Урок по осетинскому языку в 5 классе «Куыд ӕххуыс кӕныс хӕдзары дӕ мадӕн, нанайӕн»

0
0
Материал опубликован 1 March 2022

5 кълас (уырыссаг къорд)

Темӕ:

«Куыд ӕхсадта чызг сӕ рудзынгӕмбӕрзӕн»

(номдар,мивдисӕг ӕмӕ фӕрсдзырдтыл афӕлгӕст)

(уырыссаг къорд)



t1646124412aa.png

Беслæны 7 скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Елдзарты Нателæ


Урочы технологон картӕ


Урочы афыст

Предмет/кълас

Ирон ӕвзаг, 5кълас, уырыссаг къорд.

Темӕ

«Куыд ӕхсадта чызг сӕ рудзынгӕмбӕрзӕн».

Номдар, мивдисӕг ӕмӕ афоны фӕрсдзырдтыл афӕлгӕст.


Чиныг

Джиоты Галинӕ .Ирон ӕвзаг

Урочы тип

Зонындзинӕдтӕ бафидар кӕнын..

Куысты формӕтӕ

Ахуыргӕнӕджы диалог, индивидуалон куыст, фронталон куыст, къордты куыст.текстимӕ куыст.

Урочы нысан

Рацыд ӕрмӕг бафидар кӕнын.Скъоладзауты зонындзинӕдтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнын номдар, мивдисӕг ӕмӕ фӕрсдзырдты тыххӕй.Ныхасы рӕзтыл бакусын.Хъомыладон куыст бакӕнын.


Урочы хӕстӕ


1.Базонгӕ кӕнын текст «Куыд ӕхсадта чызг сӕ рудзынгӕмбӕрзӕн». 2.Амонын тексты дзырдтӕ , кӕцытӕ домынц фарстытӕ чи?, цы?, цы ми кӕны?, архайд кӕм?кӕд?куыд? цӕмӕн ?цӕуы , уыимӕ.

3.Ныхасы хӕйттӕй хицӕн кӕнын кӕрӕдзийӕ.

4. Урочы саразын хорз психологон уавӕр , цӕмӕй сывӕллӕттӕ темӕ хуыздӕр бамбарой .

5. Хъомыл ӕмӕ ӕмбарын кӕнын куыд хъӕуы хӕдзары хистӕртӕн ӕххуыс кӕнын ,гуырын кӕнын сывӕллӕттӕм уарзондзинад куыстмӕ.

6.Дзырдуатон куыст бакӕнын.


Урочы дӕргъы хъуамӕ базоной .

Предметон:

Зонын:

-тексты мидисыл бакусын;

- цы нысан кӕнынц тескты номдартӕ, мивдисджытӕ,фӕрсдзырдтӕ;

- цавӕр фарстытӕн дзуапп дӕттынц номдартӕ,

мивдисджытӕ,фӕрсдзырдтӕ;

- цӕй руаджы сӕ базонӕм тексты.

Арӕхсын:

-текст бакӕсын ӕмӕ йӕ ратӕлмац кӕнын;

- ныхасы хӕйтты кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнын ;

- раст раттын дзырдтӕм фарстытӕ ( чи?, цы?, цы ми кӕны?, кӕм?кӕд?куыд? цӕмӕн ? ӕмӕ аф.д..);

- нӕ ныхасы раст пайда кӕнын ныхасы хӕйттӕй.

Удгоймагон:

скъоладзаутӕм сӕрыстырдзинад ӕвзӕрын кӕнын бинонты тыххӕй;

- хистӕртӕн коммӕ кӕсын амонын;

- эстетикон домындзинӕдтӕ ӕмӕ рӕсугъд ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кӕнын скъоладзаутӕм;

скъоладзауты фӕцайдагъ кӕнын иумӕйаг куыстыл;

Метапредметон:

Регулятивон

- ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй сбӕлвырд кӕнын урочы нысантӕ;

- урочы архӕйдтытӕ фӕткыл равӕрын;

