12+  Свидетельство СМИ ЭЛ № ФС 77 - 70917
Лицензия на образовательную деятельность №0001058
Пользовательское соглашение     Контактная и правовая информация
 
Педагогическое сообщество
УРОК.РФУРОК
 
Материал опубликовал
Дзалаева Людмила Георгиевна49

Темæ: Адæмон сфæлдыстад.

Нысан: 1) Скъоладзаутæн фæуæрæхдæр кæнын сæ зонындзинæдтæ адæмон сфæлдыстады тыххæй.

2) Равдисын ирон фольклоры хъæздыгдзинад æмæ рæсугъддзинад. Иртасын фольклорон жанртæ.

3) Ныхасы рæзтыл куыст.



Урочы тип: Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

Урочы фæлгонц: Презентаци,музыкæ,нывтæ.



Урочы цыд.

I Мотиваци. Разынг кæнын скъоладзауты уæлдай хорз куыст бакæнын гом урочы.

Ахуыргæнæджы разныхас. Сывæллæттæ,абон нæм хуымæтæг урок нæй.Ис нæм уаздджытæ æмæ сын салам раттæм.

Ахуыргæнæг. Зыдтат æй абон нæм гом урок кæй ис уый.Цавæр зæрдæйыуагимæ æрбацыдыстут ацы урокмæ?

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Ахуыргæнæг. Абон хъуамæ мах бакæнæм стыр куыст. Цæмæй нæ урок ацæуа хорз,уый тыххæй нæ хъæудзæн баххæст кæнын цалдæр фæткы.



1)Нæ хъуыдытæ дзурын.

Лæмбынæг хъусын не мбæлтты дзуæппытæм.

Кæрæдзийæн æххуыс кæнын къордты кусгæйæ.

Пайда кæнын иннæ предметтæй цы зонындзинæдтæ райстат уыдонæй.



Цæмæй сывæллæттæ базоной урочы темæ уый тыххæй ахуыргæнæг кæсы таурæгъ «кæстæрты рæдыд».

Ахуыргæнæг. Цæуыл цæуы ныхас ацы таурæгъы?

Скъоладзаутæ. Кæстæртæ хистæртæн кад кæй нал кодтой æмæ бæллæхы кæй ныххаудысты.

Ахуыргæнæг. –Уæдæ нæ цæуыл ахуыр кæны ацы таурæгъ?

Скъоладзаутæ. –Хистæртæн аргъ кæнын.Хистæр у зондамонæг.

Æмбисонд : Хистæр- зондамонæг,кæстæр-æгъдаухæссæг.

Равзарын æмбисонды мидис.

Ахуыргæнæг. –Уæдæ кæцæй истой нæ фыдæлтæ уый бæрц зонындзинæдтæ?

Нæ рагфыдæлты историйæ.Нæ бон у зæгъын æмæ нæ фыдæлты ахуыргæнæг у нæ эпос,нæ адæмон сфæлдыстад.

Скъоладзаутæ:

Нæ хистæртæ нын цы æгъдау,цы эпос ныууагътой,уый хъуамæ сæрыстырæй дарддæр фидæнмæ хæссæм.

Равзарын Г.Волковы ныхæстæ: «Человек оторванный от национальных духовных корней-будь он русским или осетином,армянином или тувинцем,теряет многие духовные и нравственные качества личности.

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ. Алы ирон адæймаг дæр хъуамæ зона йæ рагфыдæлты истори,æгъдæуттæ.

Ахуыргæнæг: Куыд уæм кæсы,цæуыл дзурдзыстæм абон нæ урочы?

Cкъоладзаутæ: Адæмон сфæлдыстады тыххæй.

Ахуыргæнæг: Зæгъут ма,цы хонæм адæмон сфæлдыстæд?

Скъоладзау дзуапп дæтты.

Дзырдуатон куыст: cфæлдыстад,фæлдисын- творить.

Ахуыргæнæг: Куыд ма у нæ бон иу ныхасæй схонын адæмон сфæлдыстад?

Cкъоладзаутæ:Фольклор.

