Занятие «Сугъзæрийнæ фæззæг»
ТЕМÆ : «СУГЪЗÆРИЙНÆ ФÆЗЗÆГ»
НИСАНТÆ:
БАФЕДАР КÆНУН ФÆЗЗÆГИ ТУХХÆЙ ЗОНУНДЗ-ТÆ (МЕНЕУГУТÆ,ÆЙЙИВДДЗИЙНÆДТÆ)
СУВÆЛЛÆНТТИ ДЗУРДУАТ ФÆГЪÆЗДУГДÆР КÆНУН АЙЙЕВ ДЗУРДТÆ ÆМА ДЗУБАНДИТÆЙ.,СИНОНИМТÆЙ.
РАЗÆНГАРД КÆНУН СУВÆЛЛÆНТТИ РАСТ ÆМА ÆНХÆСТ ДЗУАПП ДÆТТУН ХЕСТÆРИ ФАРСТÆН.
МУРТИ РАСТ ÆМА КÆДЗОС ДЗОРУНАДÆМÆ ГЪОС ÆРДАРУН.
УАРЗОНДЗИЙНАДИ ÆНКЪАРÆНТÆ ÆВЗУРУН КÆНУН НÆ ФÆЗЗИГОН ÆРДЗÆМÆ, Æ РÆДАУ ÆМА РÆСУГЪДДЗИЙНАДÆН БА ИН АРГЪ КÆНОНЦÆ.. (МУЗЫКИ ФÆРЦИ СÆ ЗÆРДÆМÆ ХÆСТÆГ КУД ЙЕСОНЦÆ)
АХУР КÆНУН, ЦÆМÆЙ СУВÆЛЛÆНТТÆ ГРАММАТИКОН ÆГЪДАУÆЙ РАСТ АРАЗОНЦÆ ГЪУДИАДтТÆ.
РАГАГЪОНМÆ КУСТ : ÆНДЕГÆЙ, ГЪАЗУНИ РÆСТÆГИ СУВÆЛЛÆНТТИ ГЪОС ÆРДАРУН СУГЪЗÆРИЙНÆ ФÆЗЗÆГИ РÆСУГЪДДЗИЙНАДÆМÆ,ФÆЗЗÆГИ РАХАСТ КУД ФЕЙЙЕВУЙ ,УОМÆ. ИСАХУР КÆНУН ÆМДЗÆВГИТÆ,БАЦЕУ-БАЦЕУТÆ,ЗАРТÆ,ФÆЗЗÆГИ МÆЙТИ НÆМТТÆ.ФÆЗЗИГОН КУСТИТИ ТУХХÆЙ СИН РАДЗОРУН ,ХЕСТÆРИ ДЗУРДÆН АРГЪ КÆНУН. БААМОНУН СУВ-Н КАФУН ,МУЗЫКÆМÆ ЛÆМБУНÆГ ИГЪОСУН. ДИГОРОН ГЪÆСТИТÆЙ РАГЪАЗУН.
АРХАЙÆН ФÆРÆЗНИТÆ : МУЗЫКÆ, ИНТЕРАКТИФОН ФÆЙНÆГ ,ФÆЗЗИГОН ХУЗТÆ .ЦЕТЕНИ ХАЛСАРТÆ: НАСÆ,ÆПХÆ,КЪУМБУЛ,КАРТОФ,ГЪÆДЗИНДЗÆ. ТÆСКЪИ РÆЗÆ: ФÆТКЪУТÆ, КÆРДТУТÆ, ÆНГОЗТÆ. ФÆЗЗИГОН БÆЛÆСТÆ:СУРХ ÆМА БОР СИФТИ ХÆЦЦÆ, ГÆГЪÆДИЙÆЙ КОНД БОЛГÆ Æ ХУРФИ КЪАНФЕТТÆ; САСУГТÆ.