- зонындзинӕдтӕн аккаг аргъ скӕнын зонын;

- хи архайдтытӕн пълан аразын зонын урочы нысанмӕ гӕсгӕ;

- хи хъуыдытӕ дзурын :

Ӕмбарынадон :

- ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй зонындзинӕдтӕй пайда кӕнын зонын ;

-ног зонындзинӕдтӕ базонын: фарстатӕн дзуаппытӕ арын, урочы цы информации базыдтой ,уымӕ гӕсгӕ;

Коммуникативон :

- арӕхсын хи хъуыдытӕ дзурын;

- искӕй ныхасмӕ хъусын ӕмӕ йӕ ӕмбарын ; къорды кусгӕйӕ зонын иннӕ скъоладзаутимӕ баныхас кӕнын;

Предметон:

- ӕмбарын,цы ӕвзаг ахуыр кӕны, уый кӕй у адӕмӕн сӕ культурӕ ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ дзурыны фӕрӕз;

- раст литературон ӕвзагыл дзурын;


Урочы дидактикон структура.








1. Урочы дидактикон структура.

1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

2. Фонетикон минут.

3.Хӕдзармӕхӕслӕвӕрдсбӕлвырдкӕнын.

4.Ныхасы рӕзтыл куыст .

5.Хъомыладон куыст.

6.Ӕмбисондыл куыст.

7.Текстимӕ куыст.

8.Интерактивон фӕйнӕгыл.

9.Къордгай куыст .

11.Диалог (сценкӕ).

12.Физминуткӕ .

13.Дзырдуатон куыст.

14.Диктант(нывон – предметон) .

15.Аудировани

16.Хибарӕй куыст.

17.Тест.

18.Урочы кӕрон. Рефлекси.

19.Хӕдзармӕ хӕслӕвӕрд. (Пайдагонд цӕуынц рӕстӕгмӕ гӕсгӕ.)

Урочы ӕрмӕг

Компьютер, интерактивон фӕйнӕг « SMART Notebook », проектор, карточкӕтӕ , карточкӕтӕ рефлексийӕн.

Ахуырадон ӕрмӕджытӕ

Мыхуыргонд:

Джиоты Галинӕ .Ирон ӕвзаг

Презентаци:

Презентаци урокмӕ бацӕттӕ кодта Елдзарты Н.Д. программӕ SMART Notebook


Интернет-ресурстӕ:

Нывтӕ







Урочы цыд.

Бацæттæгæнæн рæстæг.

t1646124412ab.gifМОТИВАЦИ

Ахуыргӕнӕг.

- Уæ бон хорз, нӕ зынаргъ уазджытӕ ӕмӕ ахуырдзаутӕ! Абон у диссаджы уалдзыгон расугъд бон, нæ зæрдæтӕ сты рухс ӕмӕ хъæлдзæг. Мӕн фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдӕты циндзинад æмæ хъæлдзæгдзинадӕй кӕрӕдзийӕн фӕхай кӕнӕм. Алчи дӕр уӕ йӕ фарсмӕбадӕгмӕ бакӕсӕт ӕмӕ йӕм йӕ мидбылты бахудӕт.

Ахуырдзау

ХЪОДЗАТЫ Æхсар

Хур та хъæлдзæг
Хъазы арвыл,
’Рцыдис уалдзæг,
Бæстæ дардыл
Тынг фæцъæх.


Ахуырдзау

Пусть каждый день и каждый час,

Вам новое добудет.

Пусть будет добрым ум у вас.

И сердце добрым будет.




t1646124412ab.gif2.Фонетиконминут.(Райдыдтам нӕ урок дамгъӕтӕ фӕлхатт кӕнгӕйӕ):Слайд№1



t1646124412ac.png

1)дамгъӕтӕ ӕмӕ мыртӕ:

гъ,къ,пъ, тъ,хъ,чъ,цъ,дз,дж,ӕ, ы.