Ахуыргæнæджы къухы конверт,йæ хуылфы нывы хæйттæ.Алы хайы фæстæ лæвæрд цæуынц фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ.

Ахуыргæнæг: Алы адæмы хатт дæр куы райсæм,уæд нæ бон у фенын алкæмæндæр дзы кæй ис йæхи истори ,йæхи фольклор. Фæлæ сæм лæмбынæг куы ркæсæм уæд дзы нæ бон у фенын кæндзыстæм.

Ахуыргæнæг: Мах абон ацæудзыстæм балцы адæмон сфæлдыстæды бæстæмæ,цæмæй йын фенæм йæ рæсугъддзинад æмæ йæ хъæздыгдзинад.

Слайд: Хъуысы рæсугъд зарæг.

Ахуыргæнæг: Куыд уæм кæсы цавæр бæстæмæ бахаудыстæм? æмхуызонæй сæм бирæ кæй ис уый. Æмæ мах абон уый сбæрæг

- Зарджыты бæстæмæ.

Ахуыргæнæг: Уæдæ цы у нæ бон зæгъын зарджыты тыххæй.

Скъоладзау дзуапп дæтты.

Равзарын Р.Гамзатовы ныхæстæ: «Ни одна песня во мне не рождает такого чистого чувства,такой нежности,как песня колыбельная».

Аныхас кæнын авдæны зарджыты тыххæй. Фольклорон зарджытæй сеппаты рагондæр сты «Авдæны зарджытæ».

Слайд: Фæйнæгыл фыст авдæны зарæг.Скъоладзаутæй иу кæсы зарæг.

Ло-ло-ло, а-ло-ла,

Лæппу фынæй акæна,

Æцит Гино,ма та уас

Йæ баппа йын ма алас.

Бакæсын уырыссаг фольклорæй авдæны зарæг.

Баю-баюшки-баю,

Не ложися на краю.

Придет серенький волчок,

Он укусит за бочок

И потащит во лесок

Под ракитовый кусток.

Авдæны зарджытæ куы райсæм,уæд дзы арæх фенæм кæй фæпайда кæнынц заргæйæ фосы æмæ цæрæгойты нæмттæ.

Ахуыргæнæг: Райсæм ма уырыссаг авдæны зарджытæ. Куыд уæм кæсы,цæмæн тæрсынц сæ сывæллæтты?(А то серенький волчок,укусит за бочок).

Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц.

Байхъусын кæнын скъоладзаутæн авдæны зарæг.

-Цавæр æнкъарæнтæ уæм фæзынд ацы зарæгмæ байхъусгæйæ?

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Ахуыргæнæг: Уæдæ цæмæн хъæуынц авдæны зарджытæ?

(Сывæллоны басабыр кæнынмæ).

Ахуыргæнæг фæйнæгыл бафидар кодта 1-аг нывы хай.

Дарддæр ацыдыстæм нæ балцы.

Слайд: Хъуысы музыка аргъауай,фæйнæгыл аргъауы ныв.

Ахуыргæнæг: Куыд уæм кæсы цавæр бæстæмæ бахаудыстæм?

Скъоладзаутæ: Аргъæутты бæстæм.

Проектон куыст.Скъоладзау касы йæ æрмæг.

Аргъау у адæмон сфæлдыстады жанртæй иу,февдисынц се рхъуыдыгæнæг адæмы классон ахадындзинæдтæ,сæ цардыуаг,сæ цæстынгас. Аргъæуттæ дих кæнынц:

Цæрæгойты аргъæуттæ.

Алæмæты аргъæуттæ.

Царды уаджы аргъæуттæ.

Аргъæуттæ райдайынц ахæм ныхæстæй-Жили-были. Цардысты æмæ уыдысты.Раджыма-раджыма.Аргъæуттæ нæ ахуыр кæнынц хорз хъуыдытыл æмæ миниуджытыл.Цæрæгойты аргъæутты дæр фæсномыгхуызы æвдыст цæуынц адæм,адæмы цард. Цавæр фæнды аргъауы дæр æвдыст æрцæуы хорздзинад æмæ æвзæрдзинад.Хорздзинад кæд фæнды дæр фæуæлахиз вæййы æвзæрдзинадыл.

