кӕндзысты уайтагъд.

1940 азы цыппар ӕрыгон авторы: Цӕгӕраты Максим, Мыртазты Барис, Баситы Дзаххотт ӕмӕ Кочысаты Махарбег се ʼмдзӕвгӕтӕ рауагътой хицӕн чиныгӕй, схуыдтой йӕ «Мах уарзӕм». Максимы ӕмдзӕвгӕтӕй уыцы чиныгмӕ хаст ӕрцыд иууӕндӕс.

Цӕгӕраты Максим уыд Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг.

Максим фыссын райдыдта ӕртынӕм азты дыккаг ӕмбисы. Йе ʼмдзӕгӕтӕ мыхуыргонд цыдысты ирон газетты ӕмӕ журналты.Максим йе сфӕлдыстадон къахдзӕфтӕ райдыдта поэзийы, фӕлӕ йӕ сӕйрагдӕр жанр сси прозӕ.

Максим ма стыр ӕвӕрӕн бахаста нӕ национ киноаивадмӕ дӕр. Йӕ ӕрмдзӕф ирдӕй зыны кинонывтӕ «Возвращение Коста», «Костры на башнях», «Сын Иристона»-йы.

Максимӕн бирӕ хӕлӕрттӕ уыд. Уыдоны ӕхсӕн ахӕм хъуыст-гонд фысджытӕ: Расул Гамзатов, Кайсын Кулиев,Сергей Михалков, Максим Геттуев ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Максим йӕхӕг афтӕ дзырдта: «Æрыгонӕй кӕмӕй раппӕлыдаиккам, ахӕм хистӕртӕ нын бирӕ уыди - Дзанайты Иван, Хозиты Яков, Хуытинаты Цыппу, Мамсыраты Дӕбе, Плиты Грис –неʼфсарм, нӕ цӕсгом. Мӕ хуыздӕр ӕмбӕлттӕн та сӕ бирӕтӕн сӕ зарӕг аскъуыд хӕсты – Кочысаты Мухарбег, Калоты Хазби,Баситы Дзахотт, Хуадонты Иссӕ…»

Максимы сфӕлдыстады сӕйрагдӕр бынат ахсы Мады фӕлгонц.

Эпиграфӕн нӕ урокмӕ райстон Цӕгӕраты Максимӕн йӕхи дзырдтӕ: «Ныййарæг мады цæстытæн сæ тынтæ

Йæ цотæн сты кæддæриддæр фæндаг».

Ацы ныхӕстӕн мах ӕвдисӕн уыдзыстӕм нӕ урочы фӕлгӕтты.

Ирон Мад!.. Ирон сылгоймаг!..Цӕй кадджын ӕмӕ хъӕбатыр дӕ?! Цӕй фӕразон ӕмӕ фидар дӕ?!Æвӕццӕгӕн уымӕн бафӕрӕзтай, ирон сылгоймаг, ахӕм зын ӕмӕ уӕззау фӕндӕгтыл фӕцӕуын… Æмӕ нӕ фӕцудыдтай… Дӕ кады ном айхъуыст ӕнӕхъӕн дунейыл…

Цымӕ куыд райдыдта Цӕгӕраты Максимы радзырд?Кӕсынц чиныджы.

Радзырд «Фӕстаг ӕхсӕв» - ы анализ.

Ахуыргӕнӕг:Цӕмӕй райдыдта архайд радзырды?

Зӕронд хъӕуы ма баззад иунӕг хӕдзар Бӕройты Нуцайы хӕдзар.

Хъӕубӕстӕ ралыгъдысты ныууагътой сӕ цӕрӕнбынат, сӕ зӕронд уӕлмӕрдтӕ.

Ам ныхмӕвӕрд цӕуынц зӕронд ӕмӕ ног.

Зӕронд ӕмӕ ног - ныхмӕлӕуд, ӕви бастдзинад?

Зӕронд хъӕу

Зӕронд уӕлмӕрдтӕ

Рагон цӕрӕнтӕ

Рагон фыдӕтӕ

Зӕронд хъӕуы дыргътӕ

 

Ног бӕстыхӕйттӕ

Ног бӕлӕстӕ

 

 

Ахуыргӕнӕг:Цӕмӕн ӕппӕлы дыргъбӕлӕстӕй Цӕгӕраты Максим?Цӕмӕн ныууагътой сӕ цӕрӕнбынӕттӕ цӕрджытӕ?