(сывӕллӕттӕ фӕлхат кӕнынц ахуыргӕнӕджы фӕстӕ);

2)дамгъӕтӕй дзырдтӕй саразын(бирӕгъ, хъама, чъыр,цъылын, дзӕбуг,джитъри,къабускӕ, пълан,тъанг,);

3)дзырдтимӕ дзырдбӕстытӕ саразын(тугдзых бирӕгъ, хъӕбӕр къабуска,цыргъ хъама,цъӕх джитъри ӕмӕ аф.д.);

4) хъуыдыйӕдтӕ саразын лӕвӕрд дзырдбӕстытимӕ(Тугдзых бирӕгъ сырддоны цӕры. Ӕз дуканийы балхӕдтон джитъритӕ ӕмӕ дзул.ӕмӕ аф.д.)

Ахуыргӕнӕг.

-Зӕгъут ма мын, цавӕр ныхасы хӕйттӕй спайда кодтат дзырдтӕ, дзырдбӕстытӕ ӕмӕ хъуыдыйӕдтӕ аразгӕйӕ?

Дзуӕппытӕ.Номдартӕ, мивдисджытӕ, миногонтӕ ӕмӕ аф.д.

3.Хӕдзармӕ хӕслӕвӕрд сбӕлвырд кӕнын.

1.Текст бакӕсын ӕмӕ тӕлмац кӕнын. 152 фарс.(Иу скъоладзау кӕсы х/х текстӕ мӕ йӕ тӕлмац кӕны.

2).Фӕрстытӕ.

-Цӕмӕн фыста чызг зынтӕй йӕ нывӕцӕн?

-Куыд дардта чызг йӕхи нывӕцӕн фысгӕйӕ?

-Цы ныффыста йӕ нывӕцӕны ?

-Рӕстдзинад фыста чызг йӕ нывӕцӕны, ӕви сайгӕ кодта?

-Сымахӕй та чи куыд ӕххуыс кӕны хӕдзары йӕ мадӕн,йӕ нанайӕн ?

Ахуыргӕнӕг.

-Бакӕсут уӕ нывӕцӕнтӕ сымах дӕр, чи уӕ куыд ӕххуыс кӕны хӕдзары.

(сывӕллӕттӕ кӕсынц сӕ нывӕцӕнтӕ, иу цалдӕр скъоладзауы та дзургӕ ракӕндзысты).

3).Скъоладзаутӕ кӕсынц сӕ фысгӕ куыстытӕ-нывӕцӕнтӕ «Куыд ӕххуыс кӕнын ӕз хӕдзары мӕ мадӕн, нанайӕн».

4).Презентацитӕ цы скъоладзаутӕ бацӕттӕ кодтой темӕмӕ гӕсгӕ, уыдон ӕвдисынц сӕ слайдтӕ ӕмӕ дзурынц куыд ӕххуыс кӕнынц хӕдзары сӕ бинонтӕн ,уый .(Давоян Бено ,Руденко Эдуард, Глущенко Аслан ӕвдисынц ӕмӕ дзурынц сӕ куыстытыл).

t1646124412ab.gif4.Ныхасы рӕзтыл куыст . Слайд №2

Ӕвдисын ныв,кӕцыйы мидӕг сюжеттӕ стыӕвӕрд ныхӕй ныхмӕ .

t1646124412ad.png

Ахуыргӕнӕг.

Ӕркӕсут нывтӕм , кӕй дзы уынӕм, цызӕгъӕн ис нывтӕй?





1 ныв

2 ныв

Цӕрдӕг , ӕнӕзивӕг сывӕллон


Зивӕггӕнаг сывӕллон

-Чызг дидинжытыл дон кӕны.

Дзаумӕттӕ тасы ӕхсы.

Иту ӕвӕры йӕ дарӕсыл.

Хӕринаг фыцы.

Кустӕ ӕхсы.



-Автобусы зӕронд ус лӕууы. Чызг ӕмӕ лӕппу та бадынц.

Дыууӕ лӕппуйӕ уынджы хъӕрӕй дзурынц, бӕгӕны нуазынц.