Къордгай куыст.

I-аг къорд хъуамæ адих кæной аргъæуттæ сæ жанртæм гæсгæ.

II-аг къорд хъуамæ базоной цавæр аргъæуттæй ист сты хъуыдыйæдтæ.

А.С.Пушкины ныхæстæ:Сказка ложь,да в ней намёк.Добрым молодцам урок.

Равзарын ацы ныхæстæ.

Иннæ нывы хай дæр та бакодтам фæйнæгыл.

Дарддæр та акодтам нæ балц æмбисæндты бæстæм.

Слайд.

Проектон куыст. Скъоладзау кæсы йæ æрмæг.

Æмбисæндтæ сты адæмон сфæлдыстады жанртæй иу.Асæй сты хæрз цыбыр,хъуыдыйæ тыхджын. Æмбисæндтæ равзæрдысты æмæ ма абон дæр æвзæрынц алыхуызон цаутæм гæсгæ.Цард куыд ивы афтæ ивгæ цæуынц иуæй-иу æмбисæндты нысаниуæг. æмбисæндтæ æвдисынц адæмы цард,сæ зонд,сæ хъуыдытæ.

Къордгай куыст.

I-аг къорд. Баххæст кæнын æмбисæндтæ цухгонд дзырдтæй.

II-аг къорд. Уырыссаг æвзагæй сæ хъуыдымæ гæсгæ æмхуызон æмбисæндтæ æрхъуыды кæнын.

Баныхасын 3-аг нывы хай.

Нарты бæстæ.

Ахуыргæнæг: Ирон адæмон сфæлдыстады зындгонд бынат ахсынц «Нарты кадджытæ».Нарты кадджыты бæлвырд зынынц нæ фыдæлты царды миниуджытæ.Рахизæм ма историмæ.-Зæгъут-ма чи уыдысты нæ рагфыдæлтæ? (Скифтæ,сæрмæттæ,алантæ).

Проектон куыст. Скъоладзау кæсы йæ æрмæг.

Нæ рагфыдæлтæ скифтæ дих кодтой æртæ æхсæнадыл.Дины кусджытыл,хæстонтыл æмæ фос дарджытыл. Нартæ дæр дих конд уыдысты æртæ мыггагыл(Алæгатæ,Ахсæртæккатæ,Борæтæ).Ацы дихгонд дæр ис алайнаг ирон тырысайы дæр.

Ахуыргæнæг. Скъоладзау нын бакаст æрмæг,кæцыйы бæрæг у Нарты кадджытæ æнгом баст кæй сты нæ рагфыдæлты историимæ.

Аудиозапись «Сослан Тыхагурæг».

Скъоладзаутæ базыдтой кæй кой цæуы кадæджы.(Сосланы).

Адзурæм ма уæдæ Сосланимæ баст кадджытыл.

Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм куыд райгуырд Сослан?

-Сослан райгуырд дурæй.Фæлæ цæмæй йæ тых фылдæр уа,уый тыххæй йæхи байсæрын кодта бирæгъы æхсыры.

Ахуыргæнæг. Куыд уæм кæсы цæмæн байсæрын кодта йæхи бирæгъы æхсыры? -Уымæн æмæ нарт равзæрыдысты бирæгъæй.Дзырд Уæрхæг амоны бирæгъ.

Ахуыргæнæг.Сослан кæд йæхи бирæгъы æхсырæй байсæрын кодта,уæддæр дзы баззад лæмæгъ бынат,йæ уæрджытæ.

-Цæмæн фезнаг сты Сослан Сырдонимæ?

-Уымæн æмæ Сослан амардта Сырдоны лæппуйы æмæ дзы йæ маст иста.

-Кæимæ у нæ бон абарын Сосланы?

-Ахиллесимæ.

-Цы зонут Ахиссесы тыххæй?

Скъоладзау кæсы æрмæг.