Скъоладзау:Дон дзы нал фаг кодта Зӕронд хъӕуы, ӕмӕ уый тыххӕй ныууагътой сӕ цӕрӕн бынӕттӕ Зӕронд хъӕуы адӕм.

Ирон адӕммӕ ис ахӕм ӕмбисонд. Доны гуырӕн суадон, бинонты амонд - ныййарӕг мад.

Сӕ зӕронд цӕрӕнтӕ нӕ ныууагътой ӕрмӕст Бӕройты Гайтийы бинонтӕ.

Сӕ цӕхӕрадоны уыд рӕсуг СУАДОН.

 

Ахуыргӕнӕг:Цавӕр нысаниуӕг ис СУАДОНÆН радзырды?

Суадон - у царды гуырӕн. Царды райдиан. Сыгъдӕг ӕмӕ цардбӕллон. Уый ӕрмӕст дойны сургӕнӕн нӕу, фӕлӕ ма йын ис символон фӕлгонц дӕр.

Суадоны раз ӕмбырд кодтой чызджытӕ.

Суадоны сӕр- сӕрмӕ гуырыдысты уарзӕтты сусӕг ныхӕстӕ.

Суадоны былмӕ ӕрбаивтой сӕ ныхас хъӕуы зӕрӕдтӕ.

Кӕддӕр Нуцайы дӕр йӕхи афтӕ бакодтой СУАДОНМÆ ӕмӕ йын арфӕтӕ кодтой. Кувӕджы куывд йыл ӕрцыд: амонд йӕ цӕгаты ныууагъта, амонд йӕ ног хӕдзармӕ ӕхаста.

 

Уазӕгуарзон

Бӕркадкъух

Уӕздан

Фӕлмӕн


 

Ахуыргӕнӕг:Амондджын уыдысты Гайти ӕмӕ Нуца?

Скъоладзау:О, райгуырд сын дыууӕ фаззоны, лӕппутӕ. Мыдыкъусчы хуызӕн цардысты. Хӕдзар сабийӕ фидауы ӕмӕ Бӕройты хӕдзар хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ амондӕй байдзаг.

Чызджытӕ арӕхӕй арӕхдӕр цӕуын райдыдтой суадонмӕ .Уый цард у.

Иннӕ симвӕлон фӕлгонц у - ДИДИНÆГ.

Автор дзуры зӕгъгӕ: «Цыппар дидинӕджы хуызӕн рӕзыдысты иу мады зӕдӕйыл лӕппутӕ. Цыппар дидинӕджы хуызӕн сӕ тавта, рӕвдыдта сӕ иу мады хур».

Мады къӕхдзӕфтыл дидинджытӕ зайы.

Ахуыргӕнӕг:Амонд худти Бӕройты бинонтӕм, цард цӕджинагау фыхти, кувӕджы куывд сыл ӕрцыди. Ныр цымӕ цӕрынӕн цы хъӕуы, фӕлӕ хъысмӕты ныхмӕ нӕй ӕрлӕууӕн.

 

Дарддӕр автор фӕивта йӕ амонды таурӕгътӕ. Амондӕн йӕ хурхыл бахӕцыдХÆСТ. Хӕст мӕлӕтӕн бӕрӕгбон.Иунӕг дзырды фӕрцы Максимӕн йӕ бон баци рахизын архайды ӕнкъарддӕр бынатмӕ. Стӕй…

Левитан.

Хӕст лӕгмар у,

Цард та дзы ӕнуд,

Адӕм къухтӕ бафистӕг кӕнут,

Æмӕ хӕстӕн бахӕцӕм йӕ хурхыл.

Нуца фӕндараст загъта йӕ хъӕбултӕн, йӕ сӕры хицауӕн. Куывта ӕмӕ сӕ фӕдзӕхста Лӕгтыдзуарыл. Зарӕг «Мады ном» зары Суанты Ким, ныхӕстӕ ныффыста Чеджемты Æхсар. Дыууӕ къуплеты.

Мӕнӕ куыд аивтой символон фӕлгонцтӕ сӕ цӕсгом.

Суадон йӕ сӕр-сӕрӕй банцад (символон фӕлгонц –цард йӕ цыд фӕурӕдта, бандзыг).

Максимы сфӕлдыстады сӕйрагдӕр бынат ахсы Мады фӕлгонц. Ацы радзырды дӕр мады фӕлгонцӕн ис сӕйраг символон фӕлгонц.