Мад рудзгуытӕ сӕрфы, йӕ чызг та бады йӕ кӕхтӕ ныхъхъил кодта ӕмӕ фӕткъуытӕ хӕры, телевизормӕ кӕсы.


-Куыд ис схонӕн фыццаг нывы чызджыты?

-Дыккаг нывы лӕппутӕ ӕмӕ чызджы та куыд ис схонӕн?

-Дыууӕ архайдӕн ис ӕрӕвӕрӕн ныхӕй ныхмӕ?

-Куыд хонӕм ныхӕй ныхмӕ ӕвӕрд дзырдты?

-Уӕ зӕрдӕмӕ кӕцы ныв тынгдӕр цӕуы?

-Цӕй тыххӕй?

-Цавӕр дзырдтӕй ис схонӕн фыццаг нывы чызджыты ?

--Цавӕр дзырдтӕй ис схонӕн дыккагнывы лӕппутӕ ӕмӕ чызджы ?

1-аг ныв

2-аг ныв

каммӕгӕс,

хорз,

ӕгъдауджын,

зӕрдӕмӕдзӕугӕ,

ӕнӕзивӕг,

кусаг,

арӕхстджын,

мады уарзаг.


зивӕггӕнаг,

гӕдыныхасгӕнаг,

ӕнӕгъдау,

магуса,

нӕхъомыл.



t1646124412ab.gif5.Хъомыладон куыст.

Уӕдӕ фыццаг нывы цы чызджытӕ ис уыдон сты ӕнӕзивӕг,каммӕгӕс,хорз,ӕгъдауджын,зӕрдӕмӕдзӕугӕ.

Сымах дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕнат уӕ ныййарджытӕн,цӕмӕй сын сӕ къух рог кӕнат,чи йӕ хорз митӕй , чи та йӕ хорз ахуырӕй. Магуса уӕвын у худинаг, гӕды ныхӕстӕ дзурын та иууыл худинагдӕр. Нӕ тексты цы чызг ис уый дӕр йӕ мадӕн куы ӕххуыс кодтаит, уӕд ын нывӕцӕн фыссын уыдаид ӕнцондӕр, нӕ фыстаит гӕдыныхӕстӕ.Мӕн фӕнды , цӕмӕй сымахӕй алчидӕр уа ӕнӕзивӕг. Ӕрхӕццӕ кӕны гыцциты ӕмӕ нанаты бӕрӕгбон ӕмӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕ ссарат , барухс сын сӕ кӕнат уӕ хорз ахуырӕй.

t1646124412ab.gif6. Ӕмбисонд Слайд№3

Ахуыргӕнӕг.

Уӕдӕ ӕркӕсӕм ахӕм ирон ӕмбисондмӕ чиныджы 153 фарсыл№ 27

«Хорз цы зонай, уый ӕнцон у» .

-Ратӕлмац ӕй кӕнут

-Куыд ӕй ӕмбарут.

t1646124412ab.gif7.Текстимӕ куыст.

Къордгай куыст

Ахуыргӕнӕг.

1).Адих ут ӕртӕ къордыл. Фыццаг къорды сывӕллӕттӕ сфысдзысут текстӕй номдартӕ, дыккак-мивдисджытӕ, ӕрыккаг-афоны фӕрсдзырдтӕ:

Иухатт скъолайы фыстам нывӕцӕн,ӕз ӕххуыс кӕнын мӕ мадӕн, зӕгъгӕ, ,ахӕм темӕйыл.

