12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Валиева Ольга Андреевна88
Россия, Северная Осетия-Алания респ., с.Михайловское Пригородный район

Интерактивон методтæй пайда кæнын ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты .

Фæстаг азты бирæ ивддзинæдтæ æрцыд ахуырады.

«Куыд скæнон мæ урок ирддæр, хуызджындæр, цымыдисондæр? Сывæллæттæн куыд бауарзын кæнон мæ предмет? Куыд саразон урокыл алы сывæллонæн дæр æнтыстдзинады уавæр?»

Абон ахæм ахуыргæнæг нæ разындзæн, ацы фарстатыл чи нæ ахъуыды кæны. Алы ахуыргæнæгæн дæр йæ бæллиц у, цæмæй йæ уроктыл сывæллæттæ кусой барвæндонæй æмæ цымыдисонæй.

Æмæ уый æнæнхъæлæджы нæу. Æхсæнады ног арæзт, цардмæ ног ахаст скъолайы раз æвæры ног домæнтæ. Абон ахуырады сæйраг хæс у, æрмæст зонындзинæдтæ раттын нæ, фæлæ ма бацæттæ кæнын ахуырадон архайды хæдхъом субъект.

Нырыккон ахуырады бындуры æвæрд ис куыд ахуыргæнæджы разæнгарддзинад, афтæ ахуыргæнинаджы разæнгарддзинад дæр.

Абон ахуырады сæйраг хæс у схъомыл кæнын хæдхъом, сфæлдыстадон, ахуыр кæнын чи зоны, йæхиуыл кусын чи зоны, æхсæнады ахæм иуæг. Адæймагæн йæ гæнæнтæ раргом кæныны фæрæз та у хибар, иртасæн æмæ хъуыды кæныны архайд. Ахуыргæнæджы хæс та у – урок сифтонг кæнын ахæм архайдæй. Афтæмæй сывæллон йæхæдæг гом кæны фæндаг зонындзинæдтæм. Зонындзинæдтæ райсын у йæ архайды, йæ куысты фæстиуæг.

Бæрæг куыд у , афтæмæй скъолайы зонындзинæдтæ раттынæн ис бирæ мадзæлттæ, методтæ, урокты алыхуызон хуызтæ. Уыдонæн ис иу хæс – алкæцы сывæллон дæр бамбара æрмæг.

Алкæцы ахуыргæнæгæн дæр ис йæхи мадзæлттæ, методтæ. Ахуыргæнæг йæ урок аразы , алы къласæн дæр йæ индивидуалон хицæндзинæдтыл æнцойгæнгæйæ.

Ахуыр кæныны методтæй рахицæнгæнæн ис æртæ сæйраджы:

Пассивон ---

Ахуыргæнæг – сæйраг архайæг, ахуыргæнинæгтæ та – пассивон хъусджытæ.

Активон ---

Ахуыргæнинæгтæ пассивон хъусджытæ не сты, фæлæ урочы активон архайджытæ.

Интерактивон «интер» -кæрæдзи, «акт» - архайд Нысан кæны æмархайд, æмдзырдæй, æмзондæй кусын искæимæ. Активон методы фæрцы ахуыргæнæг æмæ сывæллæттæ иумæ фæкусынц, интерактивон методы фæрцы та сывæллæттæн се мгуыстад фæтыхджындæр вæййы. Ацы методы фæрцы скъоладзаутæ урочы сты активондæр, архайынц уæгъдибарæй, хорз фадæтæ сын фæзыны сæ мидхъуыдытæ раргом кæнынæн.



Интерактивон методтæ бирæ сты, спайдагæнæн ис урочы алы этапыл дæр. Ногæй ницы зæгъдзынæн, иууылдæр уын зонгæ сты, фæлæ мæ фæнды лæмбынæгдæр æрдзурын, цавæр методтæй пайда кæнын мæ куысты æмæ куыд.

Интервью. Ацы куыст уарзын уадзын ахуыры азы райдианы нывæцæн «Куыд арвыстон сæрдыгон улæфтытæ»-йы бæсты. Къæйтты куыст у. Дæ сыхаджы æрфæрс, куыд арвыста йæ сæрды улæфтытæ æмæ уый фæстæ къласæн радзур, цы фехъуыстай, уый.

Рæхыс. Ацы мадзал мæ зæрдæмæ цæуы æвзаджы урокты. Зæгъæм, ахуыр кæнæм миногон, æмæ мæ сбæрæг кæнын фæнды, куыд æмбарынц предметы миниуæг цы у, уый. Æмæ уæд ахъазæм «рæхысæй»: фыццаг ахуыргæнинаг дыккагæн дзуры номдар, дыккаг зæгъы уыцы номдарæн йæ миниуæг, стæй та дыккаг дзуры æртыккагæн номдар, æртыккаг – миниуæг æмæ а.д. кæронмæ.

Телеграф. Ацы мадзал мæм хорз кæсы, къордтыл адих кæнынæн фадат куы нæ вæййы, уæд. Сæ бынæтты куы бадынц, афтæ сæ ныууадзын, ома 3 рæнхъы. Рагацау 3 сыфыл æрцæттæ кæнын фарстатæ рацæугæ æрмæгæй( фарстатæ вæййынц иухуызон). Сыфтæ раттын фæстаг партатыл чи бады, уыдонмæ. Фæстейæ размæ сæ радæттынц , алчидæр иу дзуапп фысгæйæ. Кæцы рæнхъ раздæр рахæццæ кæна размæ йæ сыф дзуæппытимæ, уый амбылдта.