Иунӕг, зыбыты Иунӕг. Афтид хӕдзар, дзаг хӕдзарӕй иунӕгӕй аззад. СЛАЙД.

-------Æхсӕв - бонмӕ цӕстысыг нӕ урӕдта...Фӕндагмӕ цӕстытӕ ныуурс сты… Æмӕ ахӕм бонтӕ ӕмӕ ӕхсӕвтӕ сбирӕ сты… Нымӕц дӕр сын нал уыд…

Ахуыргӕнӕг: Нуцайы ӕддаг бакаст: Бахус сты Нуцайы цӕстытӕ.

(Цӕстытӕ та айдӕнтӕ сты)

--------Хуыскъ бӕлас дымгӕмӕ куыд нымраст уа, афтӕ ма тыххӕйты лӕууы йӕ фӕлмӕст зӕнгтыл. (Смӕллӕг, бахус , маст ӕй бахордта).

Нал бахуддзӕн йӕ кӕддӕры хӕмпус былтӕй – туг дзы нал ис, сыгъд къӕрисау ныххус сты. (Маст адӕймаджы куы бацӕуы уӕд ӕим худын нал фӕцӕуы).

Бафӕлладысты, фӕндыры згӕхӕрд хъистау ма ӕнӕбары змӕлд кӕнынц хурхыуадындзтӕ. Кӕмдӕр мидӕгӕй аскъуыд, кӕддӕр лӕппуты зӕрдӕтӕ чи агайдта, уыцы зӕланггӕнгӕ хъӕлӕс. Туджы чи хъазыд, хуртӕ ӕмӕ мӕйтӕ цы тымбыл рустӕй касти , уыдон мидӕмӕ бахаудысты. Зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ, ӕвӕццӕгӕн сӕ цӕмӕй адӕм уыной уый тыххӕй цӕсгоммӕ рахылдысты, дӕргъмӕ-цӕхгӕрмӕ бахуым кодтой рустӕ, цӕсты бынтӕ. Ныттынг сты дӕллагхъуыртыл…

АнализНуцайы ӕддаг бакастӕн.

Ахуыргӕнӕг:Раздӕр нӕ цӕстытыл цавӕрӕй уад ӕмӕ ныр та?

Хӕст ӕмӕ мад ныхмӕвӕрд символон фӕлгонцтӕ.

Хӕст

Мад

Цардисӕг

Карз

Æнӕуынон

Удхӕссӕг

Æгъатыр

Царддӕттӕг

Фӕлмӕн

Адджын

Хъӕбатыр

Хъахъхъӕнӕг


 

Контраст Ногӕй та автор рахыстис Ног хъӕумӕ. Ног хъӕуы сывӕллӕттыл ма лӕууыд Нуцайы зӕрдӕ. Уыдон семӕ ӕрбахӕссынц сӕ ныййарджыты уарзондзинад. Уыдонӕн ныссагъта дидинджытӕсуадоны цур.Мады къӕхдзӕфтыл дидинджытӕ зайы.

Сывӕллӕттӕ куы ацӕуынц, уӕд та Зӕронд хъӕумӕ ӕрбахъуызы удисӕджы бызгъуырты фыдфынты ӕхсӕв.

Æхсӕвдӕр у симвӕлон фӕлгонц. Радзырд йӕхӕдӕг дӕр афтӕ хуыйны «Фӕстаг ӕхсӕв». Иунӕджы цард ӕрмӕст бирӕгъы зӕрдӕмӕ цӕуы. Фӕлӕ адӕймаг адӕмы ӕхсӕн куы цӕра,уӕд хъуамӕ иунӕг ма уа. Æхсӕв ӕмӕ иунӕгдзинад сты адӕймаджы удхортӕ, цард цыбыргӕнӕнтӕ. Сӕ ратӕдзӕн та у ХÆСТ.

Нуцайӕн йӕ бонтӕ иууылдӕр систы къӕвдаджын. Уый дӕр у символон фӕлгонц. Зӕрдмӕ хур никӕцӕйуал кӕсы. Зӕгъӕм, Эрнест Хемингуэймӕ йӕ роман «Прощай, оружие»-йы дӕр ис символон фӕлгонц къӕвда.Фредерик Генри ӕмӕ йӕ уарзон чызг Кэтрин.

Архайд райдыдта афтӕ:Дианӕйы тетрадӕй.

Куы мӕйрухс, куы мӕйдар, куы та къӕвдаджын. Уӕвгӕ, сеппӕт дӕр къӕвдаджын сты, уӕдӕ цы сты зӕронд усӕн.