Райстон ручкӕ райдыдтон фыссын: “Ӕз алы бон дӕр мӕ мадӕн феххус кӕнын. Фамӕрзын пъол,фехсын къустӕ. Иуӕй-иу хатт къухмӕрзӕнтӕ дӕр ныхсын”. Фӕлӕ ӕндӕр цы фыстаин, уый нал зыдтон. Ме мбалмӕ бакастӕн.Уый тагъд-тагъд цыдӕртӕ фыста йӕ тетрады. Уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдис, иу хатт мӕ цъындатӕ дӕр кӕй ныхсадтон, уый.Ӕмӕ та дарддӕр ныффыстон: “Ноджы дӕр ма ныхсын цъындатӕ”.Дарддӕр та цы фыстаин, уый нал зыдтон. Фӕлӕ куыд раттон ахӕм цыбыр нывӕцӕн ахуыргӕнӕгмӕ! Ӕмӕ та ма йӕм бафтыдтон: “Ныхсын мӕхи ӕмӕ мӕ мады къабатӕ,салфеткӕтӕ ӕмӕ хуыссӕнгӕрзтӕ дӕр”.

Урок нал ӕмӕ нал фӕуд кодта, ӕмӕ та ӕз ныффыстон: “Ноджыдӕрма ӕз уарзын рудзынгӕмбӕрзӕнтӕ ӕмӕ стъолӕмбӕрзӕнтӕ ӕхсын”. Уалынмӕ дзӕнгӕргӕг ныццагъта.

Мӕ нывӕцӕн ахуыргӕнӕджы зӕрдӕмӕ фӕцыдис ӕмӕ йӕ ныййарджыты ӕмбырды бакастис.

(Дзуӕппытӕ)

номдартӕ

мивдисджытӕ

афоны фӕрсдзырдтӕ

Нывӕцӕн,

мадӕн ,темӕйыл, ручкӕ, мбалмӕ, тетрады, зӕрдыл , цъындатӕ , цъындатӕ, ахуыргӕнӕгмӕ, къабатӕ,салфеткӕтӕ ,хуыссӕнгӕпзтӕ

ӕххуыс кӕнын , Райстон, райдыдтон фыссын ,феххус кӕнын, фыстаин, нал зыдтон, бакастӕн, фыста, ӕрлӕууыдис, ныхсадтон, ныффыстон, ныхсын , фыстаин, раттон, бафтыдтон,

Иухатт ,алы бон, иу хатт ,

Ӕркӕсут цы дзырдттӕ сфыстат ,уыдонмӕ.

-Цы уын баххуыс кодта номдартӕ, мивдисджытӕ ӕмӕ афоны фӕрсдзырдӕ ссарынӕн?

-Цавӕр фӕрстытӕдомынц дзуапп номдартӕ?

-Мивдисӕг?

-Афоны фӕрсдзырд?

-Номдартӕн тексты цавӕр кӕрӕттӕ ис?

-Уӕдӕ номдартӕ кӕрӕттӕм гӕсгӕ куы фӕивынц , уый куыд хуыйны?

-Мивдисджытӕ та куыд ивынц? Куыд хуыйны?

(Уӕдӕ практикон куыст бакӕнӕм интерактивон фӕйнӕгыл)

2).Интерактивон фӕйнӕгыл :

1).Хуыдыйӕдтӕ фӕрстытӕм гӕсгӕ баххӕст кӕн лӕвӕрд номдартӕй .Базон цавӕр хауӕнты сты ӕвӕрд номдартӕ. (Скъоладзаутӕ хизынц фӕйнӕгмӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц фӕлтӕрӕн) Слайд №4 (1къорды скъоладзаутӕ)

(Чи?________________ ӕнхъӕлмӕ каст зымӕджы ӕрцыдмӕ.

(Кӕй?)___________коммӕ кӕсын хӕуы.

(Цӕмӕн? ____________ис стыр аргъ.

(Кӕмӕй?)____________ раппӕлыдис ахуыргӕнӕг.

(Кӕмӕ?_______________дзуры йӕ фыд.

(Цӕуыл?) ____________ ӕрзадис бирӕ фӕткъуытӕ.

(Кӕимӕ?)_____________ ныхас кодта лӕппу.

(Цӕйау?) _____________уыдис фӕлмӕн хыссӕ.

Дзырдтӕ спайда кӕнынӕн: Алан, Мады, Чиныгӕн, Скъоладзауӕй, Бӕласыл, Чызгимӕ,Лӕппумӕ, Бӕмбӕгау.