АРХАЙГУТÆ:
БИБО, ТЕДО, ГЪОМБÆЛГÆНÆГ, МУЗЫКАЛОН РАЗАМОНÆГ ÆМА ХЕСТÆР КЪУАРИ СУВÆЛЛÆНТТÆ.
ИГЪУСУЙ ФÆНДУРИ ЦАГЪД. ТЕДО КАФГÆ ÆРБАЦÆУЙ,БИБО БА САГЪÆСТÆ ГÆНГÆЙ ,
ЦИДÆРТÆ КОСУЙ. (ЙÆ ФÆЗЗИГОН КУСТИТÆ).
Б.: ЦИ ÆНÆМÆТÆ ДÆ ! ÆЗ АМИ МÆХЕ КОСУНÆЙ МАРУН ,ДУ БА ДÆХЕЦÆН КАФÆ.
Т.:ЦИ НÆБÆЛ ÆРЦУДÆЙ ? ЦÆБÆЛ ТУХСИ ?! ДÆ ЗÆРОНД ÆСТГУТÆ БАЗМÆЛУН КÆНАЙ ! ИГЪОСИС ?! АЛЛИ РДИГÆЙ ДÆР ФÆНДУРИ ЦАГЪД ИГЪУСУЙ ,АДÆМ ГЪАЗТ ИСАРАЗТОНЦÆ…
Б.: ЙЕТÆ БÆРГÆ ИГЪÆЛДЗÆГ КÆНУНЦÆ ,ФАЛ ÆЗ БА ЦÆБÆЛ ЦИЙНÆ КÆНОН ! ЙЕСТИ МÆ КУСТИТÆ КОНД ФÆДДÆН!
Т.: МА ТУХСÆ,ÆЗ ДИН МÆ МИНКЬИ ЛИМÆНТÆМÆ РАДЗОРДЗÆН ,МА НИН ФÆЙЙАГЪАЗ КÆНДЗÆНЦÆ! МÆ ЙЕУ МИНКЪИ ЛИМÆН ÆЙ АЦÆМÆЗ.КОСАГÆ ,СÆРÆН БИЦЦЕУ . ÆМДЗÆВГÆ ДÆР МА ИБÆЛ ИСАХУР КОДТОН! РАДИН ÆЙ ДЗОРОН ?.
( ДЗОРУЙ ÆМДЗÆВГÆ «АЦÆМÆЗ» ХОХОЙТИ ФЕДАРИ ФИНСТ –МОБИЛ. ÆФТ-Й ИСТ)
МИНКЪИЙ МАЙ ,ФАЛ ÆЙ ЦÆРДÆГ ,
ÆРТОНУЙ ГЪОГÆН КÆРДÆГ .
ФÆСМÆРУЙ,ЗОНУЙ СÆ ФОНС,
СÆ БУН СИН ДАРУЙ КÆДЗОС.
ФÆТТÆРУЙ БУДУРМÆ УÆС
СÆУМÆРАГИ АЦÆМÆЗ,
НИККÆНУЙ ФУСТÆН ЦÆНХÆ.
СÆ БÆХÆН РАТТУЙ ЗÆТХÆ…(ЙÆ ЗÆРДИ ФЕВТУДÆЙ АГЪАЗ КÆНУН ÆЙ КЕ ГЪÆУЙ..)
ЙЕУ БОНТÆ РÆВДАУÆНДОНИ АДТÆН МА БАЗОНГÆ ДÆН ЗАММАНАЙ СУВÆЛЛÆНТТИ ХÆЦЦÆ МА ХЪÆБÆР БАЛИМÆН АН. НУР ТÆККÆ КÆСАЙ !.. НÆ ЛÆГИ ГЪÆДÆ МА НÆХУÆДÆГ !.