Уары. Лыстӕг сӕлфынӕг кӕны. Фӕткъуы бӕласы сыфтӕртӕ кӕуынц. Сӕ цӕстысыг згъалынц хуырджын зӕхмӕ. (...) Æрмӕст уарыны ӕртӕхтӕ сыфтӕртыл сӕхи хойынц.

Символон фӕлгонц ма у Фӕткъуыйыфӕлгонц дӕр. Ацы фӕткъуы бӕлас ныссагътой йӕ цыппар фырты. Ницы сын бантыст царды мидӕг ӕрмӕст ныссагътой фӕткъуы бӕлас.Кувӕджы куывд сыл не ᾽рцыд. Хӕдзар сын нӕ бантыст скӕнын, сӕ фӕстӕ бындартӕ нӕ ныууагътой. Фӕлӕ се ӕвӕрӕн бахастой иумӕйаг Уӕлахизмӕ.

Царды цалхӕн бауромӕн нӕй.Радзырды кӕрон бӕллиццаг нӕу,фӕлӕ нӕ уӕддӕр ӕнкъардӕй нӕ уадзы Максим. Сывӕллӕттӕ ӕрбатахтысты Нуцамӕ ӕмӕ йӕм дзурынц: Дидинджытӕ дидинӕг ракалдтой. Уый у ныфсы хос: Цард цауы ӕмӕ фарн йемӕ хӕссы.

Абон цъӕх арв куы фенай, уӕд ӕй зон, уый хъӕбатыртӕ ӕрхастой. Дӕ хъустыл сабырдзинады мелодитӕ куы ауайой, уӕд ӕй зон, уый нӕ сахъгуырдтӕ тынг кӕмӕ бӕллыдысты, уыцы сабырдзинады зарӕг у. Цӕудзысты бонтӕ, ивгъуыйдзысты азтӕ.Удыгас адӕм хъуамӕ ма рох кӕной уыцы Уӕлахиз, уыцы фыдбонтӕ.Мӕлӕтӕй тыхджындӕр та сты мысинӕгтӕ. Цалынмӕ мысинӕгтӕ цӕрой уӕдмӕ цӕрӕтдзаг сты нӕ ФЫДЫБÆСТÆЙЫ СТЫР хӕсты хъӕбатыртӕ, уӕдмӕ рохгӕнӕн нӕй сӕ хъуыддагӕн, сӕ бӕллиццаг УÆЛАХИЗÆН.

Адӕймаг иунӕг хатт сафы йӕ кад.

Уаддымгӕ, Сиргӕ дон, Арт ӕмӕ Кад,

Иумӕ цӕргӕйӕ нӕ зыдтой ӕнкъард.

Рацыдис рӕстӕг, сӕ фӕндаг фӕдих,

Нал зындис ницы-ныббадтӕуыд мигъ.

«Апырх уӕм иугай»- ыскодтой тӕрхон.

Кад дӕр ӕнӕбары ᾽лвасы йӕ рон.

Фидӕны фембӕлд кӕд уыдзӕн?

Цы ран?

᾽Ртахтис йе ᾽мбӕлттӕм дымгӕ уӕздан.

«Хъӕзы мӕ агурут», - сфӕрӕзта Дон.

Арт та йӕ фӕздӕгӕй уыдис уӕндон.

«Сыфтӕртӕ тилдзынӕн», - Дымгӕ дзырдта,

᾽Мбӕрстой кӕрӕдзийы - уый дӕр уыдта,

Фӕлӕ ӕфсӕрмхуызӕй бадзырдта Кад:

Иугӕр куы фесӕфон - аскъуыд мӕ цард.


 

Æмбисӕндтӕ

- Нӕмыг куы атӕхфы, уӕд фыццаг мады зӕрдӕйыл сӕмбӕлы.

- Мады зӕрдӕ дур халы.

- Мады зӕрдӕ зонаг у.

- Мады ад – ныфсдӕттӕг, мады уарзт-тыхдӕттӕг.