Дзырдтӕ базонут кӕцы хауӕнты сты.

Н.х.,Г.х.,Д.х.,И.х.,А.х.,Ӕ-б.х.,Ц.х.,Х.х.(Скъоладзаутӕ хизынц фӕйнӕгмӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц фӕлтӕрӕн)



2).Нырыккон афоны мивдисджытӕй сараз ивгъуыд афоны мивдисджытӕ.Сӕ кӕрӕттӕ сын фӕнысан кӕн. Базон мивдисӕджы цӕсгом. Слайд №5(2къорды скъоладзаутӕ)



Дзурын -дзырдтон

Бадын -бадтӕн

Хӕрын -хордтон

t1646124412ae.png

Дзурыс -дзырдтай

Бадыс –бадтӕ

Хӕрыс-хордтай



t1646124412af.png

Дзуры -дзырдта

Бады-бадти

Хӕры-хордта

t1646124412ag.png





Дзурӕм-дзырдтам

Бадӕм-бадтыстӕм

Хӕрӕм-хордтам





t1646124412ah.png



Дзурут-дзырдтат

Бадут-бадтыстут

Хӕрут-хордтат

t1646124412ai.png

Дзурынц -дзырдтой

Бадынц-бадтысты

Хӕрынц-хордтой

t1646124412aj.png



3).Мивдисджытӕ хъӕугӕ фӕрсдзырдтимӕ ныффысс. Слайд №6(3къорды скъоладзаутӕ)

Фыссы(куыд?)_________________

Дзуры(куыд?)_________________

Хъӕр кодта(кӕцӕй?)____________

Ӕрбацыдис (кӕцӕй?)____________

Фесты(кӕд?)___________________

Фӕуагъта йӕ(кӕм?)______________

Ӕрбатахтис(кӕдӕм?)______________

Дзырдтӕ спайда кӕнынӕн:дардӕй, хъӕрӕй, раджы,аив,уӕлейӕ,кӕмдӕр,мидӕмӕ.

t1646124412ab.gif8.Кордгай куыст

4).Ахуыргӕнӕг.

Уӕ разы ис тексттӕ .Тексты ӕруагътон рӕдыдтытӕ .Сымах сӕ хъуамӕ ссаратӕмӕ сӕ сраст кӕнат.(Чи тагъддӕр).

1къорд

Иухатт скъолайы фыстам нывӕцӕн,ды ӕххуыс кӕнын мӕ мадӕн, зӕгъгӕ, ахӕм темӕйыл.

Райстон ручкӕ райдыдтай фыссын: “Ӕз алы бон дӕр мӕ мадӕн феххус кӕныс.Фамӕрзын пъол,фехсын къустӕ. Иуӕй-иу хатт къухмӕрзӕнтӕ дӕр ныхсын”. Фӕлӕ ӕндӕр цы фыстаин, уый нал зыдтон. Ме мбалмӕ бакастӕн.Уый тагъд-тагъд цыдӕртӕ фыста йӕ тетрады.

2къордУӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдис, иу хатт ӕз мӕ цъындатӕ дӕр кӕй ныхсадтай, уый.Ӕмӕ та дарддӕр ныффыстон: “Ноджы дӕр ма ныхсын цъындатӕ”.Дарддӕр та цы фыстаис, уый нал зыдтон. Фӕлӕ куыд раттон ахӕм цыбыр нывӕцӕн ахуыргӕнӕгмӕ! Ӕмӕ та ма йӕм бафтыдтон: “Ныхсыс мӕхи ӕмӕ мӕ мады къабатӕ,салфеткӕтӕ ӕмӕ хуыссӕнгӕрзтӕ дӕр”.

3къорд Урок нал ӕмӕ нал фӕуд кодта, ӕмӕ та ӕз ныффыстай: “Ноджыдӕр ма ӕз уарзыс рудзынгӕмбӕрзӕнтӕ ӕмӕ стъолӕмбӕрзӕнтӕ ӕхсын”. Уалынмӕ дзӕнгӕргӕг ныццагъта.

