Дидактический материал по осетинскому языку для 7 класса
Дидактикон æрмæг арæзт у ног методикон домæнтæм гæсгæ æмæ стыр ахъаз уыдзæн куыд ахуыргæнджытæн, афтæ скъоладзаутæн дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, 7 – æм къласы ахуыргæнæн чиныджы цы фæлтæрæнтæ æмæ хæслæвæрдтæ ис, уыдонæн нæдæр сæ нымæц, нæдæр сæ мидис фаг фадат нæ дæттынц ахуыргæнæгæн, цæмæй сывæллæттæм гуырын кæна цымыдисдзинад хибарæй куыстмæ, бæрзонддæр сын кæна се сфæлдыстадон хъуыдыкæнынад. Пособийы фæлтæрæнтæ æнгом баст сты ахуыргæнæн чиныджы æрмæгимæ, хæслæвæрдтæ лæвæрд цæуынц бæлвырд темæтæм гæсгæ.