( ТЕДО ÆНДÆМÆ ФÆЦЦÆУЙ, ИННÆ ДУАРÆЙ БА АРБАХИСТÆЙ ЗАЛМÆ. СУВÆЛЛÆНТТÆ ФÆРСРÆБУН СÆ КЪЕЛАТÆБÆЛ БАДУНЦÆ МА ЗАРУНЦÆ МУЗЫКАЛОН РАЗАМОНÆГ ÆМА ГЪОМБÆЛГÆНÆГИ ХÆЦЦÆ )
ЗАР « ФÆЗЗÆГ ÆРЦУДÆЙ»
Т.: УÆ БОН ХУАРЗ ,МÆ МИНКЪИ ЛИМÆНТÆ! ЦИ РÆССУГЪД ЗАРЕТÆ. ИГЪОСУНÆЙ ДÆР УÆМÆ НЕ ФСÆДУН ! ЦÆЙ ТУХХÆЙ ЗАРЕТÆ ? ЦÆХУÆН АНЗИ АФОНИ ТУХХÆЙ ? ( ДЗ-ТÆ) .ФÆЗЗÆГИ БÆРÆГГÆНÆНТÆ БА ЦÆХУÆНДТÆ ÆНЦÆ? КА ЗÆГЪДЗÆЙ?! ФÆЗЗÆГ БА БÆРКАДГУН ЦÆМÆ ХОНУНЦÆ ? ЦИ НИН БАЛÆВАР КÆНУЙ ? ФÆЗЗÆГИ МÆЙТÆ БА ЦИТÆ ХУННУНЦÆ? (СУВ-ТИ ДЗ-ТÆ)
- ÆМБЕСОНД БА ЗОНЕТÆ? «ФÆЗЗÆГ КОСУНÆН,ЗУМÆГ ХУÆРУНÆН !» ЦИ АМОНУЙ?
-КУД ÆЙ ЛÆДÆРЕТÆ?. КА МА УИ ЦÆХУÆН ÆМБЕСОНД ЗОНУЙ ФÆЗЗÆГИ ТУХХÆЙ? (ДЗ-ТÆ).
ЦИ БАЙТАУАЙ,УОЙ ÆРКÆРДДЗÆНÆ.
АЛЦИДÆР Æ АФОНИ ХУАРЗ ÆЙ.
КОСГÆ КА КÆНУЙ,УОЛÆФГÆ ДÆР Е КÆНУЙ.
ЦИ КОСАЙ,УОЙ БÆСТÆН БАКОСÆ ÆМА ÆВÆСМОН УАЙ.
УАЛДЗÆГ-РÆСУГЪД,ФÆЗЗÆГ-ГЪÆЗДУГ.
ФÆЗЗÆГИ ЕУ БОНИ КУСТ ,ЗУМÆГИ БОНТÆ ЕРВÆЗУН КÆНУЙ.
ФÆÆЗЗÆГ –КОСУНÆН,ЗУМÆГ- ХУÆРУНÆН.
Б.: -МÆНÆ ЦИ СÆРÆН СУВÆЛЛÆНТТÆ ! ЗАММАНАЙ ЛИМÆНТÆ МИН ЕС ! (ЦИЙНÆ СÆБÆЛ КÆНУЙ )
( СУВ-ТÆЙ ЙЕУ (МАРАТ) НИГЪГЪÆР КÆНУЙ «ЧЕПЕНА»-МÆ ФÆЛЛÆУУЕТÆ.)
КАФТ « ЧЕПЕНА» (ЙÆ КÆРОНИ ..КОСГÆ КÆНÆН ,ЧЕПЕНА…)
Т.: МÆНÆ ЦИ ДУМГÆ СÆР ДÆН ! АРДÆМÆ ЦÆЙ ТУХХÆЙ ÆРБАЦУДТÆН ЙЕ ДÆР МИ КУ ФЕРОНХ ÆЙ !
СУВ.: ЦÆМÆ ÆРБАЦУДТÆ?