Мӕ нывӕцӕн ахуыргӕнӕджы зӕрдӕмӕ фӕцыдис ӕмӕ йӕ ныййарджыты ӕмбырды бакастис.

Ахуыргӕнӕг.

Зӕгъут цавӕр рӕдыдтытӕ сты ?

Куыд сӕ хъуыдис фыссын?

Цӕмӕн?



t1646124412ab.gif9.Диалог (сценкӕ).

Ныр та сӕххӕст кӕнӕм 1 фӕлтӕрӕн 154 фарсыл.Баххуыс мын кӕндзысты Глущенко Лизӕ ,Глущенко Аслан ӕмӕ Ким Настя.

Мамӕ. Сёмӕ, нӕ чызг нывӕцӕнтӕ хорз кӕй фыссы,уый зоныс?
Папӕ. Уый мӕнмӕ диссаг нӕ кӕсы. Исты ӕрхъуыды кӕнынмӕ кӕдфӕндыдӕр дӕсны уыдис.
Мамӕ. Йӕ ахуыргӕнӕг дзы тынг раппӕлыдис. Ӕхсызгон ын уыдис, рудзынгӕмбӕрзӕнтӕ ӕмӕ стъолӕмбӕрзӕнтӕ ӕхсын кӕй уарзы,уый.
Папӕ. Уый ӕцӕг зӕгъыс?
Мамӕ(чызгмӕ дзургӕйӕ). Ӕмӕ мын уый тыххӕй раздӕр цӕуылнӕ исты загътай?
Чызг. Ӕфсӕрмы кодтон. Бар мын куы нӕ ратай,уымӕй тарстӕн.
Мамӕ. Цытӕ дзурыс? Ма ӕфсӕрмы кӕн. Тӕккӕ абон ныхс нӕ рудзынгӕмбӕрзӕн.



t1646124412ab.gif10.Физминутка .

Презентаци зарядкӕимӕ ,музыкӕ «Маленький джигит».

t1646124412ab.gif10.Диктант(нывон – предметон) .

Хъуг

Дзӕбуг

Чызг

Лӕппу

Арс

Скъоладзау

Дзырд «дзӕбуг»-ӕн мырон-дамгъуон анализ саразын.



t1646124412ab.gif11.Дзырдуатон куыст.Слайд №7

Рудзынгӕмбӕрзӕн –занавеска

Байсӕрстон сапонӕй –намылила мылом

Сапоны сӕрст цыдӕр фӕцис-мыльная пена куда-то исчезла

Тухӕнӕй амардтӕн-замучалась

Ӕнхъӕвзтон – сполоснула

Хайгай лӕмӕрстон-выжимала по частям

Ӕрцауындзын- вешать

Ныххуылыдз дӕн- намокла

Тынг разыйӕ баззади-осталась очень довольна

Арӕхстджын-умелая

Стъолӕмбӕрзӕн- скатерть

Алӕмӕрстон -выжала

t1646124412ab.gif12.Аудировани.

154 фарс.ног текст(аудиофыст ног текстмӕ )

t1646124412ab.gif13.Хибарӕй куыст .154 фарс,чиныгӕй ,фӕлтӕрӕн №4 (Сывӕллӕттӕ куы сӕххӕст кӕной фӕлтӕрӕн, уӕд сбӕрӕг кӕндзыстӕм ,раст ӕй сӕххӕст кодтой ӕви нӕ ) Слайд №8

Райдыдтон ӕхсын рудзынгӕмбӕрзӕн.

… … ын йӕ иу хай … … .Фӕлӕ цалынмӕ иннӕ хаймӕ хӕццӕ кодтон , уӕдмӕ фыццаг хайӕн йӕ сапонӕй сӕрст цыдӕр фӕцис. Тухӕнӕй амардтӕн .