Аквариум. Ацы мадзалæй хорз у пайда кæнын, рацыд æрмæг фæлхатгæнгæйæ. Иу къорд къласы астæу сбады ,æмæ сæм иннæтæ иугай фарстатæ дæттынц. Фарстатæн иумæйагæй агурынц дзуаппытæ. Дзуæппытæм хъусынц æмæ сын аргъ дæр кæнынц сывæллæттæ сæхæдæг..

Метод « Худ- хъуыды æргомгæнæг»

Ацы методыл мæ лæмбынæгдæр фæнды æрдзурын .

Йæ автор у зындгонд психолог æмæ фыссæг Эдвард де Боно.

Пайдагонд дзы цæуы рацыд æрмæг бафидар кæнынæн, рефлексийæн.

Æххуыс у сывæллæтты хъуыдыкæнынады рæзтæн, сæ хъуыдытæ æргом кæнынæн, фарстамæ алыхуызон цæстæнгасæй бакæсынæн.

Куыд кусы ацы метод?

Кълас дих цæуы 6 къордыл. Алкæцы къорд дæр æвзары иу худ ( ахуыргæнæг сæ уары, кæнæ хæлттæ æппарынц)

Худты алы хуызæн дæр ис йæхи хæс

Урс –иууыл нейтралон. Ацы къорды уæнгтæ архайынц æрмæстдæр фæкттæй.

t1647360542aa.png

Бур – хъæлдзæг, позитивон. Ацы къорды архайджытæ агурынц æрмæстдæр хорздзинад.

t1647360542ab.png

Сау – негативон, агурынц æппæрццаг бынæттæ

t1647360542ac.png

Сырх – эмоцитæ, хъуыдытæ, æнкъарæнтæ. Ацы къорд дзуры æрмæстдæр, цавæр æнкъарæнтæ æвзæрын кæны фарста, æнæ хатдзæгтæй.

t1647360542ad.png

Кæрдæггъуыз – сфæлдыстадон, креативон. Ацы къорд проблемайы аскъуыдздзаг кæнынæн ног фæндæгтæ.

t1647360542ae.png

Цъæх - уый дæр нейтралон, хатдзæгтæ, аргъ кæнын.

t1647360542af.png

Куыд пайда кæнын кæнын ацы методæй ?

Дæнцæгæн райстон 5 -æм къласы программайæ басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп».

Урочы райдианы зæрдыл æрлæууын кодтам, цы у басня, кæм æмæ кæд фæзынд, чи уыдысты Гесиод æмæ Эзоп, Лафантен, уырыссаг литературæйы чи у зындгонд баснятæфыссæг, цавæр баснятæ йын зонынц. Дарддæр кæсынц фæйнæгыл фыст урочы эпиграф æмæ дзурынц ,кæцæй ист у.

Фæйнæгыл фыст:

«Алчи зыдгæнæджы бирæгъ фæхоны…»

Æмбисæндтæ æрхæссын зыды тыххæй.

Хæдзармæ куыст сын уыди баснямæ нывтæ скæнын æмæ йæ аив кæсын сахуыр кæнын.

Дарддæр уацмысæн кæнæм анализ. Æмæ ам спайда кæнын «6 худæй».

Кълас адих кодтон 6 къордыл, байуæрстон худтæ æмæ алкæцы къордæн дæр радтон хæс:

Урс – Рольтæм гæсгæ бакæсын басня.

Бур – Хорзæй цы ис басняйы?

Сау – Æвзæрæй цы ис басняйы?

Сырх – Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта басня? Уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

Кæрдæггъуыз – Абон актуалон у ацы басня æвæ нæ?

Цъæх – Цавæр зондамынд дзы ис?

Басня равзæрстам, ныр та равзарæм Бирæгъ æмæ Хърихъуппы фæлгæнцтæ. Къордтæ сæ худтæ фæивтой, æмæ сын радтон ног хæслæвæрдтæ:

Урс – Сыфыл дзырдтæ фыст ( зыд, фæлмæнзæрдæ, сæрæн, æдзæсгом, тугдзых) . Ссарут бирæгъ æмæ хърихъуппы миниуджытæ.

Бур – Ссарын хорз миниуджытæ архайджытæм, уæлдайдæр бирæгъмæ.

Сау – Ссарын фауинаг миниуджытæ архайджытæм, уæлдайдæр хърихъуппмæ.

Сырх – Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодтой бирæгъ æмæ хърихъупп.

Кæрдæгхуыз – Рацаразут басня, æндæр кæрон ын æрхъуыды кæнут.

Цъæх – Жюри. Аргъ кæнынц алы къорды дзуаппæн дæр.



Уæлдæр кълæсты дæр ис гæнæн спайда кæнын « 6 худы метод»-æй. Зæгъæм, Къостайы поэмæ «Фатима»- йæн анализ скæнынæн:

Урс – Дзуапп раттын фарстатæн: Цал азы уыди сæфт Дзамболат? Цавæр фæндаджы арæзтады кой цæуы поэмæйы? Киноныв æмæ поэмæйæн цавæр хицæндзинæдтæ ис? æмæ а.д.

Бур – Ранымайын æвæрццаг персонажты æмæ сын цыбыр характеристикæ скæнын

Сау – Æппæрццаг персонажтæ.

Сырх – Цавæр æнкъарæнтæ æвзæрын кæны Фатимæ (кæнæ æндæр персонаж)?

Кæрдæгхуыз – Фатимæ Дзамболаты фæндыл куы сразы уыдаид, Ибрагим æмæ йæ хъæбулы куы ныууагътаид, уæд куыд рауадаид йæ хъысмæт?

Цъæх – Цæмæн схуыдта Къоста йæ поэмæ «кавказаг»?

Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.