Т.: И КОСУНМÆ ГÆСГÆ МÆ ЗÆРДИ ФЕВТУДÆЙ ..ДАЛÆ УОМИ МÆ ДЗÆБÆХ СИНХОН..НÆ СИНХИ ХЕСТÆР ЛÆГ БИБОЙÆН ФÆАГЪАЗ КÆНУН ГЪÆУЙ . ЙÆ ФÆЗЗИГОН КУСТИТÆ КÆРОНМÆ НÆМА ФÆЦÆЙ .МА ГЪÆЙДÆ ЗЕУ ИСАРАЗÆН МА ИМÆ ФÆККÆСÆН ЙЕУМÆЙАГÆЙ !
- ФÆНДУЙ УÆ? (СУВ-ТÆ ДЗУАПП Д-ЦÆ)
-ФÆНДУЙ!
-МАХ КУСТÆЙ НÆ ТÆРСÆН!
-ФÆЗЗÆГИ БАКОСÆ, ЙЕБА ЗУМÆГ ДÆ ГУБУН ÆФСЕС УА!.
Т.: ТАГЪД КÆНÆН,БИБОМÆ ФÆККÆСÆН ,ÆНДÆРА БОН ДÆР ФÆЦЦУБУР КÆНУЙ ,АЙТАГЪД ÆРБАТАЛИНГÆ УЙ !
(СУВ-ТÆ УÆЛЛАГ ДУАРÆЙ ÆНДÆМÆ РАЦУДÆНЦÆ ..ЗАНАВЕС РАЙГОН ÆЙ МА СУВ-ТÆ ЗАЛМÆ ÆРБАЦУДÆНЦÆ . БИБО СÆ ХЕЗУЙ ).
Б.: ÆММÆНÆ НÆМÆ ЦИ ДЗÆБÆХ МИНКЬИ ИУАЗГУТÆ ÆРБАЦУДÆЙ.БАБАЙ БÆДÆЛТТÆ!.
Б.: -ÆГАС НÆМÆ ЦОТÆ!
ГЪ.: -УÆ БОН ХУАРЗ ,БАБА!.
( СУВ-Н БАБАБÆЛ ЦИЙНÆ КÆНУЙ ,УОТЕМÆЙ ÆМДЗÆВГÆ ДЗОРУЙ - МОБ. ÆФТ-Й «БАБА»)
БЕРÆ МИН ЦÆРАЙ БАБА .
ИГЪОСАЙ МÆНМÆ НУР БА,
ФÆЛМÆН ЗÆРДÆ ДÆ ,ХУÆРЗУОД,
МАКÆД МИН БАУО ЗÆРОНД.
СУРХ МУРКЪÆ МИН РÆГЪÆДÆЙ,
ÆРХÆССИС ДУ НÆ ГЪÆДÆЙ,
ТÆТСÆБÆЛ ФÆУУЙ МÆ ДЕС,
ÆМБАЛ ИН ДУЙНЕЙ НÆЙЙЕС…(БАБА СУВ-НИ ХЪУРИ КÆНУЙ)
Т.: БИБО ,МАХ ÆНХУС КÆНУНМÆ ÆРБАЦУДАН , НÆ НÆ ЙЕВДÆЛУЙ ЛÆУУНМÆ.РАНИН АМОНÆ ,ЦÆМÆЙ ДÆМÆ ФÆККÆСÆН !?
Б. : СУМАХ БА ЦИ КУСТ УАРЗАГÆ АЙТÆ..МÆ ИСОНБОН..МÆ ИРÆЗГÆ ФÆЛТÆР..
-УАРТÆ УОМИ КАРТОФ КЪАХДÆЙ ЛÆУУЙ ,МА БАЛ УОЙ РАЙЕДЗЕТÆ ÆМАЙ ÆРБАДАВЕТÆ.(АМОНУЙ)
Т.: ГЪÆЙДÆ МАДТА ЙЕРИСТÆ ИСАРАЗÆН ! НУР ТÆККÆ РАБÆРÆГ УОДЗÆЙ КА ЦУРДДÆР ÆЙ . УДТА КА ДЗÆБÆХДÆР КОСУЙ ,Е..
