Иумæйаг темæ «МÆ БИНОНТÆ»
Нысантæ:
– «Иу», «бирæ», «стыр», «чысыл-гыццыл» цы амонынц,
уыимæ базонгæ кæнын сывæллæтты. Ахуыр сæ кæнын хуызтæ
кæрæдзийæ иртасыныл. Сабитæ сæ бинонты уæнгты номæйноммæ куыд зоной, ууыл сæ ахуыр кæнын; хъуамæ æмбарой,
бинонты æхсæн ас адæм æмæ æнахъомтæ кæй ис, уый (ома
стыртæ æмæ чысылтæ-гыццылтæ).
– Фæлгæнæны, хатдзæгтæ кæныны арæхстдзинад фæуæрæхдæр
кæнын.
– Сабийы ахуыр кæнын, цæмæй йæ бинонтыл æмæ хæстæджытыл æнувыд уа.