-Ахиллес уыд зындгонд грекъаг(бердзейнаг) хъæбатыргуырд Пелей æмæ Фетидæйы фырт.Цæмæй йæ фырт болат уа,уый тыххæй йæ ныннадта цæугæдон «Стиксы». Фетидæ Ахиллесæн хæцыд йæ зæвæтыл,уымæ гæсгæ йæ зæвæт баззад лæмæгъ.

Сывæллæттæ мах сымахимæ базонгæ стæм Сосланы номимæ баст кадджытимæ,зæгъут ма цавæр миниуджытæй хайджын у Сослан.

(хъæбæтыр,хин,хиуылхæцгæ,цыргъзонд,тызмæг)

Куыд амард Сослан уый радзурын.

II Сырдон-Одиссей.

Проектон куыст.

Сырдон у Нарты кадджыты сæйраг архайджытæй иу.Сырдон у нарт Дзерассæ æмæ Гæтæджы фырт.Йæ райгуырды бонæй фæстæмæ цардис Донбеттырмæ.Куы бахъомыл уæд Сырдон æрбацыд Нарты бæстæм.

Нарт иу дис кодтой.-Цæсгомæй мах хуызæн у,фæлæ йæм хæйрæгæй цыдæр ис. Нæ бауарзтой Нарт Сырдоны йæ хин миты тыххæй. Зыдтой Нарт Сырдонæн фыдми куы скæнай,уæд фæстæмæ кæй раздæхдзысты уыцы фыдмитæ сæхимæ. Фæлæ æнæ Сырдонæй нарт балцы нæ цыдысты.Арæх иу сæ бахъуыд йæ зонд.Уымæн æмæ Сырдон уыдис зондджын,цыргъзонд,хинæйдзаг æмæ æрхъуыдыджын адæймаг.

Ахуыргӕнӕг: Куыд загътам афтӕмӕй,нарт уыдысты ӕхсарджын,хъӕбатыр адӕм.Сырдоны куы райсӕм уӕд ӕм уыцы миниуджытӕй никӕцы хӕццӕ кӕны.Фӕлӕ Сырдон Нарты кадджыты ахсы сӕйраг бынат.

Цавӕр кадджытӕ зонут Сырдоны хиндзинад ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинад кӕм зыны уыдон.?(Сырдон нарты куыд асайдта.Сырдоны таурӕгъ.Сырдон уӕйгуыты куыд асайдта.)

Ӕмбисонд: Ум горы рушит.

Ахуыргӕнӕг. Ахъуыды ма кӕнут,кӕимӕ ис абарын Сырдоны? (Одиссей-имӕ )

Проектон куыст.

Одиссей нымад цыдис куыд Итакайы паддзах,Трояйы сӕйраг архайджытӕй иу, Уыдис хъӕбатыр,ныфсхаст,уый ӕтте ма зондджын ӕмӕ ӕрхъуыдыджын.Одиссей у «Илиадӕйы»сӕйраг герой. Йӕ зонд ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинад бӕлвыр равдыста Трояйы хӕсты.Дӕс азӕй фылдӕр цыдис ацы хӕст,фӕлӕ Одиссейы руаджы басастой Трояйы адӕмы.Одиссей ӕрхъуыды кодта саразын стыр хъӕдын бӕх,ӕмӕ балӕвар кодтой се знӕгтӕн. Йӕ хуылфы та бадтысты грекъаг салдӕттӕ.Ӕхсӕвы горӕт куы бафынӕй,уӕд сӕ бердзейнаг салдӕттӕ ныццагътой.

Слайд.Нывтӕ равзарын.(Одиссейы тыххӕй).

Хатдзӕгтӕ скӕнын.

Ахуыргӕнӕг та фӕйнӕгыл бакодта фӕстаг нывы хай.Рауадис нын дзы мӕсыг.

Ӕмбисонд . «Мӕсыг йӕхи дурӕй хӕлы».

Равзарын ӕмбисонд.

Рефлексии:

Абон нӕ урок ацыд….

Ногӕй базыдтон….

Мӕ куыстӕй разы дӕн…

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын. (Нарты фӕткъуыйы руаджы).

Хӕдзармӕ куыст раттын.











Опубликовано


Комментарии (0)

Чтобы написать комментарий необходимо авторизоваться.