1.) ÆРÆМБУРД КÆНÆ КАРТОФ (КЪИБИЛАМÆ) . (СÆРÆНТÆ)
Б.: МÆ ГОЛЛАГÆ НИХХÆЛЕУ ÆЙ ,МА МИН ХАЛСАРТÆ КÆРÆДЗЕМÆЙ ФÆХХЕЦÆН КÆНТÆ,ТАБУАФСИ!.
2.) КА ТАГЪДДÆРР? ФÆХХЕЦÆН КÆНÆ КÆРÆДЗЕМÆЙ ХАЛСАРТÆ.
3. )БÆЛАСÆЙ РÆЗÆ ÆРТОНÆ. (ШВЕДСКАЯ ЛЕСЕНКА).
4. )ХЪÆДОРÆ МА НАРТИХУАР РАГЪЗАГÆ..(КИЗГУТТÆ-ХЪÆДОРÆ, БИЦЦЕУТÆ-НАРТИХУАР) .
Т.: МÆНÆ МИН ЦИ СÆРÆН ЛИМÆНТÆ ЕС!. БÆГЪАТÆРТÆ..БОГАЛТÆ..
Б.: ХУЦАУ УИ КУ ИСАРАЗИ ÆЙ, МÆН КЪОХ КА ФÆРРÆУÆГ КОДТА! БАБАЙ МИНКЬИ БÆДÆЛТТÆ!.
Т.: ГЪÆЙДÆ НУР БА ЙЕУ МИНКЬИ РАУОЛÆФÆН .РОБЕРТ,КÆМИЙ ДÆ МУЗЫКÆ?
(БАБА ЗАРУЙ «ДЗАЙ- ДЗАЙ ..», СУВ-ТÆ КАФТМÆ ФÆЛЛÆУНЦÆ.)
КАФТ «ДЗАЙ -ДЗАЙ ДЗÆКЪОЛÆ» (МУЗЫКАЛОН-РИТМИКОН ÆЗМÆЛДТИТÆ.)
Т.: ЦИ ДЗÆБÆХ ÆНЦÆ МÆ ЛИМÆНТÆ,УОЙ ИНИС ТЕДО ,АЛЦÆМÆ ДÆР ДÆСНИ!
Б.: МАДТА БАЗОН –БАЗОНТÆ ДÆР ЗОНЕТÆ?
1) НАРТИ УРУЗМÆГБÆЛ –СÆДÆ ХÆДОНИ. (КЪАБУСКА)
2) РÆСУГЪД КИЗГÆН Æ ГУРÆ ЗÆНХИБУНИ,Æ ДЗИККОТÆ БА ЗÆНХИ СÆРБÆЛ. (ÆПХÆ)
3) ЗИНГ НÆЙ,УОТЕМÆЙ БА СОДЗУЙ .(ГЪÆДЗИНДЗÆ)
4)КАРК ДÆЛЗÆНХÆ ТАУНÆГ УАДЗУЙ. (КАРТОФ)
5) ХУÆРУНМÆ-АДГИН,СУРХВАЗÆ,УСТУР.ХАУНМÆ-НИФСГУН,ДАРГЪ,НАРÆГ Æ ХЪУР.(ФÆТКЬУ)
6)ДÆРГЪЕЦЦОН МÆСУГ БОР АГОРИЙÆЙ ДАСТ. (НАРТИХУАР).
7) СУГЪЗÆРИЙНÆ «ÆХЦАТÆ» ХАУНЦÆ ЗÆНХÆМÆКЪАЛЕУТÆЙ. (БОР СИФТÆ)
8) МЕГЪÆ КÆД БАДУЙ НИЛЛÆГ,МАХ КÆД ÆФСНАЙÆН ТИЛЛÆГ ? (ФÆЗЗÆГ)
Б.: МÆНÆ ЦИ ЗУНДГИН СУВ-ТÆ АЙТÆ. МÆ МИНКЪИ ТÆРХЪОСТÆ.