 

Æнӕмӕнг, хъӕздыг, цӕсты ахадгӕ, бирӕкъабазджын ӕмӕ егъау у Цӕгӕраты Максимы сфӕлдыстад. Уый стыр бынат ахсы нӕ адӕмы культурӕйы хӕзнадоны. Максимы уацмыстӕ сты ӕлвӕст, сӕ архайджытӕ зынынц дардмӕ,адӕймаг сӕ никӕимӕ фемхӕццӕ кӕндзӕн. Йе ʼвзаг у кӕсӕн. Фыссӕг арӕхсджынӕй пайда кӕны ирон адӕмон лексикӕйӕ, ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ таурӕгътӕй, адӕмон юморӕй. Уыдон ын аивдӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр кӕнынц йӕ уацмыстӕ.

Максимыл фӕстагмӕ ӕртыхстысты йӕ хӕстон хъӕдгӕмттӕ. Фӕстагмӕ йӕ цӕстытӕй хорз нал уыдта, фӕлӕ йӕ сфӕлдыстадон куыст уӕддӕр нӕ ныууагъта. Сыгъдӕг гӕххӕттыл- иу линейкӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ-иу уый ӕнцой йӕ хъуыдытӕ гӕххӕтмӕ хаста. Максим йæ хъайтарты дзыхæй дзырдта фæдонтæм:

«Цæрын уын бантысæд.

Æрымысут-иу нæ.

Макуы нæ ферох кæнут…»


 

Абон мах нӕ урок райдыдтам йӕ кӕронӕй. Дидинджытӕ дидинӕг ракалдтой. Хъахъхъӕнут сабырдзинад, хъахъхъӕнут ирондзинад, ма фесафут адӕймагдзинад ӕмӕ уӕ къахвӕдтыл кӕдфӕнды дӕр зайдзӕн дидинджытӕ.

«Мады ном – æнусон»

( Денджызты Д.)

Зæххыл ис иунæг хæзна царды,

Æмæ уый мад у, мæ хур, мад.

Йæ рæвдыд сау дуртæм дæр хъары,

Фæсуры зæрдæйы фæллад.

О мад, сызгъæрин мад, дæ хæрзтæй

Ды кæныс кæстæрты æнгом.

Тæхуды, зарæджы ныхæстæй,

Æнусон чи скæндзæн дæ ном.

Дæ къахвæд агурын нæ хæхты,

Дæу æнхъæл уардимæ кæсын,

Куырттаты стыр комы уæрæхы

Дæ хуыз мæ цæстыты хæссын.

Мæ зарæг сарæзтон дæ мæтæй,

Йæ зæлты бавæрдтон мæ уарзт.

Дæ зынаргъ Къадаты бæрзæндтæй

Мæ удмæ хур цыма æркаст.

Цы хорз у, чи сбуц кодта мады,

Æмæ йын чи радта æгъдау,

Зæххыл уый дзыллæты нымады

Йæ фарнæй батавдзæн Хуыцау.

Хуыцау та бæрзæндæй фæлгæсы,

Хæрзудтæн риссынæй тæрсы.

Хуыцау…Уый цæсгоммæ нæ кæсы.

Хуыцау… Уый зæрдæмæ кæсы.

1941 азы уалдзæг, уыцы хæрзарæзтæй, чындздзон чызгау, сæрды къæсæрыл куы бахызт, зæхх йæ риуы дзаг куы сулæфыд æмæ хоры хуымты уындæй зæрдæтæ куы радысты, уæд хæсты фæздæг сау мигъау бамбæрзта арвы цъæх.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Райгуырæн бæстæйы сурæт ныв кодтой мады фæлгонцæй: « Райгуырæн бæстæ- мад, дæм, сиды», зæгъгæ. Азтæ цæудзысты, фæлтæртæ ивдзысты фæлтæрты, фæлæ ныртæккæйы фæсивæдæй никуы ферох уыдзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азтæ, дзыллæты амонды сæрыл йа цард нывондæн чи хаста, уыцы хæстонты рухс нæмттæ, се сгуыхтдзинæдтæ .

Мад хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы æппæт дуне дæр бацæудзæн. Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис. Мадæй хуыздæр ничи бамбардзæн сабийы зæрдæйы рисс.

Мад! \Уыимæ баст сты нæ царды хуыздæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгон мысинæгтæ.Тæхудиаг у уыцы кæстæр, йæ хистæры буц дарын чи зоны æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ рухс цæсгомæй чи цæуы.

Мад царддæттæг. Хæрзконд, фæлмæнзæрдæ, уды рæсугъддзинад. Уыдон иууылдæр мады лæвæрттæ сты. Мад сæ куы нæ ратта уæд уыцы хорздзинæдтæ тыгъд быдыры ссарга не сты


 


 

 

 

Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.