… … рудзынгӕмбӕрзӕн ваннӕйы доны … .Уый куыст куы фӕдӕн , уӕд та йӕ хайгай … .Фӕлӕ-иу ӕй иуӕрдыгӕй … , ӕмӕ-иу уыцы дон иннӕ хайыл ӕркалдис.

Бынтон зын та … уыдис.Цалынмӕ-иу йӕ иу хай ауыгътон , уӕдмӕ-иу йӕ иннӕ хай пъолмӕ ӕрхаудис. Ӕппынфӕстаг иууылдӕр пъолмӕ ӕрбырыдис.

Ӕз ныххуылыдз дӕн. Рудзынгӕмбӕрзӕн фӕстӕмӕ ваннӕмӕ бахастон ӕмӕ та йӕ ногӕй ӕхсын райдыдтон… йӕ ӕрцауыгътон.

Дзырдтӕ спайда кӕнын: уый фӕстӕ,фыццаг уал, байсӕрстон сапонӕй ,фӕстагмӕ , ӕнхъӕвзтон, лӕмӕрзтон, алӕмӕрстон.

t1646124412ab.gif14.Тест.Слайд №9


1) Иухатт скъоладзаутӕ скъолайы фыстой нывӕцӕн ахӕм темӕйыл:
а) Ӕз ӕххуыс кӕнын мӕ мадӕн.
ӕ) Ӕз хъазын митӕй.
б) Ӕз уарзын мӕ райгуырӕн бӕстӕ.
2) Чызг ныффыста:
а) ӕз алы бон дӕр ӕххуыс кӕнын мадӕн.
ӕ) ӕз алы бон дӕр кафын.
б) ӕз алы бон дӕр дуканимӕ цӕуын.
3) Чызг ӕхсы:
а) рудзгуытӕ.
ӕ) пъолтӕ.
б) къухмӕрзӕнтӕ.
4) Чызджы нывӕцӕн ахуыргӕнӕджы зӕрдӕмӕ:
а) фӕцыд.
ӕ) нӕ фӕцыд.

б)нӕ йӕ бакаст.

5) Чызг нывӕцӕн:
а) ӕнцонӕй фыста.
ӕ) зынӕй фыста.
б)нӕ ныффыста.

t1646124412ab.gifРЕФЛЕКСИ

Ахуыргӕнӕг.

-Куыд уӕм кӕсы , сывӕллӕттӕ, куыд бакуыстат абоны урочы? (Хорз)

-Ӕз дӕр афтӕ хъуыды кӕнын ,фӕлӕ уыдаид ноджы хуыздӕр урочы фылдӕр куы дзырдтаиккат.

Ныр та уын байуардзынӕн сыфтыл фӕрстытӕ.Сымах сын дзуапп раттут, алчидӕр уӕ йӕхи куыстӕн саргъ кӕнӕт, чи куыд архайдта урочы, уымӕ гӕсгӕ .Фӕстаг рӕнхъыл сӕвӕрут уӕхицӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ.



Бахахх кӕн хъӕугӕ дзуапп.

1

На уроке я работал

Урочы ӕз архайдтон

Активно , пассивно

Активон , пассивон

2

Своей работой на уроке я

Мӕ куыстӕй урочы ӕз дӕн

Доволен, не доволен

Разы, нӕ дӕн разы

3

Урок для меня показался

Урок мӕм фӕкаст

Коротким, длинным

Цыбыр, даргъ

4

За урок я

Урочы ӕз

Не устал , устал

Нӕ бафӕллад дӕн, бафӕллад дӕн

5

Мое настроение

Мӕ зӕрдӕйы уаг

Стало лучше, стало хуже

Фӕхуыздӕр, февзӕрдӕр

6

Материал урока мне был

Урочы ӕрмӕг

Понятен, не понятен

Бамбӕрстон, нӕ бамбӕрстон

7

Домашнее задание мне кажется

Хӕдзармае хӕслӕвӕрд у

Легким , трудным

ӕнцон, зын

Оценка

Бӕрӕггӕнӕн




в формате Microsoft Word (.doc / .docx)
Комментарии
Комментарии на этой странице отключены автором.