Т.: АТÆ ЗАРУНМÆ ДÆР ХЪÆБÆР ДÆСНИ ÆНЦÆ. СУВ-ТÆ БАИГЪÆЛДЗÆГ КÆНÆН БАБАЙ ЗÆРДÆ? (УО)
ЗАР «ФÆЗЗÆГ»
Б.: МÆНÆ ЦИ РÆСУГЪД ЗАРУНЦÆ .ФÆЗЗÆГИ ТУХХÆЙ ХЪÆБÆР БЕРÆ ÆМДЗÆВГИТÆ МА ЗАРТÆ ÆРГЪУДИ КОДТОНЦÆ НÆ КАДГИН ФИНСГУТÆ. ЕСКЕ УИ ЗОНУЙ ÆМДЗÆВГÆ? КА РАДЗОРДЗÆЙ?.
СУВ-Æ ДЗОРУНЦÆ ÆМДЗÆВГИТÆ.
Б.: СУВ-ТÆ ,КЪОСТА ДÆР НИН РÆСУГЪД ЗАР КУ НИФФИНСТА ФÆЗЗÆГБÆЛ. ГЪÆЙДÆ-Й РАЗАРÆН
ЗАР «ФÆЗЗÆГ» ХЕТÆГКАТИ КЪОСТА –МОБИЛОН ÆФТАУÆНÆЙ .
АЛАНКÆ БАБАМÆ БАУАДÆЙ МА ФÆРСУЙ,КÆЦИ УОРС САСУГТÆ ИССИРДТА ,УОНÆБÆЛ.
-БАБА,АТÆ БА ЦИ ÆНЦÆ?
Б.: ЙЕТÆ-БА,МÆ ТИКИС ,САСУГТÆ ÆНЦÆ! ÆХЕБÆЛ ÆЙ КА ИСКÆНА, ЙЕ АЛÆМÆТИ КАФТ КÆНУН РАЙДАЙУЙ!
Т.: ÆЦÆГÆЙ –БА? ÆЗ ИБÆЛ НЕ УУÆНДУН .НУРТÆККÆ РАБÆРÆГ УОДЗÆЙ,ЙЕБА!
Б.: МАДТА ,ЦАЛИНМÆ СУМАХ УÆХЕ РÆСУГЪД КÆНТÆ ,УÆДМÆ МАХ БА МИНКЪИ БОГАЛТИ ХÆЦЦÆ НÆ ХЪАУРИТÆ РАВЗАРÆН. РАУАЙАЙТÆ МÆХЕМÆ!
БÆТТÆНÆЙ ГЪАЗТ (ПЕРЕТЯГИВАНИЕ)
(КИЗГУТТÆ ИСРÆВДЗÆ ÆНЦÆ,ИГЪУСУЙ ФÆНДУРИ ЦАГЪД ÆМА ÆВЕППАЙДИ ДЕССАГИ КАФТ КÆНУН РАЙДÆДТОНЦÆ. БИЦЦЕУТÆ РАЙЕУВАРС ÆНЦÆ,БАБАЙ ФАРСМÆ ÆНДЗÆР ИСБАДТÆНЦÆ ÆМА ÆРДЗÆФ КÆНУНЦÆ.)
КИЗГУТТИ КАФТ.
КÆРОНБÆТТÆНИ ÆГАС СУВ-ТÆ ДÆР РАЗМÆ РАЦУДÆНЦÆ МА ДЗОРУНЦÆ:
ФÆЗЗÆГ ЦИ ДЕССАГ ДÆ,
УАРЗÆН ДÆ ЗÆРДÆЙ !
ГЪÆЗДУГ МА ИДЗАГ ДÆ,
БÆРКАД МА ФАРНÆЙ!.
Б.: ГЪÆЙДÆ ,НУР БА МАХ ДÆР НÆ КЪЕРЕТÆ РАКОВÆН ХУЦАУИ НОМБÆЛ. ХЕСТÆР КОВУЙ.